Исай 61:1—11

61  Ӕз хайджын дӕн Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйы тыхӕй*+, уымӕн ӕмӕ мӕ Йегъовӕ байсӕрста+, цӕмӕй сабыр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнон+. Уый мӕ рарвыста, цӕмӕй зӕрдӕсаст адӕмӕн сӕ хъӕдгӕмттӕ бӕттон+, цӕмӕй уацайрӕгтӕн хъусын кӕнон, кӕй ссӕрибар уыдзысты+, ӕмӕ ахст адӕмӕн, сӕ цӕстытӕ кӕй байгом уыдзысты+,  цӕмӕй хъусын кӕнон Йегъовӕйы хорзӕхы азы тыххӕй+ ӕмӕ нӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй+, цӕмӕй ӕрсабыр кӕнон, маст чидӕриддӕр кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ+  ӕмӕ, Сионы тыххӕй чи маст кӕны, уыдонӕн фӕнычы бӕсты раттон циндзинады худтӕ+, масты бӕсты – цины сой+, саст зӕрдӕйы бӕсты – кады пӕлӕз+. Уыдоны схондзысты рӕстдзинады стыр бӕлӕстӕ+, Йегъовӕйы дыргъдон+, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ фидыц+.  Бирӕ рӕстӕг ӕдзӕрӕг чи уыд, уыцы бынӕтты ногӕй сараздзысты горӕттӕ+, раджы заманты кӕй ныппырх кодтой, уыцы бынӕттӕ сӕ къахыл слӕууын кӕндзысты+ ӕмӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ ӕдзӕрӕг чи уыд, уыцы пырх горӕттӕ+ фӕстӕмӕ сараздзысты.  «Ӕцӕгӕлӕттӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ уын хиздзысты уӕ фосы дзугтӕ+, ӕндӕрбӕстӕгтӕ+ уын кусдзысты уӕ зӕххытӕ ӕмӕ уӕ сӕнӕфсирдӕттӕ+.  Сымах та схондзысты Йегъовӕйы сауджынтӕ+, дзурдзысты, сымах кӕй стут нӕ Хуыцауы+ лӕггадгӕнджытӕ+. Уӕхи ӕфсаддзыстут адӕмты исбонӕй+ ӕмӕ цингӕнгӕйӕ ӕппӕлдзыстут, цы диссаджы хъӕздыгдзинӕдтӕ уын дӕтдзысты+, уымӕй.  Худинаджы бӕсты мӕ адӕмӕн сӕ хай цы бауа, уый уыдзӕн дыууӕ хатты фылдӕр+. Ӕгад нал уыдзысты, фӕлӕ фырцинӕй зардзысты, цы хай сӕм ӕрхауа, уый тыххӕй+. Уымӕ гӕсгӕ, сӕ зӕххыл сӕ хай цы бауа, уый уыдзӕн дыууӕ хатты фылдӕр+. Ӕмӕ ӕнустӕм дӕр хайджын уыдзысты циндзинадӕй+.  Ӕз, Йегъовӕ, уарзын рӕстдзинад+, давынӕй ӕмӕ фыддзинадӕй та ме сӕфт уынын+. Ӕз сӕ нӕ фӕсайдзынӕн, сӕ мызд сын ӕнӕмӕнг ратдзынӕн+ ӕмӕ семӕ скӕндзынӕн ӕнусон бадзырд+.  Ӕмӕ сын сӕ цоты зондзысты адӕмты ’хсӕн+, сӕ байзӕддӕгты – адӕмыхӕттыты ’хсӕн. Чидӕриддӕр сӕ фена, уый сӕ базондзӕн+ – базондзӕн, уыдон кӕй сты, Йегъовӕйы арфӕ кӕуыл ис, уыцы цот»+. 10  Ӕз цин кӕндзынӕн Йегъовӕйыл+. Мӕ уд цин кӕндзӕн мӕ Хуыцауыл+, уымӕн ӕмӕ мыл уый скодта ирвӕзындзинады уӕлӕдарӕс+, ӕркодта мыл рӕстдзинады ӕнӕдыс къаба+ – усгур йӕ сӕрыл сауджынау худ куыд ӕркӕны+, чындз йӕ уӕлӕ йӕ аивгӕнӕнтӕ куыд скӕны, афтӕ+. 11  Зӕхх ӕвзар куыд суадзы, цӕхӕрадоны цы байтауынц, уый куыд сзайы+, афтӕ Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ ӕппӕт адӕмты раз+ дӕр сзайын кӕндзӕн рӕстдзинады+ ӕмӕ кады ӕвзартӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.