Матфейы 24:1—51

24  Йесо кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой, акӕс-ма кувӕндоны агъуыстытӕм+, зӕгъгӕ.  Йесо сын загъта: «Ацы агъуыстытӕ уынут? Ӕцӕг уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн»+.  Ӕмӕ Йесо Оливӕбӕлӕсты хохыл куы бадти, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ*+ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ+, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг*  Йесо сын дзуапп радта: «Кӕсут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа+,  уымӕн ӕмӕ мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты, ӕз Чырысти дӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты+.  Хъусдзыстут хӕстыты кой хӕстӕг ӕмӕ дард рӕттӕй. Ма-иу тӕрсут – уыцы хабӕрттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕн+.  Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ+, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ+. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг+ ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ+.  Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты тухитӕн сӕ райдиан.  Уӕд уӕ кӕндзысты фыдӕвзарӕнты хай+ ӕмӕ уӕ мардзысты+, ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр+ се сӕфт уындзысты+. 10  Стӕй бирӕтӕ уырнындзинадӕй ахаудзысты+, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уындзысты+. 11  Уыцы рӕстӕг фӕзындзӕн бирӕ мӕнг пехуымпартӕ+, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты+. 12  Ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты+, уый аххосӕй адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн+. 13  Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа+, уый фервӕздзӕн+. 14  Ӕмӕ Хуыцауы паддзахады+ тыххӕй ацы хорз хабар+ хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой*+. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон+. 15  Уымӕ гӕсгӕ, пехуымпар Данел куыд дзырдта, афтӕ, бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад+ сыгъдӕг бынаты лӕугӕ куы фенат+,– ацы ныхӕстӕ чи кӕса, уый-иу ӕй бамбарӕд,– 16  уӕд, Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт+ хӕхтӕм. 17  Ӕмӕ хӕдзары сӕр* чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ исты рахӕссынмӕ мауал бацӕуӕд. 18  Быдыры чи уа, уый дӕр хӕдзармӕ йӕ уӕлӕдарӕс рахӕссынмӕ мауал баздӕхӕд. 19  Мӕгуыры бон уыдзӕн уыцы бонты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтыл+. 20  Кувут, цӕмӕй уӕ зымӕгон кӕнӕ сабатбон ма бахъӕуа лидзын, 21  уымӕн ӕмӕ уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыди+, ахӕм стыр бӕллӕх+ – нӕ уыди, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн. 22  Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕцыбыр уой, уӕд ничи* фервӕздзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты+ тыххӕй фӕцыбыр уыдзысты уыцы бонтӕ+. 23  Уӕд уын исчи афтӕ куы зӕгъа, Чырысти+ мӕнӕ ам ис, кӕнӕ, уӕртӕ уым ис, зӕгъгӕ,– ма-иу ыл баууӕндут+, 24  уымӕн ӕмӕ фӕзындзӕн мӕнг Чырыститӕ+ ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕ+. Уыдон ӕвдисдзысты стыр диссӕгтӕ+ ӕмӕ ӕнахуыр цыдӕртӕ, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕвзӕрстыты дӕр асайой+. 25  Хъусут, рагацау уӕ фӕдзӕхсын!+ 26  Уӕдӕ уын адӕм куы дзурой, уӕртӕ ӕдзӕрӕг ран ис, зӕгъгӕ,– ма-иу ацӕут. Кӕнӕ уын афтӕ куы дзурой, мӕнӕ мидӕггаг уаты ис, зӕгъгӕ,– ма-иу сыл баууӕндут+. 27  Уымӕн ӕмӕ арв скӕсӕнырдыгӕй куыд ферттивы+ ӕмӕ суанг ныгуылӕны онг бӕстӕ куыд ныррухс вӕййы, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа*, уыцы рӕстӕг дӕр+. 