Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм цӕуын цӕмӕн хъӕуы?

Паддзахады залмӕ фембӕлдтӕм цӕуын цӕмӕн хъӕуы?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн къуыри дыууӕ хатты вӕййы фембӕлдтӕ, Хуыцауӕн кӕм кувынц, уыцы бынӕтты, хонынц сӕ Паддзахады залтӕ. Фембӕлдты цы вӕййы ӕмӕ дын фембӕлдтӕм цӕуын цы пайда уыдзӕн?

 Паддзахады залы цы вӕййы?

 Паддзахады залы ахуыр кӕнынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Фембӕлдтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй...

  •   Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад базонай;

  •   дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон цӕуыл дзурӕг сты, уый ӕмбарай;

  •   дӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнай;

  •    хорз ӕмбӕлттӕ ссарай.

 Зыдтай йӕ? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынӕттӕ Паддзахады залтӕ уымӕн хонынц, ӕмӕ дзы сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фӕдзурынц (Матфейы 6:9, 10; 24:14; Лукайы 4:43).

 Фембӕлдтӕм цӕуын ахсджиаг цӕмӕн у?

 Цы-иу дзы фехъусай, уый дын пайда уыдзӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдты дзырд фӕцӕуы Библийы уагӕвӕрдтыл. Уыцы уагӕвӕрдтӕ дын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй «амал кӕнай зонд» (Ӕмбисӕндтӕ 4:5). Ома дын Библи ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Стӕй ма дын баххуыс кӕндзӕн царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп базонынӕн. Уыцы фарстатӕй иуӕй-иутӕ сты:

 Нӕ фембӕлдты улӕфгӕ бонты вӕййы раныхӕстӕ алыхуызон темӕтыл, зӕгъӕм:

  •   Библимӕ гӕсгӕ цӕрын цӕмӕн хъӕуы?

  •   Зындзинӕдты рӕстӕг удӕнцой кӕм ссарӕм?

  •   Хуыцауы Паддзахад мах тыххӕй цы аразы?

 «Иухатт ӕмбырдмӕ ӕрбацыд мӕ къласӕгтӕй иу. Уый нӕ бинонтимӕ сбадт ӕмӕ программӕйы рӕстӕг немӕ нӕ чингуытӕм каст. Ӕмбырды фӕстӕ мын загъта, адӕм цы дзуаппытӕ лӕвӕрдтой, уыдон йӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцыдысты. Стӕй ма мын загъта, сӕ аргъуаны Библи афтӕ лӕмбынӕг кӕй нӕ фӕахуыр кӕнынц» (Брендӕ).

 Зыдтай йӕ? Паддзахады залмӕ бацӕуыны тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы, стӕй дзы ӕхца дӕр нӕ фембырд кӕнынц.

 Уыцы адӕмы ’хсӕн-иу дӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн. Библи зӕгъы, чырыстӕттӕ иумӕ кӕй хъуамӕ ӕмбырд кӕной, зӕгъӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауой (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25). Ацы дунейы адӕм фылдӕр хъуыды кӕнынц сӕхиуыл. Ӕмӕ, сӕхицӕй фылдӕр Хуыцауыл ӕмӕ иннӕтыл чи хъуыды кӕны, уыцы адӕмы ’хсӕн дын тынг ӕнцон уыдзӕн.

 «Хатт афтӕ бафӕллайын, ӕмӕ мӕм тыхы мур нал вӕййы. Фӕлӕ Паддзахады залы цы адӕм вӕййы, уыдоны ’хсӕн мын фенцондӕр вӕййы. Фембӕлды фӕстӕ хӕдзармӕ хъӕлдзӕгӕй ацӕуын ӕмӕ, фӕллад кӕй уыдтӕн, уый мӕ рох дӕр фӕвӕййы» (Элайзӕ).

 Зыдтай йӕ? Ӕгас дунейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ сты 120 000 фылдӕр. Кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынӕттӕ та сты 60 000 фылдӕр. Алы аз дӕр рӕстӕмбис нымадӕй арӕзт ӕцӕуы 1 500 залы бӕрц. Уыйбӕрц залтӕ уымӕн хъӕуы, ӕмӕ, ӕмбырдтӕм чи цӕуы, уыдоны нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны a.

a Ӕмбырдтӕ кӕм фӕцӕуынц, уый базоныны тыххӕй бацу фарсмӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ» ӕмӕ ныххӕц ссылкӕйыл «Хӕстӕгдӕр дӕм чи у, уый ссар».