Ӕмбисӕндтӕ 22:1—29

22  Хорз ном хуыздӕр у стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй+, кад дын уа, уый хуыздӕр у ӕвзист ӕмӕ сызгъӕринӕй+.  Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр кӕрӕдзийыл фембӕлдысты+. Сӕ дыууӕйы дӕр сфӕлдыста Йегъовӕ+.  Ӕмбаргӕ адӕймаг фыдбылыз уыны ӕмӕ дзы йӕхи хизы+, ӕвӕлтӕрдтӕ та размӕ ацӕуынц ӕмӕ бӕллӕхы бахауынц+.  Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый ссардзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард+.  Мӕнгард адӕймаджы фӕндагыл ис сындзытӕ ӕмӕ къӕппӕджытӕ+, ӕмӕ йӕ уд чи хъахъхъӕны, уый сӕм хӕстӕг нӕ цӕуы+.  Дӕ сывӕллоны йӕ гыццылӕй раст фӕндагыл сӕвӕр*+, ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд дӕр ӕй нӕ ныууадздзӕн+.  Хъӕздыг у мӕгуыртӕн хицау+, ӕмӕ ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар+.  Ӕвзӕрдзинад чи тауы, уый ӕркӕрддзӕн фыддзинад+, ӕмӕ йӕ ӕгъатыр хицаудзинадӕн* ӕрцӕудзӕн кӕрон+.  Цӕстуарзон адӕймаг уыдзӕн арфӕгонд, уымӕн ӕмӕ йӕ къӕбӕрӕй мӕгуырӕн хай кӕны+. 10  Иннӕтыл чи худы, уыцы адӕймаджы атӕр, цӕмӕй хыл ӕрлӕууа, цӕмӕй тӕрхон ӕмӕ ӕгаддзинадӕн кӕрон ӕрцӕуа+. 11  Зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад чи уарзы+ ӕмӕ йӕ дзыхыныхас ӕхсызгон кӕмӕн у, уымӕн паддзах уыдзӕн йе ’мбал+. 12  Йегъовӕйы цӕстытӕ хъахъхъӕнынц зонындзинӕдтӕ+, мӕнгарды ныхӕстӕн та скӕны кӕрон+. 13  Зивӕггӕнаг дзуры+: «Ӕддейӕ – домбай!+ Уынджы астӕу мӕ бахӕрдзӕн!» 14  Хӕлд сылгоймӕгты* дзых у арф дзыхъхъ+. Йегъовӕ кӕмӕн стӕрхон кӕна, уый дзы ныххаудзӕн+. 15  Ӕнӕзонддзинад арф бады сывӕллоны зӕрдӕйы+, фӕлӕ йын ӕй зондамонӕн уис фӕсурдзӕн+. 16  Мӕгуыры чи сайы, цӕмӕй йӕхӕдӕг схъӕздыг уа+, уый дӕр смӕгуыр уыдзӕн ӕмӕ, хъӕздыгӕн чи дӕтты, уый дӕр+. 17  Дӕ хъус ӕрдар зондджынты ныхӕстӕм ӕмӕ сӕм байхъус+, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ саразай, цы дын амонын, уымӕ+. 18  Куыд хорз уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы сӕ арф куы нывӕрай+ ӕмӕ ӕдзухдӕр де ’взагыл куы уой!+ 19  Цӕмӕй дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарай+, уый тыххӕй дын абон радтон зонындзинӕдтӕ. 20  Уый размӕ дӕр дӕм фыстон, радтон дын уынаффӕтӕ ӕмӕ зонындзинӕдтӕ+, 21  цӕмӕй бамбӕрстаис, ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, ӕмӕ дӕ чи арвыста, уымӕ фӕстӕмӕ раст ныхӕстӕ ӕрбахастаис+. 22  Мӕгуыры ма стигъ, мӕгуыр кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй+, ӕмӕ ӕфхӕрд адӕймаджы горӕты кулдуары раз ма ссӕнд+, 23  уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн+ ӕмӕ сӕ чи стигъы, уыдонӕн сӕ цард* байсдзӕн+. 24  Йӕ маст уромын чи нӕ зоны, ахӕмимӕ ма лымӕн кӕн+ ӕмӕ мӕстыгӕр адӕймагмӕ хӕстӕг ма цу, 25  цӕмӕй йӕ фӕндӕгтыл ма сахуыр уай ӕмӕ дӕ уд къӕппӕджы ма баппарай+. 26  Къух чи ’рцӕвы+ ӕмӕ искӕй тыххӕй дзырд чи ратты, йӕ хӕс бафиддзӕн+, зӕгъгӕ, уыдонимӕ ма у. 27  Цӕмӕй сын бафидай, уый дӕм куы нӕ уа, уӕд дын дӕ бынӕй дӕ хуыссӕн цӕмӕн хъуамӕ ахӕссой? 28  Дӕ фыдӕлтӕ раджы заман цы арӕн скодтой, ууыл фалдӕр ма ахӕц+. 29  Искуы федтай, йӕ куысты дӕсны чи у, ахӕм адӕймаджы? Уый хуымӕтӕг адӕмы раз нӕ лӕудзӕн – уый лӕудзӕн паддзӕхты раз+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «хъомыл кӕн, йӕхимӕ гӕсгӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ».
Комк. «йе знӕты лӕдзӕгӕн».
Комк. «Ӕцӕгӕлоны».
Комк. «уд» – дзут. не́феш.