Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫУУЫНӔМ СӔР

«Уырны мӕ»

«Уырны мӕ»

1. Радзур, Марфӕ цы уавӕры уыд ӕмӕ цӕуыл маст кодта, уый тыххӕй.

МАРФӔЙЫЛ дуне баталынг. Йӕ цӕстытӕй нӕ хицӕн кӕны, йе ’фсымӕры йын зӕппадзы, лӕгӕты, куыд бавӕрдтой ӕмӕ йын йӕ бахизӕныл дур куыд бафӕлдӕхтой, уый. Ӕмӕ цыма йӕ зӕрдӕйыл дӕр раст ахӕм уазал ӕмӕ уӕззау дур ныффӕлдӕхт, ахӕм рыст ын кӕны. Йӕ зынаргъ ӕфсымӕр Лазӕр нал ис, уый йӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны. Йе ’фсымӕр цардӕй куы ахицӕн, уӕдӕй нырмӕ сӕм цыппар боны дӕргъы адӕм цӕуынц ӕмӕ цӕуынц. Уыдон дӕр сӕ хъыгыл хъыг кӕнынц ӕмӕ сын тӕфӕрфӕс ракӕнынц.

2, 3. а) Йесойы фенгӕйӕ Марфӕйы зӕрдӕйы цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд? ӕ) Марфӕ цавӕр ахсджиаг ныхӕстӕ загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕй цы у бӕрӕг?

2 Ӕмӕ ныр Марфӕйы раз лӕууы Лазӕрӕн йӕ хуыздӕр ӕмбал Йесо Чырысти. Фыццаг ӕй куы ауыдта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕйы хъӕдгом тынгдӕр срыст. Ӕнӕхъӕн дунейы ӕрмӕстдӕр Йесойы бон уыди йе ’фсымӕры фервӕзын кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр Марфӕйӕн кӕмдӕр фенцондӕр. Ам, Вифанийы хъӕугӕрон, иумӕ бирӕ нӕ алӕууыдысты, фӕлӕ та йын Йесойы фӕлмӕн цӕстӕнгас йӕ зӕрдӕ батавта. Йӕ рыст ын йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ дзы афтӕмӕй ныфс бауагъта. Йесо Марфӕмӕ цалдӕр фарстайы радта ӕмӕ йын уый фӕрцы йӕ хъуыдытӕ сарӕзта, ӕнӕуи дӕр цӕуыл ӕууӕндыд, уымӕ – мӕрдты райгасы хабармӕ. Ӕмӕ уӕд Марфӕ загъта йӕ царды ӕппӕты ахсджиагдӕр ныхӕстӕ: «Мӕн уырны, ды кӕй дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт, дунемӕ чи хъуамӕ ӕрцыдаид, уый» (Иоан. 11:27).

3 Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Марфӕ кӕй уыд диссаджы уырнындзинады хицау. Кӕд Библийы Марфӕйы тыххӕй уыйбӕрц ницы ис фыст, уӕддӕр йӕ хабарӕй бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн. Уӕдӕ уал ӕркӕсӕм, Марфӕйы кой Библийы фыццаг хатт кӕм цӕуы, уыцы хабармӕ.

«Цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс»

4. Марфӕйы бинонтӕ Йесомӕ цавӕр зӕрдӕ дардтой?

4 Уый уыд цалдӕр мӕйы размӕ Вифанийы. Уӕд ма Лазӕр сӕрӕгас ӕмӕ ӕнӕниз уыд. Лазӕр ӕмӕ йӕ хотӕ, Марфӕ ӕмӕ Марийӕ, ӕнхъӕлмӕ кастысты тынг кадджын уазӕгмӕ – Йесо Чырыстимӕ. Кӕд Лазӕр, Марфӕ ӕмӕ Марийӕ гыццылтӕ нал уыдысты, уӕддӕр се ’ртӕ дӕр иумӕ цардысты. Библииртасӕг ахуыргӕндтӕй чидӕртӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, ӕвӕццӕгӕн, Марфӕ се ’ппӕты хистӕр уыд, уымӕн ӕмӕ хӕдзары ӕфсины хӕстӕ йӕхимӕ иста. Стӕй, Библийы се ’ртӕйы кой кӕм цӕуы, уым иуӕй-иу рӕтты фыццаг уый ном ӕмбӕлы (Иоан. 11:5). Искӕмӕн дзы бинонтӕ уыд, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ бӕлвырд у, се ’ртӕ дӕр Йесойӕн йӕ хорз ӕмбӕлттӕ кӕй уыдысты. Йесо-иу Иудейӕйы куы лӕггад кодта, уӕд-иу уыдонмӕ ӕрлӕууыд. Ӕмӕ кӕд Иудейӕйы цӕрджытӕй бирӕтӕ йӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ йӕм знаджы цӕстӕй кастысты, уӕд-иу ыл ацы хӕдзары та алкӕддӕр бацин кодтой. Уӕдӕ Йесо куыннӕ аргъ кодтаид, йӕ фысымтӕ йӕ сӕ зӕрдӕйы хъармӕй кӕй тавтой ӕмӕ йын ныфсы хос кӕй уыдысты, уымӕн.

