1 Самуилы 16:1—23

16  Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Цас ма маст кӕндзынӕ Саулыл?+ Ӕз ыл мӕ къух систон, уый Израилӕн паддзах нал уыдзӕн+. Дӕ сыкъа сойӕ+ байдзаг кӕн ӕмӕ ацу. Ӕз дӕ ӕрвитын вифлеемаг Йессеймӕ+, уымӕн ӕмӕ йын йӕ фырттӕй равзӕрстон паддзах»+.  Фӕлӕ Самуил загъта: «Куыд ацӕуон? Саул уый куы фехъуса, уӕд мӕ амардзӕн»+. Уӕд ын Йегъовӕ загъта: «Фосӕй демӕ акӕн иу дыгӕрдыг ӕмӕ-иу зӕгъ, Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ’рцыдтӕн, зӕгъгӕ+.  Нывонд хӕссынмӕ-иу фӕхон Йессейы, ӕмӕ дын ӕз зӕгъдзынӕн, цы кӕнын дӕ хъӕудзӕн, уый+. Кӕмӕ дын бацамонон, уый мын сойӕ байсӕрддзынӕ»+.  Самуил дӕр, Йегъовӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Вифлееммӕ+ куы ’рцыд ӕмӕ йӕ горӕты хистӕр лӕгтӕ куы федтой, уӕд фыртӕссӕй барызтысты+. Ӕмӕ йӕ бафарстой: «Фарнимӕ нӕм ӕрцыдтӕ?»+  «Фарнимӕ,– загъта сын уый.– Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ’рцыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут+ ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Стӕй Йессейы ӕмӕ йӕ фыртты ссыгъдӕг кодта, ӕмӕ сӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕхуыдта.  Куы ’рбацыдысты ӕмӕ Самуил Елиавы+ куы федта, уӕд загъта: «Ӕнӕмӕнг, ай у Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг».  Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс+, уый нӕ равзӕрстон. Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы+. Адӕймаг кӕсы, цӕст цы уыны, уымӕ+, Йегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ»+.  Уӕд Йессей фӕдзырдта Аминадавмӕ+ ӕмӕ йӕ Самуилы размӕ ракодта, фӕлӕ Самуил загъта: «Уый дӕр нӕ равзӕрста Йегъовӕ».  Уый фӕстӕ Йессей ракодта Шаммӕйы+, фӕлӕ та уымӕй дӕр загъта: «Уый дӕр нӕ равзӕрста Йегъовӕ». 10  Афтӕ Йессей Самуилы размӕ ракодта йӕ авд фырты, фӕлӕ йын Самуил загъта: «Адонӕй никӕй равзӕрста Йегъовӕ». 11  Уӕд Самуил Йессейы бафарста: «Адон йеддӕмӕ дын нӕй лӕппу?» Йессей йын загъта: «Ис, се ’ппӕты кӕстӕр, фӕлӕ ам нӕй+, фыстӕ хизы»+. Ӕмӕ уӕд Самуил Йессейӕн загъта: «Арвит ӕм, ӕмӕ йӕ ӕрбакӕной. Цалынмӕ уый не ’рбацӕуа, уӕдмӕ фынгыл не ’рбаддзыстӕм». 12  Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ уый дӕр ӕрбацыд. Уый уыди рӕсугъд, сырхуадул+ лӕппу, уыди йын рӕсугъд цӕстытӕ. Ӕмӕ Йегъовӕ загъта: «Сыст ӕмӕ йӕ сойӕ байсӕрд, ай у!»+ 13  Ӕмӕ уӕд Самуил сойы+ сыкъа райста ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты раз йӕ сӕрыл сой рауагъта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Давид хайджын уыд Йегъовӕйы тыхӕй*+. Уый фӕстӕ Самуил сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ Рамӕмӕ+ ацыд. 14  Йегъовӕ Саулӕй йӕ тых айста+, ӕмӕ Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Саулӕн йе ’взӕр хъуыдытӕ+ ӕнцой мауал лӕвӕрдтаиккой*. 15  Ӕмӕ Саулӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Хуыцау бауагъта, цӕмӕй дын ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой ма дӕттой. 16  Нӕ буц хицау, дӕ разы чи лӕггад кӕны, уыдонӕн зӕгъ, цӕмӕй дын бацагурой, дыууадӕстӕнон фӕндырӕй+ цӕгъдынмӕ дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы+. Ӕмӕ-иу Хуыцау куы бауадза, цӕмӕй дын ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой ма дӕттой, уӕд-иу дын цӕгъддзӕн, ӕмӕ-иу дӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг уыдзӕн». 17  Гъемӕ Саул йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Уӕ хорзӕхӕй, ссарут мын, дыууадӕстӕнон фӕндырӕй хорз чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы ӕмӕ йӕ ӕрбакӕнут»+. 18  Уӕд ын йӕ лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу загъта: «Ӕз федтон, вифлеемаг Йессейы фырт дыууадӕстӕнон фӕндырӕй куыд хорз цӕгъды+, уый. Хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын адӕймаг у+, ӕцӕг тохы лӕг+, йӕ ныхас – ӕмбаргӕ+, бакӕс ӕм, уӕд – саджы фисынтыл амад+. Ӕмӕ Йегъовӕ йемӕ ис»+. 19  Уӕд Саул Йессеймӕ йӕ адӕмы арвыста ахӕм ныхасимӕ: «Дӕ фырт Давиды мӕм рарвит, фыстӕ дын чи хизы, уыцы фырты»+. 20  Йессей дӕр хӕрӕг ракодта, сӕвӕрдта йыл дзул ӕмӕ сӕны лалым+, ракодта иу сӕныкк дӕр ӕмӕ сӕ йӕ фырт Давидимӕ Саулӕн арвыста+. 21  Гъемӕ Давид ӕрцыд Саулмӕ ӕмӕ йын лӕггад кодта+. Саул ӕй тынг бауарзта ӕмӕ йын бахӕс кодта йӕ хӕцӕнгарз хӕссын+. 22  Ӕппынфӕстаг Саул Йессеймӕ арвыста ахӕм ныхас: «Дӕ хорзӕхӕй, Давиды мӕнмӕ ныууадз, цӕмӕй мын лӕггад кӕна – тынг райгонд дзы дӕн». 23  Ӕмӕ-иу Хуыцау куы бауагъта, цӕмӕй Саулӕн ӕвзӕр хъуыдытӕ ӕнцой ма лӕвӕрдтаиккой, уӕд-иу Давид дыууадӕстӕнон фӕндыр райста ӕмӕ-иу ын цагъта. Ӕмӕ-иу Саулӕн фенцондӕр, йӕ зӕрдӕ-иу бахъӕлдзӕг, ӕмӕ-иу ӕй ӕвзӕр хъуыдытӕ нал тыхсын кодтой+.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «ӕмӕ йын Йегъовӕйӕ ӕвзӕр тых ӕнцой нӕ лӕвӕрдта».