Марчы 12:1—44

12  Стӕй сын райдыдта фӕсномыг ныхӕстӕ дзурын: «Иу лӕг скодта сӕнӕфсирдон+, йӕ алыварс ын сӕхгӕдта, скъахта дзы сӕндуцӕн дзыхъхъ ӕмӕ дзы сарӕзта мӕсыг+ дӕр. Уый фӕстӕ сӕнӕфсирдон радта ӕххуырст кусджытӕм+, йӕхӕдӕг та ацыди ӕндӕр бӕстӕм+.  Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд сӕнӕфсирдоны кусджытӕм йӕ цагъары арвыста сӕнӕфсирӕй хай райсынмӕ+.  Фӕлӕ уыдон цагъары ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидкъухӕй рарвыстой+.  Уӕд та сӕм арвыста ӕндӕр цагъары. Уымӕн та йӕ сӕр фӕхостой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой+.  Арвыста ма сӕм ноджыдӕр иу цагъары, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Уый фӕстӕ дӕр ма сӕм бирӕ цагъарты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй маргӕ акодтой.  Уыцы лӕгӕн ма баззад ӕрмӕстдӕр йӕ уарзон фырт+. Ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг уый арвыста, мӕ фыртӕй мын уӕддӕр фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ+.  Фӕлӕ кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай бындар у+. Амарӕм ӕй, ӕмӕ сӕнӕфсирдон мах бауыдзӕн!+  Гъемӕ йӕ ӕрцахстой, амардтой+ йӕ ӕмӕ йын йӕ мард сӕнӕфсирдонӕй раппӕрстой+.  Куыд уӕм кӕсы, сӕнӕфсирдоны хицау куыд бакӕндзӕн? Ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыцы кусджыты ныццӕгъддзӕн, сӕнӕфсирдон+ та ратдзӕн ӕндӕртӕм+. 10  Фыстад афтӕ зӕгъы: „Аразджытӕ цы дур+ аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур+. 11  Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ, ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы“. Никуы бакастыстут уыцы ныхӕстӕ?»+ 12  Уӕд уыдон бамбӕрстой, уыцы фӕсномыг ныхасы сӕ кой кӕй кодта, ӕмӕ йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Гъемӕ йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты+. 13  Уый фӕстӕ йӕм фарисейтӕй ӕмӕ, Ироды фарс чи уыди+, уыдонӕй кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй йӕ ныхасӕй ӕрцахстаиккой+. 14  Куы йӕм ӕрбацыдысты, уӕд ын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды сайгӕ нӕ кӕныс ӕмӕ, иннӕтӕ цы зӕгъдзысты, ууыл нӕ мӕт кӕныс, уымӕн ӕмӕ, адӕмы ’хсӕн чи цы бынат ахсы, уымӕ нӕ кӕсыс. Ды Хуыцауы фӕндаг раст амоныс+. Зӕгъ-ма нын, паддзахӕн* хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? 15  Фидӕм ын ӕй ӕви йын ӕй ма фидӕм?»+ Йесо сын сӕ хиндзинад бамбӕрста ӕмӕ сын загъта: «Цы мӕ къахут? Равдисут-ма мӕм динар*»+. 16  Уыдон ӕм ӕрбахастой иу динар. Уӕд сӕ бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ кӕй ном ис ацы ӕхцайыл?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы»+. 17  Ӕмӕ сын уӕд Йесо дӕр загъта: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн+ дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн»+. Ӕмӕ йыл дисӕй мардысты+. 18  Стӕй та йӕм бацыдысты саддукейтӕ,– уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ,– ӕмӕ йӕ бафарстой+: 19  «Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста, зӕгъгӕ, исчи куы амӕла ӕмӕ йын ус куы баззайа, йӕ фӕстӕ зӕнӕг та куы нӕ ныууадза, уӕд ын йе ’фсымӕр+ хъуамӕ йӕ усы ракура ӕмӕ йӕ мард ӕфсымӕрӕн зӕнӕг рауадза+. 20  Цардис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ракуырдта, фӕлӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди+. 21  Ӕмӕ йын уӕд йӕ усы йе ’фсымӕр ракуырдта, ӕмӕ уый дӕр амард, зӕнӕг ын нӕ рацыд, афтӕмӕй. Афтӕ рауад йӕ хабар иннӕ ӕфсымӕрӕн дӕр. 22  Гъемӕ авд ӕфсымӕрӕй иуӕн дӕр зӕнӕг нӕ баззад. Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр+. 23  Ӕмӕ мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд дзы кӕцыйы ус уыдзӕн? Авды бинойнаг дӕр куы уыди»+. 24  Йесо сын дзуапп радта: «Фыстад дӕр ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый дӕр кӕй нӕ зонут, уый тыххӕй нӕ рӕдийут, ӕви?+ 25  Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн+. 26  Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы, сындзы къутӕры кой кӕм кӕны, уым нӕ кастыстут, Хуыцау ын афтӕ кӕй загъта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“?+ 27  Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты. Уӕдӕ сымах тынг рӕдийут»+. 28  Сӕ ныхасмӕ та сын хъуыста чиныджыдӕснытӕй иу, ӕмӕ куы федта, Йесо сын ахӕм диссаджы дзуапп кӕй радта, уӕд ӕй бафарста: «Фӕдзӕхстытӕй фыццаг кӕцы у?»+ 29  Йесо йын дзуапп радта: «Фыццаг фӕдзӕхст у ахӕм: „Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй+, 30  ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй*, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ“+. 31  Дыккаг фӕдзӕхст та у ахӕм: „Иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“+. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхст нӕй». 32  Уӕд ын уыцы чиныджыдӕсны загъта: «Ахуыргӕнӕг, раст загътай – „Хуыцау иу у, ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй“+. 33  Ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзай, стӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарзай иннӕты дӕр – уый бирӕ ахсджиагдӕр у судзинаг нывӕндтӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй дӕр»+. 34  Йесо уый куы фехъуыста, ӕмӕ йын ӕмбаргӕ адӕймаджы дзуапп радта, уӕд ын загъта: «Хуыцауы паддзахадӕй дард нӕ дӕ». Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста+. 35  Кувӕндоны ахуыр кӕнгӕйӕ ма сын Йесо загъта: «Чиныджыдӕснытӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, зӕгъгӕ, Чырысти Давиды фырт у?+ 36  Давид йӕхӕдӕг Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ разӕнгардӕй афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, „Йегъовӕ мӕ Хицауӕн загъта: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“+. 37  Давид ӕй йӕхӕдӕг хоны йӕ Хицау, ӕмӕ уӕд йӕ фырт куыд у?»+ Ӕмӕ уым цы бирӕ адӕм лӕууыд, уыдон ӕм хъуыстой ӕхсызгонӕй+. 38  Ӕмӕ сын амыдта: «Уӕхи хъахъхъӕнут чиныджыдӕснытӕй+. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын, стӕй ма сын цӕмӕй базарты адӕм сӕ сӕрӕй кувой, уый дӕр. 39  Уарзынц ӕмбырдгӕнӕнты разӕй бадын, фынгтыл та – уӕлейӕ+. 40  Идӕдз устытӕн сӕ муртӕ хӕрынц+ ӕмӕ адӕмы цӕстмӕ бирӕ фӕкувынц. Уыдон уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты»+. 41  Стӕй уӕд ӕрбадт ӕхцавӕрӕнты акомкоммӕ+ ӕмӕ каст, адӕм дзы ӕхца куыд ӕппӕрстой, уымӕ. Хъӕздгуытӕй дзы бирӕтӕ ӕппӕрстой бирӕ ӕхца+. 42  Уӕд ӕрбацыд иу мӕгуыр идӕдз ус дӕр ӕмӕ дзы ныппӕрста дыууӕ лыстӕг ӕрхуы ӕхцайы*+. 43  Уый фенгӕйӕ Йесо фӕдзырдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус ӕхцавӕрӕны се ’ппӕтӕй фылдӕр ныппӕрста+. 44  Уыдон дзы уый тыххӕй ӕппӕрстой, ӕмӕ сӕм фагӕй фылдӕр ис. Уыцы идӕдз ус та, кӕд мӕгуыр у, уӕддӕр ныппӕрста, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый, йӕ фӕстаг ӕхцатӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «цезӕрӕн», ома Ромы императорӕн.
Кӕс Мф 20:2, фип.
Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Кӕнӕ «Дӕ хионы».
Комк. «дыууӕ лептӕйы». Иу лептӕ уыд, адӕймаг 5 минутмӕ кӕй бакуыстаид, уыцы ӕхца.