Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?

Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

 Абон цы ӕрдзон бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны Хуыцау аххосджын нӕу. Фӕлӕ Хуыцау тыхсы, бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхӕссынц, уыдоныл. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн ӕппӕт зындзинӕдтӕн, уыимӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕн дӕр. Цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ Хуыцау удӕнцой дӕтты, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн (2 Коринфӕгтӕм 1:3).

 Нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй зӕгъын, ӕрдзон бӕллӕхтӕ Хуыцауы ӕфхӕрдыл дзурӕг кӕй не сты?

 Библийӕ зонӕм, Хуыцау-иу ӕрдзон тыхты уылты йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кодта. Фӕлӕ сӕ куыд пайда кодта, уый тынг хицӕн кӕны ӕнӕуи ӕрдзон бӕллӕхтӕй.

  •   Ӕрдзон бӕллӕхты амӕлынц ӕмӕ фӕсахъат вӕййынц, чидӕриддӕр дзы бахауы, уыдон. Фӕлӕ-иу Хуыцау ӕрдзон тыхты фӕрцы искӕмӕн куы тӕрхон кодта, уӕд-иу ӕрмӕст фыдгӕнджыты фесӕфта. Зӕгъӕм, Содом ӕмӕ Гоморрӕ куы сӕфта, уӕд Лоты йӕ дыууӕ чызгимӕ фервӕзын кодта (Райдиан 19:29, 30). Хуыцау алы адӕймаджы зӕрдӕ дӕр уыны, ӕмӕ фыдгӕнӕгыл кӕй банымайы, ӕрмӕстдӕр уыдоны фесафы (Райдиан 18:23–32; 1 Самуилы 16:7).

  •   Ӕрдзон бӕллӕхтӕ арӕхдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцӕуынц. Фӕлӕ-иу Хуыцау ӕрдзон тыхты фӕрцы искӕй бафхӕрынмӕ куы хъавыд, уӕд-иу сӕ рагацау бафӕдзӕхста. Уыцы фӕдзӕхст-иу чи фехъуыста, уымӕн-иу фервӕзыны фадат уыд (Райдиан 7:1–5; Матфейы 24:38, 39).

  •   Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй сарӕх сты, уый адӕмӕн сӕхи аххос дӕр у. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕрдз сафынц ӕмӕ хӕдзӕрттӕ аразынц, зӕххӕнкъуыстытӕй, донивылдтӕй ӕмӕ бӕллӕхтӕй тӕссаг кӕм у, ахӕм рӕтты (Раргомад 11:18). Фӕлӕ адӕм ӕвзӕр уынаффӕтӕ кӕй рахӕссынц, уый Хуыцауы аххос нӕу (Ӕмбисӕндтӕ 19:3).

 Ӕрдзон бӕллӕхтӕ кӕй цӕуы, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фӕстаг бонты цӕрӕм?

 О, Библийы пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ бӕрӕг у, бӕллӕхтӕ кӕй цӕудзӕн «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон», кӕнӕ «фӕстаг бонты» (Матфейы 24:3; 2 Тимофеймӕ 3:1). Зӕгъӕм, нӕ рӕстӕджы тыххӕй Чырысти загъта: «Куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ» (Матфейы 24:7). Тагъд Хуыцау кӕрон скӕндзӕн, цыдӕриддӕр нын рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарын кӕны, уыдӕттӕн, уыимӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕн дӕр (Раргомад 21:3, 4).

 Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны?

  •   Бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау удӕнцой дӕтты йӕ Ныхас Библийы уылты. Библийы фыст ис, Хуыцау ныл кӕй тыхсы ӕмӕ нын хъизӕмӕртты рӕстӕг нӕ зын кӕй фембары (Исай 63:9; 1 Петры 5:6, 7). Библийы ма Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, ахӕм рӕстӕг кӕй ралӕудзӕн, ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕ нал уыдзӕн. (Кӕс « Библийы стихтӕ удӕнцой хӕссынц, ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн».)

  •   Ӕрдзон бӕллӕхтӕ зиан кӕмӕн ӕрхастой, уыдонӕн Хуыцау ӕххуыс кӕны йӕ лӕггадгӕнджыты уылты. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ Чырыстийы фӕзмынц ӕмӕ иннӕтӕн удӕнцой хӕссынц. Чырыстийы тыххӕй пехуымпарӕдты фыст уыд, удӕнцой кӕй хӕсдзӕн «зӕрдӕсаст адӕмӕн» ӕмӕ, «маст чидӕриддӕр кӕны», уыдонӕн (Исай 61:1, 2). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр афтӕ кӕнынц (Иоанны 13:15).

     Хуыцау ма йӕ лӕггадгӕнджыты уылты адӕмӕн ратты, бӕллӕхы фӕстӕ сӕ ӕнӕмӕнг цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ (Хъуыддӕгтӕ 11:28–30; Галатӕгтӕм 6:10).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тыхдымгӕйы фӕстӕ ӕххуыс кӕнынц (Пуэрто-Рико)

 Цымӕ нын Библи куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ уӕм?

 Кӕд Библи ӕрдзон бӕллӕхтӕм цӕттӕ кӕнынӕн инструкци нӕу, уӕддӕр дзы ис, чи нын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Зӕгъӕм:

  •   Ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд цы кӕнын хъӕуы, уый рагацау пълан кӕнын. Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы» (Ӕмбисӕндтӕ 22:3). Зондыл дзурӕг уыдзӕн, рагацау куы ахъуыды кӕнӕм, бӕллӕхы рӕстӕг куыд кӕндзыстӕм, ууыл. Зӕгъӕм, бӕллӕхы рӕстӕг дӕ цы бахъӕудзӕн, уыдон хицӕн сумкӕйы нывӕр, цӕмӕй ӕдас ранмӕ алидзынмӕ цӕттӕ уай. Стӕй ма дӕ бон у дӕ бинонтимӕ баныхас кӕнын, бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд кӕм фембӕлдзыстут, ууыл.

  •  Цард исбон ӕмӕ мулкӕй зынаргъдӕр у. Библийы фыст ис: «Мах ацы дунемӕ ницы ӕрбахастам, ӕмӕ дзы хӕсгӕ дӕр ницы акӕндзыстӕм» (1 Тимофеймӕ 6:7, 8). Цӕмӕй бӕллӕхы рӕстӕг аирвӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕттӕ уӕм нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ исбон ныууадзынмӕ дӕр. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ цард мулкӕй бирӕ зынаргъдӕр кӕй у (Матфейы 6:25).