Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НУДӔСӔМ СӔР

Уыди фӕзминаг фыд

Уыди фӕзминаг фыд

1, 2. а) Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ цавӕр ног уавӕрты бахаудысты? ӕ) Иосиф йӕ бинойнагӕн цавӕр ӕвирхъау хабар фехъусын кодта?

ИОСИФ хӕрӕгыл иннӕ уаргъ дӕр сӕвӕрдта. Стӕй Вифлеемыл талынджы йӕ цӕст ахаста ӕмӕ хӕрӕгӕн йе рагъ фӕлмӕн ӕрхоста. Йӕ хъуыдытӕ сты, цы дард балц сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Цӕуын сӕ хъӕуы Египетмӕ. Ӕцӕгӕлон адӕм, ӕцӕгӕлон ӕвзаг, ӕцӕгӕлон ӕгъдӕуттӕ. Цымӕ йӕ гыццыл бинонтӕ уыцы ног уавӕрты цӕрын базондзысты?

2 Иосифӕн ӕнцон кӕцӕй уыдаид, цы ӕвирхъау хабар базыдта, уый йӕ зынаргъ бинойнагӕн зӕгъын. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхимӕ уыцы ныфс ссардта, ӕмӕ йын радзырдта, фыны йын Хуыцау зӕды уылты цы фехъусын кодта, уый. Сӕ хъӕбулы сын паддзах Ирод марынвӕнд скодта, ӕмӕ сӕ ӕвӕстиатӕй хъуыди Вифлеемӕй алидзын. (Бакӕс Матфейы 2:13, 14.) Марийӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд. Йӕ ӕнаххос хъӕбулы йын марынмӕ цӕмӕн хъавынц? Кӕмӕн цы кодта? Иосифӕн дӕр ӕмӕ Марийӕйӕн дӕр уый сӕ сӕр нӕ ахста. Фӕлӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодтой ӕмӕ ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ сӕхи фӕндагмӕ арӕвдз кодтой.

3. Радзур, Иосиф ӕмӕ йӕ бинонтӕ Вифлеемӕй куыд алыгъдысты, уый тыххӕй. (Кӕс ма нывмӕ дӕр.)

3 Вифлеемы цӕрджытӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, Иосиф, Марийӕ ӕмӕ гыццыл Йесо цы уавӕры уыдысты, уый. Цалынмӕ адӕм фынӕй кодтой, уӕдмӕ уыдон хъӕуӕй алыгъдысты. Сӕ ных сарӕзтой хуссарырдӕм. Уӕдмӕ скӕсӕнырдыгӕй бон цъӕхтӕ кӕнын райдыдта. Иосиф хъуыдыты аныгъуылд, цымӕ нӕм разӕй цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, зӕгъгӕ. Хуымӕтӕг хъӕддӕсныйӕн йӕ бон куыд бауыдзӕн йӕ бинонты ахӕм хъомысджын знагӕй бахъахъхъӕнын? Йӕ бинонты дарынхъом уыдзӕн? Йегъовӕ Хуыцау ын цы зын хъуыддаг бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын йӕ бон бауыдзӕн – йӕ бар ын кӕй бакодта, уыцы сывӕллоны схъомыл кӕндзӕн? Уыцы хъуыдытӕ Иосифӕн ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой. Мах ӕркӕсдзыстӕм, уыцы зындзинӕдты сӕрты куыд ахызт, уымӕ. Ӕмӕ фендзыстӕм, бинонты хистӕрты, стӕй ӕрмӕст уыдоны нӕ, фӕлӕ не ’ппӕты дӕр Иосифы уырнындзинад бафӕзмын цӕмӕн хъӕуы.

Иосиф йӕ бинонты хъахъхъӕдта

4, 5. а) Иосифы цард куыд фӕивта? ӕ) Иосифӕн зӕд куыд баххуыс кодта, Хуыцау ын цы зын хъуыддаг бахӕс кодта, уый йӕхимӕ райсынӕн?

