Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔВДДӔСӔМ СӔР

«Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»

«Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар»

1, 2. а) Марийӕйӕн ӕнӕзонгӕ уазӕг куыд раарфӕ кодта? ӕ) Марийӕйы цавӕр ахсджиаг фарста хъуыди аскъуыддзаг кӕнын?

МАРИЙӔ дисгӕнгӕ кӕсы, чи сӕм ӕрбацыд, уыцы адӕймагмӕ. Уый йын нӕдӕр йӕ фыды ӕрцагуырдта, нӕдӕр йӕ мады – уый ӕрбацыд Марийӕмӕ! Назаретӕй кӕй нӕу, уый бӕлвырд у. Ахӕм гыццыл горӕты ӕнӕзонгӕ адӕймаг уайтагъд цӕсты бахауы, ӕмӕ ацы ӕнӕзонгӕ та – бынтон. Стӕй йын цы ныхӕстӕ загъта, ахӕм ныхӕстӕ дӕр никуыма никӕмӕй фехъуыста. Зӕгъгӕ та йын кодта афтӕ: «Дӕ бон хорз, Хуыцауӕн уарзон адӕймаг. Йегъовӕ демӕ ис». (Бакӕс Лукайы 1:26–28.)

2 Афтӕ нӕ Библи зонгӕ кӕны Марийӕимӕ. Уый уыди Илийы чызг ӕмӕ цард галилейаг горӕт Назареты. Марийӕйы аскъуыддзаг кӕнын хъуыди тынг ахсджиаг фарста. Хъуыддаг уый мидӕг уыд, ӕмӕ Марийӕ фидыд уыд хъӕддӕсны Иосифимӕ – хъӕздыг чи нӕ уыд, фӕлӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыди, ахӕм адӕймагимӕ. Уӕдӕ, Иосифимӕ куыд цӕрдзысты, уый, ӕвӕццӕгӕн, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ сыстад йӕ цӕстыты раз: хуымӕтӕг цард кӕндзысты, йӕ сӕрыхицауӕн алы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты иумӕ хъомыл кӕндзысты. Фӕлӕ мӕнӕ йӕ разы ӕрлӕууыд ӕнӕзонгӕ адӕймаг ӕмӕ йын фехъусын кодта, Хуыцау ын йӕ бӕрны кӕй кӕны, йӕ цард ын ӕнӕхъӕнӕй дӕр чи фӕивдзӕн, ахӕм хӕс.

3, 4. Цӕмӕй, Марийӕ цавӕр адӕймаг уыди, уый базонӕм, уый тыххӕй цы хъуамӕ ферох кӕнӕм ӕмӕ лӕмбынӕг цӕмӕ хъуамӕ ӕркӕсӕм?

3 Бирӕтӕм диссаг фӕкӕсы, Марийӕйы тыххӕй Библийы афтӕ бирӕ кӕй нӕй фыст, уый. Зӕгъӕм, чи уыд, цавӕр бинонтӕй уыд, уый тыххӕй нын уыйбӕрц ницы дзуры, ноджы къаддӕр та нын дзуры йӕ миниуджыты тыххӕй. Уӕдӕ бакастӕй цавӕр уыд, уый тыххӕй та дзы ӕппындӕр ницы ис фыст. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы Ныхасӕй ацы сылгоймаджы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн.

4 Цӕмӕй, Марийӕ цавӕр адӕймаг уыд, уый базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ферох кӕнӕм, алы динтӕ дзы цы дзурынц, стӕй йӕ нывгӕнджытӕ ӕмӕ скульптортӕ куыд сныв кӕнынц, уый. Уымӕй уӕлдай ма ацы сӕрныллӕг сылгоймаджы аргъуанты нымайынц Хуыцауы мадыл ӕмӕ йӕ хонынц алыхуызон цытджын нӕмттӕй, зӕгъӕм, «Сыгъдӕг Мадымайрӕм». Ӕмӕ нӕ уыдӕттӕ дӕр хъӕуы ферох кӕнын. Хъуамӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм, Библи нын цы дзуры, уымӕ. Уый фӕрцы бамбардзыстӕм, Марийӕ цы диссаджы уырнындзинады хицау уыд ӕмӕ йӕ махӕн нӕ бон куыд у бафӕзмын, уый.

