Ефесӕгтӕм 4:1—32

4  Уымӕ гӕсгӕ уын ӕз, нӕ Хицауы тыххӕй ахст лӕг+, лӕгъстӕ кӕнын: цӕрут, цы цардмӕ хуынд ӕрцыдыстут+, уымӕн аккагӕй+  ӕмӕ алкӕддӕр ут сӕрныллӕг+, фӕлмӕн, бирӕфӕразон+, уарзондзинады+ фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут*,  зӕрдиагӕй архайут, Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй дӕтты, уыцы иудзинады цӕрыныл ӕмӕ кӕрӕдзийыл баст ут фарны тӕгтӕй+.  Ис иу буар+ ӕмӕ иу сыгъдӕг тых+, сымах цы цардмӕ*+ хуынд ӕрцыдыстут, уый дӕр иу куыд у, афтӕ.  Ис иу Хицау+, иу уырнындзинад+ ӕмӕ иу аргъуыд+.  Ис иу Хуыцау+ – се ’ппӕты Фыд, се ’ппӕтӕй дӕр уӕлдӕр чи у, се ’ппӕты уылты ӕмӕ се ’ппӕты мидӕг дӕр чи архайы, уый.  Махӕй алчидӕр стыр хорзӕхӕй+ хайджын у, уыцы лӕварӕй Чырыстийы кӕмӕн цас бафӕндыд бахай кӕнын+, уымӕ гӕсгӕ.  Уымӕн зӕгъы Хуыцау афтӕ дӕр: «Уӕлӕмӕ куы ссыд, уӕд акодта уацайрӕгты ӕмӕ радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты»+.  Цы амонынц ацы ныхӕстӕ, «уӕлӕмӕ ссыд»+, зӕгъгӕ? Уый нӕ амонынц, ӕмӕ дӕлӕмӕ, ома зӕхмӕ дӕр кӕй ӕрцыд?+ 10  Гъемӕ, дӕлӕмӕ чи ’рцыд, ӕппӕт уӕлӕрвтӕй+ дӕр уӕлдӕр уый ссыд+, цӕмӕй ӕппӕт дӕр сӕххӕст кӕна+. 11  Ӕмбырдӕн кӕй радта, уыдонӕй иутӕ сты апостолтӕ+, иннӕтӕ – пехуымпартӕ+, чидӕртӕ – хорз хабар хъусынгӕнджытӕ+, чидӕртӕ та – фыййӕуттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ+, 12  цӕмӕй сыгъдӕджыты раст зондыл аразой+, иннӕтӕн лӕггад кӕной ӕмӕ Чырыстийы буар* фидар кӕной+, 13  цалынмӕ уырнындзинады ӕмӕ, Хуыцауы Фырт чи у, уый бӕлвырдӕй базоныны хъуыддаджы не ’ппӕт дӕр иу зондмӕ не ’рцӕуӕм, цалынмӕ нӕ лӕджы кары нӕ бацӕуӕм+ ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Чырыстийау нӕ сырӕзӕм+, уӕдмӕ. 14  Уӕдӕ хъуамӕ сывӕллӕтты хуызӕн мауал уӕм ӕмӕ нӕ цыма уылӕнтӕ раппар-баппар кӕнынц+, афтӕ дыууӕрдӕм мауал кӕнӕм ӕмӕ нӕ алыхуызон ахуырӕдты дымгӕтӕ+ куы иуырдӕм, куы иннӕрдӕм мауал рахӕсс-бахӕсс кӕной – хинӕй+ чи архайы, хинвӕндтӕ чи кӕны ӕмӕ афтӕмӕй чи сайы, уыдонмӕ мауал хъусӕм. 15  Фӕлӕ кӕрӕдзийӕн дзурӕм, ӕцӕг цы у, уый+ ӕмӕ уарзондзинады фӕрцы алы хъуыддаджы дӕр рӕзӕм+, буарӕн йӕ сӕр*+ Чырыстийы дӕлбар уӕвгӕйӕ. 16  Дарддӕр уымӕй рӕзы ӕгас буар+ дӕр: буары уӕнгтӕ кӕрӕдзийыл хӕцынц ӕмӕ иумӕ сӕ куыст кӕнынц алыхуызон хъӕугӕ нуӕртты фӕрцы. Буары уӕнгтӕй алкӕцы дӕр, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы куса, уӕд буар ӕгасӕй дӕр рӕздзӕн ӕмӕ фидар кӕндзӕн уарзондзинады+. 17  Уӕдӕ уын уымӕ гӕсгӕ нӕ Хицауы раз зӕгъын ӕмӕ уын фӕдзӕхсын: ацы дунейы адӕм+ сӕ афтид зондӕй цытӕ кӕнынц, сымах хъуамӕ афтӕ мауал кӕнат+. 