Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔРТЫНДӔСӔМ СӔР

Йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр

Йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр

1, 2. а) Ионӕ йӕхи дӕр ӕмӕ денджыздзауты дӕр цавӕр фыдбылызы баппӕрста? ӕ) Ионӕйы хабарӕй цы базондзыстӕм?

ИОНӔ алцӕуыл дӕр разы у, ӕрмӕст адӕмы хъӕр куы нӕ хъусид. Тыхдымгӕйы ниуын, науы бӕндӕнты хъыррыст, стыр уылӕнтӕ науыл сӕхи куыд ныццӕвынц ӕмӕ фӕйнӕджыты къӕс-къӕс куыд ссӕуы, уыдӕттӕ дзы уыйас тас нӕ уадзынц. Йӕ зӕрдӕ баризы денджыздзаутӕ ӕмӕ капитаны хъӕрӕй. Уыдон сӕ тых, сӕ бонӕй архайынц, цӕмӕй нау ма фӕдӕлдон уа. Уыцы адӕм кӕсынц мӕлӕты цӕстытӕм, ӕмӕ йӕ Ионӕ зоны, бӕллӕхы сӕ уый кӕй баппӕрста!

2 Ионӕ ахӕм фыдбылызы куыд бахауд? Йӕ Хуыцау Йегъовӕйы раз стыр рӕдыд ӕруагъта. Цымӕ цы сарӕзта? Ӕмӕ уыцы рӕдыдӕн сраст кӕнӕн нал уыд? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм. Зӕгъӕм, Ионӕйы хабарӕй базондзыстӕм, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдон дӕр кӕй фӕрӕдийынц, фӕлӕ сӕ бон кӕй вӕййы сӕ рӕдыд сраст кӕнын.

Пехуымпар Галилейӕйӕ

3–5. а) Ионӕйы хабар чи зоны, уыдон арӕхдӕр цы ӕрхъуыды кӕнынц? ӕ) Ионӕйы царды тыххӕй цы зонӕм? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) б) Ионӕйӕн лӕггад кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ уыд ӕмӕ йын уыйас циндзинад цӕуылнӕ хаста?

3 Ионӕйы хабар чи зоны, уыдон ын арӕхдӕр йӕ хъӕндзинӕдтӕ ӕрхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, уыди ӕгоммӕгӕс кӕнӕ ма суанг хивӕнд дӕр. Фӕлӕ йӕм хорзӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ уыди. Йегъовӕ йӕ равзӕрста, цӕмӕй йын пехуымпарӕй лӕггад кодтаид. Ӕмӕ иузӕрдион кӕнӕ рӕстзӕрдӕ куы нӕ уыдаид, уӕд ӕй ахӕм ахсджиаг хъуыддагӕн равзӕрстаид?

Ионӕмӕ хъӕндзинӕдтӕй уӕлдай хорзӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ уыд

4 Кӕд Ионӕйы царды тыххӕй Библийы бирӕ фыст нӕй, уӕддӕр дзы цыдӕртӕ ис базонӕн. (Бакӕс 2 Паддзӕхты 14:25.) Ионӕ райгуырд горӕт Гафхеферы *. Уырдыгӕй Назаретмӕ – аст ӕнусы фӕстӕ Йесо Чырысти кӕм цард, уыцы горӕтмӕ – 4 километры йеддӕмӕ нӕ уыди. Ионӕ пехуымпар уыд, Израилы дӕсмыггаг паддзахады паддзах Йеровоам Дыккаг куы уыд, уӕд. Пехуымпар Илийайы заман раджы аивгъуыдта. Йӕ фӕстӕ пехуымпар уыд Елисей, ӕмӕ уый дӕр амард, Йеровоамы фыд куы уыд паддзах, уыцы рӕстӕг. Кӕд Йегъовӕ Илийа ӕмӕ Елисейы къухӕй Израилы зӕххыл Ваалы дин скуынӕг кодта, уӕддӕр та адӕм мӕнг хуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдысты. Адӕм уыдысты, «Йегъовӕйы цӕсты ӕвзӕр цы уыд, уый» чи арӕзта, ахӕм паддзахы дӕлбар (2 Пад. 14:24). Уӕдӕ Ионӕйӕн лӕггад кӕнын ӕнцон кӕм уыдаид, стӕй йын уыйас циндзинад дӕр кӕм хастаид. Ӕмӕ уӕддӕр иузӕрдионӕй лӕггад кодта.

