Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФЫЦЦАГ СӔР

Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»

Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»

1. Адам ӕмӕ йӕ бинонтӕн Едемы цӕхӕрадонмӕ бацӕуыны бар цӕуылнӕуал уыд ӕмӕ Авел ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ бӕллыд?

АВЕЛ кӕсы, йӕ фысты дзуг сабырӕй къуыбырыл куыд хизы, уымӕ. Уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, акаст, йӕ фыстӕ кӕм хизынц, уымӕй дарддӕр, рухс кӕцӕй кӕлы, уырдӕм. Авел зоны, уым кӕй ис, ӕппынӕдзух чи зилы ӕмӕ пиллон арт чи уадзы, ахӕм хъама, цӕмӕй Едемы цӕхӕрадонмӕ бацӕуӕн ма уа. Йӕ ныййарджытӕ раздӕр уыцы цӕхӕрадоны цардысты, фӕлӕ ныр сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дӕр уырдӕм бацӕуыны бар нӕй. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: изӕрдалынгты рог дымгӕ Авелы сӕрыхъуынтӕй хъазы, лӕппу та арвмӕ кӕсы ӕмӕ йе Сфӕлдисӕгыл хъуыды кӕны. Цымӕ ма адӕм искуы Хуыцауимӕ бафидаудзысты? Авел уымӕй тынгдӕр ницӕмӕ бӕллы.

2–4. Авел абон немӕ куыд дзуры?

2 Уый зоныс, ӕмӕ Авел абон демӕ кӕй дзуры? Хъусыс ын йӕ хъӕлӕс? Чи зоны, бадис кӕнай, уый гӕнӕн та куыд ис, зӕгъгӕ. Ӕцӕгдӕр, Авел, Адамӕн йӕ дыккаг фырт, раджы амард. Уӕдӕй нырмӕ 6 000 азы бӕрц рацыд ӕмӕ дзы стӕгдар дӕр нал баззад. Мӕрдты тыххӕй Библи зӕгъы: «Мӕрдтӕ... ӕппындӕр ницы зонынц» (Еккл. 9:5, 10). Стӕй Библийы Авелы ныхӕстӕй иу дӕр фыст не ’рцыд. Уӕдӕ цымӕ немӕ куыд дзуры?

3 Апостол Павел ныффыста: «Кӕд Авел амард, уӕддӕр ма йӕ уырнындзинады фӕрцы ныр дӕр дзуры». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:4.) Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Авел немӕ кӕй дзуры йӕ уырнындзинады фӕрцы. Авел уыд, уыцы диссаджы миниуӕг йӕ удыхъӕды чи ӕрфидар кодта, уыдонӕй фыццаг. Ӕмӕ кӕд йӕхӕдӕг ӕгас нал у, уӕддӕр ын нӕ бон у йӕ уырнындзинад фӕзмын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ, немӕ куыд дзуры, уый хъусӕм.

4 Фӕлӕ кӕд Библийы Авелы тыххӕй бирӕ фыст нӕй, уӕд йӕ уырнындзинады тыххӕй цы ис базонӕн? Цӕй ӕмӕ ацы фарстамӕ ӕркӕсӕм.

Хъомыл кодта «дунейы фӕзынды» рӕстӕджы

5. Авел цы рӕстӕджы цард, уый ӕмӕ «дунейы фӕзынды» рӕстӕг Йесо кӕрӕдзиимӕ цӕмӕн сбаста? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

5 Авел райгуырд, Хуыцау фыццаг адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ куы нӕма рацыд, уӕд. Йесо Чырысти Авелы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый цард «дунейы фӕзынды» рӕстӕг. (Бакӕс Лукайы 11:50, 51.) Чырысти, «дуне», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тӕригъӕдӕй фервӕзыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕмы кой кодта. Зӕххыл чи цард, уыдонӕй Авел кӕд цыппӕрӕм адӕймаг уыд, уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй у, Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны аккагыл кӕй нымайы, уыдонӕй фыццаг *. Уӕдӕ уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Авел, раст зондыл ӕй чи арӕзтаид, ахӕм адӕмы ’хсӕн хъомыл кодта.

6. Цы зӕгъӕн ис Авелы ныййарджыты тыххӕй?

