Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФӔНДЗӔМ СӔР

«Диссаджы сылгоймаг»

«Диссаджы сылгоймаг»

1, 2. а) Радзур, Руф цы куыста, уый тыххӕй. ӕ) Руф Хуыцауы закъоны тыххӕй ӕмӕ йӕ адӕмы тыххӕй цы базыдта?

РУФ йӕ уӕрджытыл лӕууы ӕмӕ архайы, ӕнӕхъӕн бон кӕй фембырд кодта, уыцы хъӕбӕрхоры ӕфсиртимӕ. Уӕдмӕ ӕризӕр, ӕмӕ, Вифлеемы алыварс быдырты чи куыста, уыдонӕй бирӕтӕ горӕты кулдуарырдӕм араст сты. Ацы гыццыл горӕт ӕрбынат кодта, быдыртӕм хӕстӕг цы ныллӕг хох ис, ууыл. Руф райсомӕй нырмӕ иу ран не ’рбадт, ӕмӕ ныр йе уӕнгтӕ иууылдӕр риссынц. Фӕлӕ уӕддӕр нырма йӕ куыст нӕ фӕци. Найгӕнӕн хъилӕй ӕфсиртӕ хойы, ӕмӕ хоры нӕмгуытӕ зӕхмӕ згъӕлынц. Кӕд тынг бафӕллад, уӕддӕр уыцы бон йӕхицӕй амондджындӕр нӕй – йӕ хъуыддаг афтӕ рауайдзӕн, уый ӕнхъӕл ӕппындӕр нӕ уыд.

2 Цымӕ ацы ӕрыгон идӕдз сылгоймагӕн йӕ царды уӕззаудӕр бонтӕ фӕстейӕ баззадысты? Амӕйразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Руф йе ’фсин Ноеминимӕ Моавӕй рацыд ӕмӕ йын расомы кодта, кӕй никуы йӕ ныууадздзӕн ӕмӕ Ноемины Хуыцау Йегъовӕ кӕй уыдзӕн йӕ Хуыцау дӕр. Дыууӕ мастӕфхӕрд сылгоймаджы ӕрцыдысты Вифлееммӕ, ӕмӕ уым моаваг Руф базыдта, Йегъовӕйы закъоны мӕгуырты тыххӕй цы фыст уыд, уый. Уыцы Закъоны фӕрцы, Израилы цыдӕриддӕр мӕгуыртӕ уыд, уыдонӕн, суанг ӕндӕрбӕстӕгтӕн дӕр, сӕ бон уыд сӕхи фӕдарын ӕмӕ-иу ӕгады уавӕрмӕ не ’рхаудтой. Ныр та Руф йӕхи цӕстӕй федта, уыцы Закъонмӕ гӕсгӕ чи цард, уыцы адӕмӕй чидӕртӕ куыд хӕларзӕрдӕ уыдысты ӕмӕ Хуыцауы закъӕттӕ куыд уарзтой, уый. Ӕмӕ йын уый йӕ рыст зӕрдӕйы ныфс бауагъта.

3, 4. а) Вооз йӕ ныхӕстӕй Руфы куыд бафидар кодта? ӕ) Ацы уӕззау рӕстӕджы нын Руфы цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн?

3 Уыцы адӕмӕй сӕ иу уыд Вооз, ӕфсиртӕ кӕй хуымы ӕмбырд кодта, уыцы ацӕргӕ хъӕздыг лӕг. Вооз уыцы бон Руфыл фыдау батыхст ӕмӕ йын фӕарфӕтӕ кодта, йӕ ацӕргӕ ӕфсиныл ӕнувыд кӕй у ӕмӕ йӕхи ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы базыры бын кӕй бакодта, уый тыххӕй. Воозы фӕлмӕн ныхӕстӕ-иу Руфӕн йӕ зӕрдыл куы ’рбалӕууыдысты, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, йӕ мидбылты бахудт. (Бакӕс Руф 2:11–14.)

