Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫККАГ СӔР

Уый цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ

Уый цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ

1, 2. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цавӕр куыст кодтой ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты?

НОЙ йӕ астӕу сраст кодта ӕмӕ йӕ фӕллад уӕнгтӕ айвӕзта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: фӕтӕн хъайваныл бады ӕмӕ, цы стыр нау аразынц, ууыл йӕ цӕст ахаста. Тӕвд писийы карз тӕф уӕлдӕфы ныббадт. Кусӕнгӕрзты тъупп-тъупп хъуысы. Ноймӕ хорз зыны, йӕ фырттӕ алы рӕтты куыд кусынц, уый. Нау нырма кӕронмӕ арӕзт нӕу, фӕлӕ йе стыр хъӕдтӕ кӕрӕдзийыл ӕвӕрд ӕрцыдысты. Бирӕ азты дӕргъы йӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, стӕй йӕ зынаргъ цардӕмбал дӕр йемӕ иумӕ ӕвӕллайгӕйӕ фыдӕбон кӕнынц. Дзӕвгар сын бантыст, фӕлӕ сӕ уӕддӕр нырма бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы саразын.

2 Сӕ алыварс цӕрӕг адӕм сӕ нымайынц ӕдылытыл. Науы фӕрстӕ куыд уӕлдӕр кӕнынц, афтӕ сыл тынгдӕр худынц. Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕуыдзӕн, уый сӕ нӕ уырны. Ной сын цы бӕллӕхы кой кӕны, уый сӕм цыдӕр ӕнахуыр кӕсы, уый гӕнӕн, дам, куыд ис. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кӕнынц, амӕй ма ӕнӕзонддӕр адӕймаг уа, зӕгъгӕ, дӕ цард ахӕм ӕнӕпайда хъуыддагыл арвит ӕмӕ ма йыл дӕ бинонты дӕр бафтау. Фӕлӕ Ноймӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй кӕсы.

3. Ной Хуыцауимӕ цыди, зӕгъгӕ, уый куыд ӕмбаргӕ у?

3 Библийы кӕсӕм: «Ной цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ». (Бакӕс Райдиан 6:9.) Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцау зӕххыл Ноимӕ нӕ рацу-бацу кодта, уӕдӕ Ной дӕр уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд. Фӕлӕ Ной йӕ Хуыцауӕн афтӕ коммӕгӕс уыди ӕмӕ йӕ афтӕ тынг уарзта, ӕмӕ зӕгъӕн уыд, йемӕ кӕй цыди, дыууӕ ӕмбалы фӕрсӕй-фӕрстӕм куыд фӕцӕуынц, афтӕ. Миназтӕ фӕстӕдӕр Нойы тыххӕй фыст ӕрцыд ахӕм ныхӕстӕ: «Йӕ уырнындзинадӕй уый дунейӕн стӕрхон кодта» (Дзут. 11:7). Ома куыд? Ӕмӕ йӕ уырнындзинадӕй абон мах цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Ӕнӕфау адӕймаг хӕлд дунейы

4, 5. Нойы рӕстӕджы дуне фыддӕрӕй-фыддӕр цӕмӕн кодта?

4 Ной цы дунейы схъомыл, уый бонӕй-бонмӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодта. Йӕ фыды фыдыфыд Енох уыди рӕстаг адӕймаг ӕмӕ уый дӕр цыди Хуыцауимӕ. Фӕлӕ Енохы заман дӕр зӕххыл бирӕ ӕвзӕрдзинад уыд. Уый дзырдта, уыцы ӕнӕхуыцау адӕмыл Йегъовӕ йӕ фыдӕх кӕй ныккалдзӕн. Ӕмӕ ныр Нойы рӕстӕджы та зӕххыл адӕм ноджы тынгдӕр фесӕфтысты. Йегъовӕйы цӕсты зӕхх бынысӕфт фӕци, уымӕн ӕмӕ фыдмитӕй байдзаг (Райд. 5:22; 6:11; Иуд. 14, 15). Цымӕ дуне ахӕм уавӕрмӕ цӕмӕн ӕрцыд?

