Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ИУӔНДӔСӔМ СӔР

Уыди къӕрцхъус ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зыдта

Уыди къӕрцхъус ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зыдта

1, 2. Илийайы цавӕр хъуыддаг хъуыд бакӕнын ӕмӕ Ахавимӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой?

ИЛИЙАЙЫ тынг фӕнды иунӕгӕй аззайын ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдимӕ аныхас кӕнын. Фӕлӕ йӕ разы ис дуне адӕм. Уыдон гыццыл раздӕр сӕхи цӕстӕй федтой, ӕцӕг Хуыцауы пехуымпары ныхасмӕ гӕсгӕ арвӕй арт куыд ӕрцыд, уый, ӕмӕ ныр бирӕты фӕнды Илийайы зӕрдӕ балхӕнын. Цалынмӕ Илийа Кармилы хохмӕ бӕрзонддӕр ссӕуа ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ скува, уӕдмӕ уал ӕй хъӕуы иу хъуыддаг саразын. Хъуамӕ аныхас кӕна паддзах Ахавимӕ, кӕд ын уый афтӕ ӕхсызгон нӕу, уӕддӕр.

2 Ацы дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Ахавӕн йӕ уӕлӕ уыд паддзахы уӕлӕдарӕс, Илийайыл та – пехуымпартӕ кӕй дардтой, ахӕм хуымӕтӕг дарӕс. Уыцы дарӕс-иу конд уыд цӕрмттӕй кӕнӕ теуайы йе та сӕгъы хъуынӕй. Ахав уыди зыд ӕмӕ кӕрӕф, стӕй уыди лӕмӕгъ адӕймаг, уайтагъд-иу иннӕты зондыл ацыд, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауы дӕр ныууагъта. Илийа та уыд тынг хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион, стӕй фидар уырнындзинады хицау. Цавӕр адӕймӕгтӕ уыдысты, уый уыцы бон хорз рабӕрӕг.

3, 4. а) Уыцы бон Ахавӕн ӕмӕ Ваалы кувджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр худинаджы бон цӕмӕн уыд? ӕ) Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Уыцы бон Ахавӕн ӕмӕ Ваалы кувджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр уыд худинаджы бон. Ахав ӕмӕ йӕ ус Йезавел Израилы дӕсмыггаг паддзахад бафтыдтой уыцы мӕнг хуыцауӕн кувыныл. Ӕмӕ ныр уыцы динӕн йӕ митӕ хурмӕ хаст ӕрцыдысты. Иууылдӕр ӕй федтой, Ваал мӕнг хуыцау кӕй уыд. Ау, кӕд удӕгас хуыцау уыди, уӕд куыд нӕ фехъуыста, йӕ пехуымпартӕ йӕм ӕрраты хъӕр куыд кодтой, уый ӕмӕ сын сӕ нывондхӕссӕныл арт куыд нӕ ссыгъта? Кафгӕ дӕр ма куы кодтой ӕмӕ ма сӕ туг дӕр куы рауагътой! Ӕмӕ стӕй уыцы 450 пехуымпары куы мардтой, уӕд сӕ Ваал куыд нӕ фервӕзын кодта? Фӕлӕ ма уыцы мӕнг хуыцауӕн ноджыдӕр иу хъуыддаг нӕ баци йӕ бон, ӕмӕ уый кӕронмӕ сбӕлвырд кӕнынмӕ дӕр бирӕ нал хъуыди. Ваалы пехуымпартӕ ӕртӕ азӕй фылдӕр сӕ хуыцауӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕ зӕххыл хус рӕстӕгӕн кӕрон скодтаид. Фӕлӕ уый йӕ бон нӕ баци. Йегъовӕ та тагъд кӕрон скӕндзӕн хус рӕстӕгӕн ӕмӕ афтӕмӕй равдисдзӕн, ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый (1 Пад. 16:30–17:1; 18:1–40).

4 Фӕлӕ Йегъовӕ уый кӕд хъуамӕ бакодтаид? Илийа та уӕдмӕ цы арӕзта? Ӕмӕ нын ацы адӕймаджы фидар уырнындзинад фӕзминаг цӕмӕй у? Цӕй ӕмӕ ацы хабӕрттӕм лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 18:41–46.)

Хуыцаумӕ куывта

5. Илийа Ахавӕн цы загъта ӕмӕ, уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй Ахав истӕуыл сахуыр?