4 Фӕлӕ уӕддӕр Руф йӕ дарддӕры цардыл куыннӕ хъуыды кодтаид. Мӕгуыр идӕдз сылгоймаг уӕвгӕйӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы дарддӕр цы кӕндзӕн? Нӕ йын сӕрыхицау ис, нӕ сывӕллон. Йӕхи дӕр ӕмӕ Ноемины дӕр цӕмӕй дардзӕн? Быдыры-иу цы ӕрӕмбырд кӕна, уый сын фаг кӕндзӕн? Ӕмӕ куы базӕронд уа, уӕд ын йӕхимӕ та чи кӕсдзӕн? Кӕд ӕй ахӕм хъуыдытӕ уӕгъд нӕ уагътой, уӕд ӕй бамбарӕн ис. Абон дӕр цардамӕлттӕ кӕнын зын у, ӕмӕ Руфау бирӕтӕ фӕмӕт кӕнынц, дарддӕр куыд цӕрдзысты, ууыл. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уыцы зын рӕстӕг Руфӕн йӕ уырнындзинад куыд баххуыс кодта, уымӕ. Уый фӕрцы фендзыстӕм, нӕ бон ӕй бирӕ цӕмӕйдӕрты кӕй у бафӕзмын.

Кӕй ис бинонтӕ схонӕн?

5, 6. а) Руф Воозы хуымы фыццаг бон цас хъӕбӕрхор ӕрӕмбырд кодта? ӕ) Руф хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ын Ноемин цы загъта?

5 Руф ӕфсиртӕ куы ныххоста ӕмӕ хъӕбӕрхор куы ӕрӕмбырд кодта, уӕд ын рауад ефӕйы бӕрц, ома 22 литры. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ уӕз уыдаид 14 килӕйы бӕрц! Уӕдмӕ хур аныгуылд. Ӕвӕццӕгӕн, Руф йӕ хор хъуымацы гӕппӕлыл ӕркодта, абаста йӕ, йӕ сӕрыл ӕй сӕвӕрдта ӕмӕ Вифлееммӕ араст (Руф 2:17).

6 Ноемин йӕ уарзон чындзыл бацин кодта ӕмӕ, цас хор ӕрбахаста, уый куы федта, уӕд куыннӕ бадис кодтаид. Руф ма йемӕ ӕрбахаста, Воозы кусджытимӕ сихор куы хордта, уӕд ма йӕм хӕринагӕй цы баззад, уый, ӕмӕ Ноеминимӕ иумӕ къӕбӕр бахордтой. Ноемин Руфы бафарста: «Кӕм уыгътай абон ӕфсиртӕ, кӕм куыстай? Арфӕгонд уӕд, дӕумӕ йӕ хъус чи ӕрдардта, уыцы адӕймаг!» (Руф 2:19). Ноемин ӕй уайтагъд бамбӕрста, йӕ идӕдз чындзмӕ йын чидӕр йӕ хъус кӕй ӕрдардта ӕмӕ йӕм хорз цӕстӕй кӕй ракаст. Ӕндӕр уыйбӕрц хор куыд ӕрӕмбырд кодтаид.

7, 8. а) Ноемины ныхӕстӕм гӕсгӕ сын Воозы уылты хорздзинад чи сарӕзта ӕмӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта? ӕ) Руф йе ’фсины ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый та ногӕй куыд равдыста?

7 Дыууӕ сылгоймагӕн ныхас бацайдагъ, ӕмӕ Руф Ноеминӕн радзырдта, Вооз куыд хӕларзӕрдӕ адӕймаг у, уый тыххӕй. Ноеминӕн уый тынг ӕхсызгон уыд ӕмӕ загъта: «Йегъовӕ йын раарфӕ кӕнӕд, удӕгӕсты дӕр ӕмӕ мӕрдты дӕр йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай кӕй нӕ фӕкодта, уый тыххӕй» (Руф 2:20). Дзуттаг тексты ацы ныхӕстӕ, «удӕгӕсты дӕр ӕмӕ мӕрдты дӕр йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай нӕ фӕкодта», зӕгъгӕ, амонынц Йегъовӕмӕ. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Ноемин ӕмбӕрста, Воозы уылты сын уыцы хорздзинад Йегъовӕ кӕй сарӕзта. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй рӕдау уой ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры, хӕларзӕрдӕ куы уой ӕмӕ иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕной, уӕд сын уый тыххӕй кӕй арфӕ кӕндзӕн *. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 19:17.)