5 Фӕлӕ Ионӕйы цард иу бон цӕхгӕр фӕивта. Йегъовӕ йын бахӕс кодта, тынг зын ӕм чи фӕкаст, ахӕм хъуыддаг. Цымӕ цавӕр хъуыддаг уыд?

«Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ»

6. Йегъовӕ Ионӕйӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта ӕмӕ Ионӕ цӕмӕй фӕтарст?

6 Йегъовӕ Ионӕйӕн загъта: «Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕн фехъусын кӕн, сӕ фыдхъуыддӕгтӕ мӕм кӕй схӕццӕ сты, уый» (Ионӕ 1:2). Ионӕ цӕмӕн фӕтарст, уый зын бамбарӕн нӕу. Ниневи уыд скӕсӕнырдыгӕй иу-800 километры дарддӕр, ӕмӕ йӕм къахӕй цӕуын хъуыд иу мӕйы бӕрц. Ӕмӕ уыцы дард фӕндагыл цӕуын дӕр ӕнцон нӕ уыдаид, фӕлӕ йӕ бӕллӕх ӕрмӕст уый мидӕг нӕ уыд. Ниневи фӕстӕдӕр схуыдтой «туг чи калы, уыцы горӕт», ӕмӕ уым Ионӕ хъуамӕ ӕгъатыр ӕмӕ тугмондаг ассириӕгтӕн фехъусын кодтаид, Йегъовӕ сын цы тӕрхон рахаста, уый. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта: «Хуыцауы адӕм мӕм куы нӕ хъусынц, уӕд мӕм уыцы мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм куыд хъуамӕ байхъусой? Ӕз, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг, иунӕгӕй уыцы стыр горӕты цы хъуамӕ саразон?» (Наум 3:1, 7).

7, 8. а) Йегъовӕ Ионӕйӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый саразыны бӕсты цӕмӕ уыд цӕттӕ? ӕ) Ионӕйы тӕппуд адӕймаг цӕуылнӕ ис схонӕн?

7 Ионӕ цытӕ хъуыды кодта, уый бӕлвырд нӕ зонӕм, фӕлӕ зонӕм, кӕй алыгъд. Йегъовӕ йӕ скӕсӕнырдӕм арвыста, уый та алыгъд ныгуылӕнырдӕм. Ӕмӕ ма хӕстӕгдӕр искуыдӕм куы алыгъдаид, фӕлӕ арвы кӕронмӕ. Фыццаг уал бахӕццӕ наулӕууӕн горӕт Иоппимӕ ӕмӕ уым сбадт, Фарсисмӕ чи цыд, ахӕм науыл. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Фарсис уыд Испанийы. Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд Ионӕйы Ниневийӕ ацӕуын хъуыд 3 500 километры дарддӕр. Хъуыди йӕ Стыр денджызы (ныр хуыйны Зӕххастӕу денджыз) иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ цӕуын, ӕмӕ йӕ балц ахастаид афӕдзы бӕрц! Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕй алидзын афтӕ фидарӕй сфӕнд кодта, ӕмӕ йӕ ницыуал баурӕдтаид! (Бакӕс Ионӕйы 1:3.)

8 Цымӕ уый тыххӕй Ионӕйы тӕппуд адӕймаг схонӕн ис? Афтӕ хъуыды кӕнынмӕ тагъд ма кӕнӕм. Фӕстӕдӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Ионӕмӕ уыди стыр лӕгдзинад. Фӕлӕ уый дӕр махау уыди ӕнӕххӕст ӕмӕ тох кодта бирӕ хъӕндзинӕдтимӕ (Пс. 51:5). Ӕмӕ махӕй чи зӕгъдзӕн, ӕз никуы ницӕмӕй фӕтарстӕн, зӕгъгӕ?

