Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔХСӔЗӔМ СӔР

Йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕн раргом кодта

Йӕ зӕрдӕ Хуыцауӕн раргом кодта

1, 2. а) Аннӕ йӕхи фӕндагмӕ куы рӕвдз кодта, уӕд ӕнкъард цӕмӕн уыди? ӕ) Аннӕйы хабарӕй цы базондзыстӕм?

АННӔ йӕхи фӕндагмӕ рӕвдз кӕны ӕмӕ архайы, цӕмӕй йӕ зындзинӕдтыл ма хъуыды кӕна. Ӕмбары йӕ, хъӕлдзӕг кӕй хъуамӕ уа. Йӕ сӕрыхицау Елхъан алы аз дӕр йӕ бинонты акӕны Силомы цатырмӕ Йегъовӕйӕн кувынмӕ. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыцы рӕстӕг йӕ адӕм цин кӕной. (Бакӕс Дыккаг закъон 16:15.) Ӕмӕ Аннӕ дӕр йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ куыннӕ уарзы уыцы бӕрӕгбӕттӕ. Фӕлӕ йын фӕстаг азты уыйбӕрц циндзинад нал хӕссынц.

2 Йӕ сӕрыхицау Елхъан ӕй тынг уарзы. Фӕлӕ ма йын ис ӕндӕр ус дӕр, Феннанӕ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый, Аннӕйӕн йӕ цард куыд сӕнад кӕна, ууыл сси. Феннанӕ-иу уыцы ӕрвылазон бӕрӕгбӕтты рӕстӕг дӕр ссардта, Аннӕйы зӕрдӕ куыд фӕриссын кодтаид, уый. Цы-иу арӕзта? Ноджы ахсджиагдӕр та у ахӕм фарста: кӕд-иу Аннӕмӕ арӕх афтӕ каст, ӕмӕ нал бафӕраздзӕн, уӕддӕр ын йӕ уырнындзинад куыд ӕххуыс кодта? Кӕд дӕуӕн дӕр, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдон дӕ циндзинад байсынц, уӕд дын Аннӕйы хабар уӕлдай стыр ныфсы хос уыдзӕн.

«Цӕуыл ӕнкъард кӕны дӕ зӕрдӕ?»

3, 4. Аннӕйӕн царды цавӕр дыууӕ хъуыддаджы нӕ лӕвӕрдтой ӕнцой ӕмӕ йын дыууӕ дӕр стыр масты хос цӕмӕн уыдысты?

3 Аннӕйӕн йӕ царды дыууӕ хъуыддаджы ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Ӕмӕ кӕд фыццагыл йӕ бар иугыццыл уӕддӕр цыди, уӕд дыккагыл та йӕ бар ӕппындӕр нӕ цыд. Фыццаг уый, ӕмӕ ма йӕ лӕгӕн уыди ноджыдӕр иу ус ӕмӕ Аннӕйӕ йе сӕфт уыдта. Дыккаг та уый, ӕмӕ Аннӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди. Сывӕллон кӕй хъӕуы, фӕлӕ ӕнӕзӕнӕг чи у, ахӕм сылгоймӕгтӕн уый тынг зын вӕййы. Фӕлӕ уӕды рӕстӕджы уый бынтон стыр масты хос уыди. Алы бинонтӕ дӕр уыцы ныфсӕй цардысты, цот сын кӕй уыдзӕн ӕмӕ сӕ мыггаг кӕй нӕ фесӕфдзӕн. Ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ, сылгоймагӕн зӕнӕг куы нӕ цыд, уӕд-иу уый уыди худинаг ӕмӕ ӕгад.

4 Аннӕ уымӕн, чи зоны, исты хуызы быхстаид, Феннанӕ ма дзы йӕ ныхтӕ куы нӕ ныссагътаид. Лӕгӕн-иу иу усӕй фылдӕр куы уыд, уӕд-иу бинонты цард нывыл никуы уыди. Ахӕм хӕдзар-иу маст, хӕлӕг, хъӕр-хъӕлӕбайӕ цух нӕ уыд. Ахӕм бинонтӕ тынг дард уыдысты, Хуыцау бинонты цардӕн Едемы цӕхӕрадоны цы фӕтк скодта, уымӕй – лӕгӕн хъуамӕ уа ӕрмӕстдӕр иу ус (Райд. 2:24). Лӕгӕн иу усӕй фылдӕр куы уыд, уӕд сӕ цард куыд цыд, уый Библи ныв кӕны тар ахорӕнтӕй. Ӕмӕ уыцы ныв нӕ цӕстыты раз уӕлдай ирдӕй сысты Елхъаны бинонты хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ. Адӕймаг уыцы хабӕрттӕ куы фӕкӕсы, уӕд йӕ зӕрдӕ суынгӕг вӕййы.