5 Хуыцауӕн йӕ уӕларвон фыртты ’хсӕн, зӕдты ’хсӕн, цыди ӕвирхъау хабӕрттӕ. Куыд зонӕм, афтӕмӕй зӕдтӕй сӕ иу Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд, цъыфкалӕнтӕ йыл фӕкодта ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы тӕригъӕды бафтыдта. Афтӕмӕй уыцы зӕд сси Сайтан ӕмӕ Хӕйрӕг. Ӕмӕ ныр Нойы рӕстӕджы Йегъовӕйы ныхмӕ цӕуын райдыдтой ӕндӕр зӕдтӕ дӕр. Уӕлӕрвты сын Хуыцау цы кадджын бынат радта, уый ныууагътой, зӕхмӕ ӕрцыдысты, адӕймӕгты хуыз райстой ӕмӕ-иу рӕсугъд сылгоймӕгтӕй сӕхицӕн устытӕ скодтой. Ӕмӕ уыцы сӕрбӕрзонд, хиуарзон зӕдтӕ адӕмы дӕр сӕхи хуызӕн скодтой (Райд. 6:1, 2; Иуд. 6, 7).

6. Нефилимтӕ адӕмыл куыд ӕндӕвтой ӕмӕ Йегъовӕ цы аскъуыддзаг кодта?

6 Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ-иу уыцы зӕдтӕн ӕмӕ зӕххон сылгоймӕгтӕн цы фырттӕ райгуырд, уыдон уыдысты ӕнахуыр стыр ӕмӕ тыхджын. Библи сӕ хоны «уӕйыг адӕм». Ацы дзырд комкоммӕ у «нефилимтӕ» ӕмӕ нысан кӕны «иннӕты чи сфӕлдахы, уыдон». Уыцы уӕйгуытӕ уыдысты хылкъахӕг, тӕригъӕд никӕмӕн зыдтой. Ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ адӕм дӕр ӕгъатырӕй-ӕгъатырдӕр ӕмӕ сӕфтӕй-сӕфтдӕр кодтой. Сфӕлдисӕг Хуыцау «федта, зӕххыл адӕм бынысӕфт кӕй фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр кӕй уыдысты ӕрмӕст ӕвзӕрдзинадыл». Гъемӕ Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, 120 азы фӕстӕ уыцы ӕнӕхуыцау дуне кӕй фесафдзӕн. (Бакӕс Райдиан 6:3–5.)

7. Ной ӕмӕ йӕ бинойнагӕн сӕ фыртты уыцы хӕлд адӕмӕй бахъахъхъӕнын ӕнцон цӕуылнӕ уыди?

7 Ахӕм дунейы сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын тынг зын уыдаид. Фӕлӕ Ной уыцы хъуыддаджы уыд ӕнтыстджын. Фыццаг йӕхицӕн хорз ус ссардта. Нойыл 500 азы куы сӕххӕст, уый фӕстӕ сын райгуырд ӕртӕ фырты – Сим, Хам ӕмӕ Иафет *. Фыд ӕмӕ мады хъуыди сӕ лӕппуты, сӕ алыварс цы сӕфт адӕм уыд, уыдонӕй хъахъхъӕнын. Гыццыл лӕппутӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕуынц, тыхджын ӕмӕ зындгонд чи у, уыдон ӕмӕ сыл сӕхи фӕбарынц, ӕз дӕр, дам, уый хуызӕн хъуамӕ уон. Ӕмӕ уыцы нефилимтӕ та раст ахӕмтӕ уыдысты. Ной ӕмӕ йӕ бинойнаг сӕ сывӕллӕтты бынтон кӕцӕй бахъахъхъӕдтаиккой, цӕмӕй, уыцы уӕйгуытӕ цытӕ арӕзтой, уый тыххӕй мацы фехъуыстаиккой. Фӕлӕ сын-иу, ӕвӕццӕгӕн, дзырдтой, Йегъовӕ фыддзинадӕй йе сӕфт кӕй уыны, уый тыххӕй. Сӕ фырттӕн хъуамӕ бамбарын кодтаиккой, адӕм цы фыдхъуыддӕгтӕ арӕзтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ куыд цыдысты, уый уынгӕйӕ Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ кӕй рысти (Райд. 6:6).