5, 6. а) Йесойы ӕрбацыдмӕ Марфӕ йӕхи куыд цӕттӕ кодта? ӕ) Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын куы райдыдта, уӕд Марийӕ куыд бакодта?

5 Ӕвӕццӕгӕн, сӕ хӕдзар ахӕм хъарм къона ӕмӕ афтӕ уазӕгуарзон кӕй уыд, уый фылдӕр Марфӕйы фӕрцы уыди. Марфӕ уыд куыстуарзаг ӕмӕ сӕрӕн сылгоймаг, иу ран никуы бадти. Ӕмӕ сӕм Йесо ацы хатт куы ’рбацыд, уӕд дӕр та фынгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ уыцы ӕнӕзивӕгӕй февнӕлдта. Уайтагъд ахъуыды кодта, йӕ зынаргъ уазӕгӕн, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, йемӕ чи уыд, уыдонӕн цытӕ ӕрцӕттӕ кӕна, ууыл. Уыцы заман уазӕг тынг кадджын уыди. Хӕдзармӕ-иу уазӕг куы ’рбацыд, уӕд-иу ын фысымтӕ апъа кодтой, йӕ дзабыртӕ-иу ын раластой, йӕ къӕхтӕ-иу ын ныхсадтой ӕмӕ-иу ын йӕ сӕрыл сой рауагътой. (Бакӕс Лукайы 7:44–47.) Йӕ разы йын-иу ӕрӕвӕрдтой хӕринаджы хуыздӕр ӕмӕ йын-иу ӕппӕты хуыздӕр уат ӕрцӕттӕ кодтой.

6 Уӕдӕ Йесойы ӕрбацыдмӕ Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы цас цыдӕртӕ хъуыдаид ӕрцӕттӕ кӕнын. Ӕмӕ Марийӕ дӕр ӕнцад кӕцӕй бадтаид (кӕд иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Марийӕ йӕ зӕрдӕмӕ алцыдӕр арфдӕр иста ӕмӕ-иу арӕх хъуыдыты ацыд, уӕддӕр). Фӕлӕ Йесо куы ’рбацыд ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгты тыххӕй дзурын куы райдыдта, уӕд Марийӕ уайтагъд йӕ куыстытӕ фӕуагъта. Уӕды рӕстӕджы дины разамонджытӕй уӕлдай, Йесо сылгоймӕгтӕн тынг аргъ кодта ӕмӕ уыдонӕн дӕр ӕхсызгонӕй дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Марийӕ тынг бацин кодта, Йесомӕ байхъусыны фадат ын кӕй фӕци, ууыл. Гъемӕ йӕ къӕхты раз ӕрбадт ӕмӕ ӕгасӕй дӕр хъустӕ фестад.

7, 8. Марфӕ цӕмӕн мӕсты кодта ӕмӕ цы сарӕзта?

7 Марфӕ куыннӕ мӕсты кодтаид. Уазджытӕн нырма цас цыдӕртӕ хъуыди ӕрцӕттӕ кӕнын, балӕггад сын кӕнын. Гъемӕ хӕдзары къуымты ратӕх-батӕх кодта, кӕцы куыст ма дзы акодтаид, уый дӕр нал зыдта. Йӕ хо та йӕхицӕн ӕнцад бадти ӕмӕ Йесомӕ хъуыста. Афтӕ бадгӕ-иу ӕй куы ауыдта, уӕд-иу, хӕрзаг, йӕ цӕсгомы хуыз фӕивта, йе ’рфгуытӕ-иу ӕрбалхынцъ сты ӕмӕ-иу арф ныуулӕфыд. Ӕмӕ йӕ бамбарӕн дӕр ис. Иунӕгӕй утӕппӕт куыстытыл куыд хъуамӕ аххӕссыдаид!