4 Ӕркӕсӕм уал, уыцы хабӕрттӕй иу аз раздӕр Иосифы цард куыд фӕивта, уымӕ. Уӕд Иосиф цард Назареты ӕмӕ фидыд уыд Илийы чызг Марийӕимӕ. Марийӕ уыди ӕфсармджын чызг ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: иу бон Иосиф базыдта, Марийӕ сывӕрджын кӕй у. Иосифы нӕ фӕндыд, цӕмӕй Марийӕйы адӕмы цӕсты бафтыдтаид, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодта сусӕгӕй ауадзын *. Фӕлӕ йӕм фыны фӕзынд зӕд ӕмӕ йын бамбарын кодта, Марийӕ Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы кӕй басывӕрджын. Зӕд ма йын раргом кодта, зӕгъгӕ йын цы фырт райгуыра, уый «адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн». Стӕй ма йӕ бафидар кодта: «Дӕ ус Марийӕйы дӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕн, ма тӕрс» (Матф. 1:18–21).

5 Иосиф уыд рӕстгӕнӕг ӕмӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕймаг, ӕмӕ йын зӕд куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. Иосиф йӕхимӕ райста, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр хӕс – йӕхи чи нӕ уыд, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕты зынаргъдӕр чи уыд, уыцы сывӕллоны хъомыл кӕнын. Фӕстӕдӕр Ромы паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ ацыдысты Вифлееммӕ, цӕмӕй сӕхи ныффыстаиккой. Ӕмӕ сывӕллон уым райгуырд.

6–8. а) Иосиф ӕмӕ йӕ гыццыл бинонты цард та ногӕй куыд фӕивта? ӕ) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ уыцы «стъалы» Хӕйрӕгӕй уыди? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

6 Иосиф йӕ бинонтимӕ фӕстӕмӕ Назаретмӕ нал аздӕхт, фӕлӕ цӕргӕйӕ баззадысты Вифлеемы – Иерусалимӕй цалдӕр километры дарддӕр. Кӕд мӕгуыр уыдысты, уӕддӕр Иосиф, йӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзта, цӕмӕй Марийӕ ӕмӕ Йесо мацы хъуаг ӕййӕфтаиккой ӕмӕ сын тӕссаг дӕр мацӕмӕй уыдаид. Цыбыр рӕстӕгмӕ иу гыццыл хӕдзары ӕрцардысты. Фӕлӕ та цасдӕры фӕстӕ сӕ цард ногӕй цӕхгӕр фӕивта. Уӕд Йесойыл цыдаид иу азӕй гыццыл фылдӕр.

7 Скӕсӕнӕй сӕм, ӕвӕццӕгӕн, дард Вавилонӕй, ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ. Уыдон цыдысты «стъалыйы» фӕдыл, ӕмӕ сӕ уый, Иосиф ӕмӕ Марийӕ цы хӕдзары ӕрбынат кодтой, комкоммӕ уырдӕм ӕркодта. Агуырдтой, дзуттӕгты паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уыцы сывӕллоны. Стъалыдӕснытӕ сӕхи тынг уӕздан дардтой.

8 Бӕрӕг нӕу, стъалыдӕснытӕ йӕ зыдтой ӕви нӕ, фӕлӕ Йесойы цард тӕссаг уавӕры баппӕрстой. Фӕндаг сын цы «стъалы» амыдта, уый сӕ фыццаг Вифлееммӕ нӕ, фӕлӕ Иерусалиммӕ ӕркодта *. Уым фыдзӕрдӕ паддзах Иродӕн загътой, дзуттӕгты паддзах чи хъуамӕ суа, уыцы сывӕллоны кӕй агурынц. Паддзах йӕ бынатӕн тарст ӕмӕ, куыддӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыста, афтӕ мӕстӕй рафыхт.

9–11. а) Йесойы цардӕн тӕссаг куы уыд, уӕд хъуыддагмӕ чи бавнӕлдта? ӕ) Иосиф йӕ бинонтимӕ Египетмӕ куыд цыд, уый тыххӕй цавӕр таурӕгътӕ ис ӕмӕ сӕ балц ӕцӕгӕй та куыд уыд?