Ной ӕмӕ йӕ усы хъуыди сӕ сывӕллӕтты ӕвзӕр адӕмӕй хъахъхъӕнын

8. Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у Нойы ӕмӕ йӕ бинойнаджы бафӕзмын?

8 Ной ӕмӕ йӕ бинойнаг цы уавӕры уыдысты, уый абон ныййарджытӕ хорз бамбардзысты. Ныр дӕр дуне ахӕм зондӕй хъӕстӕ у, ӕмӕ адӕм сты хивӕнд ӕмӕ уарзынц фыддзинад. Рӕдыд фӕндагыл чи слӕууы, ахӕм ӕрыгӕттӕ горӕтты къордтӕ-къордтӕй фӕрацу-бацу кӕнынц, ӕмӕ адӕм сӕ тӕссӕй уынгты ацӕуын дӕр нал фӕуӕндынц. Суанг ма, сывӕллӕттӕн цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдоны дӕр хылтӕ, лӕгмӕрдтӕ ӕмӕ тугкалд йеддӕмӕ ӕндӕр ницы вӕййы. Ӕмӕ ӕмбаргӕ ныййарджытӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразынц, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты уыцы ӕвзӕр зондӕй бахъахъхъӕной. Амонынц сын, Йегъовӕ фарны Хуыцау кӕй у ӕмӕ, зӕххыл фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны тагъд кӕй фесафдзӕн (Пс. 11:5; 37:10, 11). Ацы фыддунейы дӕр уый гӕнӕн ис, цӕмӕй уӕ сывӕллӕтты раст фӕндагыл сӕвӕрат. Ной ӕмӕ йӕ бинойнагӕн уый сӕ къухы бафтыд. Сӕ фырттӕй хорз адӕймӕгтӕ рауад ӕмӕ, кӕй ракуырдтой, уыдон дӕр ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрдтой.

«Дӕхицӕн... скӕн нау»

9, 10. а) Йегъовӕ Нойӕн цавӕр хъуыддаг бахӕс кодта? ӕ) Нау куыд арӕзт хъуамӕ уыдаид ӕмӕ цӕмӕн хъуыди, уый тыххӕй Йегъовӕ Нойӕн цы загъта?

9 Иу бон Нойы цард цӕхгӕр фӕивта. Йегъовӕ ныхас кодта йӕ зынаргъ лӕггадгӕнӕгимӕ ӕмӕ йын загъта, дуне фесафынвӕнд кӕй скодта. Йегъовӕ Нойӕн бафӕдзӕхста: «Дӕхицӕн чъиубӕласӕй скӕн нау» (Райд. 6:14).

10 Ной цы нау скодта, уый ӕнӕуи науты хуызӕн нӕ уыд, кӕд иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ афтӕ зӕгъынц, уӕддӕр. Уыцы науӕн разӕй бырынкъ нӕ уыди, фӕстейӕ та тымбылгонд нӕ уыд, стӕй йын фыййӕгтӕ ӕмӕ науыздахӕн дӕр нӕ уыд. Уӕдӕ бынмӕ къуырф дӕр нӕ уыди. Уый уыди стыр цыппӕрдигъон асыкк. Йегъовӕ Нойӕн бӕлвырд бацамыдта, нау цӕйас хъуамӕ уыдаид ӕмӕ куыд арӕзт хъуамӕ уыдаид, уый. Загъта йын, цӕмӕй йӕ мидӕгӕй дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр писийӕ байсӕрстаид. Ӕмӕ цӕмӕн, уый дӕр ын бамбарын кодта: «Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт... Зӕххыл цыдӕриддӕр ис,– иууылдӕр амӕлдзысты». Фӕлӕ Ноимӕ та скодта бадзырд, загъта йын: «Ды хъуамӕ бацӕуай наумӕ, ӕмӕ демӕ иумӕ хъуамӕ бацӕуой дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ фыртты устытӕ». Ной ма йемӕ наумӕ хъуамӕ бакодтаид цӕрӕгойты алы мыггагӕй дӕр. Доны хъаймӕты удӕгасӕй баззадаиккой, науы чи уыдаид, ӕрмӕстдӕр уыдон! (Райд. 6:17–20).

Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ иумӕ арӕзтой, Хуыцау сын цы бафӕдзӕхста, уый

11, 12. Ноймӕ цавӕр стыр ӕмӕ зын куыст ӕнхъӕлмӕ каст ӕмӕ йӕм цы цӕстӕй ракаст?

11 Ноймӕ ӕнхъӕлмӕ каст стыр ӕмӕ зын куыст. Уыцы нау афтӕ стыр уыди, ӕмӕ ма суанг нӕ рӕстӕджы цы хъӕдын наутӕ сарӕзтой, уыдонӕй дӕр иу дӕр уыйас нӕу. Йӕ дӕргъ уыди 133 метры, йӕ уӕрх – 22 метры, йӕ бӕрзӕнд та – 13 метры. Цымӕ Ной хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдта, ӕгӕр зын хъуыддаг у ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ бауыдзӕн бакӕнын, зӕгъгӕ? Кӕнӕ дзы цыдӕртӕ, ӕнцондӕр ӕм куыд каст, афтӕ сарӕзта? Ацы фарстатӕн нын дзуапп дӕтты Библи: «Ной алцыдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Раст афтӕ бакодта» (Райд. 6:22).

12 Ной нау арӕзта бирӕ азты дӕргъы, ӕвӕццӕгӕн, 40–50 азы бӕрц. Хъуыди йӕ бӕлӕстӕ калын, хъӕдтӕ ласын, хырхӕй сӕ фадын, лӕгъз сӕ кӕнын ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийыл хуыйын. Науы хъуамӕ уыдаид ӕртӕ уӕладзыджы, стӕй хицӕн бынӕттӕ, фӕрсырдыгӕй та – дуар. Куыд зыны, афтӕмӕй дзы уӕлейӕ цармӕ ӕввахс кӕрӕй-кӕронмӕ уыди рудзгуытӕ дӕр. Науӕн йӕ сӕр та, ӕвӕццӕгӕн, астӕуӕй уыди гыццыл хӕрдмӕ къуыпп, цӕмӕй дзы дон ма ӕмбырд кодтаид (Райд. 6:14–16).

13. Нойӕн нау аразынӕй дӕр зындӕр цавӕр хъуыддаг уыдаид ӕмӕ уымӕ адӕм цы цӕстӕй кастысты?

13 Азтӕ куыд цыдысты, афтӕ науы арӕзтад дӕр размӕ цыди. Нойӕн куыд ӕхсызгон уыдаид, йӕ бинонтӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уый. Фӕлӕ ма йӕ ноджыдӕр иу хъуыддаг кӕнын хъуыди, ӕмӕ уый та нау аразынӕй дӕр зындӕр уыдаид. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Ной уыди «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг». (Бакӕс 2 Петры 2:5.) Ной уыцы хӕлд ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕмы хъӕбатырӕй фӕдзӕхста, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй, ӕмӕ уымӕй фӕзминаг уыди йӕ бинонтӕн дӕр. Цымӕ адӕм уыцы хабармӕ цы цӕстӕй кастысты? Ӕнустӕ фӕстӕдӕр Йесо Чырысти Нойы рӕстӕджы кой куы кодта, уӕд загъта, зӕгъгӕ, уыцы адӕммӕ «нымады дӕр ницы уыди». Уыдон сӕхи хъуыддӕгтыл систы: хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ чындзы цыдысты, ӕмӕ Нойы ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой (Матф. 24:37–39). Ӕвӕццӕгӕн дзы бирӕтӕ Нойыл ӕмӕ йӕ бинонтыл худтысты, чидӕртӕ та йӕм, чи зоны, ӕртхъирӕн дӕр кодтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты. Чи зоны ма науы арӕзтад бакъуылымпы кӕныныл дӕр архайдтой.

