Исай 63:1—19

63  Уый чи ’рбацӕуы Едомӕй+, чи ’рбацӕуы Восорӕй+ ирд хъулон дарӕсы? Уыцы рӕсугъд арӕзтӕй стыр тыхимӕ чи ’рбацӕуы? «Уый ӕз дӕн, раст цы у, уый чи дзуры+, стыр тых, ирвӕзын кӕныны тых кӕмӕ ис, уый»+.  Ӕмӕ дӕ уӕлӕдарӕс сырх цӕмӕн у? Дӕ дарӕс, цыма сӕндуцӕны сӕнӕфсир цъӕл кодтай, афтӕ цӕмӕн у?+  «Сӕндуцӕны сӕнӕфсир мӕхӕдӕг цъӕл кодтон+, адӕмтӕй мемӕ иу адӕймаг дӕр нӕ уыди. Ӕз сӕ цъӕл кодтон мӕстыйӕ+, ссӕстон сӕ мӕстӕй судзгӕйӕ+. Сӕ туг-иу ракалд ӕмӕ-иу мӕ дарӕсыл скалд+, ӕмӕ мӕ уӕлӕдарӕс иууылдӕр самӕстон.  Мӕнӕн мӕ зӕрдӕйы ис мастисӕн бон+. Мӕ адӕм ӕлхӕд кӕд ӕрцӕудзысты, уыцы аз ӕрхӕццӕ.  Ӕз кастӕн, фӕлӕ мын иу ӕххуысгӕнӕг дӕр нӕ уыд, дис кодтон, фӕлӕ иу дӕр нӕ загъта, фӕкӕсон дӕм+, зӕгъгӕ. Ӕмӕ мын мӕ цонг ӕрхаста ирвӕзындзинад+ ӕмӕ мын мӕ судзгӕ маст+ уыд ӕххуысгӕнӕг.  Мӕстыйӕ мӕ къӕхты бын адӕмты ссӕстон ӕмӕ сӕ мӕ судзгӕ мастӕй срасыг кодтон+, сӕ туг та сын калдтон зӕхмӕ»+.  Ӕз дзурдзынӕн Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй+, Йегъовӕ нын цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйы кадджын кӕндзынӕн+ – дзурдзынӕн, Израилы адӕмӕн+ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ ӕмӕ йӕ ӕгӕрон ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ цы стыр хорздзинӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй.  Уый загъта: «Уыдон ӕцӕгдӕр мӕ адӕм сты+, мӕнгард чи нӕ разындзӕн, уыцы фырттӕ»+. Ӕмӕ уый сси сӕ Ирвӕзынгӕнӕг+.  Уыдонӕн зын куы уыди, уӕд-иу зын уыди уымӕн дӕр+. Ӕмӕ-иу сӕ йе ’рвыст минӕвар фервӕзын кодта+. Уый сӕ уарзта ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй балхӕдта+. Систа-иу сӕ ӕмӕ сӕ хаста раджы заманты алы бон дӕр+. 10  Фӕлӕ-иу уыдон йӕ ныхмӕ рацыдысты+ ӕмӕ-иу ӕй* бафхӕрдтой+. Уӕд уый сси се знаг+ ӕмӕ йӕхӕдӕг семӕ тохы бацыд+. 11  Ӕмӕ уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты раджы замантӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Моисей ӕмӕ дзырдтой: «Денджызӕй+ сӕ йӕ дзуджы+ фыййӕуттимӕ чи ракодта, уый кӕм ис? Кӕм ис, йӕ сыгъдӕг тыхӕй* йӕ чи схайджын кодта, уый?+ 12  Йӕ диссаджы цонг+ дардта Моисейы рахиз къухы фарсмӕ, сӕ размӕ+ сын дӕттӕ адих кодта, цӕмӕй йӕхицӕн ӕнустӕм скодтаид ном+. 13  Абухгӕ дӕтты сӕрты сӕ ахизын кодта ӕмӕ, бӕх ӕдзӕрӕг быдыры куыд уа, афтӕ сӕ къах ницӕуыл скъуырдтой+. 14  Цӕрӕгойтӕ дӕлвӕзмӕ куыд ныццӕуынц, афтӕ сын Йегъовӕйы тых* лӕвӕрдта ӕнцойдзинад»+. Афтӕ ды дӕ адӕмы кодтай, цӕмӕй дӕхицӕн скодтаис кадджын ном+. 15  Ӕркӕс уӕларвӕй+, рафӕлгӕс дӕ бӕрзонд, рухс ӕмӕ рӕсугъд цӕрӕнбынатӕй+. Кӕм ис дӕ зынгзӕрдӕдзинад+ ӕмӕ де стыр хъомыс, кӕм ис дӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+, дӕ зӕрдӕ куыд ӕнцад лӕууы?+ Ды сӕ мӕнӕн ӕвгъау кӕныс+. 16  Ды дӕ нӕ Фыд+. Авраам дӕр нӕ куы нӕ зыдтаид ӕмӕ нӕ Израил дӕр куы нӕ базыдтаид, уӕддӕр ды дӕ нӕ Фыд, о Йегъовӕ. Дӕ ном у нӕ Ӕлхӕнӕг раджы замантӕй фӕстӕмӕ+. 17  О Йегъовӕ, афтӕ нын цӕмӕн бакодтай, ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕй адзӕгъӕл уӕм? Цӕмӕн бакодтай афтӕ, ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ ныддур уой ӕмӕ дӕ ма тӕрсӕм?+ Раздӕх дӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй, дӕ бынтӕ чи сты, уыцы мыггӕгты тыххӕй+. 18  Дӕ сыгъдӕг адӕмӕн+ сӕ зӕхх сӕ къухы бирӕ нӕ фӕци. Не знӕгтӕ дын дӕ кувӕндон сӕ къӕхты бын ныссӕстой+. 19  Мах раджы систӕм, ды хицау кӕмӕн нӕ дӕ, дӕ ном дын чи нӕ хӕссы, ахӕм адӕм+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ сыгъдӕг тых»; «тых» – дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.