Марийӕмӕ ӕрцыд зӕд

5. а) Марийӕ Гавриилы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ кӕй стыхст, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Марийӕ нын цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы у фӕзминаг?

5 Марийӕмӕ чи ӕрбацыд, уый зӕххон адӕймаг нӕ уыд. Уый уыди зӕд Гавриил. Ӕмӕ Марийӕйы «Хуыцауӕн уарзон адӕймаг» куы схуыдта, уӕд чызг «тынг стыхст». Уыцы ныхӕстӕ йӕм куыддӕр ӕнахуыр фӕкастысты ӕмӕ хъуыдытыл бафтыд, афтӕ мын цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ (Лук. 1:29). Зӕд ӕй адӕмӕн уарзон адӕймаг не схуыдта. Ӕмӕ Марийӕ уымӕ бӕлгӕ дӕр никуы кодта, цӕмӕй йын адӕм уӕлдай кад кодтаиккой. Зӕд ын куыд загъта, афтӕмӕй Йегъовӕ Хуыцауӕн уыди уарзон адӕймаг. Ӕмӕ йын уый ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхицӕй нӕ ныббуц ӕмӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, Хуыцауы хорзӕх ссардтон ӕмӕ мӕ ныр ӕндӕр ницыуал хъӕуы аразын, зӕгъгӕ. Мах дӕр хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм Хуыцауы хорзӕх ссарыныл. Фӕлӕ йӕ куы зонӕм, ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын стӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕхицӕй ма ныббуц уӕм. Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕмӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ чи у, уыдоны та уарзы ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны (Иак. 4:6).

Марийӕ Хуыцауы хорзӕх кӕй ссардта, уый тыххӕй йӕхицӕй нӕ ныббуц

6. Хуыцау Марийӕйы цавӕр кады аккаг скодта?

6 Марийӕйы ахӕм сӕрныллӕгдзинад ӕнӕмӕнг хъуыди. Хуыцау ӕй ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Зӕд Гавриил ын бамбарын кодта, йӕ гуыбыны кӕй хӕсдзӕн, зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг чи суыдзӕн, уыцы сывӕллоны. Загъта йын: «Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн. Ӕмӕ Иаковы хӕдзарвӕндагӕн ӕнустӕм уыдзӕн паддзах, ӕмӕ йӕ паддзахадӕн кӕрон никуы ’рцӕудзӕн» (Лук. 1:32, 33). Марийӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыдта, Хуыцау Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый, зӕгъгӕ, дӕ байзӕддӕгтӕй иу ӕнустӕм уыдзӕн паддзах. Уыцы ныхӕстыл рацыд мин азӕй фылдӕр (2 Сам. 7:12, 13). Ӕмӕ ныр куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй йӕ фырт уыдзӕн, Хуыцауы адӕм ӕнусты дӕргъы кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ!

Зӕд Гавриил Марийӕйӕн фӕхабар кодта, Хуыцау ӕй стыр кады аккаг кӕй скодта

7. а) Марийӕйы тыххӕй цы ис базонӕн, зӕды цӕмӕй бафарста, уымӕй? ӕ) Марийӕйы хабарӕй абон ӕрыгӕттӕн сӕ бон цы у зондӕн райсын?

