Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДЫУУЫН ФЫЦЦӔГӔМ СӔР

Тох кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ

Тох кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ

1–3. Иу боны мидӕг Петр йӕхи цӕстӕй цытӕ федта ӕмӕ цавӕр ӕхсӕв арвыста?

ПЕТР бӕлӕгътӕрӕн фыййагыл хӕцгӕйӕ ӕхсӕвы талынджы кӕдӕмдӕр кӕсы. Скӕсӕнырдыгӕй цыма арв ӕрбарухс. Бон цъӕхтӕ кӕнын райдыдта. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв бӕлӕгъ фӕтардта, ӕмӕ йӕ фӕсонтӕ ӕмӕ йе уӕхсчытӕ риссынц. Дымгӕ йын йӕ сӕрыхъуынтӕ фӕйлауы. Галилейӕйы денджыз абухы, ӕмӕ та йӕ уылӕнтӕ сӕхи кӕсагахсӕн бӕлӕгъыл ныццӕвынц. Петр уазал доны ӕртӕхтӕй зыбыты хуылыдз ныцци, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр бӕлӕгъ тӕрыныл архайы.

2 Петр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Йесойы денджызы былыл иунӕгӕй ныууагътой. Уыцы бон сӕхи цӕстӕй федтой, Йесо цалдӕр дзул ӕмӕ кӕсагӕй цалдӕр мин адӕймаджы кӕй бафсӕста. Адӕм уыцы диссаг куы федтой, уӕд сфӕнд кодтой Йесойы паддзахӕй сӕвӕрын, фӕлӕ Йесойы нӕ фӕндыд хицауады хъуыддӕгты архайын. Стӕй йӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр фӕндыд бамбарын кӕнын, политикӕимӕ сын иумӕйагӕй кӕй мацы хъуамӕ уа. Гъемӕ йӕ цӕмӕй адӕм ма ӕрбаййӕфтаиккой, уый тыххӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты бӕлӕгъы сбадын кодта ӕмӕ сӕ денджызы иннӕ фарсмӕ арвыста. Йӕхӕдӕг та иунӕгӕй хохмӕ ацыд, цӕмӕй йӕ Фыдмӕ скуывтаид (Мар. 6:35–45; бакӕс Иоанны 6:14–17).

3 Ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы куы сбадтысты, уӕд цалхыдзаг мӕй уыди сӕ тӕккӕ сӕрмӕ. Ныр та сындӕггай ныгуылӕнырдӕм акъул. Фӕлӕ цалдӕр километры йеддӕмӕ нӕма аленк кодтой. Бӕлӕгъ сӕ сӕ тых, сӕ бонӕй тӕрын хъуыди, стӕй дымгӕ дӕр йӕ ниуынӕй не ’нцад ӕмӕ уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл хостой. Уымӕ гӕсгӕ сын кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын зын уыд. Гъемӕ Петр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдыты ацыд.

Дыууӕ азмӕ Петр Йесойӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр, фӕлӕ йӕ уӕддӕр нырма бирӕ цӕуылдӕрты хъуыди ахуыр кӕнын

4. Петр нын фӕзминаг цӕмӕй у?

4 Петр цӕуыл хъуыды кодтаид, уый та йын бӕгуыдӕр уыди. Назаретаг Йесоимӕ куы базонгӕ, уымӕй ныр дыууӕ азӕй фылдӕр рацыд. Ӕмӕ уыцы дыууӕ азмӕ цас хабӕрттӕ ӕрцыд! Петр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр, фӕлӕ йӕ нырма бирӕ цӕуылдӕрты хъуыди ахуыр кӕнын. Ӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ дӕр уыди. Кӕд-иу хатт тӕрсгӕ дӕр фӕкодта ӕмӕ-иу ӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ дӕр фӕзынд, уӕддӕр йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кодта. Уымӕй нын Петр у фӕзминаг. Цӕй уӕдӕ йын йӕ цӕвиттонмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.

