Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕ бон куыд у ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнын?

Мӕ бон куыд у ӕвзӕр хъуыдытимӕ тох кӕнын?

 Цавӕр адӕймаг дӕ?

  •   Алцӕмӕдӕр хорз цӕстӕй чи кӕсы

     «Ӕз архайын, цӕмӕй амондджын уон ӕмӕ ма тыхсон. Алы бон дӕр хъӕлдзӕг цӕуылнӕ хъуамӕ уон?» (Валери).

  •   Алцӕмӕдӕр ӕвзӕр цӕстӕй чи кӕсы

     «Хорзӕй исты куы ’рцӕуы, уӕд уайтагъд ахъуыды кӕнын: „Афтӕ дӕр вӕййы? Уымӕн гӕнӕн нӕй, цӕмӕй афтӕ хорз уа!“» (Ребекка).

  •   Алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй чи кӕсы

     «Алцӕмӕдӕр хорз цӕстӕй куы кӕсон, уӕд-иу фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕн, исты-иу ӕвзӕр куы рауайа, уӕд. Алцӕмӕдӕр ӕвзӕр цӕстӕй куы кӕсон, уӕд ӕдзух уыдзынӕн ӕнкъард. Фӕлӕ алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕй кӕсын, уый фӕрцы, алцыдӕр куыд у, афтӕ уынын» (Аннӕ).

 Уый ахсджиаг цӕмӕн у?

 Библийы фыст ис: «Йӕ зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕмӕн у, уымӕн... ӕдзухдӕр вӕййы куывд» (Ӕмбисӕндтӕ 15:15). Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, ӕдзух ӕвзӕрыл чи нӕ хъуыды кӕны, стӕй, царды ӕмӕ иннӕтӕм хорзӕй цы ис, уый чи фиппайы, уыдон амондджындӕр вӕййынц. Уыдонӕн фылдӕр ӕмбӕлттӕ вӕййы. Ӕдзух ӕлхынцъӕрфыг чи вӕййы, ахӕм адӕймагимӕ лымӕн кӕнын кӕй бафӕнддзӕн?

 Фӕлӕ адӕймаг алцӕмӕдӕр хорз цӕстӕй куы кӕса, уӕддӕр царды бирӕ зындзинӕдтӕ ис. Зӕгъӕм:

  •   Ног хабӕртты ӕппынӕдзух вӕййы хӕстыты, терроризмы ӕмӕ фыдракӕндты кой.

  •   Чи зоны нын бинонты ’хсӕн цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ вӕййы.

  •   Хъӕуы нӕ тох кӕнын не ’нӕххӕстдзинадимӕ.

  •   Хатт нӕ не ’мбӕлттӕ истӕмӕй фӕхъыг кӕнынц.

 Ахӕм хъуыддӕгтӕ мацӕмӕ дарай, уый раст нӕу. Фӕлӕ сыл ӕгӕр тынг мӕт кӕнын дӕр нӕ хъӕуы. Фӕлтау сӕм раст цӕстӕй кӕс. Адӕймаг ахӕм хъуыддӕгтӕм раст цӕстӕй куы кӕса, уӕд-иу ӕй ӕвзӕр хъуыдытӕ сӕ быны не скӕндзысты ӕмӕ-иу йӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн.

Дӕ бон у ӕвзӕр рӕстӕджытӕ сфӕразын – къӕвдайы фӕстӕ алы хатт дӕр ракӕсы хур

 Дӕ бон цы у аразын

  •   Дӕ рӕдыдтыты тыххӕй ӕгӕр ма мӕт кӕн.

     Библийы фыст ис: «Зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы ӕмӕ чи нӕ рӕдийы» (Екклесиаст 7:20). Уымӕ гӕсгӕ, кӕй фӕрӕдийыс кӕнӕ исты раст кӕй нӕ саразыс, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ницӕйаг дӕ.

     Цы дын баххуыс кӕндзӕн хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн: дӕхиуыл кус, фӕлӕ дӕхицӕй ӕххӕстдзинад ма дом. Иу ӕрыгон лӕппу, Кейлеб, загъта: «Ӕз фӕархайын, цӕмӕй, раст цы нӕ бакодтон, уыдӕттыл ӕгӕр ма хъуыды кӕнон ӕмӕ мӕ ныфс ма асӕтта. Уый бӕсты фӕархайын, цӕмӕй-иу мӕ рӕдыдӕй истӕуыл сахуыр уон ӕмӕ иннӕ хатт афтӕ мауал бакӕнон».

  •   Дӕхи иннӕтимӕ ма бар.

