Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцауӕн хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй иннӕтимӕ лӕггад кӕнон?

Хуыцауӕн хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй иннӕтимӕ лӕггад кӕнон?

Дзуапп Библийӕ

 О. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын адӕм иумӕ лӕггад кӕной. Библийы фыст ис: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм... не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм» (Дзуттӕгтӕм 10:24, 25).

 Чырысти загъта: «Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат» (Иоанны 13:35). Цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ уыцы уарзондзинад ӕвдисой, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кӕной ӕмӕ-иу сӕ рӕстӕг иумӕ ӕрвитой. Хъуамӕ сын ӕмбырдтӕ уа ӕмӕ сӕ ма цух кӕной (1 Коринфӕгтӕм 16:19). Ӕгас дунейы дӕр хъуамӕ иу бинонты хуызӕн уой (1 Петры 2:17).

Адӕймаг цавӕрдӕр диныл хӕст уа, уый фаг нӕу

 Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, адӕм иумӕ кӕй хъуамӕ ӕмбырд кӕной, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕной. Фӕлӕ дзы афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ адӕймаг цавӕрдӕр диныл хӕст куы уа, уӕд дзы Хуыцау райгонд уыдзӕн. Цӕмӕй дзы Хуыцау райгонд уа, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ цардӕй бӕрӕг уа, уырнӕг кӕй у, уый. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау дин у ахӕм: сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕн сӕ тыхсты рӕстӕг сӕ фарсмӕ балӕуу ӕмӕ ацы дунейӕ дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз» (Иаковы 1:27).