Екклесиаст 9:1—18

9  Ӕз ӕркастӕн ӕмӕ лӕмбынӕг хъуыды кодтон адӕттыл+: рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ зондджынтӕ, стӕй сӕ хъуыддӕгтӕ дӕр сты ӕцӕг Хуыцауы къухы+. Адӕм ницы зонынц, сӕ размӕ цы уарзт кӕнӕ цы фыдӕх уыди, уый тыххӕй+.  Адӕм кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц, иумӕ цы ис, уый ис иннӕмӕ дӕр+. Иу у сӕ кӕрон+ рӕстгӕнӕгӕн+ дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн+ дӕр, хорз ӕмӕ сыгъдӕг адӕймагӕн дӕр ӕмӕ, сыгъдӕг чи нӕу, уымӕн дӕр, нывӕндтӕ чи хӕссы, уымӕн дӕр ӕмӕ, нывӕндтӕ чи нӕ хӕссы, уымӕн дӕр. Тӕригъӕдджынмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы хорз адӕймагмӕ дӕр+. Сонтӕй чи расомы кӕны, уымӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый ӕнхъӕлмӕ кӕсы, сомы кӕнынӕй чи тӕрсы, уымӕ дӕр+.  Ӕмӕ, хуры бын цытӕ цӕуы, уыдонӕн сӕ бӕллӕх дӕр уый мидӕг ис: се ’ппӕтӕн дӕр сӕ кӕрон иу кӕй у+, уымӕ гӕсгӕ адӕймаджы фыртты зӕрдӕ дзаг у ӕвзӕрдзинадӕй+. Цӕрӕнбонты сӕ зӕрдӕйы ис ӕнӕзонддзинад+, ӕмӕ уый фӕстӕ та ацӕуынц мӕрдтӕм!+  Удӕгӕсты ’хсӕн чи ис, уыдонӕн ис ныфс. Удӕгас куыдзӕн+ мард домбайӕ хуыздӕр у+.  Удӕгӕстӕ зонынц, кӕй амӕлдзысты+, мӕрдтӕ та ӕппындӕр ницы зонынц+, ӕмӕ сын фидгӕ дӕр ничиуал ницы бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыды дӕр ничиуал кӕны+.  Фесӕфт сӕ уарзт дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕх дӕр, хӕлӕг дӕр нал кӕнынц+. Ӕмӕ хуры бын цы хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй сын хай никуыуал уыдзӕн+.  Уӕдӕ адджынӕн хӕр дӕ къӕбӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгзӕрдӕйӕ нуаз сӕн+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау райгонд у дӕ хъуыддӕгтӕй+.  Алкӕддӕр дыл уӕд урс уӕлӕдарӕс+ ӕмӕ дӕ сӕр алкӕддӕр уӕд сойӕ сӕрст+.  Хуыцау дын хуры бын кӕй радта, уыцы ницӕйаг царды бонты, дӕ дзӕгъӕл царды бонты, дӕ уарзон усимӕ цардӕй дӕ мондӕгтӕ ис+. Уый у дӕ хай царды ӕмӕ дӕ лӕвар хуры бын+ дӕ уӕззау фыдӕбоны тыххӕй. 10  Цыфӕнды ма аразай, араз ӕй ӕппӕт хъарутӕй+, уымӕн ӕмӕ ингӕны*+ – кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым+, нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ+, нӕдӕр зонд+. 11  Ӕмӕ та ахъуыды кодтон, зӕгъын, акӕсон, хуры бын цытӕ цӕуы, уымӕ, ӕмӕ федтон: цӕрдӕг чи у, уыдон нӕ рамбулынц дугъы+ ӕмӕ тыхджынтӕ – тохы+, хӕринаг зондджынтӕм нӕ вӕййы+, ӕмӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ – ӕмбаргӕтӕм+, ӕмӕ зонындзинӕдтӕ кӕмӕ ис, аргъ уыдонӕн нӕ фӕкӕнынц, уымӕн+ ӕмӕ, кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны+. 12  Адӕймаг+ ӕй нӕ зоны, йӕ рӕстӕг кӕд ӕрцӕудзӕн+. Кӕсаг йӕ фыдбылызӕн хызы куыд бахауы+, ӕмӕ цъиу – къӕппӕджы+, адӕймаджы фыртты дӕр афтӕ ӕрӕййафы бӕллӕх+, уымӕн ӕмӕ сыл ӕрцӕуы ӕнӕнхъӕлӕджы+. 13  Хуры бын ма федтон иу хабар, дзурӕг уыди зондыл, ӕмӕ мӕм тынг диссаг фӕкаст: 14  уыди гыццыл горӕт, нӕлгоймӕгтӕ дӕр дзы бирӕ нӕ уыд. Уыцы горӕтимӕ схӕцыд стыр паддзах, ӕртыхсти йыл ӕмӕ йын йӕ алыварс фидӕрттӕ скодта+. 15  Уыцы горӕты та цард иу лӕг, уыди мӕгуыр, фӕлӕ зондджын, ӕмӕ уый йӕ зонды фӕрцы горӕт фервӕзын кодта+. Фӕлӕ уый фӕстӕ уыцы мӕгуыр лӕджы хъуыды дӕр ничиуал ӕркодта+. 16  Ӕмӕ ӕз загътон: «Зонд тыхӕй хуыздӕр у+. Фӕлӕ мӕгуыр лӕджы зонд йӕ сӕрмӕ ничи хӕссы ӕмӕ йын йӕ ныхасмӕ дӕр ничи хъусы»+. 17  Ӕнӕзонд адӕмӕн хицау чи у, уый хъӕр кӕны, фӕлӕ йӕ ничи хъусы+, зондджын адӕймӕгтӕ та кӕнынц сабыр ныхас, ӕмӕ сӕ фехъусынц+. 18  Зонд хӕцӕнгӕрзтӕй хуыздӕр у, фӕлӕ иу тӕригъӕдджын адӕймаджы аххосӕй бирӕ хорздзинӕдтӕ фесӕфы+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «шеолы». Кӕс Уӕлӕмх. 8.