7 Уымӕй уӕлдай ма йын зӕд загъта, йӕ фырты йын кӕй «хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт». О, фӕлӕ зӕххон сылгоймагӕн Хуыцауы Фырт куыд хъуамӕ райгуырдаид? Стӕй Марийӕ кӕд Иосифимӕ фидыд уыди, уӕддӕр ӕм мой нӕма скодта, ӕмӕ сывӕллон, уӕвгӕ, куыд хъуамӕ ныййардтаид? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Марийӕ зӕды ӕргом бафарста: «Ӕз нӕлгоймагимӕ ӕмуат куы никуы ’рцыдтӕн, уӕд уый куыд уыдзӕн?» (Лук. 1:34). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Марийӕ нырма чызг кӕй уыди, уый йӕм худинаг нӕ каст. Уымӕй сӕрыстыр уыди. Абон ӕрыгӕттӕй бирӕтӕ, нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаджы ад кӕуылты базоной, ууыл сты ӕмӕ, сӕхи хуызӕн чи нӕу, уыдоныл та худгӕ фӕкӕнынц. Ӕвӕдза, дуне куыд тынг аивта! Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ ивы (Мал. 3:6). Марийӕйы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ абон дӕр тынг аргъ кӕны, ӕгъдау ӕмӕ ӕфсармы тыххӕй цы закъӕттӕ сӕвӕрдта, уыдоныл фидар чи хӕцы, ахӕм адӕмӕн. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:4.)

8. Марийӕйӕн ӕххӕст сывӕллон куыд хъуамӕ райгуырдаид?

8 Кӕд Марийӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг уыд, уӕддӕр уыди ӕнӕххӕст адӕймаг. Ӕмӕ йын уӕд куыд хъуамӕ райгуырдаид ӕххӕст сывӕллон, Хуыцауы Фырт? Гавриил ын уый дӕр бамбарын кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст [«хондзысты сыгъдӕг», фип.], Хуыцауы Фырт» (Лук. 1:35). Ӕнӕуи ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ цот дӕр сӕ туджы рахӕссынц тӕригъӕд. Фӕлӕ ацы уавӕры Йегъовӕйӕн йӕ зӕрды ис диссаг саразын. Йӕ Фырты цард уӕлӕрвтӕй рахӕсдзӕн Марийӕйы хуылфмӕ. Стӕй йӕ архайгӕ тыхӕй, кӕнӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй, Марийӕйы йӕ «дӕлбазыр бакӕндзӕн» ӕмӕ афтӕмӕй, йӕ хуылфы цы сывӕллон уа, уымӕ тӕригъӕд хӕстӕг нӕ бауадздзӕн. Цымӕ Марийӕ зӕды ныхӕстыл баууӕндыд? Цавӕр дзуапп ын радта?

Марийӕ Гавриилӕн цавӕр дзуапп радта

9. а) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Марийӕйы хабарыл чи дызӕрдыг кӕны, уыдон рӕдийынц? ӕ) Гавриил Марийӕйы уырнындзинад куыд бафидар кодта?

9 Бирӕты, ӕмӕ чырыстон диниртасджытӕй дӕр кӕйдӕрты, нӕ уырны, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи не ’рцыд, ахӕм чызгӕн сывӕллон кӕй райгуырд. Кӕд ахуыргонд сты, уӕддӕр сӕ бон бамбарын нӕу, Гавриил цы хуымӕтӕг хъуыддаджы кой кодта, уый. Гавриил загъта: «Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн» (Лук. 1:37). Уыдонӕй уӕлдай Марийӕ Гавриилы ныхӕстыл ӕппындӕр нӕ фӕдызӕрдыг, уымӕн ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар уыд. Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ алцӕуыл дӕр ӕнцонтӕй ӕууӕндыд. Марийӕйы дӕр хъуыди бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ӕмӕ йын Гавриил дарддӕр ноджы фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхаста. Йӕ ацӕргӕ хӕстӕг, ӕнӕзӕнӕг сылгоймаг Елизаветӕйы кой йын ракодта. Хуыцау диссаджы хуызы афтӕ сарӕзта, ӕмӕ Елизаветӕ басывӕрджын!

10. Кӕд Марийӕмӕ стыр кад ӕрхауд, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ ӕнцон хӕс уыд?