5 Уыцы хабӕртты фӕстӕ Илийа Ахавӕн загъта: «Ацу, хӕр ӕмӕ нуаз, уымӕн ӕмӕ тӕрккъӕвдайы уынӕр хъуысы». Цымӕ, уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй ацы ӕнаккаг паддзах истӕуыл сахуыр? Библийы уый тыххӕй бӕлвырдӕй ницы ис фыст, фӕлӕ дзы афтӕ дӕр нӕ кӕсӕм, ӕмӕ Ахав ӕрфӕсмон кодта кӕнӕ Илийайӕн загъта, мӕн тыххӕй-ма Йегъовӕмӕ скув, цӕмӕй мын ныххатыр кӕна, зӕгъгӕ. Ӕрмӕст дзы фыст ис, Ахав минас кӕнынмӕ кӕй ацыд (1 Пад. 18:41, 42). Илийа та куыд бакодта?

6, 7. Илийа цӕй тыххӕй куывта ӕмӕ цӕмӕн?

6 «Илийа та Кармилы хохы цъупмӕ ссыд, уым зӕххыл йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йӕ сӕр йӕ дыууӕ уӕраджы астӕу бакодта». Ахав йӕхи бафсадынмӕ куы ацыд, уӕд Илийайӕн фӕзынд йӕ уӕларвон Фыдмӕ скувыны фадат. Дӕ хъус-ма ӕрдар, куыд сӕрныллӕгӕй куывта, уымӕ – йӕ уӕрджытыл лӕууы ӕмӕ йӕ сӕр афтӕ ныллӕг ӕруагъта, ӕмӕ суанг йӕ уӕрджытыл ӕндзӕвы. Цымӕ цӕй тыххӕй куывта? Уый дӕр ис базонӕн. Иаковы 5:18 стихы куыд фыст ис, афтӕмӕй Илийа куывта, цӕмӕй хус рӕстӕг фӕуыдаид. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, куы куывта, уӕд уыди Кармилы хохы цъуппыл.

Илийайы куывдтытӕй бӕрӕг у, зӕрдиагӕй йӕ кӕй фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст уыдаид

7 Уый размӕ Йегъовӕ загъта: «Ӕз хъуамӕ зӕххыл къӕвда рауадзон» (1 Пад. 18:1). Уӕдӕ Илийа куывта, цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон сӕххӕст уыдаид. Уымӕй иу мины азы бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо дӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ кувын ахуыр кодта (Матф. 6:9, 10).

8. Илийа куыд куывта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8 Илийа куыд куывта, уымӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Уый сӕйраджыдӕр хъуыды кодта, Хуыцауы фӕндон куыд сӕххӕст уыдаид, ууыл. Мах дӕр-иу Хуыцаумӕ кувгӕйӕ нӕ зӕрдыл дарӕм иу хъуыддаг: «Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауӕн нӕ куывдтытӕ ӕхсызгон уой, уый тыххӕй хъуамӕ хорз зонӕм, йӕ фӕндон цы у, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ Библи алы бон дӕр ахуыр кӕнӕм. Хус рӕстӕг фӕуыдаид, уый ма Илийайы ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕр фӕндыд. Уый уыдта, уыцы азты йӕ адӕм цас фыдӕбӕттӕ бавзӕрстой. Ӕмӕ уыцы бон Йегъовӕ ахӕм стыр диссаг куы сарӕзта, уӕд дзы куыд бузныг уыдаид. Мах дӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ куывдтытӕй бӕрӕг уа, Хуыцауӕй тынг бузныг кӕй стӕм ӕмӕ иннӕтыл дӕр кӕй тыхсӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:11; Филиппӕгтӕм 4:6.)

Фидарӕй йӕ уырныдта ӕмӕ уыди къӕрцхъус

9. Илийа йӕ лӕггадгӕнӕгӕн цы аразын кодта? Цавӕр дыууӕ миниуӕгыл аныхас кӕндзыстӕм?