9. Йегъовӕ нын цы бахӕс кӕны, уый тыххӕй хатт цы фӕхъуыды кӕнӕм? Ахӕм рӕстӕг нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

9 Чи зоны нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нын Хуыцау цы бахӕс кодта, уый саразын зын у, суанг ма фӕхъуыды кӕнӕм, нӕ бон ӕй кӕй нӕ бауыдзӕн бакӕнын. Зӕгъӕм, чырыстӕттӕн сӕ хӕс у, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕной. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт уымӕй фӕтӕрсӕм (Матф. 24:14). Адӕймагӕй айрох вӕййы, Йесо Чырысти цы ахсджиаг хъуыды загъта, уый: «Хуыцауӕн... алцыдӕр у йӕ бон» (Мар. 10:27). Кӕд-иу махыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд Ионӕйы бамбардзыстӕм. Фӕлӕ Ионӕ куы алыгъд, уӕд цы баци?

Йегъовӕ зонд амоны йӕ хивӕнд пехуымпарӕн

10, 11. а) Уӕзласӕн нау былӕй куы адард, уӕд Ионӕйы ныфс цӕмӕй бацыд? ӕ) Нау цавӕр бӕллӕхы бахауд?

10 Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, Ионӕ науыл куыд сбадти, уый. Уыцы нау, ӕвӕццӕгӕн, уыди финикиаг уӕзласӕн нау. Ионӕ каст, капитан ӕмӕ денджыздзаутӕ нау фӕндагмӕ куыд рӕвдз кодтой, уымӕ. Стӕй араст сты, зӕхх дардӕй-дарддӕр кодта ӕмӕ ӕппынфӕстаг нал зынд. Ионӕйы ныфс бацыд ӕмӕ ӕнхъӕлдта, афтӕ тынг цӕмӕй тарст, уымӕй фервӕзт. Фӕлӕ ӕвиппайды боныхъӕд фӕивта.

11 Денджызы ахӕм тыхджын дымгӕ сыстад ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ афтӕ стыр уыдысты, ӕмӕ, абон цы наутӕ ис, уыдон дӕр сӕ разы хъазӕнты хуызӕн уыдаиккой. Уыцы стыр уылӕнтӕн хъӕдын нау къӕцӕлӕй уӕлдай нӕ уыд, уӕлӕмӕ-иу ӕй систой ӕмӕ-иу ӕй ӕрӕппӕрстой. Фӕстӕдӕр Ионӕ ныффыста: «Йегъовӕ денджызы тыхджын дымгӕ сыстын кодта». Фӕлӕ цымӕ науыл куы уыд, уӕд уый зыдта? Уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ Ионӕ уыдта, денджыздзаутӕй алчи йӕ хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын куыд райдыдта, ӕмӕ сын кӕй нӕ баххуыс кӕндзысты, уый дӕр зыдта (Лев. 19:4). Ионӕ ныффыста: «Нау, гыццыл ма, ӕмӕ ныппырх уыдаид» (Ионӕ 1:4). Фӕлӕ йӕ Хуыцауӕй лидзгӕ куы акодта, уӕд ма йӕм ӕххуысы тыххӕй цы цӕсгомӕй хъуамӕ куывтаид?

12. а) Ионӕ кӕй бафынӕй, уый тыххӕй йыл цӕуылнӕ ис бахудӕн? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Йегъовӕ куыд равдыста, денджыздзауты бӕллӕх кӕй тыххӕй баййӕфта, уый?

