Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ЦЫППӔРДӔСӔМ СӔР

Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл

Сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл

1. Ионӕ цавӕр балцы араст ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ цӕуыл уыдысты?

ИОНӔЙӔН бирӕ рӕстӕг ис ахъуыды кӕнынӕн. Йӕ балц цыбыр балц нӕу, хъӕуы йӕ 800 километры бӕрц цӕуын. Фӕндагыл бахъӕудзӕн иу мӕй кӕнӕ фылдӕр. Фыццаг уал ӕй равзарын хъуыд, кӕуылты ацӕудзӕн, уый – цыбыр фӕндагыл ӕви, даргъдӕр, фӕлӕ ӕдасдӕр чи у, уыцы фӕндагыл. Ӕмӕ стӕй араст. Бахъуыд ӕй бирӕ хӕхтӕ ӕмӕ кӕмттыл ахизын. Ӕвӕццӕгӕн, Сирийы ӕдзӕрӕг быдыры иувӕрсты ацыд ӕмӕ ахызт стыр цӕугӕдӕтты сӕрты, зӕгъӕм, Евфраты сӕрты. Кӕм бахсӕвиуат кодтаид, ахӕм бынат-иу ссардта Сири, Месопотами ӕмӕ Ассирийы горӕтты ӕмӕ хъӕуты ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕн. Бонтӕ цыдысты, ӕмӕ Ионӕ размӕ цал къахдзӕфы кодта, уыйас хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ тынг кӕмӕй тарст, уыцы горӕт Ниневимӕ.

2. Ионӕ куыдӕй бамбӕрста, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕй йӕ бон алидзын кӕй нӕу?

2 Ионӕ иу хъуыддаг зыдта бӕлвырд: йӕ бон нӕу фӕстӕмӕ раздӕхын ӕмӕ йын Йегъовӕ цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕй алидзын. Иу хатт бакодта афтӕ, фӕлӕ йын дзы ницы рауад. Амӕйразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ Ионӕйӕн фӕразонӕй зонд амыдта. Денджызы тыхдымгӕ сыстын кодта, уый фӕстӕ Ионӕйы стыр кӕсагӕн аныхъуырын кодта ӕмӕ йӕ афтӕмӕй диссаджы хуызы мӕлӕтӕй фервӕзын кодта. Ӕртӕ боны фӕстӕ йӕ уыцы кӕсаг удӕгасӕй былмӕ раппӕрста. Ионӕйыл цы ӕрцыд, уыдӕттӕ йӕ дисы бафтыдтой ӕмӕ сси коммӕгӕсдӕр ӕмӕ сӕрныллӕгдӕр (Ионӕ, 1 ӕмӕ 2 сӕр).

3. Йегъовӕ цавӕр миниуӕг равдыста, фӕлӕ нӕ уӕддӕр цавӕр фарстамӕ хъӕуы ӕркӕсын?

3 Йегъовӕ дыккаг хатт Ионӕйӕн куы бахӕс кодта, цӕмӕй Ниневимӕ ацыдаид, уӕд ӕм байхъуыста ӕмӕ скӕсӕнырдӕм араст. (Бакӕс Ионӕйы 3:1–3.) Фӕлӕ, цымӕ, Ионӕ йӕ зондахаст бынтондӕр фӕивта? Йегъовӕ йӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста, нӕ бауагъта, цӕмӕй денджызы йӕ мӕлӕт ссардтаид. Йӕ хивӕнд мийы тыххӕй йӕ нӕ бафхӕрдта ӕмӕ ма йын ноджыдӕр иу фадат радта, цӕмӕй, цы хъуыддаг ын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кодтаид. Цымӕ ӕппӕт уыцы хабӕртты фӕстӕ бамбӕрста, йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уа? Ӕнӕххӕст адӕмӕн арӕх ӕнцон нӕ вӕййы уыцы миниуӕгыл ахуыр кӕнын. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Ионӕ йе ’взӕр миниуджытимӕ куыд тох кодта ӕмӕ уымӕй мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уымӕ.