8 Руф Ноеминӕн радзырдта, Вооз ын афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, ӕфсиртӕ мӕ хуымы ӕмбырд кӕн ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгты фарсмӕ кус, цӕмӕй дӕ хуымгӕрдджытӕй мачи хъыгдара. Ноемин ын загъта, уый тынг хорз кӕй у. Ӕмӕ Руф дӕр афтӕ бакодта. Уый фӕстӕ ма Библийы кӕсӕм, «йе ’фсинимӕ иумӕ цардысты», зӕгъгӕ (Руф 2:22, 23). Ацы ныхӕсты дӕр та зыны, Руфмӕ цы диссаджы миниуӕг уыди, уый – йе ’нувыд уарзт. Руфы тыххӕй кӕсгӕйӕ, чи зоны, нӕхиуыл дӕр ахъуыды кӕнӕм: «Мӕнӕн дӕр мӕ бинонтӕ афтӕ зынаргъ сты? Алкӕддӕр сӕ фарсмӕ балӕууын ӕмӕ сын бахъуаджы сахат баххуыс кӕнын?» Нырма афтӕ никуы уыди, ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм ӕнувыд уарзтӕн ма саргъ кӕна.

Руф ӕмӕ нын Ноемины хабар ӕвдисы, нӕ бинонтӕн кӕй хъуамӕ аргъ кӕнӕм

9. Ӕцӕг бинонтӕ кӕй ис схонӕн, уый нын Руф ӕмӕ Ноемины хабар куыд ӕвдисы?

9 Цымӕ Руф ӕмӕ Ноемины ӕцӕг бинонтӕ схонӕн ис? Иуӕй-иутӕ «ӕцӕг» бинонтӕ хонынц, лӕг, ус, фырт, чызг, стӕй фыд ӕмӕ мады ныййарджытӕ кӕнӕ ма ӕндӕр хиуӕттӕ дӕр кӕм ис, ӕрмӕстдӕр ахӕм бинонты. Фӕлӕ нын Руф ӕмӕ Ноемины хабар ӕвдисы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бинонтӕ цыфӕнды гыццыл ма уой, уӕддӕр сӕ бон кӕй у кӕрӕдзи сӕ зӕрдӕйы хъармӕй ӕмӕ сӕ уарзтӕй рӕвдауын. Уӕд сӕ хӕдзар уыдзӕн хъарм къона. Ды дӕр дӕ бинонтӕн афтӕ аргъ кӕныс? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ кӕмӕн нӕй, суанг уыдонӕн дӕр чырыстон ӕмбырд хи бинонтӕй уӕлдай кӕй нӕ уыдзӕн (Мар. 10:29, 30).

Руф ӕмӕ Ноемин кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтыдтой

«Уымӕн ис уый бар, цӕмӕй нӕ балхӕна»

10. Ноемины цавӕр хъуыддаджы фӕндыд Руфӕн баххуыс кӕнын?

10 Руф Воозы хуымты ӕфсиртӕ ӕмбырд кодта, апрелы хъӕбӕрхор куы карстой, уӕдӕй суанг июны мӕймӕ, мӕнӕу карст куы фесты, уӕдмӕ. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ Ноемин арӕхдӕр хъуыды кодта, йӕ уарзон чындзӕн хорзӕй йӕ бон цы у саразын, ууыл. Моавы ма куы уыдысты, уӕд Ноеминмӕ афтӕ каст, ӕмӕ йӕ бон нӕ бауыдзӕн Руфӕн цардӕмбал ссарын (Руф 1:11–13). Фӕлӕ дзы ныр ныфс бацыд. Ӕмӕ иухатт Руфӕн загъта: «Мӕ чызг, уӕдта дын, амондджын кӕм уай, ахӕм хӕдзар бацагурин?» (Руф 3:1). Уыцы заман-иу цотӕн цардӕмбал сӕ ныййарджытӕ ссардтой. Ноеминӕн та Руф йӕхи чызгӕй уӕлдай нӕ уыд. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй Руф йӕ амонд ссардтаид, уыдаид ын йӕхи хӕдзар ӕмӕ йыл чи батыхстаид, ахӕм адӕймаг. Фӕлӕ йӕ бон цы уыд саразын?

11, 12. а) Ноемин Воозӕй афтӕ куы загъта, «уымӕн ис уый бар, цӕмӕй нӕ балхӕна», зӕгъгӕ, уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Руф йе ’фсины уынаффӕмӕ цы цӕстӕй ракаст?

