Иоанны 5:1—47

5  Уый фӕстӕ уыди дзуттӕгты бӕрӕгбон+, ӕмӕ Йесо ацыд Иерусалиммӕ.  Иерусалимы Фысты кулдуары+ цур ис найӕн бынат, дзуттагау ӕй хонынц Вифездӕ, йӕ алыварс та ис фондз тыргъы*.  Уым зӕххыл хуыссыди бирӕ рынчынтӕ, куырмытӕ, къуылыхтӕ ӕмӕ, сахъат чи уыд, ахӕмтӕ.  *– –  Уым уыди, ӕртын аст азы рынчын чи уыд, иу ахӕм адӕймаг дӕр.  Йесо уыцы адӕймаджы хуысгӕйӕ федта ӕмӕ, рагӕй+ кӕй у рынчын, уый кӕй зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бафарста: «Фӕнды дӕ, цӕмӕй сдзӕбӕх уай?»+  Рынчын ын дзуапп радта: «Мӕ буц хицау, ничи мын ис, дон фӕйлауын куы райдайы, уӕд мӕ уырдӕм чи ныххизын кӕна, ахӕм. Ӕмӕ цалынмӕ ӕз уырдӕм фӕхизын, уӕдмӕ дзы мӕ разӕй ӕндӕр исчи ныххизы».  Уӕд ын Йесо загъта: «Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу»+.  Ӕмӕ лӕг уайтагъд сдзӕбӕх, йӕ хуыссӕн систа ӕмӕ цӕуын райдыдта. Уыцы бон та уыди сабат+. 10  Ӕмӕ дзуттӕгтӕй чидӕртӕ, чи сдзӕбӕх, уыцы лӕгӕн дзырдтой: «Абон сабат у, ӕмӕ дын закъонмӕ+ гӕсгӕ дӕ хуыссӕн хӕссӕн нӕй». 11  Фӕлӕ сын уый загъта: «Чи мӕ сдзӕбӕх кодта, уый мын афтӕ загъта, сис, дам, дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу». 12  Уыдон та йӕ бафарстой: «Афтӕ дын чи загъта, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаг чи у?» 13  Фӕлӕ, чи сдзӕбӕх, уый йӕ нӕ зыдта, уыцы адӕймаг чи уыд, уый, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ адӕм уыди, ӕмӕ Йесо йӕхи уырдыгӕй айста. 14  Уый фӕстӕ Йесо уыцы лӕджы кувӕндоны федта ӕмӕ йын загъта: «Уыныс, сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, цӕмӕй дыл уымӕй фыддӕр мацы ’рцӕуа». 15  Ӕмӕ уый дӕр ацыд ӕмӕ дзуттӕгты разамонджытӕн загъта, чи йӕ сдзӕбӕх кодта, уый Йесо кӕй уыд. 16  Уыйадыл Йесойы фӕдыл зилын райдыдтой+, уыдӕттӕ сабаты кӕй арӕзта, уый тыххӕй. 17  Йесо та сын загъта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын»+. 18  Ӕмӕ уӕд дзуттӕгты разамонджытӕ ноджы тынгдӕр райдыдтой йӕ амарыныл архайын+, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ӕрмӕст сабаты ӕгъдау нӕ халы, фӕлӕ ма Хуыцауы йӕ Фыд+ дӕр хоны, ома, дам, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, мӕнмӕ дӕр ахӕм бартӕ+ ис. 19  Уӕд сын Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фыртӕн иу хъуыддаг дӕр йӕхи фӕндӕй йӕ бон нӕу саразын, фӕлӕ Фыды цы аразгӕ уыны, уый дӕр уый аразы+. Уымӕн ӕмӕ, Фыд цыдӕриддӕр аразы, уый аразы Фырт дӕр. 20  Фыд уарзы йӕ Фырты+ ӕмӕ, йӕхӕдӕг цыдӕриддӕр аразы, уый йын ӕвдисы, ӕмӕ йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр равдисдзӕн, цӕмӕй сымах дисы бафтат+. 21  Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты+, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн ӕй фӕнды, уыдонӕн+. 22  Стӕй Фыд тӕрхон дӕр ӕппындӕр никӕмӕн кӕны, фӕлӕ тӕрхоны бартӕ иууылдӕр радта йӕ Фырты къухмӕ+, 23  цӕмӕй се ’ппӕт дӕр, Фыды куыд нымайынц, афтӕ нымайой Фырты+ дӕр. Фырты чи нӕ нымайы, уый нӕ нымайы, чи йӕ рарвыста, уыцы Фыды дӕр+. 24  Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: мӕ ныхӕстӕ мын чи хъусы ӕмӕ, мӕн чи рарвыста, ууыл чи ӕууӕнды, уый хайджын уыдзӕн ӕнусон цардӕй+, ӕмӕ уый тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – уый у, мард чи уыд, фӕлӕ ныр цардмӕ чи раздӕхт, ахӕм адӕймаджы хуызӕн+. 