Тӕрхоны хабар сӕ зӕрдӕмӕ айстой

4, 5. Йегъовӕ Ниневи «стыр горӕт» цӕмӕн хуыдта ӕмӕ уымӕй цы ис базонӕн, цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй?

4 Ионӕ горӕт Ниневимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй нӕ касти. Библийы фыст ис: «Ниневи... Хуыцауы цӕсты стыр горӕт уыд» (Ионӕ 3:3). Ионӕ йӕ чиныджы куыд ныффыста, афтӕмӕй Йегъовӕ Ниневи ӕртӕ хатты схуыдта «стыр горӕт» (Ионӕ 1:2; 3:2; 4:11). Цымӕ Йегъовӕйы цӕсты Ниневи стыр горӕт цӕмӕн уыд? Афтӕ тынг ын цӕмӕн аргъ кодта?

5 Ниневи уыди, Нимрод Доны хъаймӕты фӕстӕ фыццаг кӕй сарӕзта, уыцы рагон горӕттӕй иу. Ниневи ӕмӕ йӕ алыварс цы горӕттӕ уыд, уыдонӕй иумӕ рауад стыр горӕт ӕмӕ сӕ иумӕйагӕй хуыдтой Ниневи. Йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ уыди ӕртӕ боны цыд (Райд. 10:11; Ионӕ 3:3). Ниневи адӕймаджы дисы ӕфтыдта йе стыр кувӕндӕттӕй, йӕ фидар къултӕй ӕмӕ ӕндӕр рӕсугъд агъуыстытӕй. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы горӕтӕн ахӕм стыр аргъ уыдӕтты тыххӕй нӕ кодта. Цы адӕм дзы цард, уыдон ын уыдысты зынаргъ. Иннӕ горӕттимӕ абаргӕйӕ дзы тынг бирӕ адӕм цард. Ӕмӕ кӕд уыцы адӕм ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уӕддӕр сӕм Йегъовӕ уазал цӕстӕй нӕ каст. Хуыцауы цӕсты адӕймаджы цард зынаргъ у, стӕй зоны, алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй у ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ, раст цы у, уый аразын райдайын.

Ионӕ федта, Ниневийы цӕрджытӕ алы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кӕй кодтой

6. а) Ионӕ Ниневимӕ куы бацыд, уӕд ноджы тынгдӕр цӕмӕн старстаид? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Ионӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, Ниневийы кӕй хъусын кодта, уымӕй?

6 Ӕппынфӕстаг Ионӕ Ниневимӕ куы бацыд ӕмӕ дзы цас адӕм цӕры, уый куы федта, уӕд ноджы тынгдӕр куыннӕ старстаид – царди дзы 120 000 адӕймагӕй фылдӕр *. Ионӕ горӕты иу бон фӕцыд, цалынмӕ горӕты астӕумӕ нӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, йӕхицӕн хорз бынат агуырдта, цӕмӕй уырдыгӕй Хуыцауы тӕрхон хъусын кодтаид. Цымӕ уыцы адӕмимӕ цавӕр ӕвзагыл дзырдта? Мыййаг ӕй ассириаг ӕвзаг ахуыр кӕнын бахъуыд? Ӕви йӕ Йегъовӕ диссаджы хуызы сдзурын кодта уыцы ӕвзагыл? Уый бӕлвырдӕй нӕ зонӕм. Чи зоны, Ионӕ дзырдта йӕ мадӕлон дзуттаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕ чидӕр та тӕлмац кодта. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр иу хъуыддаг у бӕрӕг – йӕ ныхас уыд цыбыр, стӕй карз. Ионӕ дзырдта: «Цыппор боны ма, ӕмӕ Ниневи пырх ӕрцӕудзӕн» (Ионӕ 3:4). Ионӕ уыцы ныхӕстӕ дзырдта ныфсджынӕй, стӕй иу хатт дӕр нӕ. Афтӕмӕй Ионӕ равдыста диссаджы хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидар уырнындзинад. Ӕмӕ уыцы миниуджытӕ чырыстӕтты дӕр абон куыд хъӕуынц, афтӕ никуы.