8 Фӕстагмӕ Марфӕ йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ Йесойы ныхас ӕрдӕгыл фескъуыдта: «Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса» (Лук. 10:40). Марфӕйы ныхӕстӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ не схондзынӕ. Иуӕй-иу тӕлмацты ацы ныхӕстӕ сты афтӕ: «Хицау, ӕппындӕр дӕ ницы мӕт ис, ӕви?..» Стӕй ма Йесойӕн ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, Марийӕйӕн зӕгъ, цӕмӕй сыста ӕмӕ исты сараза.

9, 10. а) Йесо Марфӕйӕн цавӕр дзуапп радта? ӕ) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесойы уый зӕгъын кӕй нӕ фӕндыд, ӕмӕ Марфӕйы фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы уыдысты?

9 Йесойы ныхӕстӕ Марфӕмӕ диссаг куыннӕ фӕкастаиккой. Ӕмӕ ӕрмӕст Марфӕмӕ нӕ, фӕлӕ, ацы хабар Библийы чи фӕкӕсы, уыдонӕй дӕр бирӕтӕм. Йесо йын фӕлмӕнӕй загъта: «Ехх, Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс. Афтӕмӕй та бирӕ ницы хъӕуы, йе та иу цыдӕр дӕр фаг у. Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн» (Лук. 10:41, 42). Цымӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Марфӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕй ӕнӕуи хъуыддӕгтыл тынгдӕр тыхсти? Йӕ ныхӕстӕ, мыййаг, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Марфӕйы фыдӕбӕттӕ дзӕгъӕлы уыдысты?

Кӕд Марфӕ бирӕ цӕуылдӕрты мӕт кодта ӕмӕ тыхст, уӕддӕр уайдзӕфмӕ сӕрныллӕгӕй байхъуыста

10 Кӕцӕй. Йесо йӕ зыдта, Марфӕ ӕппӕт уыдӕттӕ йӕ хорз зӕрдӕйӕ кӕй аразы. Стӕй афтӕ дӕр нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уазӕгӕн хорз фынгтӕ ӕрӕвӕрын раст нӕу. Иухатт йӕхӕдӕг уыд, Матфей йын цы «стыр куывд» скодта, уым (Лук. 5:29). Дзырд хӕринагыл нӕ цыд, фӕлӕ, Марфӕйӕн ахсджиагдӕр цы уыди, ууыл. Дзаджджын фынгтӕ ӕрӕвӕрыныл афтӕ тыхст, ӕмӕ, сӕйрагдӕр цы уыд, уый дзы айрох. Ӕмӕ цы уыд сӕйрагдӕр та?

Йесо тынг аргъ кодта, Марфӕ афтӕ уазӕгуарзон кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ зыдта, уыдӕттӕ йӕ хорз зӕрдӕйӕ кӕй аразы

11, 12. Йесо Марфӕйӕн йӕ рӕдыдмӕ фӕлмӕнӕй куыд бацамыдта?

11 Ахъуыды-ма кӕн, Марфӕтӕм уазӕгуаты ӕрбацыд Йесо Чырысти, Йегъовӕ Хуыцауы иунӕггуырд Фырт, ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы тыххӕй. Ӕмӕ ма уымӕй ахсджиагдӕр цы хъуамӕ уыдаид?! Ницы – нӕдӕр дзаджджын фынгтӕ, нӕдӕр ӕндӕр исты. Марфӕйӕн йӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн цы диссаджы фадат фӕзынд, уымӕй не спайда кодта. Ӕмӕ кӕд уый Йесойӕн ӕхсызгон нӕ уыдаид, уӕддӕр Марфӕйӕн йӕ бар йӕхи уыд *. Фӕлӕ йын уый бар нӕ уыд, ӕмӕ, йӕхи ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уымӕй ӕнӕхай фӕкодтаид Марийӕйы дӕр.