6 Кӕд дунейы фӕзындӕй нырма бирӕ нӕ рацыд, уӕддӕр адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ каст уӕззау цард. Авелы ныййарджытӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты тынг рӕсугъд ӕмӕ хъаруджын. Фӕлӕ уый размӕ стыр рӕдыд сарӕзтой, ӕмӕ уый сӕхӕдӕг дӕр хорз зыдтой. Кӕддӕр уыдысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ, сӕ бон уыд ӕнустӕм цӕрын. Фӕлӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ хӕдзарӕй, Дзӕнӕтӕй, тард ӕрцыдысты. Сӕхи фӕндтӕ сын ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдысты, суанг сӕ цоты фидӕныл дӕр кӕй нӕ ахъуыды кодтой, уый тыххӕй систы ӕнӕххӕст ӕмӕ ӕнусон цардӕй ӕнӕхай фесты (Райд. 2:15–3:24).

7, 8. Каин куы райгуырд, уӕд Евӕ цы загъта ӕмӕ цӕмӕн?

7 Адам ӕмӕ Евӕйӕн Едемы цӕхӕрадоны ӕдде цӕрын тынг зын уыд. Фӕлӕ сын фыццаг сывӕллон куы райгуырд, уӕд ӕй схуыдтой Каин, нысан кӕны «цы рауагътой, уый». Евӕ загъта: «Йегъовӕйы фӕрцы мын райгуырди лӕппу». Чи зоны, афтӕ уымӕн загъта, ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Хуыцау Едемы цӕхӕрадоны зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Уӕд Йегъовӕ загъта, сылгоймагӕй «байзӕддаг» кӕй райгуырдзӕн ӕмӕ уыцы «байзӕддаг» кӕй фесафдзӕн, Адам ӕмӕ Евӕйы чи фӕрӕдийын кодта, уыцы фыдгӕнӕджы (Райд. 3:15; 4:1). Мыййаг, Евӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ, Хуыцау цы сылгоймаджы кой кодта, уый йӕхӕдӕг уыд, Каин та – зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы «байзӕддаг»?

8 Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ хъуыды кодта, уӕд тынг рӕдыд. Стӕй ма кӕд Евӕ ӕмӕ Адам Каинӕн дӕр афтӕтӕ дзырдтой, уӕд йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын куыннӕ райдыдтаид. Фӕстӕдӕр Евӕйӕн райгуырд дыккаг фырт, фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй уымӕй ахӕм ныхӕстӕ нӕ дзырдтой. Уыцы лӕппуйы схуыдтой Авел, нысан кӕны «комытӕф» кӕнӕ «ницы, дзӕгъӕлы» (Райд. 4:2). Цымӕ йын ахӕм ном уымӕн радтой, ӕмӕ йӕ райгуырдыл къаддӕр фӕцин кодтой ӕмӕ дзы Каинӕй уӕлдай къаддӕр ныфс ӕвӕрдтой? Уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу.

9. Фыццаг ныййарджыты хабар абоны ныййарджытӕн зондзонӕн цӕмӕн у?

9 Фыццаг ныййарджыты хабар абоны ныййарджытӕн бирӕ цӕмӕйдӕрты у зондзонӕн. Уӕ ныхӕстӕй ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕй уӕ сывӕллӕтты цӕуыл ахуыр кӕнут? Сӕрбӕрзонд, кадмондаг ӕмӕ хиуарзон суой, ууыл? Ӕви сӕ ахуыр кӕнут, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзой ӕмӕ, сӕ Хӕлар суа, ууыл архайой? Хъыгагӕн, фыццаг ныййарджытӕ нӕ сӕххӕст кодтой, Хуыцауы раз сыл цы хӕс уыди, уый. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ байзӕддӕгтӕн ныфс уыд.

Авелмӕ уырнындзинад цӕй фӕрцы фӕзынд?

10, 11. Каин ӕмӕ Авел цы куыст кодтой ӕмӕ ма Авел ноджыдӕр цӕуыл архайдта?

10 Лӕппутӕ куыд рӕзыдысты, афтӕ сӕ Адам, ӕвӕццӕгӕн, ахуыр кодта кусын, цӕмӕй бинонтӕ хъуаг ма ӕййӕфтаиккой. Каин кодта зӕххы куыст, Авел та уыд фыййау.

11 Фӕлӕ ма Авел арӕзта, бирӕ ахсджиагдӕр цы уыд, уый. Азӕй-азмӕ архайдта, цӕмӕй фидар кодтаид йӕ уырнындзинад, Павел фӕстӕдӕр кӕй тыххӕй фыста, уыцы диссаджы миниуӕг. Ахъуыды-ма кӕн, адӕмы ’хсӕн иу дӕр ахӕм нӕ уыд, Авел уыцы хъуыддаджы кӕй бафӕзмыдтаид! Уӕдӕ уӕд цӕй фӕрцы фӕзынд Авелмӕ ахӕм фидар уырнындзинад? Ӕркӕсӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы йын баххуыс кодтаиккой, уыдонмӕ.