Ионӕйы ныхас уыд цыбыр, стӕй карз

7, 8. а) Ниневийы цӕрджытӕ Ионӕйы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? ӕ) Ионӕйы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ Ниневийы паддзах куыд бакодта?

7 Ионӕ куы дзырдта, уӕд-иу адӕм ӕрлӕууыдысты, гъа-ма, цы дзуры, зӕгъгӕ. Ионӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ уыцы ӕгъатыр адӕм акъабӕзтӕ кӕндзысты. Фӕлӕ диссагӕй цы кӕныс – йӕ ныхӕстӕ йын сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой! Цы хабар дзырдта, уый цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕнӕхъӕн горӕтыл айхъуыст. Горӕты цӕрджытӕ Хуыцауы тӕрхоны йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕйуал кой кодтой. (Бакӕс Ионӕйы 3:5.) Хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, стырӕй-чысылӕй, нӕлгоймагӕй-сылгоймагӕй – се ’ппӕт дӕр ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ ком дардтой. Уыцы хабар уайтагъд паддзахмӕ бахӕццӕ.

Ниневийы хъусын кӕнынӕн Ионӕйы хъуыди хъӕбатырдзинад ӕмӕ уырнындзинад

8 Ӕмӕ паддзах дӕр Ионӕйы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ арф айста. Хуыцауӕй дзы тас бацыд ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кодта. Йӕ паддзахбадӕнӕй сыстад, йӕ хъӕздыг дарӕс раласта ӕмӕ уый дӕр йӕ адӕмау йӕ уӕлӕ хъисын скодта ӕмӕ ма суанг фӕнычы дӕр сбадт. Ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытимӕ бардзырд радта, цӕмӕй иууылдӕр ком дарой. Хъуамӕ адӕм сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ фосыл дӕр хъисын ӕркодтаиккой *. Паддзах сӕрныллӕгӕй басаст, йӕ адӕм бирӕ ӕвзӕрдзинад ӕмӕ бирӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕзтой, ууыл. Ныфс ӕй уыди, ӕцӕг Хуыцау сын кӕй фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый куы фена, уӕд. Уый загъта: «Кӕд... ӕцӕг Хуыцау... йӕ судзгӕ маст бауромид, ӕмӕ нӕ фесӕфиккам» (Ионӕ 3:6–9).

9. Иуӕй-иутӕ цӕуыл дызӕрдыг кӕнынц? Раст кӕй нӕ хъуыды кӕнынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

9 Иуӕй-иутӕ дызӕрдыг кӕнынц, Ниневийы цӕрджытӕ афтӕ тагъд кӕй ӕрфӕсмон кодтой, ууыл. Фӕлӕ библииртасӕг ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕды заманты адӕм алцӕуыл дӕр ӕууӕндыдысты, ӕмӕ-иу исты куы фехъуыстой, уӕд-иу хъуыды нӕ акодтой, афтӕмӕй архайынмӕ фесты. Стӕй Йесо Чырысти дӕр дзырдта, ниневиӕгтӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый тыххӕй. (Бакӕс Матфейы 12:41.) Ӕмӕ Йесо та, цӕй кой кодта, уый хорз зыдта, уымӕн ӕмӕ Ионӕйы рӕстӕджы уӕлӕрвты уыд ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй уыдта (Иоан. 8:57, 58). Уӕдӕ нӕм адӕймаг цыфӕнды ӕвзӕр, цыфӕнды ӕгъатыр ма кӕса, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, уый никуы фӕивдзӕн, зӕгъгӕ. Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ зоны.

Хуыцау у фӕлмӕнзӕрдӕ, адӕймаг – карз

10, 11. а) Ниневийы цӕрджытӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст? ӕ) Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ, Йегъовӕ ниневиӕгтӕн тӕрхон кӕй рахаста, уымӕй нӕ фӕрӕдыд?

