Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Спорты тыххӕй цы хъуамӕ зонон?

Спорты тыххӕй цы хъуамӕ зонон?

 Спорт дын, гӕнӕн ис, пайда дӕр фӕуа ӕмӕ зиан дӕр ӕрхӕсса. Уый кӕнгӕ у, цавӕр спортивон хъазтӕй фӕхъазыс, куыд фӕхъазыс ӕмӕ йыл цас рӕстӕг хардз кӕныс, уымӕй.

 Пайда цӕмӕй у?

 Спорт, гӕнӕн ис, адӕймагӕн йе ’нӕниздзинадыл хуыздӕрырдӕм фӕзына. Библийы дӕр фыст ис, «уӕнгтӕ фидар кӕнын» цыдӕр пайда уӕддӕр кӕй у (1 Тимофеймӕ 4:8). Иу лӕппу, Райан, загъта: «Спортивон хъӕзтыты фӕрцы адӕймаг йӕ туг базмӕлын кӕны. Уый бирӕ хуыздӕр у хӕдзары бадынӕй ӕмӕ видеохъӕзтытӕй хъазынӕй».

 Спортивон хъӕзтытӕй хъазгӕйӕ адӕймаг сахуыр вӕййы, кӕимӕ хъазы, уыдонимӕ иумӕ архайын ӕмӕ хиуыл хӕцын. Библийы ис, спортимӕ баст чи у ӕмӕ нӕ хорз цӕуылдӕр чи ахуыр кӕны, ахӕм цӕвиттон. Фыст дзы ис: «Ерысы згъорджытӕ се ’ппӕт дӕр... фезгъорынц, фӕлӕ дзы хӕрзиуӕг ӕрмӕстдӕр иу... райсы». Дарддӕр дзы фыст ис: «Ерысты архайджытӕй алчидӕр алцӕмӕй дӕр йӕхиуыл хӕцы» (1 Коринфӕгтӕм 9:24, 25). Ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Цӕмӕй спортивон хъазты уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъазай, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уай хиуыл хӕцын ӕмӕ, кӕимӕ хъазыс, уыдонимӕ иумӕ архайын. Иу ӕрыгон чызг дӕр, Абигейл, афтӕ загъта: «Спортивон хъӕзтыты фӕрцы сахуыр дӕн иннӕтыл дӕр хъуыды кӕнын ӕмӕ семӕ иумӕ архайын».

 Спорты фӕрцы адӕймаг йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ ссары. Адӕм иумӕ истӕмӕй куы фӕхъазынц, уӕд кӕрӕдзиимӕ балымӕн вӕййынц. Иу ӕрыгон лӕппу, Джордан, загъта: «Зӕгъӕн ис, алы спортивон хъазтӕн дӕр йӕ хабар афтӕ у, ӕмӕ, иннӕтӕй хуыздӕр кӕй дӕ, уый хъуамӕ равдисай. Фӕлӕ дын кӕд спорт, дӕхи цӕмӕй аирхӕфсай, ахӕм цыдӕр у, уӕд дӕ бон бауыдзӕн ӕмбӕлттӕ ссарын дӕр».

 Тӕссагӕй дзы цы ис?

 Цавӕр спортивон хъӕзтытӕй фӕхъазыс. Библи дзуры: «Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы рӕстгӕнӕгмӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгмӕ дӕр. Фыддзинад чи уарзы, уымӕй уый йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5).

 Спорт ахӕм дӕр вӕййы, ӕмӕ дзы вӕййы тыхми. Иу ӕрыгон чызг, Лорен, зӕгъы: «Бокс ахӕм спорт у, ӕмӕ дзы иу иннӕйы ныддӕрӕн кӕны. Фӕлӕ чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ сӕ къух нӕ исынц. Ӕмӕ уӕд, иннӕтӕ кӕрӕдзи куыд хойынц, уымӕ куыд хъуамӕ кӕсӕм?»

 Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Тыхми кӕм вӕййы, ахӕм спортмӕ чи фӕцӕуы кӕнӕ йӕм чи фӕкӕсы, уыдонӕй чидӕртӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ мыл уый афтӕ нӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй искӕмӕн фыдмитӕ бакӕнон. Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕд ахъуыды кӕн 11-ӕм псаломы 5 стихы ныхӕстыл. Фыст дзы ис, Йегъовӕ йе сӕфт кӕй уыны, фыдмитӕ чи кӕны, ӕрмӕст уыдонӕй нӕ, фӕлӕ, «фыддзинад чи уарзы», уыдонӕй дӕр.

