Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕхи цӕмӕн лыгтӕ кӕнын?

Мӕхи цӕмӕн лыгтӕ кӕнын?

 Цы нысан кӕны, дӕхи лыгтӕ кӕнай?

 Уый у, адӕймаг йӕхи барӕй исты цыргъ дзаумайӕ куы лыг кӕна. Фӕлӕ сӕхи ӕрмӕст афтӕ нӕ фефхӕрынц. Иуӕй-иутӕ та сӕхи сцъӕхтӕ кӕнынц, сӕ буар фӕсудзынц кӕнӕ сӕхи фӕнӕмынц. Кӕд ацы статьяйы сӕхи чи лыг кӕны, уыдоны тыххӕй ныхас кӕндзыстӕм, уӕддӕр уый хауы, йӕхицӕн зиан ӕндӕр хуызы чи кӕны, уыдонмӕ дӕр.

 Дӕ зонындзинӕдтӕ сбӕлвырд кӕн: раст у ӕви нӕу.

  1.   Сӕхи ӕрмӕст чызджытӕ фӕлыгтӕ кӕнынц.

  2.   Адӕймаг йӕхи куы лыгтӕ кӕна, уӕд уый комкоммӕ Библийы уагӕвӕрд халы. Уыцы уагӕвӕрд фыст ис Левит 19:28: «Уӕ буар ма лыгтӕ кӕнут».

 Раст дзуаппытӕ:

  1.   Раст нӕу. Кӕд ацы хъуыддаг арӕхдӕр чызджытӕм фӕхауы, уӕддӕр лӕппутӕй дӕр чидӕртӕ сӕхи фӕлыгтӕ кӕнынц кӕнӕ сӕхицӕн ӕндӕр хуызы зиан дӕр ӕрхӕссынц.

  2.   Раст нӕу. Левит 19:28 дзырд цӕуы мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы рагон ӕгъдауы тыххӕй, фӕлӕ ацы статьяйы цы хъуыддаджы кой кӕнӕм, уымӕ нӕ хауы. Фӕлӕ уӕддӕр ацы стихӕй зыны нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕджы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхицӕн исты зиан хӕссӕм (1 Коринфӕгтӕм 6:12; 2 Коринфӕгтӕм 7:1; 1 Иоанны 4:8).

 Адӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕнынц?

 Дӕ зонындзинӕдтӕ сбӕлвырд кӕн: ацы ныхӕстӕй дӕумӕ гӕсгӕ растдӕр кӕцы у?

 Адӕм сӕхи лыгтӕ кӕнынц...

  1.  А. цӕмӕй сӕ маст ферох кӕной.

  2.  Ӕ. цӕмӕй сӕхи амарой.

 Раст дзуапп: А. Йӕхи чи фӕлыгтӕ кӕны, уыдонӕй сӕ фылдӕры мӕлын нӕ фӕфӕнды. Фӕфӕнды сӕ сӕ маст ферох кӕнын, ӕндӕр ницы.

 Йӕхи чи лыгтӕ кодта, уыцы ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, афтӕ цӕмӕн кодтой, уый тыххӕй.

 Селия: «Уӕд-иу мын фенцондӕр».

 Тамарӕ: «Ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй мӕ мӕстытӕ айрох уыдзысты. Цӕйнӕфӕлтау мӕ зӕрдӕ рыстаид, фӕлтау мӕ буар риссӕд».

 Кэрри: «Ӕрхӕндӕг хъуыдытӕй ме сӕфт уыдтон. Ӕмӕ-иу мӕхи лыгтӕ кодтон, цӕмӕй-иу мӕ буары рыстӕй мӕ зӕрдӕйы рыст мауал хатыдаин».

 Джеррин: «Мӕхи-иу куы алыг кодтон, уӕд-иу мӕм, мӕ алыварс цытӕ цыд, уыдон нымады дӕр нал уыдысты ӕмӕ-иу мӕ зындзинӕдтӕ ферох сты. Мӕ уавӕр-иу афтӕ кӕй фӕивтон, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди».

 Цы ис саразӕн, цӕмӕй дӕхи мауал лыгтӕ кӕнай?

 Йегъовӕмӕ куы кувай, уӕд уый, чи зоны, ахсджиаг къахдзӕф суа, цӕмӕй дӕхи мауал лыгтӕ кӕнай. Библийы фыст ис: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

 Уынаффӕ. Райдай цыбыр куывдтытӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕгъай ӕрмӕст афтӕ: «Йегъовӕ, баххуыс мын кӕн!». Сабыргай сахуыр уыдзынӕ, дӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уыдӕттӕ «удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн» ӕргом кӕнын (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

 Хуыцаумӕ кувын хи сайын нӕу. Уый у зӕрдӕбын ныхас нӕ уӕларвон Фыдимӕ. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн мӕ рахиз къухӕй, рӕстдзинады къухӕй» (Исай 41:10).

 Уыцы ӕвзӕр ахуырӕй фервӕзыныл чи архайдта, уыдонӕн ма стыр удӕнцой фӕци сӕ ныййарджытимӕ кӕнӕ, кӕуыл ӕууӕндыдысты, уыцы хистӕртӕй кӕимӕдӕр кӕй аныхас кодтой, уый. Мӕнӕ цы радзырдтой, афтӕ чи бакодта, ӕртӕ ахӕм чызджы.

 Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Тынг куы фӕтыхсыс, уӕд ӕххуыс кӕмӕй фӕагурыс?

  • Цы фӕдзурыс Йегъовӕйӕн?

  • Зӕгъ, цавӕр дыууӕ мадзалы (хи ӕфхӕрынӕй уӕлдай) фӕрцы ис маст ӕмӕ тыхст хъуыдытимӕ тох кӕнӕн.