Лукайы 7:1—50

7  Йесо, чи йӕм хъуыста, уыцы адӕмӕн цы зӕгъинаг уыд, уыдӕттӕ куы загъта, уӕд ӕрцыд Капернауммӕ+.  Уым иу ӕфсӕддон хицауӕн* йӕ цагъар уыди уӕззау рынчын ӕмӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Йӕ хицау та йӕ бирӕ уарзта+.  Гъемӕ Йесойы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд ӕм арвыста дзуттӕгты хистӕрты, цӕмӕй йын загътаиккой, зӕгъгӕ, ӕрцу-ма ӕмӕ мын мӕ цагъары фервӕзын кӕн.  Уыдон дӕр Йесомӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодтой: «Уыцы лӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын баххуыс кӕнай,  уымӕн ӕмӕ нын нӕ адӕмы уарзы+, ӕмӕ нын ӕмбырдгӕнӕн дӕр уый сарӕзта».  Йесо дӕр семӕ ацыд. Фӕлӕ сӕ хӕдзармӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд ын ӕфсӕддон хицау йӕ размӕ йе ’мбӕлтты рарвыста, зӕгъгӕ йын зӕгъут: «Мӕ буц Хицау, дӕхи ма тыхсын кӕн. Ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай+.  Мӕхӕдӕг дӕр дӕм уымӕн нӕ ацыдтӕн, ӕмӕ мӕхи уый аккагыл нӕ нымайын. Ды ӕрмӕст ныхас зӕгъ, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.  Ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, стӕй мӕ дӕлбар дӕр ӕфсӕддонтӕ ис, ӕмӕ сӕ иуӕн куы фӕзӕгъын: „Ацу!“ – уӕд ацӕуы, иннӕмӕн та: „Ардӕм рацу!“ – уӕд ӕрбацӕуы, ӕмӕ мӕ цагъарӕн дӕр куы фӕзӕгъын: „Мӕнӕ уый бакӕн!“ – уӕд ӕй бакӕны»+.  Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд тынг бадис кодта ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн загъта: «Зӕгъын уын: ӕз ахӕм уырнындзинад Израилы дӕр нӕ федтон»+. 10  Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕ фӕстӕмӕ аздӕхтысты, ӕмӕ цагъары дзӕбӕхӕй баййӕфтой+. 11  Стӕй Йесо араст горӕт Наинмӕ. Йемӕ цыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ма ноджыдӕр бирӕ адӕм. 12  Горӕты кулдуармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ рахӕссынц мард+ – мадӕн, идӕдз усӕн, йӕ иунӕг+ фырты. Сылгоймагимӕ ма горӕтӕй рацӕйцыд бирӕ мӕрддзыгой адӕм дӕр. 13  Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд йӕ тӕригъӕдӕй+ йӕ зӕрдӕ фӕрыст ӕмӕ йын загъта: «Ма ку»+. 14  Стӕй сынтмӕ бацыд, бавнӕлдта йӕм, ӕмӕ сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уый фӕстӕ мардӕн загъта: «Лӕппу, дӕумӕ дзурын: сыст!»+ 15  Ӕмӕ мард рабадт ӕмӕ дзурын райдыдта. Ӕмӕ уӕд мадӕн загъта, мӕнӕ дӕ фырт, зӕгъгӕ+. 16  Адӕм уый куы федтой, уӕд се ’ппӕты дӕр тас бацыди+ ӕмӕ Хуыцауы кадджын кӕнын райдыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Стыр пехуымпар+ фӕзынди не ’хсӕн»; «Хуыцау йӕ адӕммӕ ӕркаст»+. 17  Ӕмӕ йӕ кой айхъуыст ӕгас Иудейӕйыл ӕмӕ йӕ алыварс бӕстӕйыл. 18  Иоаннӕн дӕр уыцы хабӕрттӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ радзырдтой+. 