12 Йесо Марфӕмӕ йӕ номӕй дыууӕ хатты фӕлмӕнӕй сдзырдта, цӕмӕй ма тыхстаид. Стӕй йын йӕ рӕдыдмӕ бацамыдта ӕмӕ йын бамбарын кодта, бирӕ цӕуылдӕрты «мӕт кӕнын ӕмӕ тыхсын» кӕй нӕ хъӕуы. Иу кӕнӕ дыууӕ хӕринаджы дӕр фаг уыдаид, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕ сӕхӕдӕг дзаджджын фынгтӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Уӕдӕ Йесо Марийӕйы ӕнӕхай куыд хъуамӕ фӕкодтаид, цы «хуыздӕр хай» равзӕрста, уымӕй – куыд ын хъуамӕ бауайдзӕф кодтаид, кӕй йӕм хъуыста, уый тыххӕй!

13. Йесо Марфӕйӕн куыд бауайдзӕф кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

13 Ацы цыбыр хабарӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Мах хъуамӕ уый бар мацӕмӕн раттӕм, ӕмӕ нын Хуыцауы хъуыддӕгтӕй сӕйрагдӕр суа (Матф. 5:3). Марфӕ афтӕ рӕдау ӕмӕ сӕрӕн кӕй уыд, уымӕй нын фӕзминаг у. Фӕлӕ нын йӕ хабар у зондзонӕн дӕр. Искӕй уазӕгуаты куы фӕхонӕм, уӕд, афтӕ ахсджиаг цы нӕу, уыдӕттыл хъуамӕ Марфӕйау ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм ӕмӕ ма тыхсӕм. Кӕннод, сӕйрагдӕр цы у, уымӕй нӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм. Мах нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ уый тыххӕй нӕ фембӕлӕм, ӕмӕ дзӕбӕх фӕминас кӕнӕм. Нӕ нысан сӕйраджыдӕр уый вӕййы, цӕмӕй нӕ кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм ӕмӕ кӕрӕдзийӕн бахай кӕнӕм, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:11, 12.) Ӕмӕ уый тыххӕй та бирӕ ницы фӕхъӕуы.

Йӕ зынаргъ ӕфсымӕр амард ӕмӕ райгас

14. Цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, ӕмӕ нын Марфӕ фӕзминаг у, уайдзӕфмӕ хъусын куыд хъӕуы, уымӕй?

14 Цымӕ Марфӕ Йесойы фӕлмӕн уайдзӕф йӕ зӕрдӕмӕ айста ӕмӕ дзы истӕуыл сахуыр? Куыннӕ. Апостол Иоанн, Марфӕйы ӕфсымӕрыл цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый ахӕм ныхӕстӕй райдыдта: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы, Марфӕйӕн йӕ хойы ӕмӕ Лазӕры» (Иоан. 11:5). Гыццыл уӕлдӕр куыд ныхас кодтам, афтӕ Йесо Вифанийы куы уыд ӕмӕ Марфӕйӕн куы бауайдзӕф кодта, уӕдӕй ацы хабары онг цалдӕр мӕйы рацыд. Уӕдӕ бӕрӕг у, Марфӕ Йесомӕ кӕй нӕ фӕтӕргай ӕмӕ йӕм йӕ зӕрдӕйы маст кӕй нӕ хаста, фӕлӕ йын йӕ уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста. Ӕмӕ нын уымӕй дӕр у фӕзминаг, уымӕн ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр кӕмдӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгты фӕхъӕуы бараст кӕнын.

15, 16. а) Марфӕйӕн йе ’фсымӕр куы фӕрынчын, уӕд цымӕ цы арӕзтаид? ӕ) Марфӕ ӕмӕ Марийӕ фыдӕнхъӕл цӕмӕн фесты?

15 Марфӕйӕн йе ’фсымӕр куы фӕрынчын, уӕд иу ран кӕм бадтаид. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, цӕмӕй йын фенцондӕр уыдаид ӕмӕ адзӕбӕх уыдаид. Фӕлӕ Лазӕр ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр кодта. Йӕ хотӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдысты йӕ фарсмӕ. Марфӕ-иу цал ӕмӕ цал хатты аззадаид йе ’фсымӕры низӕфхӕрд цӕсгоммӕ кӕсгӕйӕ. Цал ӕмӕ-иу цал хатты ауадаид йӕ цӕстытыл, гыццылӕй фӕстӕмӕ иумӕ куыд хъомыл кодтой, уый – иумӕ цас хъӕлдзӕг бонтӕ арвыстой, стӕй цас зындзинӕдтӕ бавзӕрстой.