«Мах ссардтам Мессийӕйы»

5, 6. Петр куыд цард, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

5 Петрӕй никуы ферох уыдзӕн, Йесоимӕ куы базонгӕ, уыцы бон. Йе ’фсымӕр Андрей йын фехъусын кодта диссаджы хабар, мах, дам, ссардтам Мессийӕйы. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Петрӕн йӕ цард цӕхгӕр фӕивта ӕмӕ раздӕры хуызӕн никуыуал уыдзӕн (Иоан. 1:41).

6 Петр царди Капернаумы, Галилейӕйы денджызы цӕгат фарс. Кӕд ӕй денджыз хуыдтой, уӕддӕр ӕцӕгӕй та уыди цад, ӕмӕ йӕ дон дӕр цӕхджын нӕ уыд. Петр дӕр ӕмӕ Андрей дӕр кӕсагахсджытӕ уыдысты ӕмӕ уыцы куыст кодтой Зеведейы фырттимӕ, Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ. Петрӕн уыди ус. Фӕлӕ ма семӕ царди йӕ усы мад дӕр, стӕй йе ’фсымӕр Андрей. Уӕдӕ цӕмӕй кӕсаг ахсыны фӕрцы йӕ бинонты дардтаид, уый тыххӕй йӕ бирӕ фыдӕбон кӕнын хъуыди, стӕй йӕ хъуыди сӕрӕндзинад дӕр. Бирӕ хатт-иу ӕнӕхъӕн ӕхсӕв кодтой кусгӕ: сӕ хызтӕ-иу дыууӕ бӕлӕгъы ’хсӕн доны ныппӕрстой ӕмӕ-иу цы ӕрцахстой, уый-иу былмӕ раластой. Бонӕй та-иу сӕ хъуыди кӕсаг равзарын ӕмӕ йӕ ауӕй кӕнын, стӕй хызтӕ бампъузын ӕмӕ сӕ ныссыгъдӕг кӕнын.

7. Петр Йесойы тыххӕй цы фехъуыста ӕмӕ уый диссаджы хабар цӕмӕн уыд?

7 Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Андрей уыди Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинаг. Петр-иу, ӕвӕццӕгӕн, тынг цымыдисӕй хъуыста, йе ’фсымӕр-иу Иоанны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ. Иу бон Иоанн назаретаг Йесомӕ бацамыдта ӕмӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк!» Уыцы рӕстӕг Андрей дӕр уым уыд, ӕмӕ уайтагъд Йесойы фӕдылдзӕуӕг сси. Стӕй Петрӕн дӕр радзырдта, Мессийӕ кӕй ӕрцыд, уыцы диссаджы хабар (Иоан. 1:35–41). Уымӕй иу-4 000 азы раздӕр Едемы цӕхӕрадоны фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд Йегъовӕ загъта, иу адӕймаг кӕй фӕзындзӕн ӕмӕ уый адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Райд. 3:15). Ӕмӕ ныр Андрей йӕхи цӕстӕй федта уыцы Ирвӕзынгӕнӕджы – Мессийӕйы! Петр уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд уый дӕр уайтагъд азгъордта Йесойы фенынмӕ.

8. Йесо Петры куыд схуыдта ӕмӕ уыцы номы тыххӕй иуӕй-иутӕ абон дӕр цы хъуыды кӕнынц?

8 Уыцы боны онг Петры зыдтой Симонӕй, кӕнӕ Симеонӕй. Фӕлӕ йӕм Йесо бакаст ӕмӕ йын загъта: «„Ды дӕ Иоанны фырт Симон. Хондзысты дӕ Кифӕ“ (грекъагау „Петр“)» (Иоан. 1:42). «Кифӕ» нысан кӕны «дур» кӕнӕ «къӕдзӕх». Куыд зыны, афтӕмӕй Йесо загъта пехуымпарад. Уый зыдта, Петр кӕй суыдзӕн къӕдзӕхау фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ йӕ ныфсӕй ныфсджын кӕй уыдзысты. Цымӕ Петр дӕр йӕхимӕ ахӕм цӕстӕй каст? Ӕвӕццӕгӕн, ӕмӕ нӕ. Абон дӕр Евангелитӕ чи фӕкӕсы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Петрмӕ къӕдзӕхы хуызӕнӕй ӕппындӕр ницы уыд. Чидӕртӕ ма афтӕ дӕр фӕзӕгъынц, ӕмӕ, дам, Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Петр уыди ӕнӕныфс адӕймаг, иу зондыл хӕст, дам, нӕ уыд, куы, дам-иу иуырдӕм фӕци, куы – иннӕрдӕм.