25  Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ+ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс+, ӕмӕ, чи байхъуса, уыдон цӕрдзысты+. 26  Уымӕн ӕмӕ Фыдӕн йӕхи мидӕг куыд ис цард+, афтӕ йӕ Фыртӕн дӕр радта уыцы хъомыс, цӕмӕй уымӕн дӕр йӕхи мидӕг уа цард+. 27  Ӕмӕ йын йӕ къухмӕ радта тӕрхон+ кӕныны бартӕ, уымӕн ӕмӕ уый у Адӕймаджы Фырт+. 28  Ууыл дис ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ, ингӕнты*+ чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, 29  ӕмӕ рацӕудзысты: хорз хъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон райгас уыдзысты цӕрынӕн+, фыдхъуыддӕгтӕ чи кодта, уыдон та – тӕрхон баййафынӕн+. 30  Мӕнӕн иу хъуыддаг дӕр мӕ бон нӕу мӕхи фӕндӕй саразын. Куыд хъусын, афтӕ тӕрхон кӕнын, ӕмӕ мӕ тӕрхон у раст+, уымӕн ӕмӕ, мӕхи цы фӕнды, уый нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды+, уый. 31  Мӕхи тыххӕй ӕрмӕст мӕхӕдӕг куы лӕууин ӕвдисӕн+, уӕд мӕ ныхас раст нӕ уаид+. 32  Мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууы ӕндӕр чидӕр, ӕмӕ йӕ ӕз зонын, мӕн тыххӕй цы дзуры+, уый раст кӕй у. 33  Сымах уӕ адӕмы арвыстат Иоанмӕ, ӕмӕ уый ӕвдисӕн ныллӕууыд рӕстдзинады*+ тыххӕй. 34  Фӕлӕ мӕн нӕ хъӕуы, ӕмӕ мӕн тыххӕй адӕмӕй исчи ӕвдисӕн лӕууа. Адӕттӕ та уымӕн дзурын, цӕмӕй сымах фервӕзат+. 35  Уыцы адӕймаг уыди, чи судзы ӕмӕ рухс чи кӕны, ахӕм цырагъы хуызӕн, ӕмӕ сымах цыбыр рӕстӕг фӕндыд йӕ рухсмӕ цин кӕнын+. 36  Фӕлӕ мӕнӕн ис, Иоанн мӕн тыххӕй цы загъта, уымӕй стырдӕр ӕвдисӕн – мӕ Фыд мын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта ӕмӕ ӕз цы хъуыддӕгтӕ аразын+, уыдон сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн, мӕ Фыд мӕ кӕй рарвыста, уымӕн. 37  Стӕй, мӕ рарвитӕг Фыд йӕхӕдӕг дӕр ӕвдисӕн ныллӕууыд мӕн тыххӕй+. Сымах ын йӕ хъӕлӕс дӕр никуы фехъуыстат ӕмӕ йын йӕ цӕсгом дӕр никуы федтат+, 38  ӕмӕ йӕ ныхас дӕр уӕ зӕрдӕты нӕй, уымӕн ӕмӕ, кӕй рарвыста, ууыл не ’ууӕндут. 39  Сымах лӕмбынӕг иртасут Фыстад+, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Фыстады фӕрцы ӕнусон цардӕй хайджын уыдзыстут. Ӕмӕ уый та мӕн тыххӕй дзуры+. 40  Фӕлӕ уӕ уӕддӕр нӕ фӕнды мӕнмӕ ӕрцӕуын ӕмӕ цард ссарын+. 41  Мӕн нӕ хъӕуы, адӕм мӕ кадджын кӕной, уый+, 42  фӕлӕ йӕ ӕз хорз зонын, сымах Хуыцауы кӕй нӕ уарзут+. 43  Ӕз ӕрцыдтӕн мӕ Фыды номӕй+, фӕлӕ мыл сымах не ’ууӕндут. Ӕндӕр исчи уӕм йӕхи номӕй куы ’рцӕуид, уӕд ууыл та баууӕндиккат. 44  Ӕниу мыл ӕууӕндгӕ дӕр куыд хъуамӕ кӕнат, кӕд ӕмӕ сымах уарзут, уӕ иу иннӕйы кадджын кӕна+, уый, иунӕг Хуыцауӕй цы кад цӕуы, уымӕ та нӕ тырнут?+ 45  Афтӕ уӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ ӕз мӕ Фыды раз уӕ ныхмӕ дзурдзынӕн – уӕ ныхмӕ дзуры Моисей+, кӕуыл ӕууӕндут, уый. 46  Уӕвгӕ, Моисейыл куы ’ууӕндиккат, уӕд мӕныл дӕр баууӕндыдаиккат, уымӕн ӕмӕ уый мӕн тыххӕй фыста+. 47  Фӕлӕ кӕд уый фыстытыл+ не ’ууӕндут, уӕд мӕ ныхӕстыл куыд баууӕнддзыстут?»

Фиппаинӕгтӕ

Тыргъ уыд даргъ ӕмбӕрзтсӕр къӕлидор, дыууӕрдыгӕй йын уыд цӕджындзтӕ ӕмӕ йӕ сӕр уыдоныл ӕнцад.
Кӕс Мф 17:21, фип.
Комк. «зӕрдылдарӕн зӕппӕдзты».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».