11 Руф фыццаг хатт Воозы кой куы скодта, уӕд ын Ноемин загъта: «Уыцы адӕймаг нӕ хӕстӕг у. Ӕмӕ уымӕн ис уый бар, цӕмӕй нӕ балхӕна» (Руф 2:20). Йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты? Хуыцау израилӕгтӕн цы Закъон радта, уый хъахъхъӕдта, мӕгуыр чи уыд кӕнӕ-иу сӕ дарӕг кӕмӕн амард, ахӕм бинонты. Сылгоймагӕн-иу сывӕллон куы нӕма уыд, афтӕмӕй-иу идӕдзӕй куы баззад, уӕд ын уый уӕлдай масты хос уыд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ-иу йӕ сӕрыхицауӕн йӕ фӕстӕ нӕ баззад, йӕ ном ын адӕмы ’хсӕнӕй фесафын чи нӕ бауагътаид, ахӕм бындар. Фӕлӕ Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ тиуӕн уыди йӕ идӕдз чындзы ракурыны бар, цӕмӕй йын бындар райгуырдаид ӕмӕ йӕ мард лӕджы ном хастаид, стӕй йӕ бынтӕн дӕр хицау уыдаид * (Дык. з. 25:5–7).

12 Ноемин Руфӕн йӕ фӕнд бамбарын кодта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, ӕрыгон сылгоймагӕн йе ’фсины ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ фырдисӕй йӕ цӕстытӕ куыд ныстыр сты. Ӕвӕццӕгӕн, Руф израилӕгты закъӕттӕ афтӕ дзӕбӕх нӕма зыдта, ӕмӕ йӕм се ’гъдӕуттӕй бирӕтӕ ӕнахуыр кастаиккой. Фӕлӕ йе ’фсинӕн афтӕ аргъ кодта, ӕмӕ йын йӕ алы ныхасмӕ дӕр лӕмбынӕг хъуыста. Ноемин ын цы аразын кодта, уый йӕм, чи зоны, худинаг дӕр фӕкаст кӕнӕ афтӕ дӕр ахъуыды кодта, уый мӕ сӕрмӕ куыд хъуамӕ ӕрхӕссон, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕддӕр йе ’фсинимӕ сразы ӕмӕ йын сӕрныллӕгӕй дзуапп радта: «Куыддӕриддӕр мын загътай, афтӕ бакӕндзынӕн» (Руф 3:5).

13. Руф йе ’фсины уынаффӕмӕ кӕй байхъуыста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс ма Иов 12:12 дӕр.)

13 Ӕрыгӕттӕн хатт зын вӕййы, сӕхицӕй хистӕр ӕмӕ фӕлтӕрдджындӕр чи у, ахӕм адӕймаджы уынаффӕмӕ байхъусын. Чи зоны, фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон ацӕргӕтӕн сӕ бон бамбарын нӕу. Фӕлӕ Руф куыд сӕрныллӕг разынд, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, чи нӕ уарзы ӕмӕ ныл чи тыхсы, уыцы хистӕрты зондмӕ куы байхъусӕм, уӕд нын уый стыр арфӕдзинӕдтӕ кӕй ӕрхӕсдзӕн. (Бакӕс Псалом 71:17, 18.) Уӕдӕ Ноемин Руфӕн цавӕр уынаффӕ радта? Ӕмӕ йӕм Руф кӕй байхъуыста, уый йын ӕцӕгдӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста?

Руф найгӕнӕн мусы

14. Найгӕнӕн мус цы уыди ӕмӕ-иу дзы цы куыстой?

14 Уыцы изӕр Руф ацыд найгӕнӕн мусмӕ – зӕхкусджытӕ-иу сӕ хор кӕм най кодтой ӕмӕ-иу ӕй дымгӕмӕ кӕм сдардтой, уыцы бынатмӕ. Мустӕ куыд арӕзтой? Фӕзран-иу сыджыт ныннадтой ӕмӕ-иу ӕй слӕгъз кодтой. Найгӕнӕн мустӕ арӕхдӕр арӕзтой къуыбыры фахсыл кӕнӕ йӕ цъуппыл, уымӕн ӕмӕ дзы фӕссихор ӕмӕ изӕрырдӕм дымгӕ тынгдӕр дымдта. Цӕмӕй-иу хор зыгуым ӕмӕ хъӕмпӕй ссыгъдӕг кодтаиккой, уый тыххӕй-иу найгонд ӕфсиртӕ стыр сагӕйттӕй кӕнӕ фыййӕгтӕй хӕрдмӕ ӕппӕрстой. Дымгӕ-иу рог зыгуым иуварс ахаста, хоры нӕмгуытӕ та-иу фӕстӕмӕ зӕхмӕ ӕрхаудысты.

