2 Коринфӕгтӕм 1:1—24

1  Павел, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол+, не ’фсымӕр Тимофеимӕ+ фыссы Коринфмӕ, Хуыцауы ӕмбырдмӕ, стӕй ӕгас Ахайы+ цы сыгъдӕджытӕ+ ис, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр.  Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.  Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн+, тӕригъӕдгӕнаг+ Фыдӕн ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцауӕн+.  Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр+, цӕмӕй нын цы удӕнцой+ дӕтты, уымӕй махӕн дӕр нӕ бон уа иннӕтӕн цыфӕнды зындзинады дӕр удӕнцой дӕттын+.  Чырыстийы тыххӕй нӕ хъизӕмӕрттӕ куыд бирӕ сты+, афтӕ нын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау удӕнцой дӕр дӕтты ӕнӕвгъауӕй+.  Ӕмӕ кӕд зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уӕд уый тыххӕй, цӕмӕй сымах удӕнцой ссарат ӕмӕ фервӕзат+. Кӕд удӕнцой ссарӕм, уӕд дӕр уый тыххӕй, цӕмӕй сымах ссарат удӕнцой – уыцы удӕнцойы фӕрцы уӕ бон у, мах цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, ахӕм хъизӕмӕртты фидар фӕлӕууын+.  Ӕмӕ уыл уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс фидарӕй дарӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: немӕ куыд хъизӕмар кӕнут, афтӕ немӕ удӕнцой дӕр ссардзыстут+.  Не ’фсымӕртӕ, фӕнды нӕ, цӕмӕй зонат, Азийы*+ цы бӕллӕхы бахаудыстӕм, уый тыххӕй. Ахӕм уӕззау уавӕры уыдыстӕм, ӕмӕ нӕм хъарутӕ дӕр нал уыдис ӕмӕ удӕгасӕй баззайын ӕнхъӕл дӕр нал уыдыстӕм+.  Афтӕ нӕм каст, цыма нын мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд. Ӕмӕ уый афтӕ уымӕн уыди, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ма дарӕм+, фӕлӕ, мӕрдты чи ӕгас кӕны, уыцы Хуыцауыл+. 10  О, уый нӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ нӕ ныфс ис, дарддӕр дӕр нӕ кӕй ирвӕзын кӕндзӕн+. 11  Ӕмӕ сымахӕн дӕр уӕ бон у махӕн уӕ зӕрдиаг куывдтытӕй баххуыс кӕнын+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау бирӕты куывдтытӕ фехъусдзӕн+, ӕмӕ йын мах тыххӕй бирӕтӕ арфӕ кӕндзысты+. 12  Сӕрыстыр та уымӕй стӕм,– уый дзурӕм сыгъдӕг цӕсгомӕй+,– ӕмӕ ацы дунейы, уӕлдайдӕр та сымах ӕхсӕн, цардыстӕм сыгъдӕг цардӕй ӕмӕ, Хуыцау куыд амоны, афтӕ ӕнӕхинӕй, нӕ зӕрдӕ нӕ дардтам ацы дунейы зондыл+, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхыл. 13  Уӕхӕдӕг хорз цы зонут ӕмӕ цы ’мбарут, уымӕй уӕлдай уӕм ницы фыссӕм. Ӕмӕ мӕ ныфс ис, кӕронмӕ дӕр ӕй кӕй ӕмбардзыстут+. 14  Сымахӕй йӕ чидӕртӕ ныр дӕр ӕмбарынц, ӕмӕ уӕ бон кӕй у, цӕмӕй нӕ сӕрыстыр уат+, нӕ Хицау Йесойы бон мах сымахӕй куыд уыдзыстӕм сӕрыстыр, афтӕ+. 15  Ӕз ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндын, уымӕ гӕсгӕ уӕм раздӕр дӕр хъавыдтӕн ӕрцӕуынмӕ+, цӕмӕй та дыккаг хатт+ дӕр фӕцин кодтаиккат. 16  Мӕ зӕрды уыди сымахмӕ иуцасдӕр баззайын, уый фӕстӕ Македонимӕ+ ацӕуын, стӕй уӕм Македонийӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын+, цӕмӕй мӕ иу гыццыл Иудейӕмӕ ахизын кодтаиккат+. 17  Гъеныр мӕм ахӕм фӕнд кӕй уыди, уымӕй, мыййаг, исты ӕнӕрхъуыды ми бакодтон?+ Науӕд мӕм цы фӕндтӕ ис, уыдон буары фӕндтӕ сты+, ома фыццаг «о, о» кӕнын, стӕй та «нӕ, нӕ»?+ 18  Хуыцау йӕ ныхас куыд нӕ сайы, афтӕ уын мах цы загътам, уый дӕр нӕ уыди куы «о», куы та – «нӕ». 19  Уымӕн ӕмӕ уын мах, ома ӕз, Силуан* ӕмӕ Тимофей+, кӕй тыххӕй фехъусын кодтам, уый – Хуыцауы Фырт+, Йесо Чырысти, нӕ уыди уыцы иу рӕстӕг «о» дӕр ӕмӕ «нӕ» дӕр, фӕлӕ йӕ уавӕры «о» сси «о»+. 20  Хуыцау зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта+, уыдон цасфӕнды ма уой,– уый фӕрцы систы «о»+. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕн «аммен»+ дӕр уый номӕй фӕзӕгъӕм, цӕмӕй Хуыцау скадджын уа. 21  Сымах дӕр ӕмӕ мах дӕр Чырыстийы кӕй стӕм, уымӕн нын бӕлвырдгӕнӕн та дӕтты Хуыцау, ӕмӕ нӕ сыгъдӕг тыхӕй дӕр уый байсӕрста+. 22  Уый ныл сӕвӕрдта мыхуыр+ дӕр, ӕмӕ нӕм цы хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн+ уал нын нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта йӕ сыгъдӕг тых*+. 23  Хуыцау мын ӕвдисӕн+: ӕз Коринфмӕ абоны онг дӕр уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, ӕмӕ мӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй уӕхимӕ тынгдӕр ныхъхъуыстаиккат+. 24  Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, ӕмӕ нӕхи уӕ уырнындзинадӕн хицау кӕнӕм+, фӕлӕ стӕм уе ’мкусджытӕ+, цӕмӕй уын уӕ циныл цин ӕфтауӕм, уымӕн ӕмӕ сымах уӕ уырнындзинады+ фӕрцы лӕуут фидар+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Хъд 2:9, фип.
Кӕнӕ «Силӕ».
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.