9 Фӕлӕ хъуыддагмӕ бавнӕлдта, Иродӕй ӕмӕ Хӕйрӕгӕй дӕр хъомысджындӕр чи уыд, уый. Стъалыдӕснытӕ Йесойӕн скодтой зынаргъ лӕвӕрттӕ – «сызгъӕрин, урс буд ӕмӕ миррӕ». Ӕвиппайды уыйбӕрц хъӕздыгдзинӕдтӕ! Иосиф ӕмӕ Марийӕ ахӕм цӕуылдӕрты ахуыр нӕ уыдысты, ӕмӕ дис дӕр куыннӕ кодтаиккой. Стъалыдӕснытӕн сӕ зӕрды уыд, фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхын ӕмӕ сывӕллоны кӕй ссардтой, уый паддзах Иродӕн фехъусын кӕнын. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ нӕ бауагъта – фыны сӕм фӕзынд ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕ бӕстӕмӕ ӕндӕр фӕндагыл аздӕхтаиккой. (Бакӕс Матфейы 2:1–12.)

10 Стъалыдӕснытӕ уырдыгӕй куы ацыдысты, уӕд Йегъовӕйы зӕд Иосифы бафӕдзӕхста: «Сыст, ракӕн сывӕллоны йӕ мадимӕ ӕмӕ Египетмӕ алидз. Уым лӕуу, цалынмӕ дын нӕ зӕгъон, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис сывӕллоны ссарын ӕмӕ йӕ амарын» (Матф. 2:13). Ӕмӕ ацы сӕры райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Иосиф ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ зӕды ныхасмӕ байхъуыста. Йӕ гыццыл хъӕбулы цардӕй сӕйрагдӕр ын ницы уыд, ӕмӕ йӕ бинонтимӕ Египетмӕ араст. Уыцы стъалыдӕснытӕ сын ахӕм зынаргъ лӕвӕрттӕ кӕй скодтой, уымӕй сын сӕ къух сарӕзтой. Фӕндагыл сӕ бирӕ цыдӕртӕ хъуыд, стӕй, Египеты цӕмӕй цардаиккой, уый дӕр сын уыдаид.

Иосиф йӕхиуыл нӕ мӕт кодта ӕмӕ уайтагъд бацархайдта, цӕмӕй йӕ сывӕллоны фервӕзын кодтаид

11 Иосифы бинонтӕ Египетмӕ куыд цыдысты, уый фӕдыл алыхуызон таурӕгътӕ ӕмӕ ӕрымысгӕ хабӕрттӕ ис. Зӕгъӕм, гыццыл Йесо, дам, диссаг сарӕзта ӕмӕ уыцы балц фӕцыбырдӕр кодта, стӕй, дам, бинонты абырджытӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ, дам, афтӕ дӕр бакодта, цӕмӕй финикты пальмӕбӕласы къалиутӕ бынмӕ ӕрзӕбул уыдаиккой ӕмӕ дзы йӕ мад ӕртыдтаид *. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та фӕцыдысты дард ӕмӕ зын фӕндагыл, разӕй сӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, уый дӕр нӕ зыдтой, афтӕмӕй.

Иосиф, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ йӕ бинонтыл

12. Иосифы хабарӕй абоны ныййарджытӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

12 Иосифы хабарӕй абоны ныййарджытӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Иосиф уый куы базыдта, ӕмӕ йӕ бинонты цардӕн тӕссаг у, уӕд уайтагъд йӕ куыст ныууагъта ӕмӕ, йӕхицӕн куыд ӕнцондӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодта. Йӕ бинонты ӕцӕгдӕр нымадта Йегъовӕйы стыр лӕварыл. Абон мах тынг ӕвзӕр рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ ныййарджытӕн ӕнцон нӕу сӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнын. Хӕйрӕджы дуне сӕ ӕфтауы алы ӕвзӕрдзинадыл, ӕмӕ уый тыххӕй бӕллӕхты бахауынц ӕмӕ ма сӕхи дӕр бабын кӕнынц. Уӕдӕ Иосифы чи фӕзмы ӕмӕ йӕ цоты ӕвзӕрдзинадӕй бахъахъхъӕнынӕн йӕ хъарутӕ чи не ’вгъау кӕны, ахӕм ныййарджытӕ раппӕлинаг куыннӕ сты!

Иосиф йӕ бинонтыл тыхсти

13, 14. Иосиф ӕмӕ Марийӕ фӕстӕмӕ Назаретмӕ цӕмӕн ӕрыздӕхтысты?