10 Уӕдӕ Марийӕ куыд бакӕндзӕн? Хуыцау ын бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг, стӕй йын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр ӕрхаста, зӕд ын цыдӕриддӕр загъта, уый кӕй сараздзӕн. Кӕд уый Марийӕйӕн стыр кад уыди, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕнцон хӕс уыд. Иуӕй, Марийӕ фидыд уыд Иосифимӕ. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, мӕхи бар кӕй нӕ дӕн, уый куы базона, уӕд ма мӕ ракурдзӕн, зӕгъгӕ. Стӕй, чи зоны, йӕхимӕ ахӕм зын хӕс райсын тӕрсгӕ дӕр кодта. Марийӕ хъуамӕ йӕ гуыбыны фӕхастаид, Хуыцауӕн ӕппӕтӕй зынаргъдӕр чи уыд, уый – йӕ уарзон Фырты! Уымӕй уӕлдай, куы райгуырдаид, уӕд ӕм хъуамӕ кастаид ӕмӕ йӕ фыдбылыз дунейы хъахъхъӕдтаид. Ӕцӕгдӕр, ӕнцон хӕс нӕ уыд!

11, 12. а) Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр-иу хатт куыд бакодтой, зын хъуыддаг-иу сын куы бахӕс кодта, уӕд? ӕ) Марийӕ Гавриилӕн цы дзуапп радта, уымӕй цы равдыста?

11 Библийӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ дӕр-иу алыхатт уайтагъд не сразы сты, цы хъуыддаг-иу сын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕныныл. Зӕгъӕм, Хуыцау Моисейы Египетмӕ куы ӕрвыста, уӕд нӕ разы кодта, ӕз, дам, дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн (Рац. 4:10). Йереми та Йегъовӕйӕн загъта, ӕз, дам, «нырма ӕрыгон дӕн» ӕмӕ, дам, мын цы хъуыддаг бахӕс кодтай, уый бакӕнын мӕ бон нӕ бауыдзӕн (Йер. 1:6). Уӕдӕ Ионӕ та лидзгӕ акодта, цӕмӕй йӕ хӕслӕвӕрд ма сӕххӕст кодтаид! (Ионӕ 1:3). Цы зӕгъӕн ис Марийӕйӕ та?

12 Марийӕ Гавриилӕн цы дзуапп радта, уымӕй бӕрӕг у, куыд сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс уыд, уый: «Ӕз дӕн Йегъовӕйы цагъар. Мӕн тыххӕй куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уӕд» (Лук. 1:38). Цагъар-иу уыд лӕггадгӕнджытӕй се ’ппӕтӕй къаддӕр, стӕй-иу йӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыд йӕ хицауы къухы. Ӕмӕ Марийӕ йӕхи нымадта ахӕм цагъарыл ӕмӕ йӕхи бакодта йӕ Хицау Йегъовӕйы бар. Марийӕ зыдта, Йегъовӕйы къухы йын тӕссаг кӕй ницӕмӕй у. Зыдта ма уый дӕр, ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр иузӕрдион кӕй вӕййы, иузӕрдион ыл чи у, уыдоныл, ӕмӕ уыцы зын хӕс сӕххӕст кӕныныл ӕппӕт удӕй куы архайа, уӕд ын кӕй арфӕ кӕндзӕн (Пс. 18:25).

Марийӕ зыдта, йӕ иузӕрдион Хуыцау Йегъовӕйы къухы йын тӕссаг кӕй ницӕмӕй у

13. Хуыцау нын цы бахӕс кӕны, уый нӕм ӕгӕр зын куы кӕса, уӕд нын Марийӕйы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

13 Хуыцау нын цы бахӕс кӕны, уый иуӕй-иу хатт махмӕ дӕр тынг зын фӕкӕсы. Афтӕ дӕр фӕхъуыды кӕнӕм, мӕ бон ӕй саразын нӕ бауыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нын йӕ Ныхасы ныффыссын кодта бирӕ хабӕрттӕ ӕмӕ уыдоны фӕрцы фидарӕй зонӕм, нӕ бон ыл кӕй у нӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ Марийӕйау нӕ цард ӕгасӕй дӕр йӕ къухтӕм раттын (Ӕмб. 3:5, 6). Уӕдӕ йыл мах дӕр нӕ зӕрдӕ дардзыстӕм? Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд мах дӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ уырнындзинад кӕндзӕн ноджы фидардӕр.

Марийӕ ацыд Елизаветӕмӕ

14, 15. а) Марийӕ Елизаветӕмӕ куы ’рцыд, уӕд ын Йегъовӕ куыд раарфӕ кодта? ӕ) Лукайы 1:46–55 цы ис базонӕн, Марийӕ цавӕр адӕймаг уыд, уый тыххӕй?