     Библи зӕгъы: «Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм» (Галатӕгтӕм 5:26). Социалон сетьты, дӕу кӕдӕм нӕ фӕхуыдтой, уыцы бадтытӕй къамтӕм куы кӕсай, уӕд-иу, чи зоны, смӕсты уай ӕмӕ-иу дӕ ныфс асӕтта. Стӕй, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнын райдайай, ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕ нӕ уарзынц.

     Цы дын баххуыс кӕндзӕн хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн: уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дӕ алы бадтмӕ дӕр хоной. Уымӕй уӕлдай, адӕм социалон сетьтӕм цы къамтӕ баппарынц, уым ӕрмӕст сӕ царды кӕцыдӕр хабӕрттӕ вӕййы фенӕн. Иу ӕрыгон чызг, Алексис, зӕгъы: «Социалон сетьты арӕхдӕр фенӕн вӕййы адӕмӕн сӕ царды тӕккӕ цымыдисагдӕр хабӕрттӕ, сӕ алыбоны царды хабӕрттӕ нӕ, фӕлӕ».

  •   Тырн фарнмӕ, уӕлдайдӕр та дӕ бинонты ’хсӕн.

     Библийы фыст ис: «Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат» (Ромӕгтӕм 12:18). Иннӕтӕ сӕхи куыд дарынц, ууыл дӕ бар нӕ цӕуы. Фӕлӕ дӕ бар цӕуы, дӕхи куыд дарыс, ууыл. Фарнмӕ тырндзынӕ ӕви нӕ, уый дӕхицӕй аразгӕ у.

     Цы дын баххуыс кӕндзӕн хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн: дӕ бинонты ’хсӕн исты куы рауайы, уӕд-иу архай, цӕмӕй дӕу аххосӕй уавӕр ма фӕфыддӕр уа. Мӕнӕ цы зӕгъы иу ӕрыгон чызг, Мелиндӕ: «Зӕххыл ӕххӕст адӕймаг нӕй, ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕ митӕй кӕнӕ йӕ ныхӕстӕй искӕй фӕхъыг кӕны. Фӕлӕ нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, ахӕм уавӕры-иу куыд бакӕндзыстӕм, уый – фарн бахъахъхъӕныныл-иу бацархайдзыстӕм ӕви нӕ».

  •   Архай, цӕмӕй бузныгзӕрдӕ уай.

     Библийы фыст ис: «Бузныг ут» (Колоссӕгтӕм 3:15). Бузныгзӕрдӕ куы уай, уӕд-иу фылдӕр хъуыды кӕндзынӕ, дӕ царды хорзӕй цы ’рцӕуы, ууыл, дӕ зӕрдӕмӕ дзы цы нӕ цӕуы, ууыл нӕ, фӕлӕ.

     Цы дын баххуыс кӕндзӕн хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн: дӕ зындзинӕдтӕ мацӕмӕ дарай, уый раст нӕ уыдзӕн, фӕлӕ дӕ царды хорзӕй цы ис, уыдӕттыл дӕр дӕ цӕстытӕ ма ӕхгӕн. «Алы бон дӕр гӕххӕттыл ныффыссын, бузныг цӕй тыххӕй дӕн, иу ахӕм хорз исты,– зӕгъы Ребеккӕ.– Уый фӕрцы ӕдзух мӕ зӕрдыл дарын, мӕ царды хорзӕй бирӕ цыдӕртӕ кӕй ис».

  •   Цавӕр ӕмбӕлттӕ дын ис, ууыл ахъуыды кӕн.

     Библи зӕгъы: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Кӕд, дӕ рӕстӕг кӕимӕ фервитыс, уыдон иннӕты фыдкой фӕкӕнынц кӕнӕ ӕлхыскъ ныхас кӕнын ахуыр сты, йе та ӕдзух мӕсты вӕййынц, уӕд ды дӕр уыдоны хуызӕн суыдзынӕ.

     Цы дын баххуыс кӕндзӕн хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн: де ’мбӕлттӕ дӕр зындзинӕдтӕ февзарынц, ӕмӕ-иу, гӕнӕн ис, сӕ ныфс асӕтта. Дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй-иу сын баххуыс кӕн, фӕлӕ-иу дӕ сӕ зындзинӕдтӕ сӕ быны ма скӕнӕнт. Иу ӕрыгон чызг, Мишель, загъта: «Нӕ рӕстӕг, ӕвзӕр цӕуылдӕрты чи хъуыды кӕны, ӕрмӕст ахӕм адӕмимӕ хъуамӕ ма ’рвитӕм».

 Ацы фарстайы тыххӕй фылдӕр бакӕс

 Мах цӕрӕм, Библи «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй хоны, уыцы рӕстӕг (2 Тимофеймӕ 3:1). Дунейы уыйбӕрц зындзинӕдтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дын, алцӕмӕдӕр хорз цӕстӕй кӕсын, мыййаг, зын у? Бакӕс «Адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц?».