9 Илийа ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ хус рӕстӕгӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ кӕд, уый бӕлвырдӕй нӕ зыдта. Уӕдӕ уӕдмӕ цы арӕзта? Мӕнӕ куыд фыст ис Библийы: «Стӕй йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта: „Уӕлдӕр-ма ссу ӕмӕ-ма денджызы ’рдӕм акӕс“. Уый дӕр ссыд, акаст ӕмӕ загъта: „Ӕппындӕр дзы ницы ис“. Ӕмӕ та йын Илийа загъта: „Цу, ногӕй та акӕс“, ӕмӕ афтӕ – авд хатты» (1 Пад. 18:43). Илийа нын фӕзминаг у ӕппынкъаддӕр дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ йӕ фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ хус рӕстӕгӕн ӕнӕмӕнг кӕрон кӕй скӕндзӕн. Дыккаг та уый, ӕмӕ уыди къӕрцхъус.

Илийа зӕрдиагӕй агуырдта бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕ тагъд архайын кӕй райдайдзӕн, уымӕн

10, 11. а) Илийа куыд равдыста, Йегъовӕйы ныхасыл фидарӕй кӕй ӕууӕндыд? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ у махӕн дӕр нӕ бон Хуыцауыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндын?

10 Йегъовӕйы ныхас кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый Илийайы фидарӕй уырныдта. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕрдиагӕй агуырдта бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕ тагъд архайын кӕй райдайдзӕн, уымӕн. Йӕ лӕггадгӕнӕджы арвыста, цӕмӕй бӕрзонд ранмӕ ссыдаид ӕмӕ акастаид, ницы ма зыны, зӕгъгӕ. Лӕггадгӕнӕг куы ’рбаздӕхт, уӕд Илийайӕн хорзӕй ницы загъта. Денджызы ’рдыгӕй дӕр ницы зынд ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, арвыл дӕр иу мигъ дӕр нӕ уыд. Уый дӕм ӕнахуыр нӕ кӕсы? Хъуыды йӕ кӕныс, Илийа паддзах Ахавӕн куыд загъта, «тӕрккъӕвдайы уынӕр хъуысы», зӕгъгӕ? Ӕмӕ мигътӕн сӕ кой дӕр куы никуы уыд, уӕд йӕ бон куыд уыди афтӕ зӕгъын?

11 Илийа зыдта, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Йегъовӕйы пехуымпар кӕй уыд ӕмӕ йӕ номӕй кӕй дзырдта, уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Хуыцау йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Илийайы уый афтӕ фидарӕй уырныдта, цыма ныр дӕр къӕвдайы уынӕр хъуыста. Ацы хабар кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууынц, Библийы Моисейы тыххӕй цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон: «Уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ». Ды дӕр Хуыцауыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндыс, цыма йӕ уынгӕ кӕныс? Йегъовӕ бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта, цӕмӕй йын йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл дӕр фидарӕй ӕууӕндӕм (Дзут. 11:1, 27).

12. Илийа къӕрцхъус кӕй уыди, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? Иу гыццыл мигъ кӕй фӕзынд, уый куы фехъуыста, уӕд куыд бакодта?

12 Ныр та ӕркӕсӕм, Илийа куыд къӕрцхъус уыд, уымӕ. Йӕ лӕггадгӕнӕджы та фӕстӕмӕ арвыста, ӕмӕ иу кӕнӕ дыууӕ хатты дӕр нӕ, фӕлӕ авд хатты! Хӕрзаг, лӕггадгӕнӕг уымӕй ратыхсти. Фӕлӕ Илийа уӕддӕр йӕ хъус дардта, къӕвда кӕй ӕрбацӕуы, уый бӕрӕггӕнӕнмӕ. Ӕппынфӕстаг, ӕвдӕм хатты фӕстӕ, йӕ лӕггадгӕнӕг фӕхабар кодта: «Денджызӕй ссӕуы гыццыл мигъ, адӕймаджы армыйас». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, лӕггадгӕнӕг йӕ къух куыд радардта ӕмӕ куыд амоны, Стыр денджызы ’рдыгӕй цы мигъ ссӕуы, уый куыд гыццыл у, уый. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы мигъ лӕггадгӕнӕгӕн ницӕуыл дзурӕг уыд. Фӕлӕ Илийамӕ хуымӕтӕг мигъ нӕ фӕкаст. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгӕн уайтагъд загъта: «Цу ӕмӕ Ахавӕн афтӕ зӕгъ: „Бӕхтӕ аифтындз ӕмӕ цӕугӕ кӕн, цӕмӕй дӕ тӕрккъӕвда ма ӕрӕййафа!“» (1 Пад. 18:44).