14 Гавриил Марийӕйӕн Елизаветӕйы тыххӕй цы загъта, уый йын стыр ныфсы хос фӕци. Йӕ уавӕр ын Елизаветӕйӕ хуыздӕр чи хъуамӕ бамбӕрстаид? Гъемӕ Марийӕ атындзыдта Иудӕйы хӕхбӕстӕм. Фӕндагыл ӕй бахъуыдаид ӕртӕ-цыппар боны. Марийӕ Елизаветӕ ӕмӕ сауджын Захарийы хӕдзары къӕсӕрӕй куы бахызт, уӕд ӕй Йегъовӕ ноджыдӕр иу арфӕдзинадӕй схайджын кодта, ӕмӕ та уый фӕрцы дӕр йӕ уырнындзинад бафидар. Куыддӕр Елизаветӕ Марийӕйы хъӕлӕс фехъуыста, афтӕ йӕ гуыбыны сывӕллон фырцинӕй стӕлфыд. Уӕд йӕхӕдӕг дӕр сыгъдӕг тыхӕй схайджын ӕмӕ Марийӕйы схуыдта «мӕ Хицауы мад». Хуыцау Елизаветӕйӕн раргом кодта, Марийӕйы фырт кӕй суыдзӕн йӕ Хицау, ома Мессийӕ. Стӕй Марийӕйӕ раппӕлыд, афтӕ иузӕрдион ӕмӕ коммӕгӕс кӕй уыд, уый тыххӕй. Загъта йын: «Амондджын у, чи баууӕндыд, уыцы сылгоймаг» (Лук. 1:39–45). Йегъовӕ Марийӕйӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзысты!

Марийӕ ӕмӕ Елизаветӕ уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ уый сӕ дыууӕйӕн дӕр уыд стыр арфӕдзинад

15 Ныр та Марийӕ райдыдта дзурын. Йӕ ныхӕстӕ йын иууылдӕр Хуыцау йӕ Ныхасы ныффыссын кодта. (Бакӕс Лукайы 1:46–55.) Библийы Марийӕйы ныхӕстӕ кӕм ис фыст, уыцы скъуыддзӕгтӕй ай у ӕппӕты стырдӕр, ӕмӕ дзы бирӕ цыдӕртӕ ис базонӕн, цавӕр адӕймаг уыди, уый тыххӕй. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, куыд бузныг уыди Йегъовӕйӕ, ахӕм стыр кады аккаг ӕй кӕй скодта, цӕмӕй Мессийӕйы мад уыдаид. Стӕй ма дзы фенӕн ис, цы фидар уырнындзинады хицау уыди, уый дӕр – Марийӕ дзуры, барджынты ӕмӕ, хъалзӕрдӕ чи у, уыдоны Йегъовӕ кӕй ӕрныллӕг кӕны, мӕгуыр чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ чи агуры, уыдоны та кӕй сбӕрзонд кӕны. Фенӕн ма дзы ис, Хуыцауы Ныхас куыд хорз зыдта, уый дӕр. Иртасджытӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй Дзуттаг Фыстытӕй ӕрхаста 20 хъуыдыйӕ фылдӕр! *

16, 17. а) Марийӕ ӕмӕ нын йӕ фырт фӕзминаг цӕмӕй сты? ӕ) Марийӕ ӕмӕ нын Елизаветӕйы фембӕлд цӕуыл дзурӕг у?

16 Куыд уынӕм, афтӕмӕй Марийӕ Хуыцауы Ныхасыл арф хъуыды кодта ӕмӕ йӕ бон уыдаид, цы зыдта, уымӕ гӕсгӕ йӕхи хъуыдытӕ зӕгъын дӕр. Фӕлӕ уый уыд сӕрныллӕг адӕймаг ӕмӕ йӕхи хъуыдыты бӕсты дзырдта комкоммӕ Фыстадӕй. Ӕмӕ, йӕ гуыбыны кӕй хаста, уыцы фырт дӕр фӕстӕдӕр раст ахӕм зондыл хӕст уыди. Уый афтӕ дзырдта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй» (Иоан. 7:16). Хорз уаид, махӕй дӕр алчидӕр куы ахъуыды кӕнид: «Ӕз дӕр Хуыцауы Ныхасӕн афтӕ аргъ кӕнын ӕмӕ йӕ афтӕ бӕрзонд ӕвӕрын? Ӕви мӕм мӕхи хъуыдытӕ хуыздӕр ӕмӕ растдӕр фӕкӕсынц?» Ацы хъуыддаджы нӕ бон у Марийӕйы бафӕзмын.