19  Ӕмӕ уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ фӕдзырдта ӕмӕ сӕ Йесомӕ арвыста, зӕгъгӕ йӕ бафӕрсут: «Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»+ 20  Уыдон дӕр Йесомӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын загътой: «Аргъауӕг Иоанн нӕ дӕумӕ рарвыста, бафӕрсут, дам, ӕй: „Ӕрцӕуинаг чи у, уый ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?“» 21  Уыцы сахат Йесо бирӕты сдзӕбӕх кодта сӕ низтӕй+, суанг алыхуызон уӕззау низтӕй дӕр, ӕмӕ сӕ дӕлимонтӕй фервӕзын кодта, стӕй бирӕ куырмытӕн радта цӕстырухс. 22  Гъемӕ уыцы дыууӕ ахуыргӕнинагӕн загъта: «Ацӕут+ ӕмӕ Иоаннӕн радзурут, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ+ цӕстӕй уынынц, къуылыхтӕ къуылых нал цӕуынц, хъотырджынтӕ сӕ низӕй дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц ӕмӕ мӕгуыртӕн хъуыстгонд цӕуы+ хорз хабар+. 23  Амондджын у уыцы адӕймаг, мӕныл чи нӕ дызӕрдыг кӕны*»+. 24  Иоанны ӕрвыст лӕгтӕ куы ацыдысты, уӕд Йесо байдыдта адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Дымгӕ кӕй фӕйлауы, уыцы хъӕз?+ 25  Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Фӕлмӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл ис, ахӕм лӕджы?+ О, фӕлӕ хъӕздыг дарӕс чи дары ӕмӕ хъалцард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты сты+. 26  Уӕдӕ уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары?+ О, уый пехуымпар у, ӕмӕ уын зӕгъын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕр+. 27  Гъе уый тыххӕй уыдысты фыст ацы ныхӕстӕ дӕр: „Ӕз ӕрвитын мӕ фидиуӕджы дӕ разӕй+, уый дын барӕвдз кӕндзӕн дӕ фӕндаг!“+ 28  Зӕгъын уын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Иоаннӕй уӕлдӕр+ нӕй, фӕлӕ, Хуыцауы паддзахады гыццылдӕр чи у, уый дӕр уымӕй уӕлдӕр у»+. 29  Уый фехъусгӕйӕ адӕм иууылдӕр, стӕй хъалонисджытӕ дӕр, Иоанн+ цы донаргъуыд лӕвӕрдта, уыцы донаргъуыд райстой, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, Хуыцау рӕстаг+ кӕй у. 30  Фӕлӕ фарисейтӕ ӕмӕ, Закъон хорз чи зыдта, уыдон та Иоаннӕй донаргъуыд нӕ райстой, ӕмӕ уымӕй равдыстой, Хуыцауы фӕндон кӕй ницӕмӕ дарынц+. 31  Йесо дарддӕр загъта: «Уӕдӕ кӕимӕ абарон ацы фӕлтӕр? Кӕй хуызӕн сты?+ 32  Уыдон сты гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн, базары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи дзуры: „Мах уын уадындзӕй цагътам, фӕлӕ сымах нӕ кафыдыстут, хъарджытӕ кодтам, фӕлӕ сымах нӕ куыдтат“+. 33  Раст афтӕ, ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, ӕмӕ нӕдӕр дзул хӕры, нӕдӕр сӕн нуазы, ӕмӕ дзы дзурут: „Ай хӕйрӕджджын у“+. 34  Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт дӕр, уый та хӕргӕ дӕр кӕны ӕмӕ нуазгӕ дӕр, фӕлӕ уымӕй дӕр дзурут: „Ай мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ нозтуарзаг* куы у, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн!“+ 35  Куыдфӕнды ма уа,– зонд+ бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй»+. 36  Фарисейтӕй иу чидӕр Йесойы нал уагъта, цом, иумӕ къӕбӕр бахӕрӕм, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йӕм уый дӕр бацыд+ ӕмӕ фынгыл ӕрбадт. 37  Уыцы рӕстӕг, горӕты тӕригъӕдджынӕй кӕй зыдтой, иу ахӕм сылгоймаг фехъуыста, Йесо фарисейы хӕдзары фынгыл кӕй бады, уый, ӕмӕ ӕрбахаста дурын*+ хӕрздӕф соимӕ. 38  Бацыд Йесомӕ, фӕстӕрдыгӕй йӕ къӕхты раз ӕрбадт, ӕмӕ кӕуын байдыдта, ӕмӕ йын йӕ цӕссыг йӕ къӕхтыл калдта ӕмӕ йын сӕ йӕ дзыккутӕй сӕрфта, йӕ къӕхтӕн ын пъатӕ кодта ӕмӕ йын сӕ хӕрздӕф сойӕ сӕрста. 39  Йесойы чи ’рбахуыдта, уыцы фарисей уый куы федта, уӕд йӕхинымӕр ахъуыды кодта: «Ацы адӕймаг пехуымпар+ куы уаид, уӕд ын йӕ къӕхтӕм цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид – зонид ӕй, тӕригъӕдджын кӕй у»+. 40  Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Симон, иу цыдӕр дын хъуамӕ зӕгъон». Уый йын загъта: «Хъусын дӕм, Ахуыргӕнӕг!» 41  «Иу ӕфстаудӕттӕгӕй дыууӕ лӕджы дардтой хӕс: сӕ иу фондзсӕдӕ динары*+, иннӕ та – фӕндзай. 42  Фӕлӕ йын йӕ хӕс цӕмӕй бафыстаиккой, уый сӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ сӕ дыууӕйӕн дӕр сӕ хӕс ныххатыр кодта+. Уыцы дыууӕйӕ йӕ фылдӕр кӕцы уарздзӕн?» 43  Симон ын дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо та йын загъта: «Раст зӕгъыс». 44  Уый фӕстӕ сылгоймаджы ’рдӕм разылд ӕмӕ Симонӕн загъта: «Ацы сылгоймаджы уыныс? Ӕз дӕ хӕдзармӕ ’рбацыдтӕн, фӕлӕ мын ды мӕ къӕхтӕ ныхсынӕн дон+ не ’ркодтай. Уый та мын мӕ къӕхтӕ йӕ цӕссыгтӕй ныхсадта ӕмӕ мын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. 45  Ды мӕ размӕ куы рацыдтӕ, уӕд мын нӕ апъа кодтай+, уый та мын, куы ’рбацыдтӕн, уӕдӕй нырмӕ мӕ къӕхтӕн пъатӕ кӕны. 46  Ды мын мӕ сӕрыл сой+ нӕ рауагътай, ацы сылгоймаг та мын мӕ къӕхтӕ хӕрздӕф сойӕ байсӕрста. 47  Уымӕ гӕсгӕ дын зӕгъын: ацы сылгоймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ кӕд бирӕ сты, уӕддӕр ын хатыргонд цӕуынц+, уымӕн ӕмӕ стыр уарзтӕй бауарзта. Фӕлӕ гыццыл кӕмӕн ныххатыр кӕнынц, уый уарзгӕ дӕр гыццыл фӕкӕны». 48  Ӕмӕ уый фӕстӕ сылгоймагӕн загъта: «Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»+. 49  Уӕд, йемӕ фынгыл чи бадт, уыдон сӕхинымӕр райдыдтой хъуыды кӕнын: «Чи у ацы адӕймаг, тӕригъӕдтӕ дӕр куы хатыр кӕны?»+ 50  Фӕлӕ Йесо сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта+. Фарнимӕ цу»+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «сӕдӕйыхицауӕн», ома йӕ дӕлбар уыд 100 ӕфсӕддоны.
Комк. «мӕныл чи нӕ фӕкӕла».
Комк. «сӕнуарзаг».
Комк. «алебастр дурын».
Кӕс Мф 20:2, фип.