16 Марфӕ ӕмӕ Марийӕ куы бамбӕрстой, ӕмӕ Лазӕрӕн сӕ бон ницӕмӕй у баххуыс кӕнын, уӕд Йесомӕ арвыстой. Уыцы рӕстӕг та Йесо хъусын кодта, Вифанийӕ дыууӕ боны цыд кӕдӕм уыд, ахӕм ран. Арвыстой йӕм цыбыр ныхас: «Хицау, ды кӕй уарзыс, уый рынчын у» (Иоан. 11:1, 3). Дыууӕ хойы зыдтой, Йесо сын се ’фсымӕры бирӕ кӕй уарзта, ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодтой, йӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй йын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Чи зоны, сӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтой, кӕд ма йӕ удӕгасӕй ӕрбаййафид, зӕгъгӕ. Фӕлӕ фыдӕнхъӕл фесты. Лазӕр амард.

17. Марфӕйы цы тыхсын кодта ӕмӕ, Йесо ӕрбацӕуы, уый куы фехъуыста, уӕд куыд бакодта?

17 Марфӕ ӕмӕ Марийӕ сӕ цӕссыгӕй сӕхи ӕхсадтой, ӕмӕ, се ’фсымӕры бавӕрынмӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ цӕттӕ кодтой. Стӕй сӕм Вифанийӕ ӕмӕ хӕстӕг рӕттӕй тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ дуне адӕм цыди, ӕмӕ сӕ цуры бадтысты. Рӕстӕг цыд, фӕлӕ Йесойӕ ӕппындӕр ницы хабар хъуысти. Ӕмӕ Марфӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сӕрӕн ницыуал зыдта, Йесо куыд нӕ зыны, зӕгъгӕ. Ӕппынфӕстаг, Лазӕры мардыл цыппар боны куы рацыд, уӕд Марфӕ фехъуыста, Йесо Вифанимӕ кӕй ӕрбахӕццӕ кӕны. Ӕмӕ уыцы уӕззау сахат дӕр йӕ бон иу ран бадын нӕ баци – уайтагъд фестад ӕмӕ, Марийӕйӕн дӕр ницы загъта, афтӕмӕй Йесойы размӕ алыгъд. (Бакӕс Иоанны 11:18–20.)

18, 19. Марфӕйы цавӕр ныфс уыд ӕмӕ йӕ уырнындзинад диссаг цӕмӕн уыди?

18 Марфӕ Йесойы куы федта, уӕд ын загъта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ Марийӕйӕн дӕр фӕстаг цалдӕр боны ӕнцой цы хъуыды нӕ лӕвӕрдта, уый: «Хицау, ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». Фӕлӕ Марфӕйӕн йӕ уырнындзинад нӕ фӕцудыдта, уӕддӕр ӕй ныфс уыди. Уый бӕрӕг у, дарддӕр цы загъта, уымӕй: «Фӕлӕ йӕ ныр дӕр зонын: ды Хуыцауӕй цыфӕнды ма ракурай,– сӕххӕст ӕй кӕндзӕн». Йесо йын цы загъта, уый дзы ноджы фылдӕр ныфс бауагъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн» (Иоан. 11:21–23).

19 Марфӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ Йесо, мӕрдтӕ фидӕны кӕй ӕгас кӕндзысты, уый кой кӕны. Ӕмӕ йын загъта: «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн фӕстаг бон, мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд» (Иоан. 11:24). Мӕрдтӕ райгас уыдзысты, ууыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый диссаг у. Дзуттаг дины разамонджытӕй иуӕй-иуты, саддукейты, уыцы хабар нӕ уырныдта, кӕд Фыстады уый тыххӕй бӕлвырд уыд фыст, уӕддӕр (Дан. 12:13; Мар. 12:18). Фӕлӕ Марфӕ зыдта, Йесо мӕрдты райгасдзинады тыххӕй кӕй дзырдта ӕмӕ кӕйдӕрты ӕгас дӕр кӕй ракодта – кӕд уыдонӕй иу дӕр Лазӕры бӕрц нӕ фӕци мардӕй, уӕддӕр. Йесо дарддӕр цы саразинаг уыд, уый та йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыди.

