Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕхицӕн фылдӕр ӕмбӕлттӕ скӕнон ӕви нӕ?

Мӕхицӕн фылдӕр ӕмбӕлттӕ скӕнон ӕви нӕ?

 «Ме ’мбӕлтты ’хсӕн, кӕсаг доны куыд уа, афтӕ вӕййын, иннӕтимӕ та мын афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы» (Алан).

 «Бирӕ ӕмбӕлттӕ мын нӕй, фӕлӕ уый мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын мын ӕнцон нӕ вӕййы» (Сэрӕ).

 Мыййаг дын Алан ӕмӕ Сэрӕйы ӕнкъарӕнтӕ зонгӕ сты? Чи зоны, дӕуӕн дӕр цалдӕр ӕмбалы йеддӕмӕ нӕй ӕмӕ дын ног ӕмбӕлттӕ фӕзына, уый дӕ нӕ фӕнды.

 Уӕд дын ацы статья стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн.

 Ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймагимӕ лымӕн кӕнай, уый хорз цӕуылнӕ у

 Цалдӕр ӕмбалы дын уа ӕмӕ дӕ рӕстӕг семӕ арӕх ӕрвитай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Адӕймагмӕ афтӕ нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуы, ӕмӕ йӕм кӕд цавӕрдӕр хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр ӕй, цавӕр у, ахӕмӕй уарзынц.

 «Ӕмбӕлттӕ дын уа ӕмӕ дын аргъ кӕной, уый ӕхсызгон у. Ӕрыгон адӕймаджы фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ йе ’мбӕлттӕ уарзой» (Карен, 19 азы).

 Зыдтай йӕ? Йесойӕн уыди бирӕ ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ се ’хсӕн уыдысты йӕ 12 апостолы дӕр. Фӕлӕ уыцы апостолтӕй ӕртӕимӕ – Петр, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ – уыди уӕлдай ӕнгом (Марчы 9:2; Лукайы 8:51).

 Фӕлӕ дӕ рӕстӕг ӕрмӕстдӕр иу цалдӕр адӕймагимӕ ӕрвитай, иннӕты та дӕхимӕ хӕстӕг дӕр ма уадзай, уый бынтон хорз нӕу. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?

  •   Афтӕмӕй дын фадат нӕ уыдзӕн, цӕмӕй ма дын ноджыдӕр хорз ӕмбӕлттӕ фӕзына.

     «Дӕхи хуызӕн чи у, ӕрмӕстдӕр ахӕмтимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд царды ногӕй ницы фендзынӕ ӕмӕ ма дӕ алыварс цы хорз адӕм ис, уыдонимӕ нӕ базонгӕ уыдзынӕ» (Эван, 21 азы).

  •   Чи зоны дӕ иннӕтӕ афтӕ хъуыды кӕной, ӕмӕ дӕ сӕрмӕ никӕй хӕссыс.

     «Дӕ рӕстӕг ӕрмӕстдӕр цалдӕр адӕймагимӕ куы ӕрвитай, уӕд иннӕтӕм афтӕ кӕсдзӕн, ӕмӕ дӕ де ’мбӕлтты йеддӕмӕ ӕндӕр ничи хъӕуы» (Сэрӕ, 17 азы).

  •   Чи зоны, афтӕ рауайа, ӕмӕ иннӕтӕй чи фӕхынджылӕг кӕны, ахӕмтимӕ лымӕн кӕныс.

     «Чи зоны, дӕхӕдӕг иннӕтӕй ма хынджылӕг кӕнай. Фӕлӕ де ’мбӕлттӕ афтӕ куы кӕной, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, уыцы хъуыддаг ӕвзӕр мауал кӕса ӕмӕ ма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуын дӕр райдайа» (Джеймс, 17 азы).

  •   Гӕнӕн ис, ӕмӕ исты фыдбылызы бахауай, уӕлдайдӕр та дын кӕд, де ’мбӕлттӕ дӕ цы хъуыды кӕнынц, уый алцӕмӕй ахсджиагдӕр у, уӕд.

     «Ӕмбӕлттӕй иу фыдуаг куы вӕййы, уӕд арӕх иннӕтӕ дӕр уый хуызӕн свӕййынц» (Мартинӕ, 17 азы).

 Дӕ бон цы у аразын

  •   Сбӕрӕг кӕн, хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайыс, уый.

     Ахъуыды кӕн: «Хорз ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайын? Ме ’мбӕлттӕ мын, раст цы у, уый аразынӕн ӕххуыс кӕнынц ӕви мын къуылымпыйы хос сты? Ӕвзӕр зондыл мӕ куы аразой, уӕд дӕр семӕ лымӕн кӕндзынӕн?»

     Библийы уагӕвӕрд: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

     «Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый фӕдыл де ’мбӕлттӕ дӕу хуызӕн куы нӕ хъуыды кӕной, уӕд, чи зоны, райдайай, раздӕр дӕ сӕрмӕ цы не ’рхастаис, уый аразын» (Эллен, 14 азы).

  •   Сбӕрӕг кӕн, ахсджиагдӕр дын цы у, уый.

     Ахъуыды кӕн: «Цӕттӕ дӕн, ме мбӕлтты тыххӕй, цы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын, уыдоны сӕрты ахизынмӕ? Ме ’мбал ӕвзӕр исты куы сараза, уӕд куыд бакӕндзынӕн?»

     Библийы уагӕвӕрд: «Ӕз, кӕй уарзын, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр уайдзӕф бакӕнын» (Раргомад 3:19).

     «Де ’мбал ӕвзӕр исты куы сараза, уӕд дӕм, чи зоны, ахӕм хъуыдытӕ фӕзына, зӕгъгӕ, цӕйнӕфӕлтау ардауӕг суон ӕмӕ ме ’мбалы зӕрдӕхудты бацӕуон, фӕлтау ӕй никӕмӕн радзурдзынӕн» (Мелани, 22 азы).

  •   Фылдӕр ӕмбӕлттӕ ссар.

     Ахъуыды кӕн: «Хорз цӕмӕн уыдзӕн, дзӕбӕх кӕй нӕ зонын, уыдонӕй искӕимӕ куы балымӕн уон?»

     Библийы уагӕвӕрд: «Уӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Филиппӕгтӕм 2:4).

     «Ӕрыгӕтты лымӕн кӕнын кӕимӕ нӕ фӕфӕнды, уыдон арӕх ахӕмтӕ разынынц, ӕмӕ сӕ бинонтӕн вӕййы цавӕрдӕр зындзинӕдтӕ. Фӕлӕ сӕ адӕймаг хуыздӕр куы базоны, уӕд арӕх разынынц хорз адӕймӕгтӕ» (Брайан, 19 азы).

 Цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн. Цалдӕр ӕмбалы дын уа ӕмӕ дӕ рӕстӕг семӕ ӕрвитай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ дын фылдӕр ӕмбӕлттӕ куы уа, уӕд дын уый, чи зоны, стыр ӕххуыс фӕуа. Библийы фыст ис: «Иннӕтӕн дон чи нӕ хӕлӕг кӕны, уымӕн ӕй йӕхицӕн дӕр нӕ бахӕлӕг кӕндзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 11:25).