10 Ниневийы цӕрджытӕ кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракаст? Фӕстӕдӕр Ионӕ йӕ чиныджы ныффыста: «Ӕцӕг Хуыцау сын федта сӕ хъуыддӕгтӕ, федта, се ’взӕр фӕндагӕй кӕй раздӕхтысты, уый, ӕмӕ фӕфӕсмон кодта, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыд, ууыл ӕмӕ сыл ӕй нал ӕруагъта» (Ионӕ 3:10).

11 Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ фӕрӕдыд, Ниневийӕн тӕрхон кӕй рахаста, уымӕй? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Библи нын ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕны. (Бакӕс Дыккаг закъон 32:4.) Йегъовӕ ниневиӕгтӕм нал мӕсты кодта, уымӕн ӕмӕ федта, зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ иугӕр ӕрфӕсмон кодтой, уӕд сӕ ӕфхӕрын нал хъуыд. Ныр сӕм хъуыди фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисын.

12, 13. а) Йегъовӕ ӕгӕр бирӕ кӕй никуы фӕдомы, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ йӕ хъуыды фӕивынмӕ цӕттӕ кӕй вӕййы, уый цӕмӕй бӕрӕг у? ӕ) Цӕуылнӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, Ионӕ цы пехуымпарад загъта, уый мӕнг разынд?

12 Дины разамонджытӕ Хуыцауы тыххӕй цы фӕдзурынц, уымӕй афтӕ уайы, ӕмӕ Хуыцау у тызмӕг, дурзӕрдӕ ӕмӕ карз. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та Йегъовӕ ахӕм нӕу. Уый ӕгӕр бирӕ никуы фӕдомы, у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ цӕттӕ вӕййы йӕ хъуыды фӕивынмӕ. Фыдгӕнджытыл йӕ фыдӕх ныккалын куы сфӕнд кӕны, уӕд уал сӕм фыццаг арвиты йӕ адӕмы, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхсой. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй уыдон дӕр ниневиӕгтау ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой (Йез. 33:11). Йӕ пехуымпар Йеремийӕн афтӕ загъта: «Искӕцы адӕмы ӕмӕ паддзахады тыххӕй куы зӕгъон, бындзарӕй сӕ кӕй стондзынӕн, кӕй сӕ ныппырх кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ кӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ уыцы адӕм, цы фыдхъуыддӕгты ныхмӕ дзырдтон, уыдон куы ныууадзой, уӕд фӕфӕсмон кӕндзынӕн, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдтӕн, ууыл» (Йер. 18:7, 8).

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй фыдгӕнджытӕ ниневиӕгтау ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзой

13 Цымӕ, Ионӕ цы пехуымпарад загъта, уый мӕнг разынд? Нӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы пехуымпарад йӕ нысаныл сӕмбӕлд. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Ниневиӕгтӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ Ионӕ хъуамӕ бафӕдзӕхстаид. Ӕмӕ сӕ куы бафӕдзӕхста, уӕд се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Фӕлӕ та ногӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтыл куы бафтыдаиккой, уӕд сӕ уыцы тӕрхон ӕнӕмӕнг баййӕфтаид. Фӕстӕдӕр ӕцӕгдӕр афтӕ рауад (Соф. 2:13–15).

14. Йегъовӕ ниневиӕгтӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы равдыста, уӕд уымӕ Ионӕ цы цӕстӕй ракаст?

14 Ионӕ ӕнхъӕл кӕд уыд, уыцы рӕстӕг Ниневи куы нӕ ныппырх, уӕд уыцы хабармӕ цы цӕстӕй ракаст? Библийы фыст ис: «Ионӕйӕн уый уыди тынг хъыг, ӕмӕ мӕстӕй рафыхт» (Ионӕ 4:1). Куы куывта, уӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауимӕ афтӕ ныхас кодта, цыма йын уайдзӕф кодта! Ионӕ афтӕ, фӕлтау, дам, хӕдзары, мӕхи зӕххыл, куы баззадаин, ӕнӕуи дӕр, дам, ӕй зыдтон, Ниневи кӕй нӕ фесафдзынӕ ӕмӕ, дам, фыццаг хатт Фарсисмӕ дӕр уый тыххӕй алыгътӕн. Уый фӕстӕ ма Хуыцауӕй мӕлӕт дӕр куырдта, ахӕм царды бӕсты, дам, мӕлӕт хуыздӕр у. (Бакӕс Ионӕйы 4:2, 3.)