13, 14. а) Илийа куыд къӕрцхъус уыд, уымӕй йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын? ӕ) Абон ӕвӕстиатӕй цӕмӕн хъуамӕ архайӕм?

13 Илийа та ацы хъуыддаджы дӕр диссаджы цӕвиттон ныууагъта. Мах дӕр ахӕм рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ тагъд Хуыцау архайын райдайдзӕн, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна. Илийа ӕнхъӕлмӕ каст, хус рӕстӕг кӕд фӕуыдзӕн, уымӕ. Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ та, ацы сӕфт дунейӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц (1 Иоан. 2:17). Фӕлӕ цалынмӕ Йегъовӕ Хуыцау архайын нӕ райдыдта, уӕдмӕ хъуамӕ Илийайау къӕрцхъус уӕм. Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Матф. 24:42). Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ӕппындӕр ницы зондзысты, кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй? Нӕ, уымӕн ӕмӕ бӕстон бамбарын кодта, кӕроны размӕ дуне цы уавӕры уыдзӕн, уый. Не ’ппӕт дӕр нӕхи цӕстӕй уынӕм, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ», уый цы хабӕрттӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, уыдон, кӕнӕ кӕроны нысан. (Бакӕс Матфейы 24:3–7.)

Илийайӕн иу гыццыл мигъ дӕр фаг уыди, цӕмӕй йӕ фидарӕй бауырныдтаид, Йегъовӕ тагъд архайын кӕй райдайдзӕн. Фӕстаг бонты нысан кӕй ӕххӕст кӕны, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъӕуы ӕвӕстиатӕй архайын

14 Уыцы нысаны алы хай дӕр у фидар бӕлвырдгӕнӕн, кӕрон тагъд кӕй уыдзӕн, уымӕн. Ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ нын фаг сты, цӕмӕй Йегъовӕйы хъуыддаджы ӕвӕстиатӕй архайӕм? Денджызӕй цы гыццыл мигъ сцӕйцыд, Илийайӕн уый дӕр фаг уыди, цӕмӕй йӕ фидарӕй бауырныдтаид, Йегъовӕ тагъд архайын кӕй райдайдзӕн. Цымӕ уыцы иузӕрдион пехуымпар фӕфыдӕнхъӕл?

Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕ

15, 16. Иу иннӕйы фӕдыл цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд ӕмӕ Илийа Ахавы тыххӕй цы хъуыды кодтаид?

15 Библийы фыст ис: «Уӕдмӕ сау мигътӕ арв ӕрбамбӕрзтой, дымгӕ сыстад ӕмӕ къӕвда ныккалдта. Ахав та бӕхуӕрдоныл Изреелмӕ фӕцӕйцыд» (1 Пад. 18:45). Хабӕрттӕ иу иннӕйы фӕдыл афтӕ тагъд цыдысты, ӕмӕ диссаг. Цалынмӕ Илийайы лӕггадгӕнӕг йӕ хицауы ныхас Ахавмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ арвыл уыцы гыццыл мигъы бӕсты фӕзынд бирӕ мигътӕ, арв ӕрбамбӕрзтой ӕмӕ бӕстӕ ӕрбаталынг. Стӕй тыхджын дымгӕ сыстад. Ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй, ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ, Израилы зӕхх доны хъӕстӕ фӕци! Хурсыгъд зӕхх къӕвдайы ӕртӕхтӕ зыдӕй ныхъуырдта. Сӕх-сӕхӕй куы ныккалдта, уӕд Кисоны цӕугӕдон раивылд ӕмӕ Ваалы пехуымпарты туг аласта, фӕд дӕр дзы нал ныууагъта. Ӕгоммӕгӕс израилӕгтӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд фадат, цӕмӕй сӕ зӕхх ссыгъдӕг кодтаиккой – Ваалы динӕй фӕд дӕр мауал ныууагътаиккой.