12, 13. Авелӕн Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕм кӕсгӕйӕ йӕ уырнындзинад куыд фидар кодтаид?

12 Йегъовӕйы сконд хъуыддӕгтӕ. Йегъовӕ зӕхх кӕй ралгъыста, уый тыххӕй йыл сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг зади, ӕмӕ зӕххы куыст кӕнын тынг зын уыд. Фӕлӕ уӕддӕр зӕхх уыйбӕрц тыллӕг лӕвӕрдта, цӕмӕй Авелы бинонтӕ цардаиккой. Стӕй ӕлгъыст не ’рцыдысты нӕдӕр цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ ӕмӕ кӕсӕгтӕ, нӕдӕр хӕхтӕ, цадтӕ, цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ денджызтӕ, нӕдӕр арв, мигътӕ, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ. Авел кӕдӕмфӕнды ма акастаид – алы ран дӕр уыдта, ӕппӕт дӕр чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы уарзондзинад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ хорздзинӕдтӕ. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:20.) Уыдӕттыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы йӕ уырнындзинад куыннӕ фидар кодтаид.

Авел Хуыцауы сконд хъуыддӕгтыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Хуыцау уарзӕгой кӕй у

13 Авел-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу Йегъовӕйыл хъуыды кодтаид. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йӕ дзуг куыд хызта, уый. Фыййауы-иу къахӕй бирӕ цӕуын хъуыд. Йӕ фосимӕ-иу къуыбыртыл, дӕлвӕзты, цӕугӕдӕттыл араст. Ӕдзух-иу агуырдта, сойджындӕр кӕрдӕг кӕм зад ӕмӕ хуыздӕр доннуазӕнтӕ кӕм уыд, ахӕм бынӕттӕ, стӕй, аууон кӕм уыд, ахӕм ривӕдгӕнӕнтӕ. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй фыстӕй ӕнӕбондӕр, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уыд, цыма сӕ уый тыххӕй скодта, цӕмӕй сӕ адӕймаг хиза ӕмӕ сӕ хъахъхъӕна. Цымӕ йӕ Авел ӕмбӕрста, йӕхи дӕр кӕй хъуыд, кӕцыфӕнды адӕймагӕй дӕр бирӕ зондджындӕр ӕмӕ бирӕ тыхджындӕр чи у, ахӕм Чидӕр, цӕмӕй йын разамынд лӕвӕрдтаид, хъахъхъӕдтаид ӕй ӕмӕ йыл тыхстаид? Хуыцаумӕ-иу куы куывта, уӕд-иу ын ахӕм хъуыдытӕ арӕх дзырдтаид, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта.

14, 15. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ Авелы хъуыды кӕнынмӕ куыд разӕнгард кодтой?

14 Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ. Адам ӕмӕ Евӕ сӕ фырттӕн куыннӕ дзырдтаиккой, Едемы цӕхӕрадоны цы ’рцыд ӕмӕ сӕ Хуыцау уырдыгӕй цӕй тыххӕй ратардта, уый. Уӕдӕ Авелӕн, цӕуыл хъуыды кодтаид, уый уыди.

15 Йегъовӕ загъта, зӕхх ӕлгъыст кӕй ӕрцӕудзӕн. Авел йӕ алыварс ӕцӕгдӕр сындзытӕ ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕг кӕй уыдта, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ сӕххӕст сты. Йегъовӕ ма загъта, Евӕйӕн сывӕрджынӕй кӕй уыдзӕн тынг зын ӕмӕ тухитӕ кӕнгӕйӕ кӕй ардзӕн сывӕллӕттӕ. Ӕмӕ Авелӕн хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы райгуырд, уӕд ӕй, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бамбӕрста, уыцы ныхӕстӕ дӕр кӕй сӕххӕст сты. Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ загъта, Евӕ ӕнӕ йӕ лӕгӕй кӕй нӕ фӕраздзӕн ӕмӕ ӕдзухдӕр йӕ уарзтмӕ кӕй бӕлдзӕн, уый та йӕ хӕрдмӕ скӕсын дӕр кӕй нӕ уадздзӕн. Афтӕ кӕй уыд, уый Авел йӕхи цӕстӕй уыдта. Йегъовӕйы ныхӕстӕй иу дӕр нӕ фӕмӕнг. Уӕдӕ Авел фидарӕй ӕууӕндыд, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл, зӕгъгӕ, фӕзындзӕн, Едемы цӕхӕрадоны цытӕ ӕрцыд, уыдӕттӕ чи хъуамӕ сраст кодтаид, уыцы «байзӕддаг» (Райд. 3:15–19).

