Иоанны 13:1—38

13  Йесо та Куадзӕны бӕрӕгбоны размӕ дӕр зыдта, кӕй ӕрхӕццӕ йӕ рӕстӕг+, цӕмӕй ацы дунейӕ йӕ Фыдмӕ ацӕуа+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауарзта йӕ фӕдылдзӕуджыты, ацы дунейы+ йын чи уыди, уыдоны, ӕмӕ сӕ уарзта суанг кӕронмӕ.  Хӕйрӕг та уӕдмӕ Иудӕ Искариоты+, Симоны фырты, зӕрдӕйы сӕвӕрдта Йесойы ауӕй кӕныны хъуыды+. Ӕмӕ ӕхсӕвӕры афон  Йесо, йӕ Фыд ын ӕппӕт дӕр йӕ къухмӕ кӕй радта+ ӕмӕ Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ+,  фынгӕй сыстад ӕмӕ йе ’ддаг дарӕс раласта. Стӕй райста хисӕрфӕн ӕмӕ йӕ йӕ астӕуыл ӕрбабаста+.  Уый фӕстӕ тасы дон ныккодта ӕмӕ райдыдта йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын+ ӕмӕ, йӕ астӕуыл цы хисӕрфӕн баст уыди, уымӕй сын сӕ сӕрфта.  Симон Петрмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ын уый афтӕ зӕгъы: «Хицау, ды мын хъуамӕ мӕ къӕхтӕ ныхсай?»+  Йесо йын дзуапп радта: «Цы аразын, уый ныртӕккӕ нӕ ӕмбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ»+.  Петр та йын загъта: «Никуы мын ныхсдзынӕ мӕ къӕхтӕ». Йесо йын дзуапп радта: «Куы нӕ дын сӕ ныхсон+, уӕд дын мемӕ иумӕйагӕй ницы ис».  Ӕмӕ йын уӕд Симон Петр загъта: «Хицау, ӕрмӕст мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр ныхс». 10  Йесо та йын загъта: «Ӕхсад чи у+, уый ӕнӕхъӕнӕй дӕр сыгъдӕг у, ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ йеддӕмӕ ӕхсын ницы хъӕуы. Ӕмӕ сымах дӕр сыгъдӕг стут, фӕлӕ уе ’ппӕт нӕ». 11  Чи йӕ ауӕй кӕндзӕн, уый зыдта+, ӕмӕ афтӕ дӕр уымӕн загъта, уе ’ппӕт сыгъдӕг не стут, зӕгъгӕ. 12  Сӕ къӕхтӕ сын куы ныхсадта ӕмӕ йе ’ддаг дарӕс йӕ уӕлӕ куы скодта, уӕд фӕстӕмӕ фынгыл ӕрбадт ӕмӕ сын афтӕ зӕгъы: «Цы уын сарӕзтон, уый ӕмбарут? 13  Сымах мӕн хонут „Ахуыргӕнӕг“+ ӕмӕ „Хицау“+, ӕмӕ раст кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у+. 14  Гъемӕ кӕд ӕз, уӕ Хицау ӕмӕ уӕ Ахуыргӕнӕг, сымахӕн уӕ къӕхтӕ ныхсадтон+, уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат+. 15  Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый*, цӕмӕй уын ӕз куыд сарӕзтон, афтӕ аразат сымах дӕр+. 16  Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы ӕмӕ, кӕй арвитынц, уый дӕр, чи йӕ арвыста, уымӕй уӕлдӕр нӕ вӕййы+. 17  Кӕд уый зонут ӕмӕ афтӕ кӕнут, уӕд амондджын стут+. 18  Уе ’ппӕты кой нӕ кӕнын. Ӕз зонын, кӕй равзӕрстон, уыдоны+. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Фыстад цы зӕгъы, уый+: „Мӕ къӕбӕр мын чи хордта, уый мӕ ныхмӕ рацыд*+. 19  Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй дзурдзынӕн, цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ+, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уӕ бауырна, уый ӕз кӕй дӕн. 20  Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕз кӕй арвитон, уый чи суазӕг кӕна, уый суазӕг кӕндзӕн мӕн дӕр+. Ӕмӕ мӕн чи суазӕг кӕна, уый та суазӕг кӕндзӕн, мӕн чи рарвыста, уый дӕр»+. 