Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

ФӔСИВӔДЫ ФАРСТАТӔ

Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй фӕмӕллӕгдӕр уон?

Мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй фӕмӕллӕгдӕр уон?

 Ӕцӕгдӕр хъӕуы, цӕмӕй фӕмӕллӕгдӕр уон?

 Ӕрыгӕттӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, ӕгӕр нард кӕй сты. Фӕлӕ...

  •   Бирӕтӕ тынгдӕр мӕт кӕнынц сӕ бакастыл, се ’нӕниздзинадыл нӕ, фӕлӕ. Иуӕй-иутӕ, цӕмӕй тагъддӕр фӕмӕллӕгдӕр уой, уый тыххӕй рӕстмӕ нал фӕхӕрынц кӕнӕ мӕллӕг кӕныны хостӕ фӕнуазынц. Фӕлӕ уыдӕттӕ арӕхдӕр ницы пайда вӕййынц, хатт ма тӕссаг дӕр вӕййынц.

     «Иуӕй-иу чызджытӕ сӕхи ӕххормагӕй фӕмарынц, ӕрмӕст тагъддӕр смӕллӕг уой. Фӕлӕ арӕхдӕр уый се ’нӕниздзинадӕн зиан цы ӕрхӕссы, ӕндӕр ницы. Уый фӕстӕ сӕ дуне рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй сӕхимӕ ӕрцӕуой» (Хейли).

  •   Бирӕты мӕллӕг кӕнын ӕппындӕр нӕ фӕхъӕуы. Уыдон нӕдӕр мӕллӕг вӕййынц, нӕдӕр – нард. Фӕлӕ телепередачӕты, киноты, интернеты ӕмӕ журналты цы «тынг рӕсугъд» мӕллӕг адӕмы фенӕн вӕййы, уыдонимӕ кӕнӕ се ’мгӕрттимӕ абаргӕйӕ сӕхимӕ нард фӕкӕсынц.

     «13 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ фӕндыд, цӕмӕй ме ’мбӕлтты хуызӕн уыдаин. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ фылдӕр уарздзысты, уыдоны хуызӕн куы уон, уӕд, ома къӕцӕлы хуызӕн лыстӕг» (Паолӕ).

 Фӕлӕ ӕрыгӕттӕй кӕйдӕрты ӕцӕгдӕр хъӕуы фӕмӕллӕгдӕр кӕнын. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны ӕппӕтдунеон организацийы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ...

  •   ...ӕппӕт дунейы 5 азӕй 19 азы онг кӕуыл цӕуы, уыдонӕй иу-340 милуаны сты ӕгӕр нард.

  •   ...1975 азы 5 азӕй 19 азы онг кӕуыл цыд, уыдонӕн ӕрмӕстдӕр сӕ 4 проценты уыдысты ӕгӕр нард. 2016 азы та уыцы нымӕц схызт 18 процентмӕ.

  •   ...бӕстӕтӕн сӕ фылдӕры тынг мӕллӕг адӕм уыйбӕрц нӕй, тынг нард адӕм дзы цас ис.

  •   ...тынг нард адӕм бирӕ ис мӕгуыр бӕстӕты дӕр, суанг, пайда хӕринаг фаг кӕмӕн нӕй, ахӕм бинонты дӕр.

 Фӕмӕллӕгдӕр кӕнынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал цавӕр у?

 Цавӕр мадзал равзардзынӕ?

  1.   Хӕринаг, цал хатты ӕмбӕлы, уал хатты нӕ хӕрдзынӕн.

  2.   Упражненитӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, цы хӕрын ӕмӕ цас хӕрын, уымӕ кӕсдзынӕн.

  3.   Мӕллӕг кӕныны хостӕ нуаздзынӕн.

 Раст дзуапп: 2. Упражненитӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, цы хӕрын ӕмӕ цас хӕрын, уымӕ кӕсдзынӕн.

 Хӕринаг, цал хатты ӕмбӕлы, уал хатты куы нӕ хӕрай кӕнӕ цавӕрдӕр хӕринӕгтӕ ӕппындӕр куы нал хӕрай, уӕд, чи зоны, ӕмӕ уайтагъд амӕллӕг уай. Фӕлӕ уыцы мадзӕлттӕ, гӕнӕн ис, де ’нӕниздзинадӕн зиан ӕрхӕссой. Ӕмӕ та ногӕй, раздӕр куыд хордтай, афтӕ хӕрын куы райдайай, уӕд та, гӕнӕн ис, фӕстӕмӕ, куыд уыдтӕ, афтӕ суай.