5. Феннанӕ Аннӕйӕн мӕстытӕ цӕмӕн ӕвзарын кодта ӕмӕ йын-иу йӕ зӕрдӕ куыд скъахта?

5 Елхъан Аннӕйы фылдӕр уарзта. Дзуттаг историмӕ гӕсгӕ, Елхъан фыццаг Аннӕйы ракуырдта, ӕмӕ цалдӕр азы фӕстӕ та – Феннанӕйы. Феннанӕ Аннӕмӕ тынг хӕлӕг кодта ӕмӕ йын бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодта. Феннанӕ тынг хъал уыд, зӕнӕг ын кӕй цыди, уымӕй. Ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ йӕ алыварс куыд фылдӕр кодтой, афтӕ йӕхимӕ цыдӕр ныккаст. Аннӕ ӕнӕзӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй йын хъуамӕ тӕригъӕд кодтаид ӕмӕ-иу дзы ныфс бауагътаид. Уый та ма йын йӕ мастыл цӕхх кодта. Феннанӕ-иу Аннӕйы «йе ’лхыскъ ныхӕстӕй уый онг скодта, ӕмӕ-иу йӕхимӕ ныхъхъуыста» (1 Сам. 1:6). Феннанӕ барӕй кодта ахӕм митӕ. Фӕндыд ӕй Аннӕйы зӕрдӕ скъахын, ӕмӕ уый йӕ къухы дӕр бафтыд.

Аннӕйӕн зӕнӕг кӕй нӕ цыди, уый йын уыд масты хос, ӕмӕ ма йын Феннанӕ йӕ мастыл цӕхх кодта

6, 7. а) Кӕд Елхъан Аннӕйы ӕрсабыр кӕныныл архайдта, уӕддӕр ын Аннӕ, цымӕ, хабӕрттӕ иууылдӕр цӕуылнӕ радзырдта? ӕ) Аннӕйӕн зӕнӕг кӕй нӕ цыд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм Йегъовӕ цӕуылдӕр мӕсты уыд? Бамбарын ӕй кӕн. (Кӕс фиппаинаг.)

6 Куыд зыны, афтӕмӕй-иу Феннанӕ йӕ былы цъӕрттӕ хордта, алы аз дӕр-иу Силоммӕ куы цыдысты, уыцы рӕстӕгмӕ. Йегъовӕйӕн-иу нывонд куы ’рхастой, уӕд-иу дзы Елхъан Феннанӕйы «фырттӕ ӕмӕ чызджытӕй алкӕмӕн дӕр» радта хӕйттӕ. Йӕ уарзон бинойнаг Аннӕйӕн та-иу дзы ӕрмӕстдӕр иу хай радта. Ӕмӕ-иу уӕд хӕлӕггӕнаг Феннанӕ йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдыдта ӕмӕ та-иу Аннӕйӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕнӕзӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ-иу уыцы мӕгуыр сылгоймаг кӕуын райдыдта ӕмӕ-иу ӕм хӕрын дӕр нал цыд. Елхъан-иу куыннӕ уыдтаид, йӕ зынаргъ Аннӕ цӕуылдӕр кӕй маст кӕны ӕмӕ хӕргӕ дӕр кӕй ницы кӕны. Гъемӕ-иу ӕй сабыртӕ кодта: «Аннӕ, цӕмӕн кӕуыс ӕмӕ цӕуылнӕ хӕрыс? Цӕуыл ӕнкъард кӕны дӕ зӕрдӕ? Ӕз дын дӕс фыртӕй дӕр хуыздӕр нӕ дӕн?» (1 Сам. 1:4–8).