9. Йегъовӕ ӕмӕ нӕм йӕ Фырт цы цӕстӕй кӕсынц? Раст цӕстӕй нӕм кӕй кӕсынц, ууыл цӕуылнӕ хъуамӕ дызӕрдыг кӕнӕм?

9 Петрмӕ хъӕндзинӕдтӕ дӕр куыннӕ уыди. Ӕмӕ уыцы хъӕндзинӕдтӕ Йесо дӕр уыдта. Фӕлӕ йӕ уӕларвон Фыдау уый дӕр алкӕддӕр агуырдта, адӕймагмӕ хорзӕй цы уыд, уый. Йесо уыдта, Петрмӕ кӕй ис бирӕ хорз миниуджытӕ, ӕмӕ йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй уыцы миниуджытӕ йӕ удыхъӕды тынгӕй-тынгдӕр зындаиккой. Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт абон махмӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсынц. Чи зоны, хатт афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, мӕнмӕ та хорзӕй цы хъуамӕ феной, зӕгъгӕ. Фӕлӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыдон нӕм раст цӕстӕй кӕй кӕсынц, ууыл ӕмӕ сын Петрау уый бар дӕттӕм, цӕмӕй нӕ ахуыр кӕной ӕмӕ нын нӕ удыхъӕд ивой. (Бакӕс 1 Иоанны 3:19, 20.)

«Ма тӕрс»

10. Петр йӕхи цӕстӕй цытӕ федта, фӕлӕ уӕддӕр куыд бакодта?

10 Петр Йесоимӕ куы базонгӕ, уый фӕстӕ, куыд зыны, афтӕмӕй уый дӕр йемӕ ацыд хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи цӕстӕй федта, Йесо фыццаг цы диссаг сарӕзта, уый – Канӕйы чындзӕхсӕвы дон сӕн фестын кодта. Стӕй, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы диссаджы хабӕрттӕ дзырдта, уыдон дӕр йӕхи хъустӕй хъуыста. Фӕлӕ уӕддӕр Йесойы ныууагъта ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕсагахсӕджы куыстмӕ аздӕхт. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та Петр Йесоимӕ ногӕй фембӕлд. Ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта, цӕмӕй ӕдзухдӕр йӕ фӕдыл цыдаид ӕмӕ йӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтаид хъусын кӕныны хъуыддаг.

11, 12. а) Петр цавӕр ӕхсӕв арвыста? ӕ) Йесомӕ хъусгӕйӕ Петр цӕуылты хъуыды кодтаид?

11 Петрӕн уыцы ӕхсӕв йӕ ныфс асаст. Ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтой, сӕ хызтӕ та-иу доны ныппӕрстой, фӕлӕ та-иу сӕ фӕстӕмӕ афтидӕй систой. Петр дӕсны кӕсагахсӕг уыди ӕмӕ хорз зыдта, кӕсаг, хӕринаг кӕм ис, уырдӕм кӕй фӕцӕуы, ӕмӕ ахӕм бынӕттӕ агуырдта. Хӕрзаг-иу афтӕ дӕр ахъуыды кодта, тӕхуды, ацы змӕст доны арфмӕ ныккӕс ӕмӕ кӕсагджын бынӕттӕ фен кӕнӕ кӕсӕгты исты хуызы хызтӕм ӕрбасай, зӕгъгӕ. Ахӕм хъуыдытӕй-иу йӕ ныфс, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр асаст. Кӕсаг ахсынмӕ уый тыххӕй нӕ цыд, цӕмӕй-иу йӕхи аирхӕфстаид. Йӕ бинонты уымӕй дардта. Иудзырдӕй, Петр былмӕ ӕнӕ ницӕмӕй ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ хызтӕ уӕддӕр хъуыди ссыгъдӕг кӕнын. Ӕмӕ йӕ Йесо раст уыцы куыст кӕнгӕ ӕрбаййӕфта.