13 Куыд зыны, афтӕмӕй Иосиф йӕ бинонтимӕ Египеты бирӕ нӕ фӕци, уымӕн ӕмӕ йын зӕд фӕхабар кодта, Ирод кӕй амард. Иосиф йӕ бинонтимӕ фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхт. Рагон пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ Фырты хъуамӕ «Египетӕй» ракодтаид (Матф. 2:15). Ӕмӕ ацы пехуымпарад сӕххӕст, Иосиф йӕ бинонты Египетӕй куы ракодта, уӕд. Фӕлӕ цымӕ ацы хатт та кӕдӕм ацӕудзысты?

14 Иосиф ӕмбаргӕйӕ архайдта. Тарсти Иудейӕйы ног паддзах Архелайӕ, уымӕн ӕмӕ уый дӕр йӕ фыд Иродау уыд фыдзонд ӕмӕ ӕгъатыр адӕймаг. Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ Иосиф йӕ бинонтимӕ ацыд цӕгатмӕ, цӕмӕй Иерусалимӕй дарддӕр уыдаиккой. Ӕмӕ ӕрцыдысты, раздӕр кӕм цард, уырдӕм – галилейаг горӕт Назаретмӕ. Уым Марийӕимӕ хъомыл кодтой сӕ цоты. (Бакӕс Матфейы 2:19–23.)

15, 16. Иосиф цы куыст кодта ӕмӕ йӕм цавӕр кусӕнгӕрзтӕ уыдаид?

15 Иосиф ӕмӕ Марийӕ кодтой хуымӕтӕг цард, фӕлӕ сӕ цард ӕнцон нӕ уыд. Библийы фыст ис, Иосиф хъӕддӕсны кӕй уыд. Ам фыссӕг цы дзырдӕй спайда кодта, уый амоны, хъӕдӕрмӕгимӕ-иу бирӕ алыхуызон куыстытӕ чи кодта, ахӕм адӕймагмӕ. Зӕгъӕм, хъуыди-иу ӕй бӕлӕстӕ акалын, хӕдзармӕ сӕ ӕрласын ӕмӕ сӕ бахус кӕнын. Уый фӕстӕ-иу дзы йӕ бон уыд саразын хӕдзӕрттӕ, бӕлӕгътӕ, гыццыл хъӕдын хидтӕ, уӕрдӕттӕ, цӕлхытӕ, ӕфсондзтӕ ӕмӕ, зӕхкусӕджы чи хъуыд, ӕндӕр ахӕм алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ (Матф. 13:55). Уӕдӕ бӕрӕг у, хъӕддӕсныйы бирӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъуыд. Раджы заманты-иу хъӕддӕсны куыста йӕ хӕдзары раз кӕнӕ та, хӕдзары фарсмӕ кусынӕн цы сӕрмагонд агъуыст уыд, уым.

16 Иосифмӕ уыди бирӕ алыхуызон кусӕнгӕрзтӕ, иуӕй-иутӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, баззадысты йӕ фыдӕй. Чи зоны йӕм уыди къуымбарӕн, уырдыгбарӕн, фӕрӕт, хырх, тадзин, ӕфсӕйнаг дзӕбуг, хъӕдын дзӕбуг, сарт, лӕгъзгӕнӕн ӕмӕ алыхуызон клейтӕ. Стӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, зӕгӕлтӕ дӕр уыди, кӕд зынаргъ уыдысты, уӕддӕр.

17, 18. а) Йесо йӕ фыдӕй цӕуыл сахуыр? ӕ) Иосифы фылдӕр фыдӕбон кӕнын цӕмӕн хъуыд?

17 Хӕрзаг-иу гыццыл Йесо йӕ фыды алы фезмӕлдмӕ дӕр лӕмбынӕг каст. Дисы йӕ куыннӕ ӕфтыдтаид, йӕ фӕтӕн уӕхсчыты ӕмӕ йӕ нуарджын къухты цы стыр хъару уыди, алцӕмӕ дӕр куыд сӕрӕн ӕвнӕлд кодта, стӕй алцыдӕр куыд хорз ӕмбӕрста, уый. Йесо уыдта, йӕ фыд-иу уыцы фидар цӕнгтӕй бӕлӕстӕ куыд фӕлдӕхта, хъӕдтӕ-иу куыд ӕрцӕттӕ кодта ӕмӕ-иу стӕй цыдӕр аразгӕйӕ алыхуызон хъӕдын хӕйттӕ кӕрӕдзийыл куыд ныххуыдта. Ӕвӕццӕгӕн, Иосиф йӕ гыццыл лӕппуйӕн амыдта, хуымӕтӕг куыстытӕ куыд кӕнгӕ сты, уый, зӕгъӕм, кӕсаджы хус цъарӕй фӕйнӕджытӕ куыд лӕгъз кӕнын хъӕуы. Стӕй Иосиф алыхуызон хъӕдӕрмӕгимӕ архайдта – сикоморбӕлас, оливӕбӕлас ӕмӕ тулдзбӕласимӕ. Ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъӕдӕрмӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕны, уый дӕр йӕ фыртӕн амыдта.