12 Ионӕ ӕмбӕрста, йӕ бон сын кӕй ницӕмӕй уыд баххуыс кӕнын, ӕмӕ бынмӕ ныххызт, уым схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци *. Капитан Ионӕйы ссардта, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй уый дӕр йӕ хуыцаумӕ скуывтаид. Денджыздзаутӕ ӕмбӕрстой, уыцы тыхдымгӕ хуымӕтӕджы кӕй нӕ сыстад. Ӕмӕ хӕлттӕ ӕппарын райдыдтой, ацы бӕллӕх нӕ кӕй тыххӕй баййӕфта, уый базонӕм, зӕгъгӕ. Хӕлттӕ куыд ӕппӕрстой, афтӕ, хӕрзаг, Ионӕйы зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп тынгӕй-тынгдӕр цыди. Ӕппынфӕстаг рабӕрӕг, аххосджын чи уыд, уый. Йегъовӕ Ионӕйы хал схауын кодта ӕмӕ бӕлвырдӕй равдыста, тыхджын дымгӕ уый тыххӕй кӕй сыстын кодта. (Бакӕс Ионӕйы 1:5–7.)

13. а) Ионӕ денджыздзаутӕн цы радзырдта? ӕ) Ионӕ денджыздзаутӕн цы аразын кодта ӕмӕ цӕмӕн?

13 Ионӕ денджыздзаутӕн алцыдӕр радзырдта. Радзырдта сын, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг кӕй у, йӕ коммӕ кӕй нӕ бакаст, кӕй дзы алыгъд ӕмӕ ахӕм стыр бӕллӕхы дӕр йӕ аххосӕй кӕй бахаудысты. Денджыздзаутӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныллӕууыдысты. Ӕмӕ йӕ Ионӕ дӕр уыдта, куыд тынг старстысты, уый. Уӕд ӕй бафарстой, цы дын бакӕнӕм, цӕмӕй нау дӕр ӕмӕ нӕхи дӕр фервӕзын кӕнӕм, зӕгъгӕ. Цымӕ сын Ионӕ цы загъта? Уыцы уазал, абухгӕ денджызы бынмӕ куыд фӕцӕуы, уый йӕ цӕстытыл куы ауад, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, барызт. Фӕлӕ куыд хъуамӕ бауагътаид ӕппӕт уыцы адӕмы сӕфын, кӕд ӕмӕ йӕ зыдта, сӕ цард йӕ къухы кӕй ис? Ӕмӕ сын загъта: «Сисут мӕ ӕмӕ мӕ денджызы ныппарут, ӕмӕ уӕд денджыз ӕрсабыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз зонын, ацы тыхдымгӕ мӕн тыххӕй кӕй сыстад» (Ионӕ 1:12).

14, 15. а) Нӕ бон куыд у Ионӕйы уырнындзинад бафӕзмын? ӕ) Ионӕ денджыздзаутӕн куы загъта, денджызы мӕ ныппарут, зӕгъгӕ, уӕд куыд бакодтой?

14 Куыд дӕм кӕсы, тӕппуд адӕймаг ахӕм ныхӕстӕ загътаид? Йегъовӕйӕн ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, ахӕм тӕссаг уавӕры Ионӕ йӕхи мӕт кӕй нӕ кодта ӕмӕ ахӕм лӕгдзинад кӕй равдыста, уый. Ионӕйы фидар уырнындзинад ныры хуызӕн никуы рабӕрӕг. Мах дӕр фылдӕр нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Ионӕйы уырнындзинад фӕзмдзыстӕм (Иоан. 13:34, 35). Куы фенӕм, чидӕр фӕкӕсынхъуаг кӕнӕ ныфссаст у, йе та йӕ ӕххуыс хъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уа, уӕд ын зӕрдиагӕй баххуыс кӕнӕм? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

15 Куыд зыны, афтӕмӕй Ионӕйы ныхӕстӕ тынг бацагайдтой денджыздзауты зӕрдӕтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ фыццаг нӕ разы кодтой, цӕмӕй йӕ доны ныппӕрстаиккой. Уыдон сӕ тых, сӕ бонӕй нау тӕрыныл архайдтой, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Денджыз тынгӕй-тынгдӕр абухта. Ӕппынфӕстаг сын ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ Ионӕйы Хуыцаумӕ, Йегъовӕмӕ, кувын райдыдтой, лӕгъстӕ йын кодтой, цӕмӕй сӕ ма фесафа. Ӕмӕ стӕй Ионӕйы денджызы ныппӕрстой (Ионӕ 1:13–15).