 Куыд фӕхъазыс. Библи дзуры: «Ма ут загъдуарзаг ӕмӕ кадуарзаг, фӕлӕ ут сӕрныллӕг ӕмӕ иннӕты уӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрут» (Филиппӕгтӕм 2:3).

 Дыууӕ командӕйы кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фӕхъазынц, уӕд дзы алкӕцы дӕр фӕархайы, иннӕмӕй хуыздӕр кӕй у, уый равдисыныл. Фӕлӕ цыфӕндыйӕ дӕр рамбулай, ууыл куы суай, уӕд дын хъазын ӕхсызгон нал уыдзӕн. Иу ӕрыгон лӕппу, Брайан, загъта: «Хъазгӕ-хъазын дын, гӕнӕн ис, ӕмбаргӕ дӕр ӕй ма бакӕнай, афтӕмӕй сӕйраг суа, иннӕтӕй хуыздӕр кӕй дӕ, уый равдисын. Спортмӕ цас хуыздӕр арӕхсыс, уыйас дӕ тынгдӕр хъӕуы сӕрныллӕгдзинадыл кусын».

 Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Иу ӕрыгон лӕппу, Крис, загъта: «Алы къуыри дӕр футболӕй фӕхъазӕм, ӕмӕ адӕймаг кӕм хаугӕ акӕны, кӕм ӕй цӕвгӕ ныккӕнынц». Уӕдӕ ахъуыды кӕн: «Спортивон хъазт арӕхдӕр тӕссаг цӕй тыххӕй свӕййы? Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй-иу мӕнӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр мацы зиан ӕрхӕсса?»

 Цас рӕстӕг ыл хардз кӕныс. Библийы фыст ис: «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (Филиппӕгтӕм 1:10).

 Ахъуыды кӕн, ахсджиагдӕр дын цы у, ууыл. Уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ дын хъуамӕ уой фыццаг бынаты. Спортивон хъӕзтытӕн сӕ фылдӕр цалдӕр сахаты фӕцӕуынц, фӕнды дзы дӕхӕдӕг хъазай, фӕнды сӕм кӕсгӕ кӕнай. Иу ӕрыгон чызг, Дарья, загъта: «Спортивон хъӕзтытӕм кӕсгӕйӕ-иу арӕх телевизоры раз бадгӕйӕ баззадтӕн. Ӕмӕ-иу мӕм мӕ мад хыл кодта, зӕгъгӕ, дам, фӕлтау, пайда цы у, ахӕм исты сараз».

Спортыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг хардз кӕнай, уый абарӕн ис, хӕринагыл ӕгӕр бирӕ цӕхх куыд кӕнай, уыимӕ

 Цӕуыл ис ахъуыды кӕнӕн. Царды дын ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уа, уый фӕдыл дын дӕ ныййарджытӕ уынаффӕ куы фӕдӕттынц, уӕд сӕм байхъусыс? Иу ӕрыгон чызг, Тринӕ, загъта: «Ахсджиагдӕр чи у, уыцы хъуыддӕгтӕ бакӕныны бӕсты-иу ме ’фсымӕртимӕ спортмӕ кӕсыныл фестӕм. Ӕмӕ-иу нын нӕ мад дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ӕм цасфӕнды дӕр кӕсут, фӕлӕ, дам, уыцы спортсментӕн фидгӕ кӕнынц, сымахӕн та чи цы бафиддзӕн. Уыцы ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ уыцы спортсментӕн куыст ис, фӕлӕ мах нӕ уроктӕ ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг куыстытӕ афоныл куы нӕ кӕнӕм, уӕд ницӕуыл сахуыр уыдзыстӕм ӕмӕ нын фидӕны нӕхи фӕдарын зын уыдзӕн. Иу ныхасӕй нын спортивон хъӕзтытӕ царды фыццаг бынаты хъуамӕ ма уыдаиккой, фӕнды дзы нӕхӕдӕг хъазыдаиккам, фӕнды сӕм кӕсгӕ кодтаиккам».