18  Уыдон зондӕй сты талынджы+ ӕмӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы цардӕй сты дард+, уымӕн ӕмӕ сӕ Хуыцауы зонын нӕ фӕнды+, сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты+. 19  Се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой+ ӕмӕ хӕлд+ митыл* бафтыдысты, ӕмӕ ӕнӕфсисӕй+ алы чъизи+ хъуыддӕгтӕ кӕнынц. 20  Фӕлӕ сымах Чырыстийы ахӕмӕй нӕ базыдтат+, 21  ӕрмӕст кӕд, цы дзырдта, уый ӕцӕгдӕр фехъуыстат ӕмӕ уын кӕд, Йесо цы рӕстдзинад+ амыдта, уый ӕцӕгдӕр бацамыдтой+, уӕд. 22  Уӕдӕ, уӕ раздӕры митӕй бӕрӕг чи у ӕмӕ йӕ монцтӕ сӕ фӕдыл кӕй сайынц+ ӕмӕ кӕй халынц+, уыцы зӕронд удыхъӕд хъуамӕ ныууадзат*+. 23  Ӕмӕ хъуамӕ дарддӕр дӕр ног кӕнат, уӕ зонд+ уын чи разӕнгард кӕны, уыцы тых 24  ӕмӕ хъуамӕ уӕ удыхъӕд+ ногмӕ раиват*+ – уыцы удыхъӕд конд у+ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ ӕцӕг рӕстдзинад+ ӕмӕ иузӕрдиондзинадмӕ гӕсгӕ. 25  Сымах ныууагътат мӕнг ныхас+, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн+ дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый, уымӕн ӕмӕ мах иу буары уӕнгтӕ стӕм+. 26  Куы смӕсты уат, уӕддӕр тӕригъӕд ма саразут+; хур уыл мӕстыйӕ ма аныгуылӕд+, 27  Хӕйрӕгӕн бынат* ма дӕттут+. 28  Чи давы, уый мауал давӕд+, фӕлӕ фыдӕбон кӕнӕд, йӕхи къухтӕй хорзӕй исты аразӕд+, цӕмӕй йӕ бон уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕн исты фӕхай кӕнын+. 29  Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд+. Дзурут, хъӕугӕ сахат адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой+. 30  Ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы маст ма уадзут+ – ӕлхӕд кӕй ӕрцыдыстут, уый фӕрцы*+ цы бон ссӕрибар уыдзыстут, уыцы бонмӕ уыл мыхуыр+ уыцы сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд ис. 31  Ныууадзут алы фыдӕх+, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас+, стӕй, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уый+. 32  Ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ+, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут+, ӕмӕ уын Чырыстийы фӕрцы Хуыцау зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «быхсут».
Комк. «ныфсмӕ».
Ома ӕмбырд.
Ома хицау.
Кӕс Га 5:19, фип.
Комк. «зӕронд адӕймаджы хъуамӕ раласат» – адӕймаг йӕ дзаумӕттӕ куыд раласы, афтӕ.
Комк. «уӕ уӕлӕ ног адӕймаджы скӕнат» – адӕймаг йӕ уӕлӕ дзаумӕттӕ куыд скӕны, афтӕ.
Кӕнӕ «фадат».
Комк. «ахӕсты аргъы фӕрцы».