Ионӕ загъта, цӕмӕй йӕ доны ныппӕрстаиккой

Йегъовӕ Ионӕйӕн ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта

16, 17. Радзур, Ионӕйы денджызы куы ныппӕрстой, уӕд ыл цы ’рцыд, уый тыххӕй. (Кӕс ма нывтӕм дӕр.)

16 Ионӕ знӕт уылӕнты амӕттаг баци. Ӕвӕццӕгӕн, фыццаг ленк кӕныныл дӕр архайдта, ӕмӕ йӕм фынккалгӕ доны астӕуӕй зынди, нау дардӕй-дарддӕр куыд кӕны, уый. Фӕлӕ йӕ тыхджын уылӕнтӕ сӕ быны фӕкодтой, ӕмӕ ныгъуылын куы райдыдта, уӕд йӕ фӕстаг ныфсы таг аскъуыд.

17 Фӕстӕдӕр Ионӕ ныффыста, уыцы рӕстӕг ӕм цы хъуыдытӕ фӕзынд, уый тыххӕй. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ цард иууылдӕр йӕ цӕстытыл ауад. Зӕрдӕсастӕй ахъуыды кодта, Иерусалимы Йегъовӕйы рӕсугъд кувӕндон кӕй никуыуал фендзӕн, ууыл. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ денджызӕн йӕ тӕккӕ бынмӕ ныххӕццӕ, хӕхтӕн сӕ бындзӕфхӕдтӕ кӕм сты, уырдӕм, ӕмӕ йыл доны зайӕгойтӕ стыхстысты. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, ам уыдзӕн мӕ ингӕн, зӕгъгӕ. (Бакӕс Ионӕйы 2:2–6.)

18, 19. Ионӕйыл денджызы цы ’рцыд? Цавӕр цӕрӕгой йӕ аныхъуырдта ӕмӕ йын ӕй чи аныхъуырын кодта? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

18 Фӕлӕ уый та цы у? Цыдӕр ӕм ӕрбаленк кӕны – стыр, сау ӕндӕрг. Йӕ цурмӕ куы ’рбаввахс, уӕд йе стыр дзых фӕхӕлиу кодта ӕмӕ йӕ аныхъуырдта!

Йегъовӕ «стыр кӕсагӕн Ионӕйы аныхъуырын кодта»

19 Ионӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, гъеныр мӕ кӕрон ӕрхӕццӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ диссаг – Ионӕ у удӕгас! Йе уӕнгтӕ иууылдӕр ӕнӕхъӕн, нӕдӕр хуыдуг фӕци, нӕдӕр, ахсӕны хӕринаг куыд батайы, афтӕ батад. Йӕ уд ис йӕ мидӕг, кӕд кӕсаджы хуылф йӕ ингӕн хъуамӕ суыдаид, уӕддӕр. Сабыргай Ионӕйы зӕрдӕйы стыр тас ӕмӕ дис бацыд – ӕнӕмӕнгӕй, йӕ Хуыцау Йегъовӕ йӕ аныхъуырын кодта «стыр кӕсагӕн»! * (Ионӕ 1:17).

20. Ионӕйы куывдӕй цы ис базонӕн, цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй?

20 Цыдысты минуттӕ, стӕй сахӕттӕ. Ӕмӕ Ионӕ, царды кӕй никуыма федта, ахӕм саудалынджы райдыдта хъуыдытӕ кӕнын ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ кувын. Йӕ куывды ныхӕстӕ иууылдӕр фыст сты йӕ чиныджы дыккаг сӕры, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, Ионӕ цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй. Бӕрӕг у, Фыстад хорз кӕй зыдта, уый, уымӕн ӕмӕ дзы Псаломты чиныгӕй ис бирӕ хъуыдытӕ. Стӕй ма йӕ куывдӕй базонӕн ис, Хуыцауӕй бузныг кӕй уыд, уый дӕр. Фӕстагмӕ ма загъта: «Ӕз та дын арфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дын нывонд ӕрхӕсдзынӕн. Цӕй тыххӕй расомы кодтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн. Ирвӕзындзинад у Йегъовӕйӕ» (Ионӕ 2:9).

