Исай 35:1—10

35  Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты+, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн+.  О, дидинӕг калдзӕн+, цин кӕндзӕн ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн+. Лӕвӕрд ын ӕрцӕудзӕн Ливаны кад+, Кармил+ ӕмӕ Сароны+ рӕсугъддзинад. Адӕм фендзысты Йегъовӕйы кад+, нӕ Хуыцауы рӕсугъддзинад+.  Йӕ къухтӕ лӕмӕгъ кӕмӕн сты, уыцы адӕймаджы хъарутӕ бауадзут, йӕ уӕрджытӕ кӕмӕн зыр-зыр кӕнынц, уый бафидар кӕнут+.  Йӕ зӕрдӕ сагъӕстӕй дзаг кӕмӕн у, уыдонӕн зӕгъут+: «Фидар ут+. Ма тӕрсут+. Уӕ Хуыцау ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй йӕ маст райса+, Хуыцау ӕрцӕудзӕн, цӕмӕй, кӕмӕн цы ’мбӕлы, уый бакӕна+. Уый ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕндзӕн»+.  Уӕд куырмытӕ цӕстӕй ракӕсдзысты+ ӕмӕ къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты+.  Уӕд, къуылых чи у, уый сагау згъордзӕн+ ӕмӕ ӕгомыджы ӕвзаг фырцинӕй хъӕр кӕндзӕн+. Ӕдзӕрӕг быдыры рагуылф кӕндзӕн суадӕттӕ, хус бӕстӕйы – цӕугӕдӕттӕ.  Хурсыгъд зӕхх фестдзӕн цад, ӕнӕдон бӕстӕ – суадӕтты бӕстӕ+. Хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынаты+, сӕ улӕфӕн бынаты, зайдзӕн цъӕх кӕрдӕг, хъӕз ӕмӕ папирус+.  Уым конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг+ ӕмӕ йӕ схондзысты Сыгъдӕг фӕндаг+. Уыцы фӕндагыл, сыгъдӕг чи нӕу, уый нӕ ацӕудзӕн+. Уыцы фӕндаг уыдзӕн, чи йыл цӕуа, уыдонӕн ӕмӕ йыл ӕнӕзонд адӕм нӕ рацу-бацу кӕндзысты.  Уым иу домбай дӕр нӕ уыдзӕн, иу тугдзых сырд дӕр уыцы фӕндагмӕ не ’рбацӕудзӕн+. Иу дӕр дзы нӕ фендзынӕ+. Цӕудзысты йыл, ӕлхӕд чи ’рцӕуа, уыдон+. 10  Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕна, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзысты+ ӕмӕ, цины хъӕр кӕнгӕйӕ, Сионмӕ ссӕудзысты+ ӕмӕ цин кӕндзысты ӕнустӕм+. Сӕ хай бауыдзӕн стыр циндзинад ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад, хъыг ӕмӕ мастӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн+.

Фиппаинӕгтӕ