16, 17. Авел херувимтӕй цӕуыл сахуыр?

16 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Кӕд Авелӕн адӕмӕй йӕ бон бафӕзмын никӕй уыд, уӕддӕр уыцы рӕстӕджы зӕххыл уыди, йӕ бон бафӕзмын кӕй уыд, ахӕм зӕдтӕ. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадонӕй куы ратардта, уӕд афтӕ бакодта, цӕмӕй сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ цотӕн дӕр уырдӕм бацӕуын сӕ бон мауал уыдаид. Йӕ бахизӕны йын сӕвӕрдта херувимты, кадджын хӕстӕ кӕуыл ис, ахӕм зӕдты, ӕмӕ, ӕппынӕдзух чи зылди ӕмӕ пиллон арт чи уагъта, ахӕм хъама. (Бакӕс Райдиан 3:24.)

17 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыцы херувимтӕм кӕсгӕйӕ-иу гыццыл Авел цытӕ хъуыды кодтаид, уый. Зӕххон адӕймаджы буар сын кӕй уыд, уый фӕрцы Авелӕн йӕ бон уыд фенын, тынг хъаруджын кӕй уыдысты. Стӕй, ӕппынӕдзух пиллон арт чи уагъта ӕмӕ ӕппынӕдзух чи зылд, уыцы «хъама» дӕр уӕнгты цавӕрдӕр тас уагъта. Цымӕ Авел искуы федта, ӕмӕ херувимтӕ сфӕлмӕцыдысты ӕмӕ сӕ бынат ныууагътой? Никуы! Азтӕ азты ивтой, фӕлӕ уыцы тыхджын херувимтӕ та ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕууыдысты, Хуыцау сӕ кӕм сӕвӕрдта, уыцы бынаты. Афтӕмӕй Авел бамбӕрста, Йегъовӕйӕн кӕй ис рӕстаг ӕмӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ. Йӕ ныййарджытӕй уӕлдай уыцы херувимтӕ Йегъовӕйыл уыдысты иузӕрдион ӕмӕ йӕ коммӕ кастысты. Уӕдӕ уыцы зӕдтӕм кӕсгӕйӕ йӕ уырнындзинад куыннӕ фидар кодтаид.

Авел цӕрӕнбонты уыдта, херувимтӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кастысты

18. Нӕ бон цӕй фӕрцы у нӕ уырнындзинад фидар кӕнын?

18 Йегъовӕ йе сконд хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдты фӕрцы, стӕй йӕ иузӕрдион зӕдты лӕггады фӕрцы йӕхи тыххӕй цы раргом кодта, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ Авелы уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Ӕмбарыс ӕй, Авел немӕ цы хуызы дзуры, уый? Йӕ цӕвиттон, ӕвӕццӕгӕн, уӕлдай тынгдӕр ӕрыгӕтты бауадздзӕн ныфс. Йӕ хабар хорз ӕвдисы, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у сӕ уырнындзинад фидар кӕнын, сӕ бинонтӕй чифӕнды цыфӕнды ма араза, уӕддӕр. Абон махӕн нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ис бирӕ фадӕттӕ: нӕ алыварс ӕрдзы диссӕгтӕ, Библи ӕнӕхъӕнӕй, стӕй нын йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, бирӕ ахӕм адӕм.

Авелы нывонд хуыздӕр цӕмӕн уыд?

19. Авел цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбӕрста?

19 Авелӕн йӕ уырнындзинад цас фидардӕр кодта, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыд йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй равдисын. Фӕлӕ Дун-дуне Сфӕлдисӕгӕн адӕймаг цы хъуамӕ раттаид? Хуыцау ницы цух у ӕмӕ йӕ никӕй ӕххуыс хъӕуы. Рӕстӕг куы рацыд, уӕд Авел бамбӕрста иу ахсджиаг хъуыддаг: йӕ уарзӕгой Фыды бирӕ ницы хъӕуы – кӕй йӕ уарзы, уый тыххӕй йын, хуыздӕрӕй йӕм цы ис, уый куы ратта, уӕд дзы райгонд уыдзӕн.

