Раргомад 21:1—27

21  Ӕмӕ федтон ног арв+ ӕмӕ ног зӕхх+. Раздӕры арв+ ӕмӕ раздӕры зӕхх+ та нал сты, нал ис денджыз+ дӕр.  Федтон ма ноджыдӕр, уӕларвӕй+, Хуыцауӕй, кӕй ӕрцӕйцыд сыгъдӕг горӕт+ – Ног Иерусалим – йӕ мойагӕн+ чындзау рӕсугъд арӕзтӕй+.  Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр+ ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн+ семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм+. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ+.  Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ+, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт+, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст+. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта»+.  Уӕд, паддзахбадӕныл чи бадт+, уый загъта: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»+ Ӕмӕ мын афтӕ: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг».  Стӕй ма мын загъта: «Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон+. Дойны кӕмӕн у, уымӕн лӕвар ратдзынӕн дон царды суадонӕй+.  Уӕлахиздзау уыдӕттӕй райсдзӕн хай*, ӕмӕ ӕз уыдзынӕн йӕ Хуыцау+, уый та уыдзӕн мӕ фырт+.  Ӕнӕныфсхаст чи у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй+, цъаммар митӕ чи кӕны+, лӕгмар чи у+, хӕтгӕ чи кӕны+, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы+, уыдонӕн ӕмӕ, сайгӕ чи кӕны+, ӕппӕт уыдонӕн та сӕ бынат уыдзӕн судзгӕ+ сондоны цады+. Уый нысан кӕны дыккаг мӕлӕт»+.  Фӕстаг авд бӕллӕхӕй+ дзаг авд къусы цы авд зӕдмӕ уыдысты, уыдонӕй мӕм иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын равдисон чындзы, Уӕрыччы усаджы»+. 10  Ӕмӕ мӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы руаджы ахаста стыр ӕмӕ бӕрзонд хохмӕ+ ӕмӕ мын равдыста сыгъдӕг горӕт+ Иерусалим, уӕларвӕй, Хуыцауӕй, чи ӕрцӕйцыд+ 11  ӕмӕ Хуыцауы кадӕй тӕмӕнтӕ чи калдта, уый+. Уыцы горӕт цӕхӕртӕ калдта тӕккӕ зынаргъдӕр дурау, ӕрттывта сыгъдӕг дзӕнхъайы хуызӕн яшмӕйау+. 12  Уыдис ын стыр ӕмӕ бӕрзонд къул+ ӕмӕ дыууадӕс кулдуары, кулдуӕртты раз лӕууыди дыууадӕс зӕды, ӕмӕ кулдуӕрттыл фыст уыд израилӕгты дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ+. 13  Ӕртӕ кулдуары дзы уыди скӕсӕнырдыгӕй, ӕртӕ кулдуары – цӕгатырдыгӕй, ӕртӕ кулдуары – хуссарырдыгӕй ӕмӕ ӕртӕ кулдуары – ныгуылӕнырдыгӕй+. 14  Горӕты къулӕн йӕ бындуры уыди дыууадӕс дуры+, уыдоныл та фыст уыд Уӕрыччы дыууадӕс апостолы+ дыууадӕс номы. 15  Мемӕ чи ныхас кодта, уымӕн йӕ къухы уыди барӕн – сызгъӕрин хъӕз лӕдзӕг+, цӕмӕй сбарстаид горӕт, кулдуӕрттӕ ӕмӕ къул+. 16  Горӕт у цыппӕрдигъон, йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх сты ӕмхуызон. Зӕд хъӕз лӕдзӕгӕй горӕт сбарста+, ӕмӕ рауад дыууадӕс мин стадийы*. Йӕ дӕргъ, йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд сты ӕмхуызон. 17  Сбарста горӕты къул дӕр, ӕмӕ рауад сӕдӕ цыппор цыппар ӕлмӕрины*, адӕймаджы нымадӕй дӕр ӕмӕ зӕды нымадӕй дӕр. 18  Горӕты къул арӕзт уыд яшмӕйӕ+, горӕт йӕхӕдӕг та – ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй. 19  Къулты бындуртӕ+ рӕсугъд арӕзт уыдысты алыхуызон зынаргъ дуртӕй+: фыццаг бындур – яшмӕйӕ+, дыккаг – сапфирӕй+, ӕртыккаг – халцедонӕй, цыппӕрӕм – изумрудӕй+, 20  фӕндзӕм – сардониксӕй, ӕхсӕзӕм – сердоликӕй, ӕвдӕм – хризолитӕй+, ӕстӕм – бериллӕй, фарӕстӕм – топазӕй+, дӕсӕм – хризопразӕй, иуӕндӕсӕм – гиацинтӕй, дыууадӕсӕм – аметистӕй+. 21  Дыууадӕс кулдуары та уыдысты дыууадӕс налхъуыты*, алы кулдуар дӕр – иу налхъуытӕй+. Горӕты стыр уынг та уыд ирд авджы хуызӕн сыгъдӕг сызгъӕринӕй. 22  Кувӕндон та дзы нӕ федтон+, уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын+ Хуыцау Йегъовӕ+ ӕмӕ Уӕрыкк+ сты йӕ кувӕндон+. 23  Горӕты нӕдӕр хуры рухс хъӕуы, нӕдӕр мӕйы рухс, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы кад рухс кодта+, Уӕрыкк та уыд йӕ цырагъ+. 24  Адӕмтӕ цӕудзысты йӕ рухсы+, ӕмӕ йӕм зӕххон паддзӕхтӕ хӕсдзысты сӕ кад+. 25  Йӕ кулдуӕрттӕ йын бонӕй никуы ӕхгӕндзысты+, ӕхсӕв дзы ӕппындӕр нӕ уыдзӕн+. 26  Ӕмӕ йӕм хӕсдзысты адӕмты кад ӕмӕ намыс+. 27  Сыгъдӕг цы нӕу, уый, стӕй цъаммар митӕ чи кӕны+ ӕмӕ чи сайы+, уыдон уырдӕм нӕ бацӕудзысты+. Уырдӕм бацӕудзысты, Уӕрыччы царды тыхтоны фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уыдӕттӕ бынӕн райсдзӕн».
2⁠200 км бӕрц. Кӕс Рар 14:20, фип.
64 м бӕрц.
Кӕнӕ «дзындзы»; уырыс. «жемчуг».