20. Иоанны 11:25–27 стихты цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ ӕмӕ Марфӕйы дзуапп?

20 Уый фӕстӕ Йесо загъта мӕнӕ ацы диссаджы ныхӕстӕ: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард». Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Йегъовӕ Хуыцау йӕ Фыртӕн ахӕм бартӕ радта, ӕмӕ йӕ бон уыдзӕн фидӕны ӕгас зӕххыл дӕр мӕрдты райгас кӕнын. Йесо Марфӕйы бафарста: «Уырны дӕ уый?» Ӕмӕ йын уӕд Марфӕ загъта, ацы сӕры райдианы цы ныхӕстӕ фыст ис, уыдон. Марфӕйы уырныдта, Йесо кӕй у Чырысти, ома Мессийӕ, ӕмӕ Йегъовӕ Хуыцауы Фырт. Уырныдта йӕ, Йесо кӕй у, пехуымпартӕ кӕмӕй дзырдтой, ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ, уый (Иоан. 5:28, 29; бакӕс Иоанны 11:25–27).

21, 22. а) Йесо Лазӕры мӕлӕтыл куыд маст кодта? ӕ) Радзур, Лазӕр куыд райгас, уый тыххӕй.

21 Цымӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти, Марфӕмӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад куы фенынц, уӕд сын ӕхсызгон нӕ вӕййы? Куыннӕ. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Марфӕйы цӕстыты раз дарддӕр цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй. Марфӕ уайтагъд азгъордта, цӕмӕй йӕ хойы дӕр ракодтаид. Уый фӕстӕ федта, Марийӕимӕ ӕмӕ, йемӕ цы бирӕ хъыггӕнӕг адӕм уыди, уыдонимӕ ныхас кӕнгӕйӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ куыд суынгӕг. Стӕй федта, Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ куыд ӕркалдысты, уый дӕр – Лазӕры мӕлӕтыл йӕ зӕрдӕ куыд тынг фӕрыст, уый не ’мбӕхста. Уый фӕстӕ фехъуыста Йесойы ныхӕстӕ, зӕппадзӕй дур айсут, зӕгъгӕ (Иоан. 11:28–39).

22 Марфӕ ахӕм уавӕры дӕр уӕззау зондӕй архайдта, ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, йӕ мардыл ныр цыппар боны рацыд ӕмӕ афонмӕ стӕф кодта. Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Нӕ дын загътон, кӕд дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ?» Марфӕйы уыцы хабӕрттӕ уырныдтой, ӕмӕ йӕхи цӕстӕй федта Йегъовӕ Хуыцауы кад. Раст уыцы сахат Хуыцау йӕ Фыртӕн радта тых, цӕмӕй Лазӕры цардмӕ раздӕхтаид! Марфӕ уӕд йӕхи цӕстӕй цы диссӕгтӕ федта, уыдон йӕ зӕрдӕйы цӕрӕнбонтӕм куыннӕ баззадаиккой. Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазӕр, ӕддӕмӕ рацу!» Ӕмӕ дын лӕгӕтӕй цыдӕр сыр-сыр куы райхъуысид – Лазӕр, нырма хӕцъилтӕй тыхт уыд, афтӕмӕй сабыргай рацыд. Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Райхалут ын йӕ хӕцъилтӕ, цӕмӕй йӕ бон цӕуын уа». Марфӕ ӕмӕ Марийӕ фырцинӕй цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой. Дыууӕйӕ дӕр се ’фсымӕрмӕ базгъордтой, ӕмӕ сын Лазӕр ныхъхъӕбыс кодта. (Бакӕс Иоанны 11:40–44.) Марфӕйы маст цинмӕ раивта!

Марфӕ Йесойыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд – Марийӕимӕ се ’фсымӕры ногӕй удӕгасӕй федтой

23. Йегъовӕ ӕмӕ дын Йесо цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодтой? Цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уай, уый тыххӕй дӕ цы хъӕуы аразын?