Авел Хуыцауӕн нывонд ӕрхаста, кӕй йыл ӕууӕндыд, уый тыххӕй, Каинӕн та йӕ зӕрдӕйы ӕндӕр цыдӕр уыд

20, 21. Каин ӕмӕ Авел Йегъовӕйӕн кувинагӕн цы ’рхастой ӕмӕ сӕм цы цӕстӕй ракаст?

20 Авел сфӕнд кодта йӕ дзугӕй цалдӕр фысы нывондӕн ӕрхӕссын. Равзӕрста сын сӕ хуыздӕртӕ, фыццагзад уӕрыччытӕ, ӕмӕ сӕ фиутӕ, хуыздӕрыл кӕй нымадта, уыцы хӕйттӕ. Уыцы рӕстӕг Каин дӕр хъуыды кодта Хуыцауы арфӕдзинадыл ӕмӕ йын йӕ хорзӕх куыд ссардтаид, ууыл. Ӕмӕ уый дӕр йӕ зӕххы тыллӕгӕй кувинаг ӕрцӕттӕ кодта. Фӕлӕ Авел цы зӕрдӕйӕ архайдта, Каин ахӕм зӕрдӕйӕ нӕ архайдта. Уый рабӕрӕг, ӕфсымӕртӕ сӕ нывӕндтӕ куы ’рхастой, уӕд.

21 Каин дӕр ӕмӕ Авел дӕр сӕ кувинӕгтӕ, чи зоны, сӕвӕрдтой нывондхӕссӕнтыл ӕмӕ сӕ артыл басыгътой, ӕвӕццӕгӕн сӕ херувимтӕ кӕм уыдтой, ахӕм ран. Уӕды заман зӕххыл Йегъовӕйы минӕвӕрттӕ ӕрмӕстдӕр уыцы херувимтӕ уыдысты. Ӕмӕ Йегъовӕ равдыста, сӕ кувинӕгтӕм сын цы цӕстӕй ракаст, уый. Библийы кӕсӕм: «Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс Авелӕй, ӕмӕ йын йӕ кувинаг айста» (Райд. 4:4). Йӕ зӕрдӕ дзы кӕй барухс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд, уый тыххӕй Библийы ницы ис фыст.

22, 23. Йегъовӕйы зӕрдӕ Авелы нывондӕй цӕмӕн барухс?

22 Цымӕ Хуыцауы зӕрдӕ Авелӕй цӕмӕн барухс? Мыййаг ын цы нывонд ӕрхаста, уый тыххӕй дзы барухс йӕ зӕрдӕ? Авел нывондӕн ӕрхаста цӕрӕг уд ӕмӕ йын суагъта йӕ туг, туг та амоны цардмӕ. Цымӕ Авел ӕмбӕрста, ахӕм нывонд Хуыцауы цӕсты зынаргъ кӕй уыд? Авелы заманӕй бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр Хуыцау ӕрхӕссын кодта ӕнӕсахъат уӕрыччы нывонд, цӕмӕй равдыстаид, йе ’ххӕст Фырт, «Хуыцауы Уӕрыкк», нывондӕн хаст кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ ӕнаххос туг кӕй ныккӕлдзӕн (Иоан. 1:29; Рац. 12:5–7). Фӕлӕ уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр Авел кӕцӕй зыдтаид ӕмӕ сӕ кӕцӕй ӕмбӕрстаид.

23 Иу хъуыддаг бӕлвырдӕй зонӕм: Авел нывондӕн ӕрхаста, хуыздӕрӕй йӕм цы уыд, уый. Йегъовӕйы зӕрдӕ ӕрмӕст йӕ нывондӕй нӕ барухс, фӕлӕ Авелӕн йӕхицӕй дӕр. Авел уыцы нывонд ӕрхаста, Йегъовӕйы кӕй уарзта ӕмӕ йыл кӕй ӕууӕндыд, уый тыххӕй.

24. а) Цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Каины кувинаг ӕвзӕр уыд? ӕ) Каины абон бирӕтимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

24 Каины хабар та бынтон ӕндӕрхуызон уыд. Йегъовӕйӕн Каинӕй «йӕ зӕрдӕ нӕ барухс, ӕмӕ йын йӕ кувинаг нӕ айста» (Райд. 4:5). Каины кувинаг ӕвзӕр нӕ уыд. Уый бӕрӕг у, Хуыцау фӕстӕдӕр израилӕгтӕн цы Закъон радта, уымӕ гӕсгӕ кувинӕгтӕ зӕххы тыллӕгӕй дӕр хӕссӕн кӕй уыди, уымӕй (Лев. 6:14, 15). Фӕлӕ, Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй Каины «хъуыддӕгтӕ уыдысты хӕрам». (Бакӕс 1 Иоанны 3:12.) Абон бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕ Каин дӕр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, зӕгъгӕ, Хуыцауыл ӕнувыд кӕй дӕ, уый равдисыны номыл цыдӕр куы аразай, уӕд уый дӕр фаг у. Ӕцӕг уырнындзинад ӕм кӕй нӕ уыд ӕмӕ Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй нӕ уарзта, уый гыццыл фӕстӕдӕр йӕ хъуыддӕгтӕй рабӕрӕг.

