Райдиан 18:1—33

18  Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Аврааммӕ фӕзынд+ Мамрейы стыр бӕлӕсты раз+, боны тӕккӕ тӕвды+ йӕ цатыры бахизӕны куы бадтис, уӕд.  Авраам акаст+ ӕмӕ ауыдта, гыццыл дарддӕр ӕртӕ лӕджы кӕй лӕууыд. Ӕмӕ уӕд, кӕм бадт, уырдыгӕй сӕ размӕ азгъордта ӕмӕ сын йӕ сӕрӕй ныллӕг, зӕххы онг акуывта+.  Стӕй загъта: «Йегъовӕ, кӕд дын дӕ хорзӕх ссардтон, уӕд дӕ курӕг дӕн, дӕ цагъары рӕзты ма ацу+.  Ныртӕккӕ дон ӕрбадавдзысты ӕмӕ уын уӕ къӕхтӕ ахсдзысты+. Стӕй мӕнӕ бӕласы бын уӕхи ӕруадзут+.  Ӕз та уын къӕбӕр радавон, ӕмӕ уӕхи* бафидар кӕнут+, иугӕр ардӕм, уӕ цагъармӕ ӕрбацыдыстут, уӕд. Ӕмӕ уӕд дарддӕр ацӕудзыстут». Ӕмӕ йын уыдон дӕр загътой: «Хорз, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн».  Уӕд Авраам Саррӕмӕ цатырмӕ бауад ӕмӕ йын загъта: «Рӕвдздӕр, ӕппӕты хуыздӕр ссадӕй ӕртӕ къусы* райс, хыссӕ азмӕнт ӕмӕ дзултӕ акӕн»+.  Уый фӕстӕ Авраам азгъордта, йӕ фосӕй дзӕбӕх, хӕрзхаст род равзӕрста, лӕггадгӕнӕгмӕ йӕ радта ӕмӕ ауади, цӕмӕй йӕ ацӕттӕ кодтаид+.  Стӕй рахаста царв, ӕхсыр ӕмӕ, роды дзидзайӕ цы ’рцӕттӕ кодта, уый, ӕмӕ сын сӕ сӕ разы ӕрӕвӕрдта+. Ӕмӕ цалынмӕ хордтой, уӕдмӕ йӕхӕдӕг та бӕласы бын сӕ разы лӕууыд+.  Уый фӕстӕ йӕ бафарстой: «Дӕ ус Саррӕ та кӕм ис?»+ Авраам сын дзуапп радта: «Мӕнӕ ам, цатыры»+. 10  Ӕмӕ йын уӕд сӕ иу афтӕ зӕгъы: «Иннӕ аз та дӕм ацафон зындзынӕн, ӕмӕ дӕ ус Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу»+. Саррӕ лӕууыд цатыры бахизӕны иуварсырдыгӕй ӕмӕ йӕм хъуыста. Цатыр та уыд уыцы адӕймаджы фӕстӕ. 11  Авраам ӕмӕ Саррӕ уыдысты зӕронд, бирӕ сыл цыди+. Саррӕ уыцы кары нал уыд, ӕмӕ ма сывӕллон ныййардтаид+. 12  Уымӕ гӕсгӕ Саррӕ йӕхинымӕр бахудт+ ӕмӕ загъта: «Ай мӕнӕ зӕронд куы бадӕн, уӕд ма мӕм ахӕм амонд кӕцӕй кӕсы? Стӕй мӕ сӕрыхицау дӕр зӕронд куы у»+. 13  Уӕд Йегъовӕ Авраамӕн загъта: «Саррӕ цӕмӕн бахудти ӕмӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, зӕронд куы бадӕн, уӕд ма цӕй сывӕллон ныййардзынӕн?+ 14  Йегъовӕйы бон цы нӕу, ахӕмӕй исты ис?+ Куыд дын загътон, афтӕ дӕм иннӕ аз ацафон зындзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕн лӕппу». 15  Саррӕ та фӕтарст ӕмӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнын райдыдта, зӕгъгӕ, ӕз нӕ худтӕн. Фӕлӕ йын уый загъта: «Нӕ, ды худтӕ»+. 16  Уыцы лӕгтӕ цӕуынвӕнд куы скодтой, уӕд акастысты Содомы ’рдӕм+. Авраам дӕр семӕ рацыд, ахизын сӕ кӕнон, зӕгъгӕ+. 17  Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Цы саразинаг дӕн, уый Авраамӕй басусӕг кӕндзынӕн?+ 18  Авраамӕй рацӕудзӕн стыр ӕмӕ тыхджын адӕм, ӕмӕ Авраамы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты* зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр+. 