«Къӕвда ныккалдта»

16 Илийайы ныфс куыннӕ уыдаид, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй бакӕндзысты! Чи зоны, хъуыды кодта, цы диссаджы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон Ахавыл куыд фӕзындзысты, зӕгъгӕ. Цымӕ ӕрфӕсмон кӕндзӕн ӕмӕ Ваалыл йӕ къух сисдзӕн, цӕмӕй уыцы динӕй йӕхи мауал чъизи кӕна? Уыцы бон цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон фенгӕйӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ куыннӕ хъуамӕ ныууагътаид! Мах ӕй нӕ зонӕм, Ахав уыцы рӕстӕг цӕуылты хъуыды кодта. Библийы ӕрмӕст кӕсӕм, паддзах «бӕхуӕрдоныл Изреелмӕ фӕцӕйцыд», зӕгъгӕ. Цымӕ йӕм исты бахъардта? Цымӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, дарддӕр афтӕ цӕрӕн нал ис, зӕгъгӕ? Рӕстӕг куыд равдыста, афтӕмӕй ницы фӕивта. Фӕлӕ уыцы бон нӕма фӕци нӕдӕр Ахавӕн, нӕдӕр Илийайӕн.

17, 18. а) Илийа Изреелмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл цы ’рцыд? ӕ) Илийа Кармилӕй Изреелмӕ кӕй фезгъордта, уый диссаг цӕмӕн у? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

17 Йегъовӕйы пехуымпар Ахавы фӕдыл араст. Йӕ балц ӕнцон нӕ уыд – хъуыди йӕ уыцы талынджы хуылыдз фӕндагыл дард цӕуын. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд диссаг.

18 «Илийайыл уыд Йегъовӕйы къух, ӕмӕ Илийа, йӕ дарӕсы фӕдджитӕ йӕ роны атъыста, афтӕмӕй суанг Изреелмӕ Ахавы разӕй лыгъд» (1 Пад. 18:46). Бӕрӕг у, Илийайӕн «Йегъовӕйы къух» диссаджы хуызы кӕй ӕххуыс кодта. Изреелмӕ хъуыди 30 километры бӕрц цӕуын, стӕй Илийа ӕрыгон лӕппу нал уыд *. Ӕмӕ-ма уыцы ныв дӕ цӕстытыл ауайын кӕн: пехуымпар йӕ даргъ уӕлӕдарӕсы фӕдджитӕ йӕ роныл абаста, цӕмӕй йын йӕ къӕхтыл ма тыхсой, ӕмӕ фезгъоры лӕхъир фӕндагыл. Афтӕ тагъд згъоры, ӕмӕ паддзахы бӕхуӕрдон баййӕфта ӕмӕ ма йӕ разӕй дӕр фӕци.

19. а) Хуыцау Илийайы хъарутӕ кӕй бауагъта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цавӕр пехуымпарӕдтӕ ӕрлӕууы? ӕ) Илийа Изреелмӕ куы згъордта, уӕд фидарӕй цы зыдта?

19 Уый Илийайӕн стыр арфӕдзинад куыннӕ уыди! Хӕрзаг йӕ дисӕн кӕрон нал уыд – де уӕнгты ахӕм тых, ахӕм хъару бацӕуӕд! Ӕвӕццӕгӕн ӕм ӕрыгонӕй дӕр нӕ уыди ахӕм тыхтӕ. Ацы хабарыл хъуыдыгӕнгӕйӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый – зӕххыл Дзӕнӕты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, низ цы у, уый зонгӕ дӕр нал кӕндзысты ӕмӕ уыдзысты хъаруджын, уӕнгрог. (Бакӕс Исайы 35:6; Лук. 23:43). Илийа уыцы уарыны куы згъордта, уӕд ӕй фидарӕй зыдта, йӕ уӕларвон Фыд иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕ дзы кӕй райы!

20. Цы хъӕуы аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уӕм?

20 Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй нын арфӕ кӕна. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй нӕ цыфӕнды ма бахъӕуа саразын, уӕддӕр. Ацы тӕссаг фӕстаг бонты мах дӕр хъуамӕ уӕм къӕрцхъус – хъуамӕ арф хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕ тагъд архайын кӕй райдайдзӕн, уымӕн цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдоныл. Илийайау махӕн дӕр нӕ бон у «рӕстдзинады Хуыцау» Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй ӕууӕндын (Пс. 31:5).

^ 18 абз. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Йегъовӕ Илийайӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Елисейы пехуымпары куыстыл сахуыр кодтаид. Елисейы тыххӕй та Библийы фыст ис, «Илийайы къухтыл-иу дон... кодта», зӕгъгӕ (2 Пад. 3:11). Елисей уыд Илийайы лӕггадгӕнӕг ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ацӕргӕ пехуымпарӕн кӕстӕриуӕг кодта.