7 Елхъан ӕмбӕрста, Аннӕ ӕнӕзӕнӕг кӕй уыд, уый тыххӕй кӕй маст кодта. Ӕмӕ Аннӕ дӕр куыннӕ аргъ кодта, кӕй йӕ уарзта ӕмӕ йын уый тыххӕй дзургӕ дӕр кӕй кодта, уымӕн *. Фӕлӕ Елхъан Феннанӕйы ӕфхӕрӕн миты кой не скодта, стӕй Библийы фыст нӕй, ӕмӕ йын Аннӕ уый тыххӕй исты дзырдта. Ӕвӕццӕгӕн ӕй ӕмбӕрста, Феннанӕйы митӕ хурмӕ куы рахӕсса, уӕд йӕ уавӕр хуыздӕр нӕ, фӕлӕ ноджы фыддӕр кӕй фӕуыдзӕн. Уӕвгӕ, Елхъанӕн йӕ бон бауыдзӕн исты фӕивын? Стӕй Феннанӕ Аннӕйӕ йӕ удхӕссӕг ноджы тынгдӕр нӕ фендзӕн, ӕмӕ ма йӕ йӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр нӕ бафӕзмдзысты? Ӕмӕ уӕд Аннӕ йӕ хӕдзары бынтон ӕцӕгӕлон не суыдзӕн?

Бинонты ’хсӕн мӕстытӕ ӕвзаргӕйӕ Аннӕ удӕнцой агуырдта Йегъовӕмӕ

8. Исчи нӕм фыдзӕрдӕ куы дара кӕнӕ нӕ ӕнаххосӕй куы ’фхӕра, уӕд нын ныфсы хос цы уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

8 Феннанӕ Аннӕйӕн цы мӕстытӕ ӕвзарын кодта, уыдӕттӕ иууылдӕр Елхъан зыдта ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцау алцыдӕр уыдта. Ӕмӕ хабар куыддӕриддӕр уыди, афтӕ йӕ ныффыссын кодта йӕ Ныхасы. Уый у зондзонӕн, хӕлӕг чи кӕны ӕмӕ искӕмӕн фыдӕнӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕн, кӕд адӕймагӕн йӕхимӕ йӕ митӕ ӕвзӕр нӕ кӕсынц, уӕддӕр. Аннӕйау ӕнӕхин ӕмӕ фарнуарзаг чи у, уыдонӕн та ныфсы хос у, рӕстдзинады Хуыцау йӕ рӕстӕджы ӕмӕ, йӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, афтӕ ӕппӕт дӕр кӕй ӕрнывыл кӕндзӕн. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4.) Ӕвӕццӕгӕн, Аннӕ дӕр уый зыдта, ӕмӕ ӕххуыс Йегъовӕйӕ дӕр уымӕн куырдта.

«Раздӕрау ӕнкъард нал уыд»

9. Кӕд Аннӕ зыдта, Феннанӕ йын цы фыдӕнӕн митӕ кӕндзӕн, уый, уӕддӕр Силоммӕ кӕй ацыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

9 Райсомӕй раджы бинонтӕ ӕмызмӕлд кодтой. Стырӕй-гыццылӕй – иууылдӕр сӕхи рӕвдз кодтой фӕндагмӕ. Уыцы стыр бинонты цӕуын хъуыди Ефремы хӕхбӕстыл 30 километрӕй фылдӕр *. Силоммӕ уыдаид иу кӕнӕ дыууӕ боны цыд. Аннӕ зыдта, Феннанӕ та йын цы фыдӕнӕн митӕ кӕндзӕн, уый, фӕлӕ уӕддӕр хӕдзары нӕ баззад. Ӕмӕ уымӕй абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн у фӕзминаг. Иннӕтӕ цыдӕр раст куы нӕ аразой, уӕд нӕ уый хъуамӕ макуы бахъыгдара Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Искӕмӕн уый бар куы раттӕм, уӕд ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм, зын уавӕры нын фидар фӕлӕууынӕн хъарутӕ чи дӕтты, уыцы арфӕдзинӕдтӕй.

10, 11. а) Аннӕйӕн куыддӕр фадат фӕзынд, афтӕ кувӕндонмӕ цӕмӕн ацыд? ӕ) Аннӕ йӕ зӕрдӕ йӕ уӕларвон Фыдӕн куыд раргом кодта?

10 Бинонтӕ ӕнӕхъӕн бон фӕцыдысты хӕххон зылын-мылын фӕндӕгтыл ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй Силоммӕ ӕрбахӕстӕг сты. Горӕт ӕрбынат кодта къуыбырыл, йӕ алыварс та уыд ноджы бӕрзонддӕр къуыбыртӕ. Уырдӕм куыд хӕстӕгдӕр кодтой, афтӕ Аннӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, Йегъовӕйӕн цы дзурдзӕн, ууыл. Бынатмӕ куы ’рбахӕццӕ сты, уӕд бинонтӕ къӕбӕр хӕрынмӕ ӕрбадтысты. Ӕмӕ Аннӕйӕн куыддӕр фадат фӕзынд, афтӕ иннӕты уым бадгӕйӕ ныууагъта ӕмӕ йӕхӕдӕг Йегъовӕйы цатырмӕ ацыд. Бахизӕны бадт хистӕр сауджын Илий. Фӕлӕ Аннӕйӕн йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр йӕ Хуыцауимӕ уыдысты, ӕмӕ Илийы уынгӕ дӕр нӕ фӕкодта. Ам ӕй фидар ныфс уыди, Хуыцау ӕй кӕй фехъусдзӕн. Куыд зын ын у, уый кӕд иу адӕймаджы бон дӕр нӕ уыд кӕронмӕ бамбарын, уӕддӕр ӕй зыдта, йӕ уӕларвон Фыд ӕй кӕй бамбардзӕн. Аннӕйӕн йӕ маст йӕ хъуырмӕ схӕццӕ ӕмӕ кӕуын райдыдта.

11 Аннӕ хӕкъуырццӕй куыдта ӕмӕ афтӕмӕй йӕхинымӕр ныхас кодта Йегъовӕимӕ. Йӕ зӕрдӕйы рыст цы ныхӕстӕй ӕмбарын кодта, уыдон хъуысгӕ нӕ кодтой, ӕрмӕст зынди, йӕ былтӕ куыд зыр-зыр кӕнынц, уый. Аннӕ бирӕ фӕкуывта, цалынмӕ, йӕ зӕрдӕйы цыдӕриддӕр уыди, уый йӕ Фыдӕн нӕ раргом кодта, уӕдмӕ. Фӕлӕ Аннӕ Хуыцауӕн ӕрмӕст уый нӕ дзырдта, зӕнӕг мын ратт, зӕгъгӕ. Ӕрмӕст ууыл нӕ хъуыды кодта, цӕмӕй йын Хуыцау раарфӕ кодтаид – фӕндыди йӕ, цӕмӕй йын йӕхӕдӕг дӕр, йӕ бон цы уыди, уый радтаид. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн расомы кодта, зӕгъгӕ мын кӕд фырт райгуыра, уӕд ӕй цӕрӕнбонтӕм дӕуӕн ратдзынӕн, цӕмӕй дын лӕггад кӕна (1 Сам. 1:9–11).

12. Аннӕйы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Хуыцаумӕ кувын куыд хъӕуы?

12 Кувын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы Аннӕ фӕзминаг у Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн йӕхӕдӕг дзуры, цӕмӕй ӕфсӕрмы ма кӕной, фӕлӕ йын сӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ ӕргом дзурой, сывӕллон йӕ уарзӕгой ныййарджытыл куыд феууӕнды ӕмӕ сын алцыдӕр куыд фӕдзуры, афтӕ. (Бакӕс Псалом 62:8; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17.) Стыр ныфс нӕ уадзынц, Хуыцау апостол Петрӕн кӕй ныффыссын кодта, уыцы ныхӕстӕ: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Пет. 5:7).

13, 14. а) Илий Аннӕйӕ цы ахъуыды кодта ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Аннӕ Илийӕн цавӕр дзуапп радта, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн у?

13 Хъыгагӕн, адӕймаджы рыст Йегъовӕ куыд бамбары ӕмӕ йын куыд фӕтӕригъӕд кӕны, адӕм ӕй афтӕ нӕ бамбардзысты. Аннӕ кӕугӕйӕ куы куывта, уӕд кӕйдӕр хъӕлӕсӕй фесхъиудта. Уый уыд хистӕр сауджын Илий. Аннӕ кувын куы райдыдта, уӕдӕй нырмӕ йӕм йӕ хъус дардта ӕмӕ йын ныр загъта: «Кӕдмӕ уыдзынӕ расыг? Ацу ӕмӕ уал ӕрӕрвонг у». Илий бафиппайдта, Аннӕйӕн йӕ былтӕ куыд зыр-зыр кодтой, куыд куыдта ӕмӕ куыд тыхст уыд, уый. Ӕмӕ йӕ фӕрсгӕ нӕ бакодта, цы кӕныс, зӕгъгӕ, фӕлӕ уайтагъд хатдзӕгтӕ акодта, банызтай, дам (1 Сам. 1:12–14).

