Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ баххуыс кӕнынц?

Бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ баххуыс кӕнынц?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ арӕх баххуыс кӕнынц, бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн. Галатӕгтӕм 6:10 фыст ис: «Гъемӕ нын цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ алкӕмӕн дӕр хорздзинад аразӕм, уӕлдайдӕр та, уырнындзинады фӕрцы иу бинонтӕ кӕимӕ стӕм, уыдонӕн». Ацы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ феххуыс кӕнӕм ӕрмӕст Ӕвдисӕнтӕн нӕ, фӕлӕ ма Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдонӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма, ахӕм рӕстӕг адӕмӕн фӕхъӕуы сӕ ныфс ӕмӕ сӕ уырнындзинад бафидар кӕнын дӕр, ӕмӕ сын уыцы хъуыддаджы дӕр баххуыс кӕнӕм (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

Куыд баххуыс кӕндзыстӕм, уый куыд спълан кӕнӕм

 Бӕллӕхы фӕстӕ бынӕттон ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй ссарой, се ’мбырдтӕм чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны ӕмӕ базоной, ӕнӕфыдбылз кӕй сты ӕмӕ сӕм цӕмӕй фӕкӕсын хъӕуы, уый. Стӕй сӕ бӕстӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цы филиал ис, уырдӕм фӕхабар кӕнынц, кӕй ссардтой ӕмӕ сын цӕмӕй баххуыс кодтой, уыдӕтты тыххӕй.

 Кӕд бынӕттон ӕмбырдтӕ алкӕмӕн баххуыс кӕныныл не ’ххӕссынц, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет бацархайы, цӕмӕй дзы ӕххуысхъуаг мачи баззайа. Афтӕ архайдтой фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр, цӕмӕй ӕххормаг рӕстӕг кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтаиккой (1 Коринфӕгтӕм 16:1–4). Бынӕттон филиал снысан кӕны ӕххуысы комитеттӕ, цӕмӕй сын ӕнцондӕр уа уыцы хъуыддаджы хорз разамынд дӕттын ӕмӕ алцыдӕр уа, куыд ӕмбӕлы афтӕ. Ӕндӕр бӕстӕтӕй чи ӕрцӕуы, уыцы ӕххуысгӕнджытӕ дӕр сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕм цы ис, ууыл нӕ фӕауӕрдынц, цӕмӕй иннӕтӕн баххуыс кӕной (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

Ӕххуысы фонд

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты филиалмӕ кӕй ӕрбарвитынц, уыцы мысайнӕгтӕй баххуыс кӕнынц, бӕллӕх кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн дӕр (Хъуыддӕгтӕ 11:27–30; 2 Коринфӕгтӕм 8:13–15). Ӕххуысгӕнджытӕ лӕвар кӕй фӕкусынц, уый фӕрцы, бӕллӕх кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн нӕ бон вӕййы фылдӕр баххуыс кӕнын. Нӕ хъус лӕмбынӕг фӕдарӕм, цӕмӕй ӕхца дзӕгъӕлы хардз ма цӕуа (2 Коринфӕгтӕм 8:20).