21. Ионӕ йӕхиуыл цы бавзӕрста ӕмӕ нӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарын цавӕр ахсджиаг хъуыддаг хъӕуы?

21 Ӕвӕццӕгӕн, уырнгӕ дӕр никӕй бакодтаид, ӕмӕ ахӕм ран – «кӕсаджы хуылфы» – Ионӕ йӕхиуыл бавзардзӕн, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйфӕнды дӕр, кӕдфӕнды дӕр ӕмӕ кӕмфӕнды дӕр фервӕзын кӕна. Суанг уым дӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнӕджы федта ӕмӕ йӕ уыцы уынгӕджы уавӕрӕй фервӕзын кодта (Ионӕ 1:17). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы адӕймаг удӕгасӕй баззадаид ӕмӕ йын мацы уыдаид. Хорз уаид, абон дӕр нӕ зӕрдыл куы дариккам, «нӕ царды улӕфт» Йегъовӕйы къухы кӕй ис (Дан. 5:23). Уый фӕрцы улӕфӕм, уый фӕрцы цӕрӕм. Уый тыххӕй дзы бузныг стӕм? Ӕмӕ уӕд йӕ коммӕ хъуамӕ ма кӕсӕм?

22, 23. а) Ионӕйы гыццыл фӕстӕдӕр куыд бахъуыд равдисын, Йегъовӕйӕ ӕцӕгдӕр бузныг уыд ӕви нӕ? ӕ) Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн Ионӕйы бафӕзмын?

22 Цымӕ Ионӕ истӕуыл сахуыр? Цымӕ бамбӕрста, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй у, уый йӕ коммӕгӕсдзинадӕй кӕй хъуамӕ равдиса? Бӕгуыдӕр. Ионӕ цы кӕсаджы хуылфы уыд, уый ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы фӕстӕ тӕккӕ былмӕ баленк кодта ӕмӕ «Ионӕйы зӕхмӕ раппӕрста» (Ионӕ 2:10). Ахъуыды-ма кӕн, ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ Ионӕйы ленк кӕнын дӕр нӕ бахъуыд! Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уырдыгӕй фӕндаг йӕхӕдӕг хъуамӕ ссардтаид. Фӕлӕ йӕ гыццыл фӕстӕдӕр равдисын бахъуыд, Йегъовӕйӕ ӕцӕгдӕр бузныг уыд ӕви нӕ. Ионӕйы 3:1, 2 фыст ис: «Уӕд Йегъовӕ Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта: „Сыст, ацу стыр горӕт Ниневимӕ ӕмӕ сын фехъусын кӕн, ӕз дын цы дзурын, уый“». Цымӕ Ионӕ куыд бакодта?

23 Ныр ракӕ-бакӕ нал кодта. Библийы кӕсӕм: «Уӕд Ионӕ сыстад ӕмӕ Ниневимӕ ацыд, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ» (Ионӕ 3:3). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Хуыцауы коммӕ бакаст. Ионӕ йӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр. Ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад хъуамӕ ацы хъуыддаджы дӕр бафӕзмӕм. Не ’ппӕт дӕр рӕдийӕм, не ’ппӕт дӕр аразӕм тӕригъӕдтӕ (Ром. 3:23). Фӕлӕ цымӕ уӕд нӕ ныфс асӕтты? Ӕви нӕ рӕдыдтытӕй цӕуылдӕр сахуыр вӕййӕм ӕмӕ дарддӕр Хуыцауы коммӕ фӕкӕсӕм ӕмӕ йын зӕрдиагӕй фӕлӕггад кӕнӕм?