Петр никуы бафӕлладаид, Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд хъусын кодта, уымӕ хъусынӕй

12 Уӕдмӕ адӕм Йесойы алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йын йӕ алы ныхасмӕ дӕр лӕмбынӕг хъуыстой. Ӕгӕр бирӕ адӕм дзы кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Йесо Петры бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ йын загъта, бӕлӕгъ ма былӕй гыццыл фалдӕр батӕр, зӕгъгӕ. Донӕй ныхас хорз фӕхъуысы, ӕмӕ уырдыгӕй адӕмы ахуыр кӕнын райдыдта. Былыл цы адӕм уыд, уыдонау Петр дӕр ӕнӕхъӕнӕй хъустӕ фестад. Йесо Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд хъусын кодта, уымӕ хъусынӕй никуы бафӕлладаид. Уымӕй стырдӕр кад цы хъуамӕ уа, ӕмӕ Чырыстийӕн уыцы диссаджы хабар алы рӕтты хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кӕнай! Фӕлӕ куыд ис уымӕн гӕнӕн? Уӕд ма йӕ бинонты та куыд дардзӕн? Ӕмӕ та, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, уыцы ӕхсӕв куыд ницы ӕрцахста, уый (Лук. 5:1–3).

13, 14. Йесо Петры тыххӕй цавӕр диссаг сарӕзта ӕмӕ Петр куыд фӕци?

13 Йесо йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Петрӕн загъта: «Арф кӕм у, уырдӕм баленк кӕн, ӕмӕ уӕ хызтӕ уым баппарут». Петр ын дызӕрдыггӕнгӕ дзуапп радта: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтам ӕмӕ ницы ӕрцахстам. Фӕлӕ кӕд афтӕ зӕгъыс, уӕд хызтӕ баппардзынӕн». Нырма гыццыл раздӕр ныхсадта йӕ хызтӕ. Ӕмӕ, хӕрзаг, ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, уыдон ӕппарыны бӕсты фӕлтау амӕл. Уӕлдайдӕр ацафон – кӕсаг хӕринаг агурӕг куы нӕ фӕцӕуы, уӕд! Фӕлӕ уӕддӕр Йесойы ныхасмӕ байхъуыста, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ бӕлӕгъмӕ йе ’мбӕлттӕм ацамыдта, цомут, зӕгъгӕ (Лук. 5:4, 5).

14 Ӕмӕ мӕнӕ диссаг: Петр хызтыл схӕцыд, ӕмӕ ӕнахуыр уӕззау. Куыддӕр йӕхиуыл фенӕууӕнк, ӕмӕ сыл ноджы тынгдӕр схӕцыд. Кӕсы, ӕмӕ хызты мидӕг дуне кӕсаг тӕлфы! Уӕд, иннӕ бӕлӕгъыл чи бадт, уыдонмӕ ацамыдта, рацӕут ӕмӕ нӕм фӕкӕсут, зӕгъгӕ. Уыдон дӕр сӕм ӕрбаленк кодтой. Ӕмӕ уайтагъд бамбӕрстой, кӕсаг иу бӕлӕгъы кӕй нӕ бацӕудзӕн. Гъемӕ иннӕ бӕлӕгъ дӕр кӕсагӕй байдзаг кодтой, фӕлӕ дзы афтӕ бирӕ кӕсаг уыди, ӕмӕ сӕ уӕзӕй бӕлӕгътӕ ныгъуылын райдыдтой. Петр фырдиссагӕй цы акодтаид, уый нал зыдта. Чырыстимӕ цы тых ис, уый уӕдмӕ дӕр куыннӕ федта. Фӕлӕ ацы диссаг Йесо сарӕзта Петры тыххӕй. Йесойӕн йӕ бон у афтӕ бакӕнын, цӕмӕй кӕсаг йӕхӕдӕг хызтӕм бацыдаид! Ӕмӕ Петры тас бацыд. Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ йын загъта: «Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн». Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ уый аккаг нӕу, цӕмӕй, Хуыцауы тых кӕмӕ ис ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ аразын кӕй бон у, уыимӕ уа. (Бакӕс Лукайы 5:6–9.)