15, 16. а) Радзур, Вооз найгӕнӕн мусы йӕ куыст куы фӕци, уӕд цы ’рцыд, уый тыххӕй. ӕ) Вооз куыд базыдта, Руф йӕ дӕлфӕдтӕм кӕй хуыссы, уый?

15 Руф лӕууыд, кӕм ничи йӕ федтаид, ахӕм ран ӕмӕ, куыст кӕд фӕуыдзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Вооз йӕ хъус дардта, йӕ кусджытӕ хор куыд сыгъдӕг кодтой, уымӕ. Куысты кӕронмӕ хор стыр кӕри сси. Вооз ӕхсӕвӕр адджынӕн бахордта ӕмӕ кӕрийы кӕрон ӕрхуыссыд. Ӕвӕццӕгӕн-иу адӕм мусы арӕх бахсӕвиуат кодтой, цӕмӕй-иу сын сӕ хор къӕрныхтӕ ма адавтаиккой. Руф федта, Вооз кӕй схуыссыд. Ноемин цы сфӕнд кодта, уый сӕххӕст кӕнынӕн йӕ афон ӕрцыд.

16 Руф сабыргай бацыд, Вооз кӕм хуыссыд, уырдӕм. Йӕ зӕрдӕ йӕ риуӕй рацӕйгӕпп кодта. Лӕг фынӕй кӕй уыд, уый бамбӕрста. Ӕмӕ уӕд, Ноемин куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта: бацыд ӕм, йӕ къӕхтырдыгӕй йын йе ’мбӕрзӕныл схӕцыд ӕмӕ уым ӕрхуыссыд. Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдыдта. Рӕстӕг ыл ныддаргъ. Иуафон, ӕмбисӕхсӕвмӕ ’ввахс, Вооз суазал. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ къӕхтӕ ӕрӕмбӕрзынмӕ куы рабадт, уӕд бамбӕрста, йӕ къӕхтырдыгӕй чидӕр кӕй хуыссы. Библийы фыст ис: «Кӕсы, ӕмӕ йӕ дӕлфӕдтӕм – сылгоймаг!» (Руф 3:8).

17. Афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Руфмӕ ӕнӕгъдау фӕндтӕ уыди, уыдон цавӕр дыууӕ хъуыддаджы рох кӕнынц?

17 «Чи дӕ?» – бафарста йӕ Вооз. Руф ын, ӕвӕццӕгӕн, зырзыргӕнгӕ хъӕлӕсӕй дзуапп радта: «Ӕз Руф дӕн, дӕ цагъар. Де уазӕг бакӕн дӕ цагъары, уымӕн ӕмӕ ды нӕ хӕстӕг дӕ ӕмӕ дӕуӕн ис уый бар, цӕмӕй нӕ балхӕнай» (Руф 3:9). Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Руф цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уымӕй бӕрӕг у, чъизи фӕндтӕ йӕм кӕй уыд. Фӕлӕ уыдон рох кӕнынц дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг уый, ӕмӕ Руф архайдта, уӕды рӕстӕджы цы ӕгъдӕуттӕ уыд, уыдонмӕ гӕсгӕ. Уыцы ӕгъдӕуттӕй бирӕтӕ абон махмӕ ӕнахуыр кӕсынц. Абон адӕм тынг хӕлд сты, ӕмӕ раст нӕ уаид, Руф цы сарӕзта, уымӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсын. Дыккаг та уый, ӕмӕ Воозы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Руф цы сарӕзта, уый ӕнӕгъдаудзинадыл кӕй нӕ банымадта, стӕй ма дзы ӕппӕлгӕ дӕр ракодта.

Руф Воозмӕ куы бацыд, уӕд ӕм чъизи фӕндтӕ нӕ уыди, стӕй йӕхи мӕт нӕ кодта

18. Вооз Руфы зӕрдӕ цавӕр ныхӕстӕй ӕрсабыр кодта? Руф йе ’нувыд уарзт цавӕр дыууӕ хъуыддагӕй равдыста?