 Фӕлӕ дӕ нысан уый куы уа, цӕмӕй ӕнӕниз уай, уӕд дӕ бакаст дӕр ӕмӕ де ’нӕниздзинад дӕр хуыздӕр уыдзысты. Психолог Майкл Брэдли ныффыста: «Ӕппӕты хуыздӕр уыдзӕн ӕмӕ дын де ’нӕниздзинадӕн пайда ӕрхӕсдзӕн, дӕ цардыуаг афтӕ куы аивай, цӕмӕй цӕрӕнбонтӕм афтӕ цӕрай» a. Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй фӕмӕллӕгдӕр уай, уӕд, цавӕр диетӕйыл сбадай, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты ахъуыды кӕн, дӕ цардыуаг куыд аивай, ууыл.

 Цы у мӕ бон саразын?

 Библи нын дзуры, цӕмӕй «алцӕмӕй дӕр бӕрц зонӕм», ӕмӕ уымӕ хауы хӕрд дӕр (1 Тимофеймӕ 3:11). Суанг ма дзы комкоммӕ дӕр фыст ис, цӕмӕй фырхӕрд ма кӕнӕм (Ӕмбисӕндтӕ 23:20; Лукайы 21:34). Уыцы уагӕвӕрдтӕ дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй бафӕлвар:

  •   Базон цы ӕмӕ цас хӕрын хъӕуы, уый.

     Ӕгӕр ма кӕн, фӕлӕ хӕринӕгты тыххӕй гыццыл истытӕ базон. Уӕд зондзынӕ, цы ӕмӕ цас хӕрын хъӕуы, уый. Цы хъӕуы, уый ӕмӕ, цас хъӕуы, уыйбӕрц куы хӕрай, уӕд нӕдӕр ӕгӕр нард уыдзынӕ, нӕдӕр ӕгӕр мӕллӕг.

  •   Упражненитӕ кӕн.

     Ахъуыды кӕн, алы бон дӕр цы уаид аразӕн, цӕмӕй фылдӕр змӕлай. Зӕгъӕм, лифтыл цӕуыны бӕсты-иу асинтыл къахӕй ссу. Видеохъӕзтытӕй-иу сахаты ’рдӕг къаддӕр ахъаз, ӕмӕ-иу уыцы рӕстӕг фӕлтау ӕддейӕ тагъд къахдзӕфтӕй арацу-бацу кӕн.

  •   Фаст-фуды бӕсты пайда хӕринӕгтӕ хӕр.

     Иу ӕрыгон чызг Софийӕ зӕгъы: «Мемӕ алы хатт дӕр авӕрын пайда хӕринӕгтӕ, зӕгъӕм, исты дыргътӕ ӕмӕ халсартӕ. Уымӕ гӕсгӕ, пайда чи не сты, ахӕм хӕринӕгтӕм не смондаг вӕййын».

  •   Сабыргай хӕр.

     Иуӕй-иутӕ афтӕ тагъд фӕхӕрынц, ӕмӕ сӕ ахсӕн кӕй айдзаг, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнынц. Уӕдӕ-иу сабыргай хӕр. Дыккаг хатт дӕ тӕбӕгъы хӕринаг ӕрӕвӕрыны размӕ-иу гыццыл фӕллӕу. Уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ бамбарай, кӕй бафсӕстӕ.

  •   Банымай-иу, цы фӕхӕрыс, уым цал калорийы вӕййы, уый.

     Хӕринӕгтыл фыст вӕййы, цал калорийы дзы ис, уый ӕмӕ-иу уыцы фыстытӕ бакӕс. Бахъуыды кӕн: адджын дӕтты, фаст-фуды ӕмӕ адджинӕгты тынг бирӕ калоритӕ ис, ӕмӕ сӕ адӕймаг нард кӕны.

  •   Ӕмбаргӕ у.

     Сарӕ, 16-аздзыд чызг, загъта: «Иу афон ӕдзух калоритӕ нымадтон, ӕмӕ-иу стӕй мӕ тӕбӕгъмӕ куы кастӕн, уӕд-иу, цал калорийы дзы ис, уый йеддӕмӕ ницы уыдтон». Дӕхицӕй «калориты счётчик» ма рауайын кӕн. Искуы иу хатт, бирӕ калоритӕ кӕм ис, ахӕм хӕринаг бахӕрын ницы кӕны.

 Уынаффӕ. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕгӕр нард дӕ, уӕд дӕ дохтыримӕ аныхас кӕн. Уый зоны, де ’нӕниздзинадӕн хуыздӕр куыд уыдзӕн, ӕмӕ дын бацамондзӕн, дӕ царды дӕ фӕивын цы хъӕуы, уый.

a Ист у чиныгӕй «When Things Get Crazy With Your Teen».