«Хицау... ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн»

15. Йесо Петрӕн куыд бамбарын кодта, дзӕгъӕлы кӕй тарст ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй дызӕрдыг кодта, уый?

15 Йесо Петрӕн фӕлмӕнӕй загъта: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ ахсдзынӕ удӕгас адӕймӕгты» (Лук. 5:10, 11). Уый рӕстӕг нӕ уыд, цӕмӕй тарстаид кӕнӕ дызӕрдыг кодтаид. Петр дзӕгъӕлы дызӕрдыг кодта, йӕ бинонты цӕмӕй дардзӕн, ууыл. Стӕй йӕ афтӕ дӕр нӕ хъуыди хъуыды кӕнын, мӕн хуызӕн адӕймаг Мессийӕимӕ лӕггад кӕна, уый аккаг нӕу, зӕгъгӕ. Йесойы хъуыди стыр куыст бакӕнын – цы хорз хабар хъусын кодта, уый хъуамӕ фӕзындаид ӕппӕт адӕмы фидӕныл дӕр. Уымӕй уӕлдай, цы Хуыцауӕн лӕггад кодта, уый «зӕрдиагӕй хатыр кӕны» (Ис. 55:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ Петрӕн ӕххуыс кодтаид йӕ бинонты дарынӕн дӕр ӕмӕ хъусын кӕнынӕн дӕр (Матф. 6:33).

16. Петр, Иаков ӕмӕ Иоаннӕн Йесо куы загъта, мӕ фӕдыл цӕут, зӕгъгӕ, уӕд куыд бакодтой? Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ сӕ царды уымӕй хуыздӕр уынаффӕ никуы рахастой?

16 Петр, стӕй Иаков ӕмӕ Иоанн дӕр уайтагъд Йесомӕ байхъуыстой. Уыдон «сӕ бӕлӕгътӕ былмӕ раластой, ӕппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты» (Лук. 5:11). Афтӕмӕй Петр равдыста, Йесойыл ӕмӕ йӕ Чи рарвыста, ууыл кӕй ӕууӕндыд. Петр йӕ царды уымӕй хуыздӕр уынаффӕ никуы рахаста. Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕтӕ цӕмӕйдӕрты фӕтӕрсынц ӕмӕ сӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ дӕр фӕзыны. Фӕлӕ сӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй уыцы цӕлхдурты сӕрты ахизынц ӕмӕ афтӕмӕй уыдон дӕр сӕ уырнындзинад хъуыддагӕй равдисынц. Йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл никуы фӕвӕййынц (Пс. 22:4, 5).

«Цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»

17. Петры царды дыууӕ азмӕ цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

17 Петр Йесоимӕ куы базонгӕ, уымӕй рацыд дыууӕ азы бӕрц. Ацы сӕры райдианы куыд загътам, афтӕмӕй Петр ӕхсӕвы уыцы тыхджын дымгӕйы Галилейӕйы денджызы бӕлӕгъ тардта. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг цӕуылты хъуыды кодтаид, йӕ зӕрдыл цы ’рлӕууыдаид, уый мах нӕ зонӕм. Фӕлӕ, кӕй ӕрхъуыды кодтаид, ахӕм хабӕрттӕ йыл гыццыл не ’рцыд. Зӕгъӕм, Йесо йын йӕ усы мады сдзӕбӕх кодта. Уымӕй уӕлдай, Йесо хохыл адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд ӕм Петр дӕр хъуыста. Йесо адӕмӕн цы дзырдта ӕмӕ сӕ куыд ахуыр кодта, стӕй цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдон ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ уый уыд Йегъовӕйы ӕвзӕрст лӕггадгӕнӕг, ома Мессийӕ. Стӕй мӕйтӕ куыд цыдысты, афтӕ Петр гыццылгай ахуыр кодта йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнын, зӕгъӕм, йӕ зӕрдӕмӕ тас ӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ афтӕ арӕх нал уагъта. Йесо ма Петры йӕхицӕн апостолӕй дӕр равзӕрста – сси йӕ 12 апостолӕй сӕ иу! Фӕлӕ уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕма уыд, ӕмӕ Петр уыцы тохы бынтондӕр фӕуӕлахиз. Ӕмӕ уый гыццыл фӕстӕдӕр рабӕрӕг.