18 Вооз Руфӕн дзуапп радта, ӕмӕ йын йӕ фӕлмӕн ныхасӕй йӕ зӕрдӕ куыннӕ ӕрсабыр кодтаид. Вооз загъта: «Йегъовӕ дын раарфӕ кӕнӕд, мӕ чызг. Ныртӕккӕ цы ӕнувыд уарзт равдыстай, уый, фыццаг цы ӕнувыд уарзт равдыстай, уымӕй диссагдӕр у. Ды дӕхицӕн цардӕмбал ӕрыгӕтты ’хсӕн нӕ агуырдтай – нӕдӕр мӕгуырты, нӕдӕр хъӕздгуыты ’хсӕн» (Руф 3:10). Руф ӕнувыд уарзт «фыццаг» равдыста, Ноеминимӕ Израилмӕ кӕй ӕрцыд ӕмӕ йыл хи мадау кӕй тыхст, уымӕй. Фӕлӕ ма Руф диссаджы ӕнувыд уарзт равдыста, «ныртӕккӕ», ома уыцы изӕр, цы сарӕзта, уымӕй дӕр. Воозы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм ӕрыгон сылгоймагӕн йӕ бон уыд ӕрыгон цардӕмбал ссарын, йе – хъӕздыг, йе та – мӕгуыр. Фӕлӕ Руфы ӕрмӕст Ноеминӕн нӕ фӕндыд хорздзинад ракӕнын. Уый хъуыды кодта Ноемины сӕрыхицауыл дӕр, кӕд ын мард уыд, уӕддӕр. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ном Израилы адӕмы ’хсӕнӕй фесӕфтаид. Уӕдӕ зын бамбарӕн нӕу, уыцы ӕрыгон сылгоймаг йӕхи мӕт кӕй нӕ кодта, уый Воозмӕ диссаг цӕмӕн фӕкаст, уый.

19, 20. а) Вооз Руфы ракурыныл цӕуылнӕ фӕтагъд кодта? ӕ) Цӕмӕй бӕрӕг у, Вооз Руфыл кӕй тыхсти ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ ном фӕчъизи уыдаид?

19 Стӕй Вооз Руфӕн загъта: «Ма тӕрс, мӕ чызг. Цыдӕриддӕр загътай, ӕппӕт дӕр дын сараздзынӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ горӕты кулдуары раз алчидӕр зоны, ды диссаджы сылгоймаг кӕй дӕ» (Руф 3:11). Воозӕн Руфы ракурыны фадат кӕй фӕзынд, уый йын ӕхсызгон уыд. Стӕй йын куы загъта, балхӕн мӕ, зӕгъгӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ тынг нӕ бадис кодта. Фӕлӕ рӕстаг адӕймаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕвиппайды йӕ зӕрдӕйы фӕдыл нӕ ацыд. Вооз Руфӕн загъта, Ноемины сӕрыхицауӕн уымӕй ӕввахсдӕр хӕстӕг кӕй ис ӕмӕ уал уымӕн кӕй хъуамӕ зӕгъа, цӕмӕй Руфы ракура.

Руф иннӕтӕм хӕларзӕрдӕ кӕй уыд ӕмӕ сӕ кӕй нымадта, уый тыххӕй йӕ хуыдтой «диссаджы сылгоймаг»

20 Вооз Руфӕн загъта, цӕмӕй уал райсоммӕ уым афынӕй кодтаид, стӕй йӕ куыд ничи федтаид, афтӕ ацыдаид. Воозы нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ исчи исты ахъуыды кодтаид ӕмӕ Руфы ном дӕр ӕмӕ йӕхи ном дӕр фӕчъизи уыдаид. Руф фӕстӕмӕ йӕ дӕлфӕдтӕм ӕрхуыссыд. Ӕвӕццӕгӕн, ныр афтӕ тынг нал тыхсти, уымӕн ӕмӕ йын Вооз зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йӕ балхӕндзӕн, уымӕй. Нӕма ӕрбабон, афтӕ Руф сыстад. Вооз ын йӕ кӕлмӕрзӕн хъӕбӕрхорӕй байдзаг кодта, ӕмӕ Руф Вифлееммӕ аздӕхт. (Бакӕс Руф 3:13–15.)

