Ӕмбисӕндтӕ 19:1—29

19  Рӕстӕй чи цӕры, ахӕм мӕгуыр хуыздӕр у+, мӕнгӕвзаг чи у, уымӕй ӕмӕ ӕнӕзонд адӕймагӕй+.  Адӕймагмӕ* зонындзинӕдтӕ куы нӕ уа, уӕд уый хорз нӕу+, ӕмӕ тагъд чи кӕны, уый тӕригъӕд аразы+.  Адӕймаг йе ’нӕзондӕй ацӕуы рӕдыд фӕндагыл+, мӕсты та Йегъовӕмӕ фӕкӕны+.  Хъӕздыгдзинады фӕрцы адӕймагӕн фӕзыны бирӕ ӕмбӕлттӕ+, мӕгуыры та йӕхи ӕмбал дӕр ныууадзы+.  Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+, сайгӕ чи кӕны, уый нӕ аирвӕздзӕн+.  Кадджын адӕймаджы зӕрдӕ балхӕныныл бирӕтӕ фӕархайынц+, ӕмӕ, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уый алкӕмӕн дӕр йӕ лымӕн вӕййы+.  Мӕгуыр йе ’фсымӕртӕн дӕр цӕстысындз у+. Ӕмӕ йӕм уӕд йе ’мбӕлттӕ та хӕстӕг кӕцӕй цӕудзысты!+ Цыдӕр сын зӕгъынмӕ фӕхъавы, фӕлӕ йӕм лӕугӕ дӕр ничи ӕркӕны+.  Зонд* чи самал кӕны+, уый уарзы йӕ уд. Арфуынындзинад чи нӕ сафы, уый ссардзӕн хорздзинад+.  Мӕнгӕвдисӕн ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн+, ӕмӕ, сайгӕ чи кӕны, уый фесӕфдзӕн+. 10  Ӕнӕзондыл нӕ фидауы хъал цард+. Ӕмӕ уӕд лӕггадгӕнӕгыл куыд хъуамӕ фидауа, цӕмӕй кънйӕзтӕн хицау уа!+ 11  Ӕмбаргӕдзинад адӕймагӕн йӕ маст уромы+, ӕмӕ иннӕйы рӕдыд кӕй ницӕмӕ ӕрдары, уый йӕ рӕсугъд кӕны+. 12  Паддзах куы смӕсты уа, уӕд уый у, домбай куыд ныббогъ кӕна, уыйау+. Йӕ хорзӕх та у, кӕрдӕгыл цы ’ртӕх ӕрбады, уый хуызӕн+. 13  Ӕнӕзонд фырт йӕ фыдӕн у фыдбылызы хос+, усы хъуыр-хъуыр та у, цар куыд тӕдза ӕмӕ хӕдзары фӕлӕууӕн куыд нӕ уа, уый хуызӕн+. 14  Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыгдзинад ныййарджытӕй баззайынц+, ӕмбаргӕ ус та у Йегъовӕйӕ+. 15  Адӕймагыл зивӕг фынӕй ӕфтауы+, ӕмӕ магуса* ӕххормагӕй баззайы+. 16  Фӕдзӕхстмӕ чи хъусы, уый йӕ уд хъахъхъӕны+. Йӕ фӕндӕгтӕм йӕ хъус чи нӕ дары, уый та баййафдзӕн мӕлӕт+. 17  Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн+, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад+. 18  Дӕ фырты-иу бафхӕр, цалынмӕ нӕ байрӕджы, уӕдмӕ+. Йӕ мӕлӕтмӕ йын ма бабӕлл+. 19  Йӕ маст чи нӕ баурома, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн+. Ахӕм адӕймаджы куы фервӕзын кӕнай, уӕд дӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахъӕудзӕн афтӕ бакӕнын+. 20  Уынаффӕмӕ хъус ӕмӕ зондамынд дӕ зӕрдӕмӕ ис+, цӕмӕй дӕ зондджын адӕймаг рауайа+. 21  Адӕймаджы зӕрдӕйы бирӕ фӕндтӕ ис+, фӕлӕ сӕххӕст уыдзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕндон+. 22  Адӕймагмӕ хорзӕй цы ис, уый – йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ мӕгуыр адӕймаг гӕды лӕгӕй хуыздӕр у+. 23  Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый цӕуы царды фӕндагыл+. Ӕхсӕв йӕхицӕн дзӕбӕх фынӕй кӕндзӕн+ ӕмӕ йӕм ӕвзӕрдзинад ӕмгӕрон дӕр нӕ бацӕудзӕн+. 24  Зивӕггӕнаг йӕ къух къусмӕ ӕруадзы+, йӕ дзыхмӕ йӕ схӕсса, уый та йӕ бон нал вӕййы+. 25  Иннӕтыл чи худы, уый ныццӕв+, цӕмӕй ӕвӕлтӕрд суа ӕмбаргӕ+. Ӕмбаргӕ адӕймагӕн йӕ рӕдыд бацамон, цӕмӕй фылдӕр бамбара+. 26  Йӕ фыды чи ӕфхӕры ӕмӕ йӕ мады чи расуры+, уыцы фырт кӕны ӕнаккаг ӕмӕ худинаджы митӕ+. 27  Мӕ хъӕбул, зондамындмӕ куы нал хъусай, уӕд зонды ныхӕстӕй адзӕгъӕл уыдзынӕ+. 28  Ницӕйаг ӕвдисӕн рӕстдзинадыл худгӕ кӕны+, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ фыдхъуыддӕгтӕй не ’фсӕдынц+. 29  Иннӕтыл чи худы, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕфхӕрд+, ӕнӕзӕндтӕн се рагъыл сӕмбӕлдзӕн цӕфтӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Удмӕ»; «уд» – дзут. не́феш.
Кӕнӕ «Хорз фӕндтӕ»; комк. «зӕрдӕ».
Комк. «магуса уд»; «уд» – дзут. не́феш.