Хуыцау Нойӕн кӕй арфӕ кодта, уый адӕм сӕхи цӕстӕй уыдтой, фӕлӕ йыл уӕддӕр худтысты ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой

14. Ной ӕмӕ йӕ бинонты хабарӕй абон чырыстон бинонтӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц?

14 Фӕлӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ сӕ къухтӕ никуы ӕруагътой. Кӕд сӕ алыварс адӕммӕ афтӕ каст, ӕмӕ сӕрра сты, сӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы сафынц, ӕмӕ сын уый дзургӕ дӕр кодтой, уӕддӕр уыдон нау дарддӕр арӕзтой. Ной ӕмӕ йӕ бинонты хабарӕй абон чырыстон бинонтӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй мах цӕрӕм ацы дунейӕн йӕ «фӕстаг бонты» (2 Тим. 3:1). Йесо нӕ рӕстӕг абарста, Ной нау куы арӕзта, уыцы рӕстӕгимӕ. Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй куы фӕхъусын кӕнӕм ӕмӕ нӕм адӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй куы фӕкӕсынц, куы ныл фӕхудынц ӕмӕ нӕ куы фефхӕрынц, уӕд-иу Нойы ӕрхъуыды кӕнӕм. Ахӕм зындзинӕдтыл махӕй раздӕр уый сӕмбӕлд.

«Наумӕ бацу»

15. Нойыл 600 азы бӕрц куы цыди, уӕд ыл цавӕр зиӕнттӕ ӕрцыд?

15 Уӕдмӕ науы арӕзтад дӕр йӕ кӕронмӕ хӕццӕ кодта. Нойыл 600 азы бӕрц куы цыди, уӕд ыл ӕрцыд стыр зиӕнттӕ. Йӕ фыд Ламех амард *. Уымӕй фондз азы фӕстӕ та 969-аздзыдӕй амард йӕ фыдыфыд Мафусал. Библийы цы адӕмы кой цӕуы, уыдонӕй Мафусалӕй фылдӕр ничи фӕцард (Райд. 5:27). Мафусал дӕр ӕмӕ Ламех дӕр ӕрӕййӕфтой фыццаг адӕймаджы, Адамы.

16, 17. а) Йегъовӕ Нойӕн йӕ царды 600-ӕм азы цы загъта? ӕ) Радзур, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ цы диссӕгтӕ уыдтой, уый тыххӕй.

16 Нойӕн йӕ царды 600-ӕм азы Йегъовӕ йемӕ ногӕй ныхас кодта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ бинонтимӕ наумӕ бацу». Стӕй ма йын бафӕдзӕхста, цӕмӕй наумӕ йемӕ бакодтаид цӕрӕгойты алы мыггагӕй дӕр. Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕй, нывондӕн ӕрхӕссӕн кӕй уыди, уыдонӕй, хъуамӕ бакодтаид фӕйнӕ авды, иннӕ цӕрӕгойтӕй та – фӕйнӕ дыууӕйы (Райд. 7:1–3).

17 Ӕппӕт уыцы цӕрӕгойтӕ наумӕ куыд цыдысты, уымӕ бакӕсын диссаг куыннӕ уыдаид. Алырдыгӕйты ивылдысты наумӕ, уыдысты минтӕ. Иутӕ дзы цӕугӕ кодтой, иннӕтӕ – тӕхгӕ, аннӕтӕ – быргӕ, хилгӕ, кӕцыдӕртӕ та дзы уӕззаугомау цыдысты. Цынӕхуызӕттӕ уыдысты: иутӕ – гыццылтӕ, иннӕтӕ – стыртӕ, кӕцыдӕртӕ – сабырдӕр, кӕцыдӕртӕ – фыдуагдӕр. Уыцы хъӕддаг сырдтӕн науы къуындӕг куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ сӕ Ной лӕдзӕгӕй скъӕрдта кӕнӕ сыл хъӕр кодта йе та сӕ мидӕмӕ исты хуызы басайдта. Библийы фыст ис: «Уыдон... бацыдысты наумӕ, Ноймӕ» (Райд. 7:9).