24, 25. а) Ионӕ йӕ удӕгасӕй цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын? ӕ) Ионӕмӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

24 Цымӕ Йегъовӕ Ионӕйӕн йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй раарфӕ кодта? Куыннӕ! Йӕ иу арфӕдзинад уый уыд, ӕмӕ, куыд зыны, афтӕмӕй Ионӕ фӕстӕдӕр базыдта, науыл чи уыд, уыдон кӕй фервӕзтысты. Йӕхи денджызы куыддӕр ныппарын кодта, афтӕ дымгӕ банцад. Ӕмӕ денджыздзаутӕ уый куы федтой, уӕд «Йегъовӕйӕ тынг фӕтарстысты» ӕмӕ сӕ мӕнг хуыцӕуттӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн ӕрхастой нывӕндтӕ (Ионӕ 1:15, 16).

25 Ноджы стырдӕр арфӕдзинадӕй та Ионӕ схайджын бирӕ фӕстӕдӕр. Стыр кӕсаджы хуылфы цы рӕстӕг уыд, уый Йесо Чырысти абарста, йӕхӕдӕг ингӕны цас рӕстӕг хъуамӕ уыдаид, уыимӕ. (Бакӕс Матфейы 12:38–40.) Куыд цин кӕндзӕн Ионӕ, куы райгас уа ӕмӕ уыцы хабар куы базона, уӕд! (Иоан. 5:28, 29). Йегъовӕйы фӕнды дӕу дӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕнын. Уӕдӕ-иу ды дӕр дӕ рӕдыдтытӕй истӕуыл сахуыр уыдзынӕ? Хуыцауы коммӕ зӕрдиагӕй кӕсдзынӕ ӕмӕ фылдӕр дӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл хъуыды кӕндзынӕ?

^ 4 абз. Ионӕ галилейаг горӕтӕй кӕй уыд, уый цымыдисаг у, уымӕн ӕмӕ фарисейтӕ Чырыстийы тыххӕй сӕрбӕрзондӕй дзырдтой: «Ӕркӕс Фыстадмӕ ӕмӕ йӕ фендзынӕ, иу пехуымпар дӕр Галилейӕйӕ кӕй нӕ рацӕудзӕн» (Иоан. 7:52). Бирӕ тӕлмацгӕнджыты ӕмӕ ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, фарисейтӕ ӕнӕрвӕссонӕй афтӕ кӕй дзырдтой, Галилейӕйӕ иу пехуымпар дӕр нӕ рацыд ӕмӕ никуы рацӕудзӕн, зӕгъгӕ, уыдон афтид ныхӕстӕ уыдысты. Фарисейтӕ ницӕмӕ дардтой истори дӕр ӕмӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр (Ис. 9:1, 2).

^ 12 абз. Ионӕ куыд тарф фынӕй баци, уый равдисынӕн ма Септуагинтӕйы бафтыдтой, хуыр-хуыр дӕр кӕй кодта. Фӕлӕ кӕй бафынӕй, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, йӕ алыварс цытӕ цыд, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыд. Иуӕй-иу хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг йӕхимӕ тынг куы ныхъхъусы, уӕд ӕй хуыссӕг йӕ быны скӕны. Зӕгъӕм, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ Гефсиманийы дыргъдоны хъуырдухӕн кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд Петр, Иаков ӕмӕ Иоанныл, «маствӕллад кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ... хуыссӕг фӕтых» (Лук. 22:45).

^ 19 абз. «Кӕсаг»-ӕй тӕлмац рагон дзуттаг дзырд грекъаг ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой «денджызы стыр цӕрӕгой»-ӕ кӕнӕ «стыр кӕсаг»-ӕй. Зын зӕгъӕн у, бӕлвырдӕй цавӕр цӕрӕгой уыди, уый. Фӕлӕ Зӕххастӕу денджызы цӕры, адӕймаджы ӕнӕхъӕнӕй чи аныхъуырдзӕн, ахӕм стыр акулӕтӕ. Ӕндӕр денджызты та цӕры ноджы стырдӕр акулӕтӕ. Зӕгъӕм, китовая акулӕ кӕй хонынц, уымӕн йӕ дӕргъ вӕййы 15 метры кӕнӕ уымӕй дӕр фылдӕр!