21  Йесо ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд йӕхимидӕг* тынг стыхст ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу мӕ ауӕй кӕндзӕн»+. 22  Ӕмӕ Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ кӕрӕдзимӕ ракӕс-бакӕс кӕнын райдыдтой, кӕмӕй зӕгъы, зӕгъгӕ+. 23  Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу, кӕй уарзта, уый, бадт йӕ разы*+. 24  Ӕмӕ йӕм Симон Петр сӕрӕй ацамыдта ӕмӕ йын загъта: «Зӕгъ нын, кӕй кой кӕны». 25  Ӕмӕ уый дӕр йӕхи Йесойы риуыл бакъул кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Хицау, кӕй кой кӕныс?»+ 26  Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр къусы куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый»+. Ӕмӕ йӕ къӕбӕр къусы атылдта ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ. 27  Ӕмӕ Иудӕ уыцы къӕбӕр куы райста, уӕд дзы уый фӕстӕ Сайтан бацыд+. Ӕмӕ Йесо Иудӕйӕн загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр бакӕн». 28  Фӕлӕ йын афтӕ цӕмӕн загъта, уый, фынгыл чи бадт, уыдонӕй ничи зыдта. 29  Ӕхцайы къопп Иудӕмӕ кӕй уыд+, уымӕ гӕсгӕ сӕ чидӕртӕ афтӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ йын Йесо уый кой кӕны, цӕмӕй сӕ бӕрӕгбонмӕ цы хъуыд, уый балхӕдтаид, йе та цӕмӕй мӕгуыртӕн исты радтаид+. 30  Ӕмӕ Иудӕ къӕбӕр куы райста, уӕд уайтагъд ацыд. Уыди ӕхсӕв+. 31  Ӕмӕ куыддӕр ацыд, афтӕ Йесо загъта: «Ныр скадджын Адӕймаджы Фырт+, ӕмӕ Хуыцау дӕр уый уылты скадджын. 32  Ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕхӕдӕг скадджын кӕндзӕн+, ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзӕн тынг тагъд. 33  Мӕ хъӕбултӕ+, иу гыццыл ма дӕн уемӕ. Агурдзыстут мӕ, фӕлӕ, дзуттӕгтӕн куыд дзырдтон, ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымахӕн уӕ бон ацӕуын нӕу+, зӕгъгӕ, афтӕ зӕгъын ныр сымахӕн дӕр. 34  Ӕз уын дӕттын ног фӕдзӕхст: уӕ кӕрӕдзийы уарзут. Ӕз уӕ куыд бауарзтон+, сымах дӕр афтӕ уарзут уӕ кӕрӕдзийы+. 35  Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый адӕм иууылдӕр уымӕй базондзысты, ӕмӕ уӕ кӕрӕдзийы куы уарзат»+. 36  Симон Петр та йӕ бафарста: «Хицау, ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм дӕуӕн ныртӕккӕ нӕу дӕ бон мӕ фӕдыл ацӕуын, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ мӕ фӕдыл»+. 37  Ӕмӕ йын уӕд Петр афтӕ зӕгъы: «Хицау, ныртӕккӕ цӕуылнӕ у мӕ бон дӕ фӕдыл ацӕуын? Дӕу тыххӕй ӕз мӕ уд дӕр ратдзынӕн»+. 38  Йесо йын загъта: «Мӕн тыххӕй дӕ уд* ратдзынӕ? Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Ӕз уын равдыстон хуызӕг».
Комк. «уый мӕм йӕ зӕвӕт систа».
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «йӕ риумӕ ’ввахс».
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.