Ӕмбисӕндтӕ 14:1—35

14  Зондджын сылгоймаг хӕдзараразӕг у+, ӕнӕзонд та йӕ хӕдзар йӕхи къухӕй фехалы+.  Йӕ фӕндӕгтӕ раст кӕмӕн сты, уый тӕрсы Йегъовӕйӕ+, зылын фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та йӕ ницӕмӕ дары+.  Ӕнӕзонд йе схъӕл ныхӕстӕй уисау цӕвы+, зондджынты та сӕ дзыхы ныхас хъахъхъӕндзӕн+.  Фос кӕм нӕй, уым кӕвдӕс вӕййы сыгъдӕг, фӕлӕ галы тыхы фӕрцы сисынц бирӕ тыллӕг.  Ӕууӕнкджын ӕвдисӕн нӕ фӕсайдзӕн+, мӕнгӕвдисӕн та сайгӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницы кӕны+.  Иннӕтыл чи худы, уый зонд фӕагуры, фӕлӕ йӕ не ссары, ӕмбаргӕ адӕймаг та алцыдӕр ӕнцонтӕй бамбары+.  Ӕнӕзонд адӕймагӕй дӕхи иуварс айс+, уымӕн ӕмӕ дзы зондджын ныхас нӕ фехъусдзынӕ+.  Ӕмбаргӕ адӕймаг уымӕй зондджын у, ӕмӕ, цы фӕндагыл цӕуы, уый ӕмбары+, ӕнӕзӕндтӕ та се ’нӕзондӕй сӕхи дӕр сайынц ӕмӕ иннӕты дӕр+.  Йӕ рӕдыд кӕмӕ ницы кӕсы, уыдон сты ӕнӕзонд+, рӕстзӕрдӕ адӕм та кӕрӕдзи хорз ӕмбарынц+. 10  Адӕймаджы зӕрдӕ зоны йӕ уды рыст+ ӕмӕ йын иннӕ адӕймаг йӕ цин нӕ бамбардзӕн. 11  Фыдгӕнджыты хӕдзар фесӕфдзӕн+, рӕстгӕнджыты цатыр та уыдзӕн фӕрнӕйдзаг+. 12  Вӕййы ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст+ фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕтмӕ+. 13  Худгӕйӕ дӕр зӕрдӕ фӕриссы+, ӕмӕ цин мастмӕ дӕр асайы+. 14  Мӕнгардзӕрдӕ бафсӕддзӕн, йӕ цард цы тыллӕг хӕссы, уымӕй+, ӕмӕ хорз адӕймаг дӕр, йӕ хъуыддӕгтӕ цы тыллӕг хӕссынц, уымӕй бафсӕддзӕн+. 15  Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды+, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл+. 16  Зондджын адӕймаг тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕхи хизы ӕвзӕрдзинадӕй+, ӕнӕзондӕн та йӕ маст рафыцы ӕмӕ вӕййы йӕхицӕй ныфсджын+. 17  Мӕстыгӕр адӕймаг бакӕндзӕн ӕнӕзонд ми+. Фӕлӕ, цы аразы, ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕй иннӕтӕ се сӕфт фӕуынынц+. 18  Ӕвӕлтӕрдтӕн сӕ хай уыдзӕн ӕнӕзонддзинад+, ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕн та зонындзинӕдтӕ уыдзысты рӕсугъд худау+. 19  Ӕвзӕр адӕм сӕ сӕртӕй ныллӕг кувдзысты хорз адӕмӕн+, фыдгӕнджытӕ – рӕстгӕнӕджы кулдуары раз. 20  Мӕгуыры йӕ хион дӕр нӕ уарзы+, хъӕздыгӕн та бирӕ ӕмбӕлттӕ вӕййы+. 21  Иннӕты чи ницӕмӕ дары, уый тӕригъӕд аразы+, фӕлӕ ӕфхӕрд адӕмӕн хорзы чи цӕуы, уый амондджын у+. 22  Фыдвӕндтӕ чи кӕны, уыдон рахау-бахау кӕндзысты+. Хорз фӕндтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн та хай ис ӕнувыд уарзт ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй*+. 23  Цыфӕнды фыдӕбонӕй дӕр ис пайда+, ӕрмӕст ныхӕстӕ кӕм ис, уым та ис мӕгуырдзинад. 24  Зондджынӕн йӕ кадыхуд сты йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ, ӕнӕзӕндты та сӕ хъуыддӕгтӕ дарддӕр кӕнынц ӕнӕзонддзинадмӕ+. 25  Ӕцӕг ӕвдисӕн адӕмы фервӕзын кӕны+, фӕлитой ӕвдисӕн та сайгӕ йеддӕмӕ ӕндӕр ницы кӕны+. 26  Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый йыл йӕ зӕрдӕ фидарӕй дары+, ӕмӕ йӕ фырттӕн уыдзӕн ӕмбӕхсӕн бынат+. 27  Йегъовӕйӕ тӕрсын у царды суадон+, уый адӕймаджы бахизы мӕлӕты къӕппӕджытӕй+. 28  Паддзах бирӕ адӕмӕй фидауы, адӕм бирӕ кӕм нӕй+, уым та хицауӕн йе сӕфт ӕрцӕуы+. 29  Йӕ маст уромын чи зоны, уый у ӕцӕг арфуынӕг адӕймаг+, фӕразондзинад кӕмӕ нӕй, уый та йе ’нӕзонддзинад ӕвдисы+. 30  Сабыр зӕрдӕ буарӕн у цард+, хӕлӕг та у стӕгниз+. 31  Мӕгуыры чи сайы, уый йын худинаг кӕны йе Скӕнӕджы+, чи йын ӕххуыс кӕны, уый та йын йе Скӕнӕджы кадджын кӕны+. 32  Фыдгӕнӕг йе ’взӕрдзинӕдты тыххӕй фесӕфдзӕн+, рӕстгӕнӕджы та хъахъхъӕндзӕн, рӕстӕй кӕй цӕры, уый+. 33  Зонд цӕры ӕмбаргӕ адӕймаджы зӕрдӕйы+ ӕмӕ ӕнӕзӕндты ’хсӕн дӕр йӕхи равдисы. 34  Рӕстдзинад адӕмы скадджын кӕны+, тӕригъӕд та адӕмыхӕттыты фӕхудинаг кӕны+. 35  Паддзах райгонд вӕййы ӕмбаргӕ лӕггадгӕнӕгӕй+, ӕнаккаг митӕ чи кӕны, уымӕ та йӕ маст рафыцы+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадӕй».