Лукайы 22:1—71

22  Донгонд дзулты бӕрӕгбонмӕ, Куадзӕн+ кӕй хуыдтой, уымӕ бирӕ нал хъуыди.  Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ, Йесойӕ куыд фервӕзой, уымӕн хуыздӕр фадат агуырдтой+, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты+.  Уыцы рӕстӕг Сайтан бацыд, Искариот кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы – дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй сӕ иуы+.  Ӕмӕ Иудӕ ацыд сауджынты хистӕртӕм ӕмӕ кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕртӕм ӕмӕ сын бамбарын кодта, сӕ къухы сын ӕй куыд ӕнцондӕрӕй бафтын кӕнӕн ис, уый+.  Уыдон тынг бацин кодтой ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдтой ӕвзист ӕхцатӕй+.  Ӕмӕ уый дӕр сразы, ӕмӕ сын Йесойы сӕ къухы куыд бафтын кӕна,– йӕ алыварс адӕм куыд нӕ уа, афтӕмӕй,– уымӕн хорз фадат агурын байдыдта+.  Уӕдмӕ ӕрхӕццӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Куадзӕны нывонд ӕргӕвдыны бон+.  Гъемӕ Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрцӕттӕ кӕнут»+.  Уыдон ӕй бафарстой: «Куыд дӕ фӕнды, кӕм ӕрӕвӕрӕм фынг?» 10  Уый сын дзуапп радта+: «Горӕтмӕ куы бацӕуат, уӕд сӕмбӕлдзыстут иу лӕгыл, дурыны дон фӕцӕйхӕсдзӕн. Цы хӕдзармӕ бацӕуа, сымах дӕр-иу уырдӕм бацӕут+. 11  Ӕмӕ-иу хӕдзары хицауӕн зӕгъут, зӕгъгӕ, Ахуыргӕнӕг фӕрсы: „Кӕм ис, мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕны ӕхсӕвӕр кӕм бахӕрон, уыцы уат*?“+ 12  Уый уӕ скӕндзӕн уӕлӕмӕ ӕмӕ уын равдисдзӕн стыр уат, алцӕмӕй дӕр уыдзӕн цӕттӕ. Ӕмӕ-иу фынг уым ӕрӕвӕрут»+. 13  Уыдон дӕр араст сты, ӕмӕ сын куыддӕриддӕр загъта, хабӕрттӕ афтӕ рауадысты, ӕмӕ Куадзӕны фынг ӕрцӕттӕ кодтой+. 14  Куадзӕны ӕхсӕвӕры афон куы ’рхӕццӕ, уӕд йӕ апостолтимӕ фынгыл ӕрбадт+ 15  ӕмӕ сын загъта: «Тынг мӕ фӕндыд мӕ хъизӕмӕртты размӕ ацы Куадзӕны ӕхсӕвӕр уемӕ бахӕрын. 16  Зӕгъын уын: ӕз дзы нал бахӕрдзынӕн, цалынмӕ, Куадзӕн цӕмӕ амоны, уыдӕттӕ иууылдӕр Хуыцауы паддзахады нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ»+. 17  Стӕй райста сӕны къус+, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ йӕ кӕрӕдзимӕ адӕттут. 18  Зӕгъын уын: амӕй фӕстӕмӕ ӕз сӕн нал бануаздзынӕн, цалынмӕ Хуыцауы паддзахад не ’рцӕуа, уӕдмӕ»+. 19  Уый фӕстӕ райста дзул+, Хуыцауӕн бузныг загъта, ӕрсаста йӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: «Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар+ – уый лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сымах тыххӕй+. Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»+. 20  Ӕхсӕвӕры фӕстӕ Йесо райста сӕны къус+ дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы сӕны къус нысан кӕны ног бадзырд+ – уый фидаргонд цӕуы мӕ тугӕй+, сымах тыххӕй чи ныккӕлдзӕн, уыцы тугӕй+. 21  Фӕлӕ мӕ уӕйгӕнӕг+ мемӕ бады иу фынгыл+. 22  Уӕвгӕ, Адӕймаджы Фыртӕн, нысангонд ын цы фӕндаг у, ууыл ӕнӕацӕугӕ нӕй+. Фӕлӕ уӕддӕр додой йӕ къона йӕ уӕйгӕнӕгӕн!»+ 23  Гъемӕ уыдон дӕр хъуыды кӕнын байдыдтой, афтӕ сӕ чи бакӕндзӕн, ууыл+. 24  Уый фӕстӕ апостолты ’хсӕн рауад карз быцӕу дӕр, уӕлдӕр сӕ чи хъуамӕ уа, ууыл+. 25  Фӕлӕ сын уый загъта: «Ацы дунейы паддзӕхтӕ сӕхи адӕмӕн ӕлдӕрттӕ кӕнынц, ӕмӕ, адӕмыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, уыдоны хӕрзгӕнджытӕ хонынц+. 