14 Аннӕ ӕнӕуи дӕр йӕ фыртыхстӕй йӕхи цы фӕкодтаид, уый нӕ зыдта, ӕмӕ йӕ уыцы ныхӕстӕ та бынтон амардтой. Ахӕм нымад адӕймаг дыл ахӕм цыдӕртӕ ӕрымысӕд! Фӕлӕ та ам дӕр Аннӕ фӕзминаг у йӕ диссаджы уырнындзинадӕй. Кӕйдӕр ӕнӕххӕстдзинад ын къуылымпыйы хос не сси ӕмӕ афтӕ нӕ загъта, ӕз Йегъовӕйӕн нал кувдзынӕн, зӕгъгӕ. Уый бӕсты Илийӕн уӕзданӕй дзуапп радта ӕмӕ йын, цы уавӕры ис, уый бамбарын кодта. Ӕмӕ уӕд Илий, ӕвӕццӕгӕн, йӕ рӕдыд бамбӕрста ӕмӕ йын фӕлмӕндӕр хъӕлӕсӕй загъта: «Фарнимӕ цу ӕмӕ дын Израилы Хуыцау раттӕд, цы дзы куырдтай, уый» (1 Сам. 1:15–17).

15, 16. а) Аннӕ Силоммӕ Йегъовӕйӕн йӕ цатыры бакувынмӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ иууылдӕр кӕй радзырдта, уый йын куыд баххуыс кодта? ӕ) Ӕвзӕр хъуыдытӕ нын ӕнцой куы нӕ дӕттой, уӕд нӕ бон куыд уыдзӕн Аннӕйы бафӕзмын?

15 Аннӕ Силоммӕ Йегъовӕйӕн бакувынмӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ иууылдӕр кӕй радзырдта, уый йын баххуыс кодта? Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, уӕд Аннӕ «хӕргӕ дӕр бакодта, ӕмӕ йӕ цӕсгом дӕр раздӕрау ӕнкъард нал уыд» (1 Сам. 1:18). Аннӕйӕн бирӕ фенцондӕр. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йыл цы уаргъ ӕруӕз кодта, уый сӕвӕрдта, йӕхи уӕхсчытӕй бирӕ фӕтӕндӕр ӕмӕ фидардӕр кӕй уӕхсчытӕ уыдысты, ууыл – йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйыл. (Бакӕс Псалом 55:22.) Цымӕ ахӕм уаргъ ис, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ма афӕраза? Нӕй – нӕ уыди уӕд дӕр, нӕй ныр дӕр ӕмӕ никуы уыдзӕн!

16 Уӕдӕ нӕ ныфс куы асӕтта, нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм кӕнӕ мастӕй нӕ зӕрдӕ куы ныууӕззау уа, уӕд-иу мах дӕр Аннӕйы бафӕзмӕм ӕмӕ-иу нӕ сагъӕстӕ радзурӕм, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцауӕн» (Пс. 65:2). Йегъовӕ нӕ кӕй фехъусдзӕн, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй куы кувӕм, уӕд махӕн дӕр ӕнкъард хъуыдыты бӕсты нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрдзӕн «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7).

«Нӕй нӕ Хуыцауы хуызӕн фидар къӕдзӕх»

17, 18. а) Елхъан куыд равдыста, Аннӕ Хуыцауӕн цӕй тыххӕй расомы кодта, ууыл разы кӕй уыди? ӕ) Феннанӕ цы бамбӕрста?

17 Иннӕ райсом Аннӕ Елхъанимӕ иумӕ цатырмӕ ӕрбаздӕхт. Ӕвӕццӕгӕн, Елхъанӕн радзырдта, Йегъовӕйӕ цы куырдта ӕмӕ йын куыд расомы кодта, уый тыххӕй. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, ус йӕ лӕджы нӕ бафӕрсгӕйӕ истӕй тыххӕй куы расомы кодтаид, уӕд лӕгӕн уыди уый бар, цӕмӕй йын йӕ сомы аивтаид (Ным. 30:10–15). Фӕлӕ уыцы иузӕрдион адӕймаг афтӕ нӕ бакодта. Уый бӕсты, цалынмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ нӕ аздӕхтысты, уӕдмӕ Аннӕимӕ иумӕ Йегъовӕйӕн йӕ цатыры бакуывтой.

