Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Искӕимӕ ӕмбӕлын. 1 хай. Искӕимӕ ӕмбӕлынмӕ цӕттӕ дӕн?

Искӕимӕ ӕмбӕлын. 1 хай. Искӕимӕ ӕмбӕлынмӕ цӕттӕ дӕн?

Искӕимӕ ӕмбӕлын цы нысан кӕны?

  Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ искӕимӕ ӕмбӕлын у ӕнӕуи йемӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитын. Фӕлӕ ацы статьяйы «искӕимӕ ӕмбӕлын» ӕндӕр цӕмӕдӕр амоны: лӕппу ӕмӕ чызг рӕстӕг иумӕ фервитынц, цӕмӕй бамбарой, кӕрӕдзийӕн цардӕмбӕлттӕн бӕззынц ӕви нӕ. Уӕдӕ дыууӕ адӕймаджы ӕмбӕлын кӕй райдайынц, уымӕн вӕййы нысан. Лӕппу чызгимӕ кӕнӕ чызг лӕппуимӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ фембӕлы, ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуы.

 Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд хъуамӕ уынаффӕ рахӕссой – кӕнӕ сӕ цард баиу кӕндзысты, кӕнӕ нал ӕмбӕлдзысты. Ӕмӕ уымӕ хъуамӕ цӕттӕ уай, искӕимӕ ӕмбӕлын куы райдайай, уӕд.

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ искӕимӕ ӕмбӕлынмӕ цӕттӕ дӕ, уӕд хъуамӕ ӕмбарай, бинонтӕ скӕнынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уай.

Искӕимӕ куы ӕмбӕлай, дӕ цард йемӕ баиу кӕныны хъуыды дӕм куы нӕ уа, афтӕмӕй, уӕд уый абарӕн ис, куыстмӕ бацӕуынмӕ куы нӕ хъавай, афтӕмӕй хицауимӕ куысты фӕдыл куыд ныхас кӕнай, уыимӕ

Искӕимӕ ӕмбӕлынмӕ цӕттӕ дӕ?

  Чызг ӕмӕ лӕппу куы фембӕлынц, уӕд фӕстӕдӕр сӕ цард дӕр баиу кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнай, цы миниуджытӕ дӕм ис, уыдон уӕ бинонты цардӕн ӕххуыс уыдзысты ӕви уын уӕ цард халдзысты. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕн:

  •   Дӕ бинонтимӕ дӕхи куыд дарыс? Адӕймаг йӕ ныййарджытимӕ ӕмӕ йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ йӕхи куыд фӕдары (уӕлдайдӕр та истӕуыл куы фӕтыхсы, уӕд), уымӕй арӕхдӕр бӕрӕг вӕййы, йӕ цардӕмбалимӕ йӕхи куыд дардзӕн, уый.

     Библийы уагӕвӕрд: «Ныууадзут алы фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый» (Ефесӕгтӕм 4:31).

     Ахъуыды кӕн: «Мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ зӕгъиккой, кӕй сын аргъ кӕнын? Искӕимӕ сӕ истӕуыл разы куы нӕ вӕййын, уӕд мӕ бон вӕййы сабырӕй ныхас кӕнын ӕви рамӕсты вӕййын ӕмӕ хыл кӕнын райдайын?»

    Кӕд дӕ ныййарджытимӕ нӕ фидауыс, уӕд дӕ цардӕмбалимӕ фидаудзынӕ?

  •   Дӕхи цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынмӕ цӕттӕ дӕ? Цардӕмбал дын куы уа, уӕд дӕ хъӕудзӕн, уый цы фӕнды ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ-иу арӕх, уый куыд фӕнды, афтӕ бакӕнын.

     Библийы уагӕвӕрд: «Уӕдӕ алчидӕр хъуыды кӕнӕд иннӕйы пайдайыл, йӕхи пайдайыл нӕ, фӕлӕ» (1 Коринфӕгтӕм 10:24).

     Ахъуыды кӕн: «Ӕдзух мӕхи фӕнд фӕтӕрын? Иннӕтӕ мӕ ӕмбаргӕ адӕймагыл нымайынц? Цӕмӕй бӕрӕг у, иннӕтыл мӕхицӕй тынгдӕр кӕй тыхсын, уый?»

  •   Сӕрныллӕг дӕ? Хорз цардӕмбал йӕ рӕдыдыл басӕтты ӕмӕ хатыр ракуры.

     Библийы уагӕвӕрд: «Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм» (Иаковы 3:2).

     Ахъуыды кӕн: «Куы фӕрӕдийын, уӕд мӕ рӕдыдыл басӕттын ӕви мӕхи фӕрӕстытӕ кӕнын? Уынаффӕ мын куы раттынц, уӕд фӕтӕргай вӕййын кӕнӕ смӕсты вӕййын?»

  •   Ӕхца ӕнӕхъуаджы нӕ фӕхардз кӕныс? Бинонтӕм ӕхцайы тыххӕй хылтӕ арӕх рауайы. Ӕмӕ кӕд ӕхца ӕнӕхъуаджы нӕ фӕхардз кӕныс, уӕд-иу дӕ цардӕмбалимӕ ӕхцайы тыххӕй арӕх нӕ быцӕу кӕндзыстут.

     Библийы уагӕвӕрд: «Сымахӕй исчи мӕсыг самайын куы сфӕнд кӕна, уӕд уал раздӕр не ’рбаддзӕн ӕмӕ, йӕ саразынӕн цас бахъӕудзӕн, уый нӕ банымайдзӕн, цӕмӕй йӕ зона, йӕ саразыны фаг ӕм ис ӕви нӕ?» (Лукайы 14:28).

     Ахъуыды кӕн: «Ме ’хца пълан кӕнын зонын ӕви хӕстӕ арӕх райсын? Цӕмӕй бӕрӕг у, ме ’хца пълан кӕнын кӕй зонын, уый?»

  •   Дӕ уырнындзинад фидар кӕныс? Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕ, уӕд дын хъуамӕ Библи кӕсынӕн ӕмӕ иртасынӕн график уа ӕмӕ ӕмбырдтӕ ма цух кӕнай.

     Библийы уагӕвӕрд: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3).

     Ахъуыды кӕн: «Мӕ уырнындзинад фидар кӕныныл архайын? Ахсджиагдӕр мын цы у: Хуыцауӕн лӕггад кӕнынимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕви ӕндӕр цыдӕртӕ?»

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Дӕ цард кӕимӕ баиу кӕнай, уымӕн хъуамӕ хорз цардӕмбал уай. Зӕрдиагӕй куы архайай, цӕмӕй дӕм хорз миниуджытӕ уа, уӕд, дӕуау ахӕм миниуджытӕ йӕ удыхъӕды чи фидар кӕны, ахӕм адӕймаджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ.