Райдиан 7:1—24

7  Уый фӕстӕ Йегъовӕ Нойӕн загъта: «Дӕ бинонтимӕ+ наумӕ бацу, уымӕн ӕмӕ йӕ уынын, ацы фӕлтӕрӕй ды кӕй дӕ рӕстгӕнӕг+.  Хъуамӕ демӕ бакӕнай сыгъдӕг цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕй дӕр фӕйнӕ авды, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ+. Сыгъдӕг чи нӕу, уыцы цӕрӕгойтӕй та ӕрмӕст дыгӕйттӕ, нӕл ӕмӕ сыл.  Демӕ ма хъуамӕ бакӕнай уӕларвон мӕргътӕй дӕр фӕйнӕ авды, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ+, цӕмӕй зӕххыл сӕ мыггаг ма фесӕфа+,  уымӕн ӕмӕ авд боны фӕстӕ ӕз зӕххыл рауадздзынӕн къӕвда+, ӕмӕ уардзӕн цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+. Ӕмӕ ӕз зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, удӕгасӕй цыдӕриддӕр сфӕлдыстон, уыдон иууылдӕр»+.  Ӕмӕ Ной алцыдӕр сарӕзта, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.  Зӕххыл доны хъаймӕт куы уыд, уӕд Нойыл цыди ӕхсӕзсӕдӕ азы+.  Ӕмӕ цалынмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ Ной йӕ фырттимӕ, йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ фыртты устытимӕ бацыд наумӕ+.  Ӕмӕ сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, сыгъдӕг чи нӕу, уыцы цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлы+,  уыдон дыгӕйттӕй, нӕл ӕмӕ сыл, бацыдысты наумӕ, Ноймӕ, Хуыцау Нойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 10  Ӕмӕ авд боны фӕстӕ зӕххыл райдыдта доны хъаймӕт. 11  Нойӕн йӕ царды ӕхсӕзсӕдӕйӕм азы, дыккаг мӕйы*, мӕйӕн йӕ ӕвддӕсӕм бон фемӕхстысты ӕнӕкӕрон доны* гуылфӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ фегом сты+. 12  Ӕмӕ зӕххыл сӕх-сӕхӕй уарыд цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы+. 13  Раст уыцы бон бахызтысты наумӕ Ной, Нойӕн йӕ фырттӕ+ Сим, Хам ӕмӕ Иафет, Нойӕн йӕ ус ӕмӕ йе ’ртӕ фыртӕн сӕ устытӕ+. 14  Семӕ наумӕ бацыди хъӕддаг сырдты алы мыггӕгтӕй+, хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕй, ӕндӕр цӕрӕгойты* алы мыггӕгтӕй+ ӕмӕ мӕргъты алы мыггӕгтӕй, алыхуызон базырджын цӕрӕгойтӕ+. 15  Уыдон Ноймӕ мидӕмӕ цыдысты дыгӕйттӕй, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр*+. 16  Наумӕ бацыди алы цӕрӕгойтӕй дӕр нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, Хуыцау Нойӕн куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Уый фӕстӕ Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта+. 17  Зӕххыл къӕвда уарыд цыппор боны. Дон фылдӕрӕй-фылдӕр кодта ӕмӕ нау хӕрдмӕ систа, ӕмӕ зӕххы сӕрмӕ бӕрзонд ленк кодта. 18  Зӕхх донӕй байдзаг ӕмӕ дон фылдӕрӕй-фылдӕр кодта, фӕлӕ нау уӕддӕр ленк кодта доныл+. 19  Зӕххыл дон афтӕ сбирӕ, ӕмӕ арвы бын цыдӕриддӕр бӕрзонд хӕхтӕ уыди, уыдон доны бын фесты+. 20  Дон хӕхтӕй фынддӕс ӕлмӕрины уӕлдӕр ссыд, ӕмӕ хӕхтӕ нал зындысты+. 21  Ӕмӕ фесӕфтысты, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлыд, уыдон+: мӕргътӕ, хӕдзарон фос, хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ, зӕхх йедзаг кӕмӕй уыд, ӕппӕт уыцы лыстӕг цӕрӕгойтӕ, стӕй адӕм дӕр иууылдӕр+. 22  Сурзӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон* иууылдӕр амардысты+. 23  Афтӕмӕй Хуыцау* фесӕфта, зӕххы цъарыл цыдӕриддӕр уыдис, уыдон иууылдӕр. Адӕм, сырдтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойтӕ*, стӕй уӕларвон мӕргътӕ – иууылдӕр фесӕфтысты+. Удӕгасӕй ма баззадысты ӕрмӕстдӕр Ной ӕмӕ, науы йемӕ чи уыди, уыдон+. 24  Зӕхх та доны бын уыди сӕдӕ фӕндзай боны.

Фиппаинӕгтӕ

Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд сын Йегъовӕ радта сӕхи динон къӕлиндар, ӕмӕ уӕд дыккаг мӕй сси ӕстӕм мӕй, булы мӕй. Хауы октябры дыккаг ӕмбисмӕ ӕмӕ ноябры фыццаг ӕмбисмӕ. Кӕс Уӕлӕмх. 19.
Ацы дон у, зӕххы алыварс атмосферӕйы сӕрмӕ донӕй цы цъар уыди, уый; йӕ кой цӕуы Рд 1:6, 7.
Кӕс Рд 1:24, фип.
Кӕс Рд 6:17, фип.
Кӕс Рд 6:17, фип.
Комк. «уый».
Кӕс Рд 1:24, фип.