Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕ бакаст куыд у?

Мӕ бакаст куыд у?

 Цавӕр дзаумӕттӕ дарыс, ууыл цӕмӕн хъӕуы хъуыды кӕнын? Уымӕн ӕмӕ адӕймаджы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн вӕййы, куыд конд вӕййы, уымӕй. Дӕ уӕлӕдарӕс цӕуыл дзурӕг у?

 Модӕимӕ баст ӕртӕ стыр рӕдыды ӕмӕ сӕ дӕ бон куыд у дӕхи бахизын

1-аг рӕдыд. Дзаумӕттӕ ӕвзарыс рекламӕтӕм гӕсгӕ.

 Иу ӕрыгон чызг, Терезӕ, загъта: «Иуӕй-иу хатт цавӕрдӕр модӕ мӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ рекламӕты арӕх фӕуынын. Ӕдзух адӕмыл уыцы иу дзаума куы уынай, уӕд дӕ зӕрдӕмӕ дӕр цӕуын райдайдзӕн».

 Рекламӕ ӕрмӕст чызджытыл нӕ бандавы. Иу чиныджы фыст ис: «Лӕппутӕ дӕр модӕйӕ фӕстейӕ нӕ зайынц. Рекламӕтӕ чи кӕны, уыдон сӕ хъавд скӕнынц хӕрзӕрыгон лӕппутӕм» (The Everything Guide to Raising Adolescent Boys).

 Хуыздӕр куыд уаид бакӕнын. Библийы фыст ис: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, рекламӕты цы февдисынц, ууыл. Зӕгъӕм, ӕлхъывд кӕнӕ гом дзаумӕттӕ куы рекламӕ кӕной, уӕд-иу ахъуыды кӕн:

  •  «Ахӕм дзаумӕттӕ куы дарон, уӕд уый пайда кӕмӕн у?

  •  Иннӕтӕ мӕ цы ахъуыды кӕндзысты?

  •  Мӕ дзаумӕттӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймаг дӕн ӕмӕ мын царды ахсджиагдӕр цы у, уый?»

 Уынаффӕ. Иу къуырийы дӕргъы дӕ хъус дар дзаумӕтты рекламӕтӕм ӕмӕ, модӕйы цы ис, уымӕ. Ахӕм дзаумӕттӕ чи дары, уымӕн йӕ царды уаг цавӕр хъуамӕ уа? Уыцы рекламӕтӕм кӕсгӕйӕ, адӕймаг афтӕ хъуыды кӕнын нӕ райдайы, ӕмӕ ахӕм дзаумӕттӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй дара? Иу ӕрыгон чызг, Карен, дзуры: «Модӕ адӕмы ахӕм зондыл аразы, ӕмӕ хъуамӕ тынг рӕсугъд уай, стӕй дӕ дзаумӕттӕ дӕр ӕмӕ дӕ фигурӕ дӕр хъуамӕ тынг рӕсугъд уой. Рекламӕтӕ чи кӕны, уыдон хорз ӕмбарынц, ӕрыгӕттӕ ӕнцонсайӕн кӕй сты».

2-аг рӕдыд. Модӕйы фӕдыл цӕуыс, цӕмӕй дӕ иннӕтӕ фӕстӕзад ма хоной.

 Иу ӕрыгон лӕппу, Маньюэл, загъта: «Исты дзаума модӕйы куы вӕййы, уӕд ӕй се ’ппӕт дӕр фӕдарынц. Ӕмӕ дӕуыл ахӕм дзаума куы нӕ уа, уӕд дӕм иннӕтӕ ӕнахуыр каст кӕндзысты». Йемӕ разы у иу ӕрыгон чызг, Аннӕ, дӕр: «Адӕймаг тынгдӕр модӕйыл нӕ фӕхъуыды кӕны, фӕлӕ цӕмӕй иннӕтӕй ма хицӕн кӕна, ууыл».

 Хуыздӕр куыд уаид бакӕнын. Библийы фыст ис: «Ацы дуне мауал фӕзмут» (Ромӕгтӕм 12:2). Ацы уынаффӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй дӕ дзаумӕттыл дӕ цӕст ахӕсс ӕмӕ ахъуыды кӕн:

  •  «Дзаумӕттӕ куыд февзарын?

