Галатӕгтӕм 5:1—26
5 Чырысти нӕ ахӕм сӕрибардзинады тыххӕй ссӕрибар кодта+. Уӕдӕ фидар лӕуут+ ӕмӕ уӕхиуыл ногӕй цагъары ӕфсондз сӕвӕрын ма бауадзут+.
2 Ӕз, Павел, сымахӕн зӕгъын: сунӕт куы скӕнат+, уӕд уын, Чырысти цы сарӕзта, уымӕй ницы пайда уыдзӕни.
3 Стӕй, сунӕт чидӕриддӕр кӕны, уыдонӕн ма ноджыдӕр иу хатт зӕгъын: кӕд сунӕт скодтат, уӕд хъуамӕ Закъоны фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнат+.
4 Ӕмӕ кӕд афтӕ хъуыды кӕнут, ӕмӕ, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдоны фӕрцы ӕрцӕудзыстут рӕстгӕнджытыл нымад+, уӕд Чырыстийӕ фӕхицӕн стут, йе стыр хорзӕхӕй ӕнӕхай фестут+.
5 Мах та ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ кӕй суыдзыстӕм, уымӕ – ӕрмӕстдӕр Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ нӕ уырнындзинады фӕрцы куыд ис гӕнӕн, афтӕ+.
6 Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдон сунӕтгонд сты ӕви нӕ, уый уӕлдай нӕу+ – сӕйраг у, цӕмӕй сӕм уа, уарзондзинадӕй+ чи цӕуы, ахӕм уырнындзинад+.
7 Хорз куы цыдыстут раст фӕндагыл*+, уӕд уӕ чи бахъыгдардта рӕстдзинады* коммӕ кӕсын?+
8 Йӕхимӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уыцы Хуыцау уӕ нӕ сарӕзта ахӕм зондыл+.
9 Гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕнхъизы+.
10 Фӕлӕ сымах тыххӕй – Хицауимӕ иудзинады чи ис+, уыдоны тыххӕй,– мӕ бон у фидарӕй зӕгъын+, ӕмӕ ӕндӕрхуызон кӕй нӕ райдайдзыстут хъуыды кӕнын. Чи уӕ къуылымпы кӕны+, уый та, чифӕнды ма уӕд,– ӕфхӕрд баййафдзӕн+.
11 Мӕхи тыххӕй та уын, ме ’фсымӕртӕ, уый зӕгъдзынӕн: кӕд афтӕ у, ӕмӕ адӕмӕн нырмӕ дӕр сунӕт кӕнын амонын, уӕд ма мӕ ӕфхӕргӕ та цӕй тыххӕй кӕнынц? Уӕд, хъизӕмӕртты хъӕды+ тыххӕй цы дзурын, уый хъуамӕ цӕлхдур макӕмӕнуал уаид+.
12 Уӕ зонд уын чи зыгъуыммӕ кӕны+, уыдон та сӕхицӕн сунӕт нӕ, фӕлӕ ноджы фыддӕр ми дӕр бакӕнӕнт*+.
13 Ме ’фсымӕртӕ, Хуыцау уӕ сӕрибардзинадмӕ ӕрхуыдта+. Ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинадӕй уӕ тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕфсадынӕн ма архайут+, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, кӕрӕдзийӕн цагъары лӕггад кӕнут+.
14 Ӕнӕхъӕн Закъонӕн йӕ хъуыды+ иу ныхасы мидӕг ис: «Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»+.
15 Фӕлӕ уӕ кӕрӕдзимӕ куы лӕбурат ӕмӕ кӕрӕдзи куы хӕрат+, уӕд афтӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы цӕгъдгӕ дӕр ныккӕндзыстут+.
16 Ӕз та уын зӕгъын: Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсут+, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзыстут+.
17 Уымӕн ӕмӕ, сыгъдӕг тыхы цы фӕнды+, уый тӕригъӕдджын буары нӕ фӕнды, тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, уый та сыгъдӕг тыхы нӕ фӕнды. Уыдон сты кӕрӕдзийы ныхмӕ, ӕмӕ уӕ цы фӕфӕнды, уый нӕ саразут+.
18 Ӕмӕ кӕд, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ кӕнут+, уӕд закъоны дӕлбар не стут+.
19 Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ та бӕлвырд сты+: хӕтын*+, чъизи хъуыддӕгтӕ, хӕлд митӕ* кӕнын+,
20 мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕнын+, искӕмӕ знаджы цӕстӕй кӕсын, хыл кӕнын, ӕнӕууӕнк кӕнын*, мӕстӕй рафыцын, загъд кӕнын, къордтыл, сектӕтыл дихтӕ кӕнын,
21 хӕлӕг кӕнын, фыднозт кӕнын+, ӕнӕуаг цӕл-минас кӕнын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ. Адӕтты тыххӕй ма уӕ раздӕр дӕр куыд фӕдзӕхстон, афтӕ уӕ ныр дӕр фӕдзӕхсын: ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕны+, уыдон Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты+.
22 Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ+ дӕтты, уый та у уарзондзинад, цин, фарн*, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад*+, уырнындзинад,
23 фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын+. Ахӕм миниуджыты ныхмӕ закъон нӕй+.
24 Уымӕй уӕлдай, Йесо Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын буар йӕ монцтӕ ӕмӕ йӕ фӕндтимӕ хъӕдыл байтыгътой+.
25 Кӕд Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ цӕрӕм, уӕд дарддӕр дӕр, сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ кӕнӕм+.
26 Ма суӕм кадуарзаг ӕмӕ кӕрӕдзийы, чи хуыздӕр у, зӕгъгӕ, ууыл ма ардауӕм+, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг ма кӕнӕм+.
Фиппаинӕгтӕ
^ Комк. «Хорз куы згъордтат».
^ Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
^ Комк. «сӕхи ӕрдузгӕ дӕр бакӕнӕнт».
^ Кӕнӕ «Дӕ хионы».
^ Кӕс Уӕлӕмх. 11.
^ Грекъ. асе́лгейа. Хауы, адӕймаг, Хуыцауы закъӕтты ныхмӕ чи у, ахӕм стыр тӕригъӕд куы сараза ӕмӕ йӕхи ӕнӕфсармӕй, ӕдзӕсгомӕй куы ’вдиса, уымӕ.
^ Уый амоны, адӕймаг истӕмӕ куы хӕлӕг кӕна, исты йӕм хардзау куы кӕса кӕнӕ искӕуыл ӕнӕууӕнк куы кӕна.
^ Кӕнӕ «сабырдзинад».
^ Ацы дзырд нысан кӕны, чидӕр кӕй у хорз, хӕрзӕгъдау, ӕфсармджын. Уый у хорз миниуӕг ӕмӕ бӕрӕг вӕййы, хайджын дзы чи у, уый иннӕтӕн хорздзинад кӕй аразы, уымӕй.