21. Руфы «диссаджы сылгоймаг» цӕмӕн хуыдтой ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

21 Руфӕн куыд ӕхсызгон уыдаид, Вооз ын афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ йӕ алчидӕр зоны, «диссаджы сылгоймаг» кӕй дӕ, уый! Адӕмы ’хсӕн ын хорз ном фыццаджыдӕр уый тыххӕй уыдаид, ӕмӕ зӕрдиагӕй архайдта, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базыдтаид ӕмӕ йын лӕггад кодтаид. Уымӕй уӕлдай ма Ноеминмӕ дӕр ӕмӕ йӕ адӕммӕ дӕр уыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ сыл хъуыды кодта – фӕндыд ӕй сӕ закъӕттӕ ӕмӕ се ’гъдӕуттӕм гӕсгӕ цӕрын, кӕд ын ӕцӕгӕлон уыдысты, уӕддӕр. Мах дӕр Руфы уырнындзинад куы фӕзмӕм, уӕд иннӕты нымайдзыстӕм ӕмӕ, цӕуыл ахуыр сты ӕмӕ цы ’гъдӕуттыл хӕст сты, уымӕн аргъ кӕндзыстӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй мах дӕр нӕхицӕн хорз ном скӕндзыстӕм.

Руф йӕ амонд ссардта

22, 23. а) Вооз Руфӕн уыйбӕрц хъӕбӕрхор кӕй радта, уый цӕуыл дзурӕг уыди? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.) ӕ) Ноемин Руфӕн цы загъта?

22 Руф хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд ӕй Ноемин бафарста: «Уый ды дӕ, мӕ чызг?» Ӕвӕццӕгӕн, нырма талынг уыд ӕмӕ йӕ Ноемин уый тыххӕй бафарста афтӕ. Стӕй ма йӕ, чи зоны, базонын фӕндыд, Руфӕн йӕ уавӕр фӕивта ӕви нӕ – куыд уыди, афтӕ идӕдзӕй баззайдзӕн ӕви Вооз йӕ ракурыныл сразы. Руф йе ’фсинӕн уайтагъд радзырдта, йӕ хабар куыд рауад, уый. Стӕй ма йын Вооз цы хъӕбӕрхор рарвыста, де ’фсинӕн ӕй ахӕсс, зӕгъгӕ, уый дӕр ын радта * (Руф 3:16, 17).

23 Ноемин йӕ чындзӕн загъта, цӕмӕй уыцы бон быдырмӕ ма ацыдаид ӕмӕ банхъӕлмӕ кастаид. Руфӕн ныфс бавӕрдта: «Уыцы адӕймаг ӕнцад не ’рлӕудзӕн, цалынмӕ ацы хъуыддаг абон кӕронмӕ нӕ ахӕццӕ кӕна, уӕдмӕ» (Руф 3:18).

24, 25. а) Вооз рӕстаг адӕймаг кӕй уыди ӕмӕ ӕрмӕст йӕхи мӕт кӕй нӕ кодта, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? ӕ) Йегъовӕ Руфӕн куыд раарфӕ кодта?

24 Ноемин нӕ фӕрӕдыд. Вооз ацыд горӕты кулдуары размӕ, горӕты хистӕр лӕгтӕ-иу кӕм ӕрӕмбырд сты, уырдӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдыдта, Ноемины сӕрыхицауы ӕввахсдӕр хӕстӕг кулдуары рӕзты кӕд фӕцӕйцӕудзӕн, уымӕ. Ӕвдисӕнты раз Вооз уыцы нӕлгоймагӕн загъта, цӕмӕй Руфы ракура ӕмӕ йӕ афтӕмӕй балхӕна. Фӕлӕ уыцы хӕстӕг не сразы, зӕгъгӕ, дам, афтӕмӕй мӕхи бынтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзынӕн. Уӕд Вооз горӕты кулдуары цур ӕвдисӕнты раз загъта, Ноемины сӕрыхицау Елимелехы бынтӕ кӕй балхӕндзӕн ӕмӕ Руфы, Елимелехы фырт Махлоны идӕдз усы, кӕй ракурдзӕн. Вооз загъта, афтӕ уымӕн кӕй кӕны, цӕмӕй, «чи амард, уымӕн йӕ бынтӕ йӕхи номыл баззайой» (Руф 4:1–10). Вооз ӕцӕгдӕр уыд рӕстаг адӕймаг ӕмӕ ӕрмӕст йӕхи мӕт нӕ кодта.