28  Хӕдмӕл кӕм уа, уырдӕм ӕрӕмбырд уыдзысты+ цӕргӕстӕ+ дӕр. 29  Уыцы бӕллӕхы хӕдфӕстӕ хур баталынг уыдзӕн+ ӕмӕ мӕй+ рухс нал кӕндзӕн, стъалытӕ арвӕй ӕрхаудзысты ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ банкъуысдзысты+. 30  Уӕд Адӕймаджы Фырты+ бӕрӕггӕнӕн фӕзындзӕн арвыл, ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ* дӕр ныхъхъарӕг кӕндзысты+ ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты, ӕмӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты уӕларвон мигътыл тых ӕмӕ стыр кадимӕ ӕрцӕйцӕугӕ+. 31  Уадындз хъӕрӕй куы ныууаса+, уӕд уый йӕ зӕдты арвитдзӕн, ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмы+ ӕрӕмбырд кӕндзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй+, арвӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ. 32  Цӕвиттонӕн райсӕм легъуибӕлас. Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы+. 33  Уӕдӕ ӕппӕт адӕттӕ куы уынат, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл+. 34  Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр+ дӕр ма ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ. 35  Арв ӕмӕ зӕхх куы нал уой+, уӕддӕр мӕ ныхӕстӕ ӕрцӕудзысты+. 36  Уыцы бон ӕмӕ уыцы сахат+ ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – уый зоны ӕрмӕстдӕр мӕ Фыд+. 37  Нойы+ рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа*, уыцы рӕстӕг дӕр+. 38  Доны хъаймӕты размӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной+ наумӕ* нӕ бацыд, уӕдмӕ+. 39  Ӕмӕ сӕм нымады дӕр ницы уыди, цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр нӕ фӕласта+. Раст афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа*, уыцы рӕстӕг дӕр. 40  Уӕд дыууӕ лӕджы уыдзысты быдыры: сӕ иуы дзы ракӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты. 41  Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройӕ сдзысты+: сӕ иуы дзы ракӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты+. 42  Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут+. 43  Фӕлӕ иу хъуыддаг зонут: хӕдзары хицау, давӕг сӕм ӕхсӕвы цы афон бацӕудзӕн, уый куы зонид+, уӕд йӕ цӕстытӕ цъынд дӕр не ’ркӕнид ӕмӕ йӕ йӕ хӕдзармӕ бабырын нӕ бауадзид. 44  Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут+, уымӕн ӕмӕ, цы сахат ӕнхъӕл нӕ уат, уыцы сахат ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт. 45  Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар+, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта?+ 46  Амондджын+ уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд! 47  Ӕцӕг уын зӕгъын: цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йын йӕ бар бакӕндзӕн+. 48  Фӕлӕ уыцы фыдзӕрдӕ цагъар йӕхицӕн афтӕ куы зӕгъа+, мӕ хицау нырма тагъд нӕ уыдзӕн+, зӕгъгӕ, 49  ӕмӕ йе ’мбал цагъарты нӕмын куы райдайа, ӕмӕ расыггӕнджытимӕ куы хӕра ӕмӕ куы нуаза, 50  уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ цы сахат+ ӕнхъӕл нӕ уа, уыцы сахат. 51  Ӕмӕ йӕ карзӕй бафхӕрдзӕн+ ӕмӕ йын зӕгъдзӕн, дӕ бынат дӕлӕ цӕстмӕхъустимӕ, зӕгъгӕ. Уырдыгӕй цӕудзӕн йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уымӕн йӕ нысан цы уыдзӕн».
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Комк. «ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн дӕр».
Хӕдзӕрттӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ сӕртӕ уыдысты тъӕпӕн, ӕмӕ адӕм бирӕ хъуыддӕгтӕ уым кодтой.
Комк. «иу буар дӕр нӕ».
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Комк. «мыггӕгтӕ».
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Кӕнӕ «ковчегмӕ». Комк. «асыкмӕ». Ӕвӕц., уый уыди расткъуымон, цыппӕрдигъон ӕмӕ тъӕпӕнбын нау.
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.