17 Марийӕ Елизаветӕтӕм фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц. Уыцы рӕстӕджы дӕргъы ацы дыууӕ сылгоймаджы кӕрӕдзийӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаиккой (Лук. 1:56). Библи нын сӕ фембӕлды тыххӕй афтӕ бӕстон кӕй дзуры, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Адӕймагӕн ӕцӕг ӕмбал стыр арфӕдзинад у! Мах дӕр, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы чи уарзы, нӕхицӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ куы агурӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм (Ӕмб. 13:20). Фӕлӕ Марийӕ дарддӕр цы баци? Уыцы ӕртӕ мӕйы аивгъуыдтой, ӕмӕ йӕ ныр хъӕуы фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхын. Цымӕ, Иосиф хабар куы базона, уӕд цы зӕгъдзӕн?

Марийӕ ӕмӕ Иосиф

18. Марийӕ Иосифӕн цы раргом кодта ӕмӕ уыцы хабармӕ Иосиф цы цӕстӕй ракаст?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Марийӕ не ’нхъӕлмӕ каст, хабар кӕд ахъӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ Иосиф дӕр кӕд базондзӕн, уымӕ. Йӕхӕдӕг ын хъуамӕ радзырдтаид ӕппӕт дӕр. Фӕлӕ Марийӕ зыдта, Иосиф кӕй у ӕгъдауджын адӕймаг, стӕй Хуыцауы закъӕттыл фидар кӕй хӕцы. Ӕмӕ, хӕрзаг, хъуыдытӕ кодта, цымӕ цы зӕгъдзӕн, хабар ын куы радзурон, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр йемӕ фембӕлд ӕмӕ йын алцыдӕр бӕстон радзырдта. Иосиф арвы цӕфау куыннӕ фӕуыдаид. Бӕргӕ йӕ фӕндыд йӕ уарзон чызджы ныхӕстыл баууӕндын, фӕлӕ куыд? Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ йыл Марийӕ гадзрахатӕй рацыд. Уыцы рӕстӕг ӕм цы хъуыдытӕ фӕзынд, уый тыххӕй нын Библи ницы дзуры. Фӕлӕ дзы фыст ис, Иосиф Марийӕйӕ кӕй хъуамӕ ахицӕн уыдаид, уымӕн ӕмӕ-иу уӕды заманты лӕппу ӕмӕ чызг куы бафидыдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу лӕг ӕмӕ усыл нымад уыдысты. Фӕлӕ, Марийӕ ныххудинаг уыдаид ӕмӕ адӕмы дзыхы бахаудаид, уый йӕ нӕ фӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрды уыди уыцы хъуыддаг сусӕгӕй бакӕнын (Матф. 1:18, 19). Уыцы фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг куыд удхар кӕны, уымӕ кӕсгӕйӕ Марийӕйӕн куыд зын уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр Иосифмӕ не смӕсты, кӕй йыл не ’ууӕндыд, уый тыххӕй.

19. Йегъовӕ Иосифӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй, раст куыд уыд, афтӕ бакодтаид?