15. а) Ионӕ йӕхимӕ цӕмӕн ныхъхъуыста ӕмӕ цӕмӕн мӕсты кодта? ӕ) Йегъовӕ йӕ ныфссаст пехуымпарӕн куыд баххуыс кодта?

15 Ионӕ афтӕ тынг цӕуыл маст кодта? Уыцы рӕстӕг цӕуылты хъуыды кодта, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ бӕлвырд зонӕм уый, ӕмӕ, Ниневийӕн йе сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй дзырдта ӕппӕт адӕмы раз. Уыдон ын йӕ ныхӕстыл баууӕндыдысты, фӕлӕ Ниневийыл ницы ӕрцыд. Ӕмӕ, чи зоны, Ионӕ фӕтарст, куы йыл худой кӕнӕ йӕ мӕнг пехуымпар куы схоной, уымӕй. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр, адӕм кӕй ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ сын Йегъовӕ кӕй фӕтӕригъӕд кодта, ууыл нӕ цин кодта. Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын райдыдта ӕмӕ йӕ номӕн фӕтарсти, ныр мӕ цы ахъуыды кӕндзысты, зӕгъгӕ, ӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр мӕсты кодта. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау уыдта, йӕ ныфссаст пехуымпармӕ хорзӕй цы уыд, уый. Ӕмӕ йын афтӕ нӕ загъта, мемӕ афтӕ ныхас кӕнын куыд бауӕндыдтӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта, фӕлӕ йын йӕ митыл ахъуыды кӕнынӕн баххуыс кодта. Фӕлмӕнӕй йӕ бафарста: «Кӕй смӕсты дӕ, уый раст у?» (Ионӕ 4:4). Цымӕ йын Ионӕ исты дзуапп радта? Библи уый тыххӕй ницы дзуры.

16. Иуӕй-иутӕ Хуыцауимӕ разы цавӕр хъуыддӕгты нӕ вӕййынц ӕмӕ нын Ионӕйы хабар зондзонӕн куыд у?

16 Чи зоны, Ионӕйыл кӕмдӕр нӕ зӕрдӕ бахуда, цы митӕ кодта, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, ӕнӕххӕст адӕмӕн арӕх кӕй вӕййы афтӕ, ӕмӕ Хуыцауимӕ разы нӕ вӕййынц. Исты куы ’рцӕуы, уӕд иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Хуыцау, дам, уыцы бӕллӕх цӕмӕн ӕруагъта кӕнӕ, дам, фыдгӕнӕджы уайтагъд цӕуылнӕ ӕрцавта. Науӕд ма афтӕ дӕр фӕзӕгъынц, ацы дуне, дам, афонмӕ дӕр хъуамӕ раджы фесӕфтаид. Фӕлӕ нын Ионӕйы хабар у зондзонӕн: Йегъовӕимӕ разы куы нӕ вӕййӕм, уӕд уый нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр мах фӕхъӕуы нӕ хъуыды фӕивын.

Йегъовӕ Ионӕйӕн зонд бацамыдта

17, 18. а) Ионӕ Ниневийӕ куы ацыд, уӕд цы сарӕзта? ӕ) Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон Ионӕйыл куыд бандӕвтой?

17 Ионӕ Ниневийӕ ныфссастӕй ацыд, ӕрмӕст сӕхимӕ нӕ, фӕлӕ скӕсӕнырдӕм хӕхтӕм, цӕмӕй уырдыгӕй горӕтмӕ кастаид. Уым йӕхицӕн гыццыл халагъуд сарӕзта, сбадт ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдыдта, Ниневийыл цы ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн ма йӕ уӕддӕр ныфс уыд, Ниневи сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн. Цымӕ Йегъовӕ цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ хивӕнд лӕггадгӕнӕг фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл сахуыр уыдаид?