25, 26. Йегъовӕ Каины куыд бафӕдзӕхста, фӕлӕ уӕддӕр Каин куыд бакодта?

25 Каин куы федта, Йегъовӕйы зӕрдӕ дзы кӕй нӕ барухс, уӕд ӕй цымӕ Авелы бафӕзмын нӕ бафӕндыд? Кӕцӕй. Бафӕзмын нӕ, фӕлӕ дзы йе сӕфт федта. Йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый Йегъовӕ уыдта, ӕмӕ йемӕ аныхас кодта. Бафӕдзӕхста йӕ, йӕ масты фӕдыл куы ацӕуа, уӕд ӕй уый стыр тӕригъӕдмӕ кӕй ӕркӕндзӕн. Ӕмӕ йын загъта, йӕ зондахаст куы аива, уӕд ӕй кӕй «сбӕрзонд кӕндзӕн» (Райд. 4:6, 7).

26 Фӕлӕ Каин Хуыцауы ныхас ницӕмӕ ӕрдардта. Йе ’нӕхин кӕстӕр ӕфсымӕры йемӕ быдырмӕ акодта ӕмӕ йӕ уым амардта (Райд. 4:8). Зӕгъӕн ис, Авел у, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи баййӕфта ӕмӕ кӕй амардтой, уыдонӕй фыццаг. Авел амард, фӕлӕ Йегъовӕйӕ рох нӕу.

27. а) Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, ӕмӕ Хуыцау Авелы райгас кӕндзӕн? ӕ) Кӕд нӕ Авелы фенын фӕнды, уӕд цы хъуамӕ аразӕм?

27 Авелы туг, ахӕсгӕ хуызы, сдзынӕзта Йегъовӕмӕ, цӕмӕй, рӕстдзинад куыд домдта, афтӕ бакодтаид ӕмӕ йын йе ’фсымӕрӕй йӕ маст райстаид. Ӕмӕ Хуыцау Каины йӕ фыдракӕнды тыххӕй бафхӕрдта (Райд. 4:9–12). Уымӕй ахсджиагдӕр дӕр та уый у, ӕмӕ Авел йӕ уырнындзинады фӕрцы абон дӕр немӕ дзуры. Йӕ заманты цӕрӕг адӕмимӕ абаргӕйӕ Авел бирӕ нӕ фӕцард – ӕвӕццӕгӕн, иу ӕнусы бӕрц. Фӕлӕ, куыд цард ӕмӕ цы арӕзта, уымӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодта. Авел ӕй зыдта, йӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у (Дзут. 11:4). Мах фидарӕй уырны, Авел Йегъовӕйӕ рох кӕй нӕу ӕмӕ йӕ кӕй райгас кӕндзӕн, цӕмӕй зӕххыл Дзӕнӕты цӕра (Иоан. 5:28, 29). Йӕ фенын дӕ фӕнды? Ӕнӕмӕнгӕй йӕ фендзынӕ, цы нын дзуры, уымӕ куы хъусай ӕмӕ йын йӕ диссаджы уырнындзинад куы фӕзмай, уӕд.

^ 5 абз. Дзырдбаст «дунейы фӕзынд»-ӕн йӕ хъуыды у «мыггаг ӕппӕрст ӕрцыд», ӕмӕ амоны цот кӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ам дзырд цӕуы, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн цот куы фӕзынд, ууыл. Фӕлӕ «дунейы фӕзынды» кой кӕнгӕйӕ Йесо Авелы тыххӕй цӕмӕн дзырдта, кӕд ӕмӕ зӕххыл фыццаг сывӕллон Каин уыди? Каины фӕндтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ зонгӕ-зонын рацыд. Йӕ ныййарджытау Каин дӕр нӕ уыдзӕн, Хуыцау кӕй райгас кӕна ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссӕрибар кӕна, уыдоны ’хсӕн.