Галатӕгтӕм 6:1—18

6  Ме ’фсымӕртӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна, афтӕмӕй рӕдыд къахдзӕф сараза+. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сымах, фӕлтӕрд чырыстӕттӕ*+, бацархайут ахӕм адӕймаджы раст зондыл саразыныл, ӕмӕ уый аразут фӕлмӕнӕй+. Ӕрмӕст уӕ алчидӕр йӕхимӕ кӕсӕд+, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ма фӕрӕдийа+.  Кӕрӕдзийы уӕргътӕ хӕссут+ ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнут Чырыстийы закъон+.  Кӕд исчи йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл у, ницы у, афтӕмӕй+, уӕд йӕхи сайы.  Алчидӕр равдисӕд, йӕхӕдӕг цы аразы, уый+. Ӕмӕ уӕд цин кӕндзӕн йӕхи хъуыддӕгтыл ӕмӕ йӕхи иннӕтимӕ нӕ бардзӕн+.  Йӕхи хӕссинаг алчидӕр йӕхӕдӕг ахӕсдзӕн+.  Уымӕй уӕлдай, Хуыцауы ныхас кӕмӕн амонынц+, уый, хорзӕй йӕм цы ис, уымӕй хай кӕнӕд+, чи йын ӕй амоны, уымӕн+.  Ма рӕдийут+: Хуыцау хынджылӕггаг нӕу+. Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн+.  Йӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн чи тауы, уый йӕ тӕригъӕдджын буар ӕркӕндзӕн сӕфтмӕ+. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, уый чи тауы+, уый та сыгъдӕг тых ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ+.  Уӕдӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд+, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд+. 10  Гъемӕ нын цалынмӕ рӕстӕг ис+, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн+. 11  Уынут, мӕхи къухӕй уӕм цы стыр дамгъӕтӕй ныффыстон+. 12  Иннӕты раз йӕхи равдисын кӕй фӕнды, уыдон уӕ домынц сунӕт скӕнын+, цӕмӕй Чырыстийы, Йесойы хъизӕмӕртты хъӕды тыххӕй+ ӕфхӕрд ма ӕййафой. 13  Сунӕт чи скӕны, уыдон сӕхӕдӕг Закъон не ’ххӕст кӕнынц+, фӕлӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй уын сунӕт скӕнын кӕной ӕмӕ сын уый фӕрцы сӕхицӕй раппӕлыны фадат уа. 14  Мӕн та Хуыцау бахизӕд, цӕмӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хъизӕмӕртты хъӕд+ йеддӕмӕ ӕндӕр истӕмӕй ӕппӕлон: Чырыстийы фӕрцы ацы дуне тыгъд ӕрцыд хъӕдыл+ мӕ цӕсты, ӕз та – ацы дунейы цӕсты. 15  Сунӕтгонд уай ӕви нӕ+, уый уӕлдай нӕу, фӕлӕ ахсджиаг уый у, цӕмӕй суай, Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ахӕм ног адӕймаг+. 16  Ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдон та, ома Хуыцауы Израил+, хайджын уӕнт Хуыцауы фарн ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕй. 17  Уӕдӕ мӕ амӕй фӕстӕмӕ мачиуал къуылымпы кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ мӕныл ис, Йесойы цагъар+ кӕй дӕн, уый бӕрӕггӕнӕн гакк+. 18  Ме ’фсымӕртӕ, ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг+ уын кӕй ис, уый тыххӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй хайджын ут. Аммен.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тых разамынд кӕмӕн дӕтты, уыдон».