23 Ацы хабар нын хорз ӕвдисы, мӕрдтӕ райгас уыдзысты, уый рӕсугъд фын кӕй нӕу. Уый тыххӕй фыст ис Библийы ӕмӕ, афтӕ кӕй уыдзӕн, уымӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр (Иов 14:14, 15). Йегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ Фыртӕн ӕхсызгон у, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр арфӕ кӕнын, Марфӕ, Марийӕ ӕмӕ Лазӕрӕн куыд раарфӕ кодтой, афтӕ. Уӕдӕ дӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд дӕу дӕр ахӕм арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзысты.

«Марфӕ лӕггад кодта»

24. Библийы Марфӕйы кой фӕстаг хатт цавӕр уавӕры цӕуы?

24 Дарддӕр ма Библийы Марфӕйы кой ис ӕрмӕстдӕр иу ран. Уым дзырд цӕуы, Йесойы мӕлӕтмӕ ма иу къуыри куы баззад, уӕд цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл. Йесо зыдта, цы фӕлварӕнтӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый, ӕмӕ та ацы хатт дӕр ӕрлӕууыд Вифанийы, йӕ зӕрдӕйӕн адджын адӕмы хӕдзары. Уырдыгӕй хъуамӕ ацыдаид Иерусалиммӕ, Вифанийӕ уырдӕм 3 километры йеддӕмӕ нӕ уыд. Гъемӕ Вифанийы, раздӕр хъотырджын чи уыд, уыцы Симоны хӕдзары Йесо ӕмӕ Лазӕр ӕхсӕвӕр куы кодтой, уӕд Марфӕ дӕр уым уыди. Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ сын «Марфӕ лӕггад кодта» (Иоан. 12:2).

25. Абон ӕмбырдты Марфӕйы хуызӕн сылгоймӕгтӕ кӕй ис, уый стыр арфӕдзинад цӕмӕн у?

25 Ӕмӕ Марфӕ уӕдӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ бакодтаид! Библийы йӕ кой фыццаг хатт кӕм ис, уым кӕны архайгӕ. Ӕмӕ фӕстаг хатт кӕм ис йӕ кой, уым дӕр та йӕ удӕй арт цӕгъды – иннӕтӕн лӕггад кӕны. Абон дӕр чырыстон ӕмбырдты ис Марфӕйы хуызӕн фидар ӕмӕ рӕдау сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ уый не ’ппӕтӕн дӕр у стыр арфӕдзинад. Уыдон дӕр иннӕтӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисынц. Цымӕ Марфӕ йӕ уырнындзинад дарддӕр дӕр ахӕм хорз хъуыддӕгтӕй ӕвдыста? Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ ӕвдыста. Ӕмӕ йӕм кӕд разӕй бирӕ зындзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уӕддӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы фидар лӕууыд.

26. Марфӕйӕн йӕ уырнындзинад куыд ӕххуыс кодта?

26 Цалдӕр боны фӕстӕ Марфӕ федта, афтӕ бирӕ кӕй уарзта, уыцы адӕймаджы, Йесо Чырыстийы, ӕвирхъау мардӕй кӕй амардтой. Уымӕй уӕлдай, Йесойы чи амардта, уыцы ӕгъатыр лӕгмартӕ марынмӕ хъавыдысты Лазӕры дӕр, уымӕн ӕмӕ, кӕй райгас, уый тыххӕй бирӕтӕ Чырыстийыл баууӕндыдысты. (Бакӕс Иоанны 12:9–11.) Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппынфӕстаг мӕлӕт уӕддӕр фӕхицӕн кодта Марфӕйы йӕ уарзон хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕй. Уыцы хабар кӕд ӕмӕ куыд ӕрцыд, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ иу хъуыддаг фидарӕй нӕ бон у зӕгъын: Марфӕйӕн йӕ диссаджы уырнындзинад баххуыс кодта кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн. Уӕдӕ нын йӕ уырнындзинад фӕзминаг дӕр уый тыххӕй у.

^ 11 абз. Фыццаг ӕнусы дзуттӕгты ’хсӕн сылгоймӕгты хӕдзары куыстытӕ кӕнын йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕуыл ахуыр кодтой. Ӕмӕ уӕдӕ Марфӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕнахуыр фӕкаст, сылгоймаг ахуыргӕнӕджы къӕхты раз кӕй бады ӕмӕ йӕм кӕй хъусы, уый.