18 Цымӕ Феннанӕ кӕд бамбӕрста, Аннӕ йын йӕ фидистӕ кӕй ницӕмӕуал дары? Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст, фӕлӕ ацы ныхӕстӕ, «раздӕрау ӕнкъард нал уыд», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Аннӕ фӕхъӕлдзӕгдӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Феннанӕ тагъд бамбӕрста, йӕ фыдӕнӕн митӕ Аннӕмӕ нымады дӕр кӕй нал сты. Уый фӕстӕ Феннанӕйы кой Библийы никуыуал ис.

19. Аннӕ цавӕр арфӕдзинадӕй схайджын ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг у, уыцы арфӕдзинадӕй йӕ чи схайджын кодта, уый кӕй ӕмбӕрста?

19 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ, Аннӕйӕн йӕ зӕрдӕйы цы фарн ӕрцард, уый рахызт ӕнӕкӕрон циндзинадмӕ. Аннӕ йӕхи бар нӕ уыд! Ӕмӕ кӕд йӕхицӕй амондджындӕр нӕ уыд, уӕддӕр дзы иу гыццыл дӕр рох нӕ уыди, уыцы арфӕдзинадӕй йӕ чи схайджын кодта, уый. Фырт ын куы райгуырд, уӕд ӕй схуыдта Самуил (нысан кӕны «Хуыцауы ном», ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, амоны Хуыцауы номмӕ сидын, Аннӕ йӕм куыд сидти, афтӕ). Уыцы аз Аннӕ йӕ бинонтимӕ Силоммӕ нӕ ацыд. Цалынмӕ сывӕллоны дзидзийӕ нӕ фӕхицӕн кодта, уӕдмӕ ӕртӕ азы йемӕ уыд хӕдзары. Ӕмӕ стӕй йӕ хъарутӕ ӕрӕмбырд кодта, йӕ уарзон хъӕбулӕй цы бон хъуамӕ фӕхицӕн уыдаид, уыцы бонмӕ.

20. Аннӕ ӕмӕ Елхъан Йегъовӕйӕн цы дзырд радтой, уый куыд сӕххӕст кодтой?

20 Аннӕйӕн ӕнцон кӕцӕй уыдаид йӕ хъӕбулы йӕхицӕй атонын. Самуил Силомы цух кӕй ницӕмӕй уыдзӕн, уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыдта. Цатыры раз цы сылгоймӕгтӕ лӕггад кодта, уыдонӕй йӕм исчи кастаид. Фӕлӕ Самуил нырма бынтон гыццыл уыди. Ӕмӕ кӕцы мады нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ гыццыл хур ӕдзухдӕр йӕ фарсмӕ уа? Кӕд Аннӕ ӕмӕ Елхъанӕн тынг зын уыди, уӕддӕр лӕппуйы цатырмӕ ӕвӕндонӕй не ’рбакодтой – уыдон бузныг уыдысты, ахӕм кад сӕм кӕй ӕрхауд, уый тыххӕй. Уым Хуыцауы хӕдзары нывӕндтӕ ӕрхастой, стӕй Самуилы Илиймӕ бакодтой ӕмӕ йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, ӕртӕ азы раздӕр Аннӕ Хуыцауӕн цӕй тыххӕй расомы кодта, уый.

Аннӕ йӕ фыртӕн уыди стыр арфӕдзинад

21. Аннӕйы куывдӕй куыд у бӕрӕг, фидар уырнындзинады хицау кӕй уыди, уый? (Кӕс ма рамкӕ дӕр « Дыууӕ диссаджы куывды».)