18, 19. а) Нойы хабӕрттӕ кӕй нӕ уырнынц, уыдонимӕ нӕ бон куыд у ныхас кӕнын? ӕ) Йегъовӕ цӕрӕгойты куыд фервӕзын кодта, уый йе стыр зондыл дзурӕг цӕмӕн у?

18 Уыцы хабӕрттӕ кӕй нӕ уырнынц, уыдон, чи зоны, зӕгъой: «Уымӕн куыд гӕнӕн ис? Утӕппӕт цӕрӕгойтӕ уыцы къуындӕджы иумӕ куыд бафӕрӕзтой, куыд нӕ-иу схыл сты?» Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм: ӕнӕхъӕн дун-дуне чи сфӕлдыста, уымӕн цӕрӕгойтыл йӕ бар нӕ цӕуы ӕмӕ, куы бахъӕуа, уӕд сӕ не ’рсабыр кӕндзӕн? Рох нӕ ма уӕд, цӕрӕгойты дӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста. Зӕгъӕм, ӕнустӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ Сырх денджыз дыууӕ дихы фӕкодта, стӕй хур арвы астӕу ӕрлӕууын кодта. Ӕмӕ уӕд, Нойы цардӕй цы хабӕртты тыххӕй кӕсӕм, уыдон бакӕнын йӕ бон нӕ уыди?

19 Хуыцауӕн уыцы цӕрӕгойты ӕндӕр хуызы дӕр йӕ бон уыдаид аирвӕзын кӕнын. Фӕлӕ сӕ афтӕ кӕй фервӕзын кодта, уый нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, зӕххыл цӕрӕгойты иууылдӕр ӕппӕты райдианы адӕймаджы бар кӕй бакодта (Райд. 1:28). Ӕмӕ Нойы хабары фӕрцы абон бирӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнынц, Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй сты, кӕй скодта, уыцы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕм.

20. Доны хъаймӕты размӕ фӕстаг къуыри Ной ӕмӕ йӕ бинонты цавӕр хъуыддӕгтӕ хъуыди бакӕнын?

20 Йегъовӕ Нойӕн загъта, Доны хъаймӕт къуырийы фӕстӕ кӕй райдайдзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, уыцы цалдӕр боны сӕ цас цыдӕртӕ хъуыди саразын. Цӕрӕгойты се ’ппӕты дӕр хъуыди алкӕй йӕ бынатмӕ бакӕнын, стӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕн дӕр фаг хӕринаг ӕрцӕттӕ кӕнын ӕмӕ бинонтӕм уӕлӕдарӕсӕй, дзаумайӕ цы уыди, уыдон дӕр наумӕ бахӕссын. Нойы ус ӕмӕ сӕ чындзытӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕлдайдӕр та тыхстысты, науы мидӕг сын хӕдзары хуызӕн иу гыццыл уӕддӕр куыд уыдаид, ууыл.

21, 22. а) Нойы рӕстӕджы адӕммӕ кӕй ницы хъардта, уый нӕм диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса? ӕ) Ной ӕмӕ йӕ бинонтыл чи худти, уыдон кӕд ныхъхъус сты?