Иосиф йӕ фырты ахуыр кодта хъӕддӕсныйы куыстыл

18 Фӕлӕ ма Йесо ноджыдӕр зыдта, йӕ зӕххон фыды нуарджын къухтӕ уыцы иу рӕстӕг кӕй уыдысты фӕлмӕн къухтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ зыдта уыцы фӕлмӕн къухты рӕвдыд. Стӕй уыдта, йӕ мадыл ӕмӕ-иу йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртыл куыд узӕлыд, уый дӕр. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй ма Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн Йесойы фӕстӕ ноджыдӕр райгуырд ӕппынкъаддӕр ӕхсӕз сывӕллоны (Матф. 13:55, 56). Уӕдӕ Иосифӕн йӕ цот куыд фылдӕр кодтой, афтӕ йӕ хъуыди фылдӕр фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй мацы хъуаг ӕййӕфтаиккой.

Иосиф ӕмбӕрста, йӕ сӕйрагдӕр хӕс кӕй уыди йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕнын

19. Иосиф йӕ бинонты уырнындзинад куыд фидар кодта?

19 Фӕлӕ уӕддӕр Иосиф ӕмбӕрста, йӕ сӕйрагдӕр хӕс кӕй уыди йӕ бинонты уырнындзинад фидар кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ-иу рӕстӕг ссардта, цӕмӕй йӕ сывӕллӕттӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ закъӕтты тыххӕй дзырдтаид. Иосиф ӕмӕ Марийӕ сӕ сывӕллӕтты ӕдзух кодтой ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уым-иу Хуыцауы Закъон хъӕрӕй кастысты ӕмӕ-иу ӕй ӕмбарын кодтой. Хӕрзаг-иу Йесомӕ уый фӕстӕ дуне фарстатӕ фӕзынд, ӕмӕ-иу Иосиф йӕ удӕй бацыд, цӕмӕй йын йӕ фарстатӕн дзуапп радтаид. Иосиф ма-иу йӕ бинонтимӕ ацыд, Иерусалимы цы бӕрӕгбӕттӕ уыд, уыдонмӕ. Зӕгъӕм, алы аз дӕр-иу сӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ цӕуын хъуыди 120 километры бӕрц. Сӕ балц-иу ӕдӕппӕтӕй ахаста дыууӕ къуырийы. Уымӕ хауди фӕндаг дыууӕрдӕм ӕмӕ бӕрӕгбон йӕхӕдӕг дӕр.

Иосиф йӕ бинонты алы аз дӕр кодта Иерусалимы кувӕндонмӕ

20. Абон чырыстон бинонты хистӕртӕ дӕр Иосифы куыд фӕзмынц?

20 Абон дӕр чырыстон бинонты хистӕртӕ афтӕ кӕнынц. Уыдон сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кӕнынц сӕ сывӕллӕттӕн. Кӕд сӕ сӕ бинонты дарынӕн бирӕ фыдӕбон кӕнын хъӕуы, уӕддӕр ӕй ӕмбарынц, ӕппӕты ахсджиагдӕр уый кӕй у, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты Йегъовӕйы фӕндагыл аразой. Ӕмӕ сын цыфӕнды зын ма уа, уӕддӕр сӕ бинонтимӕ хӕдзары Библи фӕахуыр кӕнынц, стӕй сӕ сывӕллӕтты семӕ фӕкӕнынц ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм. Уыдон дӕр Иосифау зонынц, сӕ сывӕллӕттӕн уымӕй хуыздӕр бынтӕ кӕй не скӕндзысты.

«Нӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдтам»

21. Куадзӕны рӕстӕг-иу Иосифы бинонтӕ куыд арвыстой? Иосиф ӕмӕ Марийӕ кӕд бамбӕрстой, Йесо кӕй фесӕфт, уый?