18 Ӕхсӕвы Йегъовӕ сзайын кодта куысыфтӕг. Ӕмӕ Ионӕ куы райхъал, уӕд кӕсы, ӕмӕ йӕ сӕрмӕ стыр сыфтӕрджын зайӕгой. Йӕ ӕнӕбары халагъудӕй йын уыцы зайӕгой стырдӕр аууон лӕвӕрдта. Ионӕмӕ та фӕстӕмӕ цӕрын ӕрцыд. Куысыфтӕгыл «тынг бацин кодта». Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, уыцы зайӕгой диссаджы хуызы кӕй фӕзынд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мӕ Хуыцау райгонд у ӕмӕ мын арфӕ кӕны. Фӕлӕ Йегъовӕ куысыфтӕг ӕрмӕст уый тыххӕй не сзайын кодта, цӕмӕй йын аууон уыдаид ӕмӕ мауал мӕсты кодтаид. Йегъовӕйы фӕндыд Ионӕйы зӕрдӕ бацагайын. Ӕмӕ уый тыххӕй иннӕ диссӕгтӕ дӕр сарӕзта. Фыццаг уал куысыфтӕг зулкъӕн бахӕрын кодта. Стӕй тӕвд «скӕсӕйнаг дымгӕ радымын кодта», ӕмӕ Ионӕйӕн уыцы тӕвды, «гыццыл ма бахъӕуа, йӕ зӕрдӕ бахъарм уыдаид». Ӕмӕ та ногӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ Хуыцауӕй мӕлӕт куырдта (Ионӕ 4:6–8).

19, 20. Йегъовӕ Ионӕимӕ куысыфтӕджы тыххӕй куыд ныхас кодта?

19 Йегъовӕ та Ионӕйы ногӕй бафарста, кӕй смӕсты дӕ, уый раст у, зӕгъгӕ. Ныр та, куысыфтӕг кӕй бахус, ууыл маст кодта. Ӕрфӕсмон кӕныны бӕсты Ионӕ йӕхи рӕстытӕ кӕнынмӕ фӕци. «Раст дӕн,– дзуапп ын радта Ионӕ.– Афтӕ смӕсты дӕн, ӕмӕ мӕм цӕрын дӕр нал цӕуы». Уый афон ӕрцыд, цӕмӕй йын Йегъовӕ бамбарын кодтаид, цы зӕгъинаг ын уыд, уый (Ионӕ 4:9).

Хуыцау куысыфтӕг сзайын кодта, цӕмӕй Ионӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл сахуыр кодтаид

20 Хуыцау Ионӕйӕн ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, ды тынг хъыг кӕныс, иу ӕхсӕвмӕ чи сзад, кӕй нӕ ныссагътай ӕмӕ кӕуыл нӕ фыдӕбон кодтай, уыцы куысыфтӕгыл. Ӕмӕ йӕ ныхасы кӕрон загъта: «Ӕмӕ уӕд ӕз куыннӕ хъуамӕ фӕтӕригъӕд кӕнон уыцы стыр горӕт Ниневийӕн, сӕдӕ дыууын мин адӕймагӕй дзы фылдӕр куы цӕры ӕмӕ рахиз къух галиу къухӕй куы нӕ хицӕн кӕнынц, стӕй ма дзы дуне фос дӕр куы ис, уӕд?» (Ионӕ 4:10, 11) *.

21. а) Куысыфтӕджы хабарӕй Йегъовӕйы Ионӕйӕн цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Ионӕйы хабар нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсынӕн?