21 Уыцы рӕстӕг сӕ алыварс адӕм та цы куыстой? Йегъовӕ Нойӕн ӕмӕ, цы арӕзта, уымӕн кӕй арфӕ кодта, уый сӕхи цӕстӕй уыдтой, фӕлӕ сӕм уӕддӕр «нымады дӕр ницы уыди». Цӕрӕгойтӕ наумӕ куыд ивылынц, уый куыннӕ уыдтой. Фӕлӕ сӕм кӕй ницы хъардта, уый нӕм хъуамӕ диссаг ма кӕса. Абон дӕр адӕм сӕхи цӕстӕй цы хабӕрттӕ уынынц, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ фӕстаг бонты цӕрӕм. Фӕлӕ сӕм уыдӕттӕ нымады дӕр не сты. Стӕй, апостол Петр куыд загъта, афтӕ бирӕтӕ худынц, Хуыцауы ныхӕстӕм чи хъусы, уыдоныл. (Бакӕс 2 Петры 3:3–6.) Уӕдӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтыл дӕр афтӕ худтаиккой.

22 Цымӕ уыцы адӕм Нойыл кӕдмӕ худтысты? Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ, стӕй цӕрӕгойтӕ дӕр наумӕ куы бацыдысты, уӕд «Йегъовӕ дуар сӕхгӕдта». Ӕмӕ кӕд адӕмӕй уыцы рӕстӕг уырдӕм хӕстӕг исчи уыди, уӕд ай-гъай дӕр ныхъхъус уыдаиккой. Кӕд ма уый фӕстӕ худтысты, уӕддӕр сын бирӕ нал ахаста. Къӕвда куы ныккалдта, уӕд сӕм уый худӕг нал фӕкастаид. Къӕвда уарыд, уарыд ӕмӕ уарыд! Ӕмӕ, Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр доны бын фӕци (Райд. 7:16–21).

23. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Нойы рӕстӕджы ӕвзӕр адӕм кӕй фесӕфтысты, уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй нӕ уыди? ӕ) Абон мах дӕр Нойы уырнындзинад фӕзмын цӕмӕн хъӕуы?

23 Цымӕ, уыцы ӕвзӕр адӕм кӕй фӕцагъды сты, уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уыди? Кӕцӕй йын уыди ӕхсызгон! (Йез. 33:11). Йегъовӕ сын фагӕй фылдӕр фадӕттӕ радта, цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой ӕмӕ раст фӕндагыл слӕууыдаиккой. Цымӕ афтӕ саразын сӕ бон уыди? Ацы фарстайӕн Ной йӕ цардӕй дзуапп радта. Ной Йегъовӕимӕ кӕй цыди ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йӕ коммӕ кӕй каст, уымӕй равдыста, иннӕтӕн дӕр сӕ бон кӕй уыд Доны хъаймӕты удӕгасӕй баззайын. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Ной уӕды дунейӕн йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта – сӕ фыдхъуыддӕгтӕ сын хурмӕ рахаста. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр удӕгасӕй баззадысты. Ды дӕр Нойы уырнындзинад куы фӕзмай, уӕд дӕхи дӕр ӕмӕ, кӕй уарзыс, уыдоны дӕр фервӕзын кӕндзынӕ. Уӕдӕ Нойау дӕуӕн дӕр дӕ бон у Йегъовӕ Хуыцауимӕ, дӕ хуыздӕр Хӕларимӕ, цӕуын. Ӕмӕ уӕ хӕлардзинад та уыдзӕн ӕнустӕм!

^ 7 абз. Уӕды заманты адӕм махӕй бирӕ фылдӕр цардысты, уымӕн ӕмӕ, Адам ӕмӕ Евӕйӕн сӕ хъару сӕхимӕ куы уыди ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст куы уыдысты, уыцы рӕстӕгӕй бирӕ нӕма рацыд.

^ 15 абз. Ламех йӕ фырты схуыдта Ной (ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «сулӕфын кӕнын» кӕнӕ «удӕнцой ӕрхӕссын») ӕмӕ загъта пехуымпарад, зӕгъгӕ, Ной йӕ номы нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ адӕмы сулӕфын кӕндзӕн, ӕлгъыст зӕххыл кусгӕйӕ цы тухитӕ ӕвзарынц, уыдонӕй (Райд. 5:28, 29). Ламех нӕ федта, йӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты, уый. Ӕвӕццӕгӕн, Нойӕн йӕ мад, стӕй йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ хотӕ Доны хъаймӕты фесӕфтысты.