21 Йесойыл 12 азы куы цыди, уӕд та Иосиф йӕ бинонты Иерусалиммӕ Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ акодта. Бӕрӕгбонмӕ цалдӕр бинонтӕ цыдысты иумӕ. Уыди уалдзӕг ӕмӕ сӕ алыварс бӕстӕ цъӕх адардта. Фӕлӕ Иерусалим хохыл кӕй лӕууыд, уымӕ гӕсгӕ уырдӕм хӕстӕгдӕр цъӕх кӕрдӕг афтӕ бирӕ нӕма уыд. Горӕтмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодтой, афтӕ бӕлццӕттӕй бирӕтӕ зарыдысты, хорз кӕй зыдтой, уыцы псаломтӕ (Пс. 120–134). Иерусалимы уыд дуне адӕм – сӕдӕгай минтӕ. Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд адӕм иууылдӕр фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм араст сты. Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн, ӕвӕццӕгӕн, фӕндагыл уыйбӕрц хъуыддӕгтӕ уыди, ӕмӕ Йесомӕ сӕ хъус не ’рдардтой. Ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ се ’мбӕлццӕттимӕ ис, чи зоны, сӕ хиуӕттӕй искӕимӕ. Ӕнӕхъӕн бон куы фӕцыдысты, ӕрмӕстдӕр ӕй уӕд бамбӕрстой, сывӕллон кӕй фесӕфт (Лук. 2:41–44).

22, 23. Йесо кӕй фесӕфт, уый Иосиф ӕмӕ Марийӕ куы бамбӕрстой, уӕд куыд бакодтой ӕмӕ йӕ куы ссардтой, уӕд Марийӕ цы загъта?

22 Иосиф ӕмӕ Марийӕ тынг фӕтарстысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ Йесойы агурӕг аздӕхтысты. Куыд афтид ӕмӕ сӕм куыд ӕцӕгӕлон кастаид ныр ацы горӕт! Зилынц уынгты, сӕ хъӕбулмӕ йӕ номӕй хъӕр кӕнынц, фӕлӕ ницы. Цы хъуамӕ фӕуыдаид? Ӕртӕ боны йӕ куы фӕцагуырдтой, уӕд Иосифмӕ, ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хъуыдытӕ дӕр фӕзынд: «Йегъовӕ мын мӕ бар цы хӕзна бакодта, уый бахъахъхъӕнын мӕ бон куыд нӕ баци?» Фӕстагмӕ бацыдысты кувӕндонмӕ. Уым дӕр та йӕ фӕцагуырдтой ӕмӕ иуафон стыр уатмӕ бахызтысты. Уым ӕрӕмбырд сты куырыхон лӕгтӕ, Хуыцауы Закъон хорз чи зыдта, уыдон. Ӕмӕ кӕсынц, ӕмӕ Йесо дӕр се ’хсӕн бады! Иосиф ӕмӕ Марийӕйӕн се ’ккойӕ стыр уаргъ ахауд! (Лук. 2:45, 46).

23 Йесо уыцы куырыхон лӕгтӕм лӕмбынӕг хъуыста ӕмӕ сӕм фарстатӕ лӕвӕрдта. Уыцы лӕгтӕ дис кодтой, куыд ӕмбаргӕ сывӕллон уыд ӕмӕ цы зондджын дзуаппытӕ лӕвӕрдта, ууыл. Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы уым куы федтой, уӕд сагъдау фесты. Иосиф исты загъта ӕви нӕ, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг сӕ дыууӕ дӕр цы хъуыды кодтой, уый хорз ӕвдисынц Марийӕйы ныхӕстӕ: «Хъӕбул, уый нын цы ми бакодтай? Дӕ фыдимӕ дӕу агурынӕй нӕ сӕрӕн куы ницыуал зыдтам» (Лук. 2:47, 48).

24. Ныййарӕджы хӕс тынг зын кӕй у, уый Библи куыд ӕвдисы?

24 Библийӕ нын ацы скъуыддзаг ирдӕй ӕвдисы, сывӕллон алцӕмӕй ӕххӕст куы уа, уӕд дӕр йӕ хъомыл кӕнын ӕнцон кӕй нӕу. Ацы тӕссаг дунейы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын афтӕ зын у, ӕмӕ ныййарджытӕ арӕх фӕзӕгъынц, нӕ сӕрӕн ницыуал зонӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕмбары, уый сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд сӕ ныфс фидар кӕндзӕн.