25 Вооз Руфы ракуырдта. Ӕмӕ «Йегъовӕ Руфӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ Руф басывӕрджын ӕмӕ ныййардта лӕппу». Вифлеемы сылгоймӕгтӕ Ноеминӕн арфӕ кодтой ӕмӕ Руфӕй ӕппӕлыдысты, Ноеминӕн авд лӕппуйӕ дӕр хуыздӕр кӕй уыд, уый тыххӕй. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Руфы фырт сси номдзыд паддзах Давидӕн йӕ фыдыфыд (Руф 4:11–22). Давиды хӕдзарвӕндагӕй та рацыд Йесо Чырысти (Матф. 1:1) *.

Йегъовӕ Руфы ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ йӕ ном ис Мессийӕйы хӕдзарвӕндаджы номхыгъды

26. Руф ӕмӕ Ноемины цард нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

26 Руф ӕцӕгдӕр схайджын стыр арфӕдзинӕдтӕй, ӕмӕ уый зӕгъӕн ис Ноеминӕй дӕр. Вооз ӕмӕ Руфӕн цы сывӕллон райгуырд, уымӕ Ноемин каст, раст цыма йӕхи хъӕбул уыд, афтӕ. Ацы дыууӕ сылгоймаджы цард ирдӕй ӕвдисы, Йегъовӕ Хуыцау кӕй уыны, йӕ бинонты фӕдарыны тыххӕй уӕззау куыст йӕ сӕрмӕ чи хӕссы ӕмӕ йын йе ’взӕрст адӕмимӕ иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕй алкӕй дӕр. Вооз, Ноемин ӕмӕ йыл Руфау иузӕрдион чи у, уыдонӕн алкӕддӕр раарфӕ кӕны.

^ 7 абз. Ноемин куыд загъта, афтӕмӕй Йегъовӕ хӕларзӕрдӕ ӕрмӕст удӕгӕстӕм нӕу, фӕлӕ, чи амард, суанг уыдонмӕ дӕр. Ноеминӕн амардысты йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты дӕр. Руфӕн дзы сӕ иу уыд йӕ цардӕмбал. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕртӕ адӕймаджы Ноеминӕн дӕр ӕмӕ Руфӕн дӕр зынаргъ уыдысты. Уыцы нӕлгоймӕгты куыннӕ фӕндыдаид, цӕмӕй сын сӕ мӕлӕты фӕстӕ сӕ бинонтыл исчи батыхстаид. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Ноемин ӕмӕ Руфӕн хорздзинад чи сарӕзта, уый хорздзинад сарӕзта уыцы нӕлгоймӕгтӕн.

^ 11 абз. Идӕдз сылгоймаджы ракурыны бар, ӕвӕццӕгӕн, фыццаджыдӕр уыд тиутӕн, ӕмӕ уый фӕстӕ та ӕввахсдӕр хӕстӕджытӕй искӕмӕн. Ӕмӕ-иу бинонты бынтӕ дӕр лӕвӕрд ӕрцыдысты, чи-иу ӕй ракуырдта, уымӕн (Ным. 27:5–11).

^ 22 абз. Вооз Руфӕн хъӕбӕрхор радта, сӕ уӕз бӕрӕг кӕмӕн нӕу, ӕхсӕз ахӕм къусы (чи зоны, уыдаид ӕхсӕз фыййаджы дзаг). Ӕвӕццӕгӕн ын афтӕмӕй равдисынмӕ хъавыд, ӕхсӕз кусӕн боны фӕстӕ-иу кусӕгӕн сабатбон, ома улӕфты бон, куыд уыд, афтӕ Руф дӕр идӕдзӕй цы уӕззау бонтӕ арвыста, уыдон тагъд кӕй фӕуыдзысты ӕмӕ кӕй сулӕфдзӕн – ома йӕ амонд ссардзӕн ӕмӕ йын уыдзӕн йӕхи хӕдзар ӕмӕ йыл чи тыхса, ахӕм адӕймаг. Кӕнӕ та йын, чи зоны, ӕхсӕз къусы уый тыххӕй радта, ӕмӕ Руфӕн йӕ бон уымӕй фылдӕр ахӕссын нӕ уыд.

^ 25 абз. Руф уыди, Чырыстийы хӕдзарвӕндаджы номхыгъды цы фондз сылгоймаджы кой ис, уыдонӕй сӕ иу. Уыцы сылгоймӕгты ’хсӕн ма ис Воозы мад Раав дӕр (Матф. 1:3, 5, 6, 16). Раав дӕр Руфау израилаг нӕ уыд.