19  Ӕз йемӕ уымӕн бахӕлар дӕн, цӕмӕй йӕ фырттӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхса, ӕмӕ рӕстӕй цӕрой ӕмӕ раст тӕрхон кӕной+, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕндагыл цӕуой. Уӕд ӕз, Йегъовӕ, Авраамӕн ратдзынӕн, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдтон, уый»+. 20  Уый фӕстӕ Йегъовӕ загъта: «Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ+ тынг хъаст кӕнынц, ӕмӕ сӕ тӕригъӕд тынг уӕззау у+. 21  Ныццӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цымӕ сӕ куыд хъаст кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахӕм митӕ кӕнынц ӕви нӕ. Хъуамӕ йӕ базонон»+. 22  Уыцы ныхӕсты фӕстӕ лӕгтӕй дыууӕ араст сты Содоммӕ. Йегъовӕ+ та баззад Авраамы раз+. 23  Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ау, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзынӕ?+ 24  Уӕдта ма уыцы горӕты фӕндзай рӕстгӕнӕджы ис, уӕд дӕр ӕй фесафдзынӕ? Цы фӕндзай рӕстгӕнӕджы дзы цӕры, уыдоны тыххӕй уыцы горӕт нӕ ныууадздзынӕ?+ 25  Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафай ӕмӕ, фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр!+ Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай!+ Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?»+ 26  Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Содомы фӕндзай рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд уыдоны тыххӕй уыцы горӕт ныууадздзынӕн»+. 27  Авраам та йын загъта: «Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм. Ӕз рыг ӕмӕ фӕнык йеддӕмӕ ницы дӕн+, афтӕмӕй мӕ ныфс бахастон Йегъовӕимӕ ныхас кӕнынмӕ. 28  Фӕндзай рӕстгӕнӕджы дзы куы нӕ разына, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр цыппор фондз, уӕд фондзы тыххӕй ӕнӕхъӕн горӕт фесафдзынӕ?» Уый та йын загъта: «Цыппор фондз дзы куы ссарон, уӕд ӕй нӕ фесафдзынӕн»+. 29  Фӕлӕ та йын Авраам ногӕй загъта: «Цыппор йеддӕмӕ дзы куы нӕ разына, уӕд та?» Уый та йын загъта: «Цыппор дзы куы разына, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн». 30  Фӕлӕ Авраам дарддӕр дзырдта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у+, ноджыдӕр ма зӕгъон+: ӕмӕ дзы ӕртын рӕстгӕнӕджы куы разына, уӕд та?» Уый та йын загъта: «Ӕртын дзы куы ссарон, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн». 31  Авраам та ууыл дӕр не ’рлӕууыд ӕмӕ загъта: «Ӕз мӕ ныфс бахастон Йегъовӕимӕ ныхас кӕнынмӕ+. Курӕг дӕ дӕн, байхъус мӕм: дыууын йеддӕмӕ дзы куы нӕ разына, уӕд та?» Уый йын дзуапп радта: «Дыууын дзы куы разына, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн»+. 32  Уӕд ын Авраам загъта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у+, ӕрмӕстдӕр ма иу хатт зӕгъон+: дӕс йеддӕмӕ дзы куы нӕ разына, уӕд та?» Уый та йын дзуапп радта: «Дӕс дзы куы разына, уӕд дӕр ӕй нӕ фесафдзынӕн»+. 33  Уыйадыл Йегъовӕ+ Авраамимӕ йӕ ныхас фӕци ӕмӕ ацыд. Авраам та раздӕхт сӕхимӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уӕ зӕрдӕтӕ».
Комк. «ӕртӕ сатӕйы», ӕдӕп. 10 кг бӕрц.
Кӕс Рд 12:3, фип.