21 Ӕмбарыс ӕй, Йегъовӕйы куысыфтӕджы хабарӕй цы зӕгъын фӕндыд? Ионӕ уыцы куысыфтӕгыл иу мур дӕр нӕ бафыдӕбон кодта. Йегъовӕ та уыцы ниневиӕгтӕн сӕ Царддӕттӕг уыди ӕмӕ сӕ цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уый дӕр сын лӕвӕрдта, зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоныл куыд тыхсы, афтӕ. Ау, Ионӕйӕн уыцы иу зайӕгой 120 000 адӕймагӕй ӕмӕ ма бирӕ фосӕй дӕр зынаргъдӕр куыд уыди? Цымӕ уый, ӕрмӕстдӕр йӕхи мӕт кӕй кодта, уый тыххӕй нӕ уыд афтӕ? Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд куысыфтӕгыл дӕр уымӕн маст кодта, ӕмӕ йын пайда уыди. Ниневи куы нӕ ныппырх, уӕд дӕр, мыййаг, уый тыххӕй не смӕсты, ӕмӕ, адӕмы цӕсты йӕ кад кӕй ӕрхаудзӕн, уымӕй тарст ӕмӕ, раст кӕй у, уый равдисын ӕй фӕндыд? Ионӕйы хабар нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мах дӕр нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсӕм ӕмӕ дзы цы ис, уый фенӕм. Иу дӕр нӕ афтӕ зӕгъдзӕн, ӕз мӕхи мӕт никуы фӕкӕнын, зӕгъгӕ? Йегъовӕ нӕ фӕразонӕй ахуыр кӕны, цӕмӕй бонӕй-бонмӕ кӕнӕм фӕлмӕнзӕрдӕдӕр, тӕригъӕдгӕнагдӕр ӕмӕ фылдӕр нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл хъуыды кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй уый хуызӕн уӕм. Уӕдӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм!

22. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Ионӕмӕ Йегъовӕйы зондамынд бахъардта? ӕ) Алкӕй дӕр нӕ цӕуыл хъӕуы ахуыр кӕнын?

22 Цымӕ Ионӕйӕн уыцы хабар ӕцӕгдӕр зондзонӕн фӕци? Йӕ чиныджы кӕрон цы фарста ис, уымӕн дзуапп фыст не ’рцыд. Иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Ионӕ уыцы фарстайӕн дзуапп нӕ радта. Фӕлӕ йын дзуапп ис – уый у Ионӕйы чиныг йӕхӕдӕг. Бӕлвырдгӕнӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй уыцы чиныг Ионӕ ныффыста. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: Ионӕ сӕхимӕ сӕрӕгасӕй ӕрыздӕхт. Азтӕ йыл рацыд, царды бирӕ цыдӕртӕ бамбӕрста, ныр ӕм сӕрныллӕгдзинад дӕр фылдӕр ис. Гъемӕ йӕ хабӕрттӕ фыссы ӕмӕ йӕ сӕр батилы, мӕнӕ куыд хивӕнд уыдтӕн ӕмӕ мӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинадӕн йӕ кой дӕр куыд нӕ уыди, зӕгъгӕ. Бӕрӕг у, Ионӕмӕ Йегъовӕйы зондамынд кӕй бахъардта – сахуыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл. Мах дӕр ууыл сахуыр уыдзыстӕм? (Бакӕс Матфейы 5:7.)

^ 6 абз. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уӕды рӕстӕджы дӕсмыггаг Израилы паддзахады сӕйраг горӕт Самарийы царди 20–30 мин адӕймаджы бӕрц – Ниневийӕн йӕ цыппӕрӕм хайӕ къаддӕр. Ниневи йӕ тыхы куы уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, зӕххыл уымӕй стырдӕр горӕт нӕ уыди.

^ 8 абз. Чи зоны, ацы хабар кӕмӕдӕр ӕнахуыр фӕкӕса, фӕлӕ-иу раджы заманты афтӕ дӕр кодтой. Грекъаг историк Геродот фыста, рагон персайнӕгтӕ иу зындгонд ӕфсӕддон хицауы мӕлӕтыл куы хъыг кодтой, уӕд дзы сӕ фос дӕр кӕй уыдысты.

^ 20 абз. Хуыцау афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, уыцы адӕм сӕ рахиз къух сӕ галиуӕй нӕ хицӕн кӕнынц, уымӕй бамбарын кодта, йӕ закъӕтты тыххӕй йын ӕппындӕр кӕй ницы зыдтой.