25, 26. Йесо йӕ ныййарджытӕн цавӕр дзуапп радта ӕмӕ, уыцы ныхӕстыл хъуыды кӕнгӕйӕ, Иосиф сӕрыстыр цӕмӕн уыдаид?

25 Йесо уыди Йегъовӕйы хӕдзары. Зӕххыл ӕндӕр ахӕм бынат нӕ уыд, йӕ уӕларвон Фыдмӕ афтӕ хӕстӕг кӕм уыдаид. Уым бадти ӕмӕ зӕрдиагӕй хъуыста, йӕ Фыды тыххӕй цы дзырдтой, уымӕ. Ӕмӕ йӕ ныййарджытӕн уыцы ӕнӕхинӕй загъта: «Ӕмӕ мӕ цӕмӕн агуырдтат? Нӕ йӕ зыдтат, ӕз мӕ Фыды хӕдзары кӕй дӕн? Ӕндӕр кӕм хъуамӕ уыдаин?» (Лук. 2:49).

26 Ӕвӕццӕгӕн-иу Иосиф уыцы ныхӕстыл арӕх хъуыды кодта, ӕмӕ-иу сӕрыстыр куыннӕ уыдаид, ахӕм фырт ын кӕй ис, уымӕй. Цӕмӕй йӕ лӕппу Йегъовӕйы афтӕ тынг уарзтаид, уый тыххӕй бирӕ хъарутӕ радта. Йесо-иу гыццылӕй дӕр, фыд, зӕгъгӕ, куы фехъуыста, уӕд-иу ын йӕ зӕрдӕ батавта. Ӕмӕ йӕм ахӕм ӕнкъарӕнтӕ та сӕйраджыдӕр Иосифы фӕрцы уыди.

27. Фыдӕлтӕм цавӕр стыр кад ӕрхауд ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы Иосифы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

27 Фыдӕлтӕ, ӕмбарут ӕй, цы стыр кад уӕм ӕрхауд? Уӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕмӕ цы зӕрдӕ дардзысты, уый сымахӕй кӕнгӕ у. Уӕ уарзтӕй рӕвдыд куы уой, куы сӕ хъахъхъӕнат ӕмӕ сыл куы тыхсат, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы сӕ уӕларвон Фыдыл нымайын ӕмӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕны, уый ӕмбарын. Кӕд, кӕй хъомыл кӕныс, уыцы сывӕллӕттӕ дӕхи сывӕллӕттӕ не сты, уӕд дын Иосифы цӕвиттон стыр ӕххуыс уыдзӕн. Аргъ кӕн дӕ сывӕллӕттӕй алкӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ дӕ уарзтӕй рӕвдау. Ӕххуыс сын кӕн, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕмӕ баввахс уой ӕмӕ йӕ бауарзой. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:4.)

Иосиф Йегъовӕйы раз йӕ хӕс сӕххӕст кодта

28, 29. а) Лукайы 2:51, 52 стихты фыст ныхӕстӕй Иосифы тыххӕй цы ис базонӕн? ӕ) Иосиф йӕ фыртӕн куыд ӕххуыс кодта, цӕмӕй зондджынӕй-зондджындӕр кодтаид?

28 Цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй уӕлдай Библийы Иосифы тыххӕй комкоммӕ ницыуал ис фыст, фӕлӕ ма дзы уӕддӕр цыдӕртӕ ис базонӕн. Зӕгъӕм, Библийы кӕсӕм, Йесо йӕ ныййарджытӕн «коммӕгӕс» кӕй уыд. Стӕй ма дзы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо «зондджынӕй-зондджындӕр кодта ӕмӕ рӕзыд Хуыцауӕн ӕмӕ адӕмӕн уарзонӕй». (Бакӕс Лукайы 2:51, 52.) Ацы ныхӕстӕй Иосифы тыххӕй цы ис базонӕн? Бӕрӕг у, Иосиф бинонты хистӕры хӕстӕ хорз кӕй ӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ кӕд йӕ фырт алцӕмӕй ӕххӕст уыд, уӕддӕр Иосифӕн кад кодта ӕмӕ йӕ коммӕ каст.