19 Йегъовӕ ӕмбӕрста Иосифы катай ӕмӕ йын баххуыс кодта, раст куыд уыд, афтӕ бакӕнынӕн. Фыны йӕм фӕзынд Хуыцауы зӕд ӕмӕ йын бамбарын кодта, Марийӕ ӕцӕгдӕр диссаджы хуызы кӕй басывӕрджын. Хӕрзаг, Иосиф йӕ риуыдзаг сулӕфыд! Ӕмӕ ныр уый дӕр сарӕзта, Марийӕ ӕппӕты райдианӕй цы арӕзта, уый – Йегъовӕйы куыд фӕндыд, афтӕ бакодта. Марийӕйы, йӕ усы, сӕхимӕ ӕрбакодта ӕмӕ йӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдта, Йегъовӕ йын цы кадджын хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕ. Йегъовӕйы Фырты хъомыл кӕнын – уымӕй стырдӕр хӕс ма цы хъуамӕ уа! (Матф. 1:20–24).

20, 21. Иосиф ӕмӕ Марийӕйы хабарӕй бинонтӕн ӕмӕ, бинонтӕ скӕнынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон зондӕн райсын цы у?

20 Иосиф ӕмӕ Марийӕйы заманӕй 2 000 азы бӕрц рацыд. Фӕлӕ уыцы ӕрыгон бинонты хабарӕй абон бинонтӕн, стӕй бинонтӕ скӕнынвӕнд чи кӕны, уыдонӕн дӕр сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Хӕрзаг-иу Иосиф каст, йӕ ӕрыгон цардӕмбал хӕдзары куыстытӕ куыд кӕны ӕмӕ сывӕллӕттӕм куыд зилы, уымӕ ӕмӕ-иу цин кодта, Йегъовӕйы зӕд ӕй рӕдыд къахдзӕфӕй кӕй бахызта, ууыл. Ӕмӕ ныр ноджы хуыздӕр ӕмбӕрста, адӕймаджы ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын куы хъӕуа, уӕд йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй хъуамӕ дара (Пс. 37:5; Ӕмб. 18:13). Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу ӕндӕр уавӕрты дӕр Иосиф хъуыды кодта, йӕ бинонтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл.

21 Марийӕ ма уыцы хабӕртты фӕстӕ Иосифмӕ кӕй смой кодта, уымӕй та цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Кӕд фыццаг Иосиф хабар не ’мбӕрста ӕмӕ йыл фӕдызӕрдыг, уӕддӕр Марийӕ ӕнхъӕлмӕ каст, хъуыддаг уый куыд аскъуыддзаг кӕндзӕн, уымӕ. Ӕмбӕрста йӕ, хӕдзары хистӕр лӕг кӕй у. Марийӕ уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы хуыздӕр бамбӕрста, ӕнхъӕлмӕ кӕсын куыд ахсджиаг у, уый. Ӕмӕ уымӕй фӕзминаг у абон дӕр чырыстон сылгоймӕгтӕн. Стӕй ма уыцы хабӕрттӕй Иосиф ӕмӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, сахуыр сты, алы уавӕры дӕр ӕргом ныхас кӕнын кӕй хъӕуы, ууыл дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 15:22.)

22. Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ бинонты цардӕн цавӕр бындур ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ сӕм разӕй цы ӕнхъӕлмӕ каст?

22 Уыцы ӕрыгон бинонтӕ сӕ иумӕйаг цардӕн фидар бындур ӕрӕвӕрдтой. Сӕ дыууӕ дӕр ӕппӕты фылдӕр уарзтой Йегъовӕйы ӕмӕ сӕ фӕндыди, цӕмӕй хорз, ӕмбаргӕ ныййарджытӕ уыдаиккой ӕмӕ йын уымӕй йӕ зӕрдӕ рухс кодтаиккой. Разӕй сӕм ӕнхъӕлмӕ каст ноджы стырдӕр арфӕдзинӕдтӕ, фӕлӕ ма уыимӕ бирӕ зындзинӕдтӕ дӕр. Хъуамӕ хъомыл кодтаиккой Йесойы – зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг чи хъуамӕ суыдаид, уый.

^ 15 абз. Куыд зыны, афтӕмӕй Марийӕ ӕрхаста Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Аннӕйы ныхӕстӕ. Аннӕйы дӕр Йегъовӕ ахӕм стыр арфӕдзинадӕй схайджын кодта, ӕмӕ йын лӕппу радта, кӕд ӕнӕзӕнӕг уыди, уӕддӕр. (Кӕс рамкӕ «Дыууӕ диссаджы куывды» 6 сӕры.)