  •  Мӕ дзаумӕттӕ зындгонд фирмӕйы уагъд уой, уый мын цас ахсджиаг у?

  •  Мӕ дзаумӕттӕй искӕй дисы бафтауыныл фӕархайын?»

 Уынаффӕ. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ ис ӕрмӕстдӕр дыууӕ хуызы дзаумӕттӕ: модӕйы чи ис (уыдоны дӕ иннӕтӕ сӕхионыл нымайдзысты) ӕмӕ модӕйы чи нӕй (уыдоны дӕ иннӕтӕ фӕстӕзад хондзысты). Ис ма, ӕнцон дын кӕм уыдзӕн ӕмӕ ӕфсӕрмы кӕм нӕ кӕндзынӕ, ахӕм дзаумӕттӕ дӕр. Дӕ уӕлӕдарӕсы дӕхи цас хуыздӕр хатай, уыйас къаддӕр мӕт кӕндзынӕ, иннӕтӕ дӕ цы ахъуыды кӕндзысты, ууыл.

3-аг рӕдыд. Афтӕ хъуыды кӕнын: «Цас гомдӕр ӕмӕ ӕлхъывддӕр, уыйас хуыздӕр».

 Иу ӕрыгон чызг, Дженнифер, загъта: «Раст зӕгъгӕйӕ мӕ хатт фӕфӕнды цыбыр, ӕлхъывд кӕнӕ гом дзаума скӕнын».

 Хуыздӕр куыд уаид бакӕнын. Библийы фыст ис: «Уӕ фидауц... уӕд... уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый» (1 Петры 3:3, 4). Ацы уынаффӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй ахъуыды кӕн, хуыздӕр цы у: рӕсугъд бакаст ӕви рӕсугъд удыхъӕд?

 Уынаффӕ. Ӕцӕг рӕсугъд уыдзынӕ, хӕдӕфсарм куы уай, уӕд. Абон ахӕм адӕймӕгтӕ кадджын не сты. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн:

 искуы ныхас кодтай, ӕгӕр бирӕ чи дзуры ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхи кой чи фӕкӕны, ахӕм адӕймагимӕ? Хъыгагӕн, ахӕм адӕмӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы, афтӕмӕй сӕ иннӕтӕ сӕхи дард кӕй ласдзысты!

Адӕймаг ӕдзух йӕхи кой куы кӕна, уӕд дзы иннӕтӕ сӕхи дард ласдзысты. Афтӕ у йӕ хабар дзаумӕттӕн дӕр

 Дӕ дзаумӕттӕ ӕфсармыл дзурӕг куы нӕ уой, уӕд ды дӕр ахӕм адӕймаджы хуызӕн суыдзынӕ. Ахӕм дзаумӕттӕ цыма афтӕ фӕдзурынц, ӕрбакӕсут мӕм, зӕгъгӕ, ӕмӕ ууыл дзурӕг вӕййынц, адӕймаг ӕнӕныфсхаст кӕй у кӕнӕ йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл кӕй у (йе та дыууӕ дӕр иумӕ). Стӕй ма, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, ӕмӕ дӕ ӕрмӕстдӕр уый мӕт ис, цӕмӕй иннӕты ӕргом дӕхимӕ здахай, кӕд-иу дӕумӕ кӕсгӕйӕ искӕмӕ ӕвзӕр хъуыдытӕ фӕзына, уӕддӕр.

 Ахӕм уӕлӕдарӕс ма дар, цӕмӕй дӕ иннӕтӕ, цы нӕ дӕ, уый хъуыды кӕной. Уый бӕсты хӕдӕфсарм у. Иу ӕрыгон чызг, Моникӕ, загъта: «Хӕдӕфсарм уай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хъуамӕ, дӕ бабутӕ цы дзаумӕттӕ дарынц, ахӕм дзаумӕттӕ дарай. Фӕлӕ дӕ дзаумӕттӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, дӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр кӕй аргъ кӕныс».