26  Сымах та афтӕ ма кӕнут+. Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый йӕхи афтӕ дарӕд, цыма кӕстӕр у+, хистӕр та – цыма лӕггадгӕнӕг у+. 27  Чи у уӕлдӕр: фынгыл бадӕг ӕви лӕггадгӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу? Ӕз та уын дӕн лӕггадгӕнӕгау+. 28  Фӕлӕ сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг+ уыдыстут мӕ фарсмӕ+. 29  Ӕмӕ ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд+ паддзахады тыххӕй, афтӕ+, 30  цӕмӕй мӕ паддзахады+ мемӕ иу фынгыл хӕрат+ ӕмӕ нуазат, ӕмӕ цӕмӕй паддзахбадӕнтыл+ ӕрбадат ӕмӕ Израилы дыууадӕс мыггагӕн тӕрхон кӕнат. 31  Симон, Симон! Сайтан+ куырдта, цӕмӕй мӕнӕуау луӕрст ӕрцӕуат+. 32  Фӕлӕ ӕз зӕрдиагӕй куывтон+ дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма фесафай. Ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнай, уӕд-иу де ’фсымӕрты бафидар кӕн»+. 33  Уый та йын загъта: «Хицау, ӕз цӕттӕ дӕн демӕ ахӕстонмӕ ацӕуынмӕ дӕр ӕмӕ амӕлынмӕ дӕр»+. 34  Фӕлӕ йын уый загъта: «Зӕгъын дын, Петр: абон уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ»+. 35  Уый фӕстӕ сын ноджыдӕр загъта: «Ӕнӕ ӕхцадонӕй, ӕнӕ хызын ӕмӕ уӕ ӕнӕ ивӕн дзабыртӕй куы арвыстон+, уӕд, мыййаг, истӕмӕй цух ӕййӕфтат?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ницӕмӕй!» 36  Уӕд сын загъта: «Ныр та уӕ ӕхцадон кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ райсӕд, афтӕ хызын дӕр. Хъама кӕмӕ нӕй, уый та йӕ уӕлӕдарӕс ауӕй кӕнӕд ӕмӕ дзы хъама балхӕнӕд. 37  Зӕгъын уын: фыст цы у, уый хъуамӕ мӕныл сӕххӕст уа, ома, „фыдгӕнӕгыл ӕй банымадтой“+, уымӕн ӕмӕ, мӕн тыххӕй фыст цы у, уый ныртӕккӕ ӕххӕст кӕны»+. 38  Уӕд ын уыдон афтӕ бакодтой: «Хицау, мӕнӕ ам ис дыууӕ хъамайы!» Уый та сын загъта: «Фаг сты». 39  Йесо уырдыгӕй куы рацыд, уӕд та иннӕ хӕттытау араст Оливӕбӕлӕсты хохы ’рдӕм. Йӕ фӕдыл ацыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр+. 40  Бынатмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сын загъта: «Кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат»+. 41  Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уыйбӕрц ацыд, йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ кувын райдыдта: 42  «Мӕ Фыд, кӕд дӕ фӕндон у, уӕд мын ацы къус ма бануазын кӕн. Ӕниу, мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ+, фӕлӕ дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд»+. 43  Уӕд ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ йӕ бафидар кодта+. 44  Ӕмӕ хъуырдухӕн кӕнгӕйӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй кувын райдыдта+, ӕмӕ йӕ хид туджы хуызӕн сси ӕмӕ зӕхмӕ тагъд+. 45  Куывд куы фӕци, уӕд сыстад, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацыд ӕмӕ сӕ фынӕйӕ баййӕфта – маствӕллад кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сыл хуыссӕг фӕтых+. 46  Ӕмӕ сын загъта: «Цы фынӕй кӕнут? Сыстут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны фидар фӕлӕууат»+. 47  Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ ӕрбазындысты адӕм, сӕ разӕй – Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу+. Уый бацыд Йесомӕ, цӕмӕй йын апъа кодтаид+. 