Псалом 46:1—11

Амонӕгӕн. Корейы фыртты псалом+. Чызджытӕ. Зарӕг. 46  Хуыцау у не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару+,Зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны+.   Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх дӕр куы фӕива+Ӕмӕ хӕхтӕ куы банкъуысой ӕмӕ ӕнӕкӕрон денджызы бынмӕ куы ацӕуой, уӕд дӕр+,   Йӕ дӕттӕ дӕр куы абухой ӕмӕ сӕ фынк куы кӕла+Ӕмӕ йе знӕт уылӕнтӕй хӕхтӕ куы базмӕлой, уӕд дӕр+. (Села́)   Цӕугӕдоны гуылфӕнтӕ циндзинад хӕссынц Хуыцауы горӕтӕн+,Иунӕг Стыр Хуыцауы кадджын ӕмӕ сыгъдӕг цатырӕн+.   Хуыцау ис горӕты астӕу+, ӕмӕ горӕт нӕ фенкъуысдзӕн+.Хуыцау ын баххуыс кӕндзӕн райсомӕй раджы+.   Адӕмтӕ сызнӕт сты+, паддзахӕдтӕ банкъуыстысты,Йӕ хъӕлӕс ныннӕрыд, ӕмӕ зӕхх атад+.   Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ис немӕ+,Иаковы Хуыцау у нӕ бӕрзонд хох+. (Села́)   Ӕрцӕут ӕмӕ фенут Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ+,Фенут, зӕххыл цы диссӕгтӕ аразы, уый+.   Зӕххы кӕрӕтты онг уромы хӕстытӕ+.Сӕтты ӕрдынтӕ, дыууӕ дихы кӕны ӕрцытӕ+Ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ судзы+. 10  «Басӕттут ӕмӕ йӕ зонут, ӕз кӕй дӕн Хуыцау+.Ӕз скадджын уыдзынӕн адӕмты ’хсӕн+,Скадджын уыдзынӕн зӕххыл»+. 11  Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ ис немӕ+,Иаковы Хуыцау у нӕ бӕрзонд хох+. (Села́)

Фиппаинӕгтӕ