21 Уый фӕстӕ Аннӕ Хуыцаумӕ скуывта. Уыцы куывд Хуыцау уый аккагыл банымадта, цӕмӕй йӕ Ныхасмӕ хаст ӕрцыдаид. Фыст ис 1 Самуилы 2:1–10, ӕмӕ йӕ куы кӕсай, уӕд ӕй дӕхӕдӕг фендзынӕ, Аннӕйӕн йӕ алы ныхасы дӕр йӕ фидар уырнындзинад кӕй зыны. Аннӕ Йегъовӕйы кадджын кӕны, йе стыр хъаруйӕ цы диссаджы хъуыддӕгтӕ аразы, уый тыххӕй – йӕ бон у сӕрбӕрзонд адӕймӕгты ӕрныллӕг кӕнын, ӕфхӕрд адӕмы та йӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кӕнын, стӕй адӕймаджы цард аскъуынын дӕр ӕмӕ йӕ мӕлӕтӕй бахъахъхъӕнын дӕр. Ноджыдӕр йӕ Фыды кадджын кӕны, уый хуызӕн сыгъдӕг кӕй ничи у, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайы ӕмӕ иузӕрдион кӕй у, уый тыххӕй. Уӕдӕ Аннӕ уымӕн загъта афтӕ: «Нӕй нӕ Хуыцауы хуызӕн фидар къӕдзӕх». Йегъовӕ нӕ ивы, ӕмӕ йыл нӕ бон у алы хъуыддаджы дӕр нӕ зӕрдӕ дарын. Ӕфхӕрд чи у ӕмӕ къӕхты бын кӕй ныссӕстой, уыдон дзы ӕххуыс куы фӕкурынц, уӕд сӕ йе уазӕг бакӕны.

22, 23. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ кӕд Самуилӕн йӕ ныййарджытӕ йӕ фарсмӕ нӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ уарзтӕй цух кӕй нӕ уыд? ӕ) Йегъовӕ ма Аннӕйӕн ноджыдӕр куыд раарфӕ кодта?

22 Куыд тынг ӕууӕндыд Аннӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ куыд амондджын уыди гыццыл Самуил, ахӕм мад кӕмӕн уыд! Кӕд Самуил йӕ мады мысгӕйӕ хъомыл кодта, уӕддӕр ӕм афтӕ никуы каст, ӕмӕ йӕ ферох кодта. Аннӕ-иу алы аз дӕр Силоммӕ ӕрцыд ӕмӕ-иу йӕ хъӕбулӕн ӕрхаста ӕнӕдыс къаба цатыры лӕггад кӕнынӕн. Уыцы къабайы алы сынк дӕр Самуилӕн дзурӕг уыди, йӕ мад ӕй куыд тынг уарзы ӕмӕ йыл куыд тынг тыхсы, ууыл. (Бакӕс 1 Самуилы 2:19.) Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Аннӕ уыцы ног дзаума йӕ хъӕбулыл куыд кӕны, йӕ уӕлӕ йын ӕй куыд дзӕбӕхтӕ кӕны, кӕсынӕй йӕм куыд нал ӕфсӕды ӕмӕ йӕ йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй куыд рӕвдауы ӕмӕ йын ныфсытӕ куыд ӕвӕры. Самуилӕн ӕцӕг арфӕдзинад уыд, ахӕм диссаджы мад ын кӕй уыди, уый. Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр куы схъомыл, уӕд стыр арфӕдзинад уыди йӕ ныййарджытӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилӕн дӕр.

23 Фӕлӕ Йегъовӕ Аннӕйы дӕр нӕ ферох кодта. Ноджыдӕр ын зӕнӕг радта, ӕмӕ ма Елхъанӕн фондз сывӕллоны ныййардта (1 Сам. 2:21). Фӕлӕ уӕддӕр Аннӕйӕн царды стырдӕр арфӕдзинад уыди, йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ йӕ Хӕлар кӕй уыди ӕмӕ йӕм азӕй-азмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕй кодта, уый. Цӕй уӕдӕ ды дӕр Аннӕйы уырнындзинад бафӕзм ӕмӕ уыцы стыр арфӕдзинадӕй хайджын у!

^ 7 абз. Кӕд Библийы афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ Аннӕйӕн «зӕнӕг нӕ лӕвӕрдта», уӕддӕр дзы никуы ис фыст, ӕмӕ Хуыцау уыцы сӕрныллӕг ӕмӕ иузӕрдион сылгоймагмӕ цӕуылдӕр мӕсты уыди (1 Сам. 1:5). Библийы иуӕй-иу хатт фыст вӕййы, зӕгъгӕ Хуыцау цыдӕр сарӕзта, фӕлӕ йӕ хъуыды уый вӕййы, ӕмӕ уыцы хъуыддаг рӕстӕгмӕ бауагъта.

^ 9 абз. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Елхъаны райгуырӕн горӕт Рамӕ уыди, Йесойы заман горӕт Аримафей кӕм уыд, уыцы ран. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ уырдыгӕй Силоммӕ 30 километрӕй фылдӕр уыди.