18, 19. а) Петр Галилейӕйы денджызы цы федта, уый тыххӕй радзур. ӕ) Петры доныл ацӕуын куы бафӕндыд, уӕд Йесо куыд бакодта?

18 Уыцы ӕхсӕв цыппӕрӕм хъахъхъӕнӕн афон, кӕнӕ боныцъӕхтыл, ома ӕхсӕвы 3 сахатӕй хурыскасты онг, Петр ӕвиппайды бӕлӕгъ тӕрын фӕуагъта ӕмӕ йӕ бынаты бандзыг. Афтӕ йӕм фӕкаст, ӕмӕ уылӕнтыл цыдӕр ӕрбацӕуы. Кӕд, мыййаг, уылӕнтӕ хӕрдмӕ куы ссӕуынц, уӕд мӕйы рухсмӕ афтӕ зынынц? Фӕлӕ уылӕнты хуызӕн дӕр нӕу – уӕд уайтагъд фӕивтаид. Уый у адӕймаг, ӕмӕ уӕртӕ доныл ӕрбацӕуы! Уӕдмӕ сӕм ӕрбахӕстӕг, ӕмӕ йӕхи сӕ бӕлӕгъы рӕзты цӕуӕг скодта. Ахуыргӕнинӕгтӕ тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ сӕм уый сдзырдта: «Цӕмӕй фӕтарстыстут? Уый ӕз дӕн. Ма тӕрсут». Уыцы адӕймаг уыди Йесо! (Матф. 14:25–27).

19 Ӕмӕ йын уӕд Петр загъта: «Хицау, кӕд уый ды дӕ, уӕд зӕгъ, ӕмӕ дӕм ӕз доныл бацӕуон» (Матф. 14:28). Уыцы диссаг фенгӕйӕ фыццаг фӕныфсджын ӕмӕ йӕ бафӕндыд йӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар кӕнын. Фӕндыд ӕй, Йесомӕ цы тых ис, уый йӕхиуыл бавзарын. Ӕмӕ йын Йесо дӕр загъта, рацу, зӕгъгӕ. Гъемӕ Петр бӕлӕгъӕй абухгӕ денджызмӕ рахызт. Ӕмӕ куыд фӕуыдаид, уый-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн: цыма зӕххыл ӕрлӕууыд, ахӕм хъӕбӕр цыдӕр банкъардта йӕ къӕхты бын ӕмӕ доныл Йесомӕ араст. Хӕрзаг, йӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Фӕлӕ йӕ уӕдмӕ ӕндӕр ӕнкъарӕнтӕ сӕ быны скодтой. (Бакӕс Матфейы 14:29.)

«Куыд тынг дымы, уый куы федта, уӕд фӕтарст»

20. а) Петр кӕдӕм райдыдта кӕсын ӕмӕ йыл цы ’рцыд? ӕ) Йесо Петрӕн цавӕр ахсджиаг хъуыды загъта?