48  Фӕлӕ йын Йесо афтӕ бакодта: «Иудӕ, Адӕймаджы Фырты пъайӕ уӕй кӕныс?»+ 49  Йемӕ чи уыд, уыдон, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый куы бамбӕрстой, уӕд загътой: «Хицау, хъамайӕ сӕ цӕвӕм?»+ 50  Ӕмӕ дзы сӕ иу хъамайӕ хистӕр сауджыны цагъары цӕвгӕ дӕр ӕркодта ӕмӕ йын йӕ рахиз хъус ахауын кодта+. 51  Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ӕрлӕуут!» Ӕмӕ цагъары хъусмӕ бавнӕлдта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта+. 52  Стӕй, йе ’рцахсынмӕ чи ’рбацыд, уыцы сауджынты хистӕртӕн, кувӕндон хъахъхъӕнджыты хистӕртӕн ӕмӕ хистӕр лӕгтӕн загъта: «Раст цыма абырӕг дӕн, уыйау мӕм хъаматӕ ӕмӕ хъилтимӕ цы ’рбацыдыстут?+ 53  Алы бон уемӕ кувӕндоны+ куы уыдтӕн ӕмӕ мӕ уӕд куы нӕ ахстат?+ Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг*+ у ӕмӕ бартӕ+ талынджы къухы сты»+. 54  Уыйадыл ӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ хистӕр сауджыны хӕдзармӕ+ акодтой+. Петр та йӕ фӕдыл дӕрддзӕфгомау цыди+. 55  Адӕм кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ йӕ алыварс куы ’рбадтысты, уӕд Петр дӕр уыди семӕ+. 56  Лӕггадгӕнӕг чызджытӕй йӕ иу арты раз бадгӕ куы федта, уӕд ӕм ӕдзынӕг ныккаст ӕмӕ загъта: «Ацы лӕг дӕр йемӕ уыди»+. 57  Фӕлӕ уый нӕ басаст+: «Ӕз уыцы адӕймаджы нӕ зонын»+. 58  Гыццыл фӕстӕдӕр та йӕ федта ӕндӕр чидӕр ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр уыдонӕй дӕ». Фӕлӕ та Петр загъта: «Ӕз уыдонӕй нӕ дӕн»+. 59  Рацыдаид сахаты бӕрц, ӕмӕ та йӕм иу лӕг бауырдыг: «Ацы лӕг дӕр ӕнӕмӕнг семӕ уыди, уымӕн ӕмӕ галилейаг у!»+ 60  Ӕмӕ та Петр нӕ басаст: «Цы дзурыс, уый не ’мбарын». Ӕмӕ нырма дзургӕ кодта, афтӕ ӕвиппайды уасӕг ныууасыд+. 61  Уӕд Йесо Петрмӕ фӕстӕмӕ ракаст, ӕмӕ йын Петр ӕрхъуыды кодта йӕ ныхӕстӕ, абон уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ ды мӕнӕй ӕртӕ хатты зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ+. 62  Ӕмӕ ӕддӕмӕ рацыди ӕмӕ тынг ныккуыдта+. 63  Йесойӕ та, чи йӕ хъахъхъӕдта, уыдон райдыдтой хынджылӕг кӕнын+ ӕмӕ йӕ+ цавтой+. 64  Йӕ цӕсгом ын бамбӕрзтой ӕмӕ йӕ фарстой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд нын ӕй зӕгъ, чи дӕ ныццавта?»+ 65  Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр бирӕ ӕндӕр фауӕн ныхӕстӕ фӕдзырдтой+. 66  Куы сбон, уӕд хистӕр лӕгтӕ иууылдӕр – сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ – сӕмбырд сты+ ӕмӕ йӕ бакодтой Сӕйраг тӕрхондоны галуанмӕ ӕмӕ йын загътой+: 67  «Кӕд Чырысти+ дӕ, уӕд нын ӕй зӕгъ». Фӕлӕ сын уый загъта: «Куы уын ӕй зӕгъон, уӕддӕр уӕ нӕ бауырндзӕн+. 68  Стӕй уӕ куы бафӕрсон, уӕддӕр мын дзуапп нӕ ратдзыстут+. 69  Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт+ баддзӕн Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы+ рахиз фарс*»+. 70  Ӕмӕ йӕ уӕд се ’ппӕт дӕр бафарстой: «Уӕдӕ Хуыцауы Фырт ды дӕ?» Уый сын дзуапп радта: «Уӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъут»+. 71  Уыдон та загътой: «Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы?+ Йӕхи дзыхӕй йын ӕй куы фехъуыстам!»+

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «уазджыты уат».
Комк. «сахат».
Комк. «баддзӕн Хуыцауы хъаруйы рахиз цонджы фарсмӕ».