29 Ацы стихты ма фыст ис, Йесо зондджынӕй-зондджындӕр кӕй кодта. Уыцы хъуыддаджы Иосиф дӕр бирӕ сарӕзтаид. Уӕды заман дзуттӕгтӕ кӕрӕдзи дзыхӕй истой иу рагон ӕмбисонд. Уыцы ӕмбисонд ныр дӕр ис ссарӕн ӕмӕ йӕ бакӕсӕн. Йӕ хъуыды ахӕм уыди, ӕмӕ, дам, ӕцӕг зондджын вӕййынц, сӕрибар рӕстӕг бирӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕм. Хуымӕтӕг кусджытӕн та, дам, зӕгъӕм, хъӕддӕснытӕн ӕмӕ зӕхкусджытӕн, стӕй куырды куыст чи кӕны, уыдонӕн «сӕ бон нӕу иннӕтӕн, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый амонын ӕмӕ, фӕсномыг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны ’хсӕн дӕр нӕ вӕййынц». Фӕлӕ фӕстӕдӕр Йесо равдыста, ацы ныхӕстӕ раст кӕй не сты. Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йын йӕ зӕххон фыд, хуымӕтӕг хъӕддӕсны, цал ӕмӕ цал хатты амыдтаид, Йегъовӕйы цӕсты «раст цы у ӕмӕ цы нӕу», уый!

30. Иосиф абон бинонты хистӕртӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

30 Уымӕй уӕлдай ма бӕрӕг у, Иосиф алцыдӕр кӕй арӕзта, цӕмӕй Йесо, куыд ӕмбӕлы, афтӕ рӕзыдаид. Йесо сси тыхджын, фидар нӕлгоймаг. Стӕй Иосиф йӕ фырты сахуыр кодта, йӕхӕдӕг цы куыстыл хӕст уыд, ууыл. Йесойы ӕрмӕст хъӕддӕсныйы фыртӕй нӕ зыдтой, фӕлӕ ма йын йӕхи дӕр хуыдтой «хъӕддӕсны» (Мар. 6:3). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Иосиф Йесойы хорз схъомыл кодта. Ӕмӕ ацы хъуыддаджы дӕр бинонты хистӕртӕн у фӕзминаг. Хъуамӕ сӕ сывӕллӕттыл тыхсой ӕмӕ сын баххуыс кӕной, царды сӕ чи бахъӕудзӕн ӕмӕ сӕхи дарынхъом кӕй фӕрцы уыдзысты, ахӕм куыст равзарынӕн.

31. а) Иосиф кӕд амард, уый тыххӕй цы зонӕм? (Кӕс ма  рамкӕ дӕр.) ӕ) Иосиф нӕ алкӕмӕн дӕр фӕзминаг цӕмӕн у?

31 Йесойыл 30 азы бӕрц куы цыди ӕмӕ донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ Библийы Иосифы кой никуыуал ис. Ӕвӕццӕгӕн, уӕдмӕ амард. Бӕлвырдгӕнӕнтӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй, Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд Марийӕ уыд идӕдз. (Кӕс рамкӕ « Иосиф кӕд амард?») Кӕд Иосифы тыххӕй Библийы бирӕ фыст нӕй, уӕддӕр дзы базыдтам, фӕзминаг фыд кӕй уыди: йӕ бинонты хъахъхъӕдта, тыхсти сыл ӕмӕ йӕ хӕс кӕронмӕ сӕххӕст кодта. Уӕдӕ Иосиф йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг у алы фыдӕн, алы бинонты хистӕрӕн дӕр, стӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕн дӕр.

^ 4 абз. Уыцы заманты-иу лӕппу ӕмӕ чызг куы бафидыдтой, уӕд-иу лӕг ӕмӕ усыл нымад уыдысты.

^ 8 абз. Уыцы «стъалы», ӕнӕуи арвыл цы стъалытӕ фӕзыны, ахӕм нӕ уыд, стӕй Хуыцауӕй дӕр нӕ уыди. Бӕрӕг у, Хӕйрӕг кӕй равдыста ахӕм диссаг, цӕмӕй йӕ фыдвӕнд йӕ къухы бафтыдаид – Йесойы амардтаид.

^ 11 абз. Библийы фыст ис, Йесо донаргъуыд куы райста, йӕ фыццаг диссаг ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ кӕй сарӕзта (Иоан. 2:1–11).