20 Петры хъуыди ӕдзухдӕр Йесомӕ кӕсын. Йегъовӕ Йесойы схайджын кодта йӕ тыхӕй, ӕмӕ Йесо уыцы тыхы фӕрцы Петры урӕдта абухгӕ уылӕнтыл. Стӕй Йесо уыцы диссаг уый тыххӕй сарӕзта, ӕмӕ уыдта, Петр ыл кӕй ӕууӕндыд. Фӕлӕ иуафон Петр Йесомӕ нал каст. Библийы кӕсӕм: «Йӕ алыварс куы акаст ӕмӕ, куыд тынг дымы, уый куы федта, уӕд фӕтарст». Петр каст, уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл куыд ныццӕвынц ӕмӕ сӕ фынк куыд скӕлы, уымӕ, ӕмӕ скатай. Ӕвӕццӕгӕн, йӕ цӕстытыл ауад, куыд фӕныгъуылы, доны бынмӕ куыд фӕцӕуы. Йӕ зӕрдӕйы тас цас тыхджындӕр кодта, уыйас йӕ уырнындзинад та кодта лӕмӕгъдӕр. Йесо йӕ схуыдта Къӕдзӕх, уымӕн ӕмӕ уыдта, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ кӕй суыдзӕн. Фӕлӕ ныр уыцы адӕймаг дурау доны бынмӕ фӕцӕйцыд, уымӕн ӕмӕ йӕ уырнындзинад фӕцудыдта. Петр ленк кӕнынмӕ дӕсны уыди, фӕлӕ дзы фыртӕссӕй уый дӕр айрох. Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!» Йесо йӕм йӕ къух бадардта ӕмӕ йыл фӕхӕцыд. Ӕмӕ Петр нырма доныл лӕууыд, афтӕ йын Йесо загъта ахсджиаг хъуыды: «Кӕм ис дӕ уырнындзинад, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?» (Матф. 14:30, 31).

21. Дызӕрдыг хъуыдытӕ тӕссаг цӕмӕн сты ӕмӕ куыд ис семӕ тох кӕнӕн?

21 Петр фӕдызӕрдыг. Ӕмӕ уый та тынг тӕссаг у. Адӕймаг йӕ зӕрдӕмӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ куы бауадзы, уӕд ын уый йӕ уырнындзинад хӕрын райдайы, мӕнӕ згӕ ӕфсӕйнаг куыд бахӕры, афтӕ, ӕмӕ йӕм фӕстагмӕ уырнындзинад нал вӕййы. Уӕдӕ хъуамӕ дызӕрдыг хъуыдытимӕ ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнӕм! Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ макуы рох кӕнӕм, не ’ргом кӕдӕм хъуамӕ уа здӕхт, уый. Тас нӕ цы бауадзы, нӕ ныфс нын цы асӕтты ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фыртӕй цы адард кӕны, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг хъуыдытӕ сӕ быны скӕндзысты. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт ӕдзухдӕр нӕ цӕстыты раз куы уой, чи сӕ уарзы, уыдонӕн цы хорздзинӕдтӕ сарӕзтой, ныртӕккӕ сын цы аразынц ӕмӕ ма сын ноджыдӕр цы сараздзысты, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд дызӕрдыг хъуыдытӕн нӕ зӕрдӕйы бынат нӕ уыдзӕн.

22. Петр нын йӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг цӕмӕн у?

22 Петр Йесойы фӕдыл бӕлӕгъмӕ куы бахызт, уӕд дымгӕ банцад. Галилейӕйы денджыз ныссабыр. Уый фенгӕйӕ Петр дӕр иннӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ загъта: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ» (Матф. 14:33). Уӕдмӕ ӕрбарухс, ӕмӕ Петры зӕрдӕ дӕр циндзинадӕй куыннӕ байдзаг уыдаид. Кӕд фӕтарст ӕмӕ йӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзынд, уӕддӕр сын ацы хатт уый бар нӕ радта, цӕмӕй йын йӕ уырнындзинад ныххуыдуг кодтаиккой. Фӕлӕ цӕмӕй къӕдзӕхау фидар чырыстон суыдаид, уый тыххӕй йӕ нырма бирӕ цӕуылдӕрты хъуыди бакусын. Ӕмӕ Петр цӕттӕ уыд тох кӕнынмӕ, дарддӕр йӕ уырнындзинад фидар кӕнынмӕ. Ды дӕр цӕттӕ дӕ дӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнынмӕ? Уӕд дын Петр йӕ уырнындзинадӕй у фӕзминаг.