Иоанны 1:1—51

1  Райдианы+ уыди Дзырд+, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцауимӕ+, ӕмӕ Дзырд уыди хуыцау*+.  Уый райдианы+ уыди Хуыцауимӕ+.  Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд+, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй ницы фӕзынд.  Уый фӕрцы цы фӕзынд, уый уыди цард+, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди рухс+.  Ӕмӕ уыцы рухс ӕрттивы талынджы+, ӕмӕ йыл талынг нӕ тых кӕны.  Уӕд ӕрцыд Хуыцауӕй+ ӕрвыст лӕг, йӕ ном хуынди Иоанн+.  Уыцы адӕймаг ӕрцыд+, цӕмӕй рухсы тыххӕй дзырдтаид*+ ӕмӕ цӕмӕй уый уылты алыхуызон адӕм баууӕндыдаиккой+.  Иоанн йӕхӕдӕг нӕ уыд уыцы рухс+, фӕлӕ хъуамӕ уыцы рухсы тыххӕй дзырдтаид+.  Алыхуызон адӕмӕн+ рухс чи хӕссы+, уыцы ӕцӕг рухс+ тагъд хъуамӕ ӕрцыдаид дунемӕ. 10  Уый уыд дунейы+, ӕмӕ дуне уый фӕрцы фӕзынд+, фӕлӕ йӕ дуне нӕ базыдта. 11  Уый ӕрцыд йӕхи адӕммӕ, фӕлӕ йыл уыдон нӕ баууӕндыдысты+. 12  Чи йыл баууӕндыд+, ӕппӕт уыдонӕн та радта уый бар, цӕмӕй суой Хуыцауы хъӕбултӕ+, уымӕн ӕмӕ йыл* ӕууӕндыдысты+, 13  ӕмӕ уыдон туг ӕмӕ стӕгӕй кӕнӕ зӕххон адӕймаджы фӕндӕй нӕ райгуырдысты, фӕлӕ Хуыцауӕй+. 14  Гъемӕ Дзырд сси зӕххон адӕймаг+ ӕмӕ цард не ’хсӕн, ӕмӕ йын мах федтам йӕ кад – фыдӕй иунӕг фыртӕн*+ цы кад вӕййы, уыцы кад. Уый хайджын уыд стыр хорзӕхӕй ӕмӕ рӕстдзинадӕй*+. 15  Иоанн уый тыххӕй лӕууыд ӕвдисӕн, о, хъӕрӕй дзырдта. Иоанн загъта ацы ныхӕстӕ: «Мӕ фӕстӕ чи цӕуы, уый мӕ разӕй фӕци, уымӕн ӕмӕ уый уыд мӕнӕй раздӕр»+. 16  Уый не ’ппӕты дӕр бирӕ хорздзинӕдтӕй схайджын кодта+, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хайджын уыд стыр хорзӕхӕй+. 17  Хуыцау Закъон радта Моисейы уылты+, стыр хорзӕх+ ӕмӕ рӕстдзинад+ та фӕзындысты Йесо Чырыстийы фӕрцы. 18  Адӕмӕй Хуыцауы никуы ничи федта+, фӕлӕ, Хуыцауы хуызӕн чи у ӕмӕ Фыдмӕ, цыма йӕ риуыл+ йӕхи бакъул кодта, афтӕ хӕстӕг чи у, уыцы иунӕг хъӕбул*+ нын бамбарын кодта, чи у, уый+. 19  Дзуттӕгтӕ Иерусалимӕй Иоанмӕ ӕрӕрвыстой сауджынты ӕмӕ левитты, цӕмӕй йӕ бафарстаиккой, чи дӕ, зӕгъгӕ+. 20  Ӕмӕ Иоанн ныхас иннӕрдӕм нӕ аздӕхта, фӕлӕ сын ӕргом загъта: «Ӕз Чырысти* нӕ дӕн»+. 21  Ӕмӕ йӕ уӕд бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илийа?»+ Уый та сын загъта: «Илийа дӕр нӕ дӕн». «Мыййаг, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы пехуымпар дӕ?»+ Ӕмӕ та сын дзуапп радта: «Уый дӕр нӕ дӕн!» 22  Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Чи нӕ рарвыста, уыдонӕн нӕ исты зӕгъын хъӕуы. Цы зӕгъдзынӕ дӕхи тыххӕй?»+ 23  Ӕмӕ сын уӕд Иоанн загъта: «Ӕз дӕн, ӕдзӕрӕг быдыры чи хъӕр кӕны, уый хъӕлӕс: „Йегъовӕйӕн йӕ фӕндаг алӕгъз кӕнут“, пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕ»+. 24  Уыцы адӕмы та ӕрбарвыстой фарисейтӕ. 25  Гъемӕ та йӕ бафарстой: «Уӕдӕ кӕд нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илийа, нӕдӕр, рагӕй фӕстӕмӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы пехуымпар, уӕд адӕмӕн аргъуыд+ цӕмӕн дӕттыс?» 26  Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъуыд дӕттын* донӕй. Фӕлӕ уе ’хсӕн+ ис иу чидӕр, ӕмӕ йӕ сымах нӕ зонут+. 27  Уый цӕуы мӕ фӕстӕ, фӕлӕ ӕз уымӕн йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн»+. 28  Ацы хабӕрттӕ ӕрцыдысты Вифанийы, Иорданы фаллаг фарс, Иоанн адӕмӕн донаргъуыд кӕм лӕвӕрдта, уым+. 29  Иннӕ бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк+, уый дунейы тӕригъӕдтӕ+ ахӕсдзӕн!+ 30  Амӕй уын дзырдтон, зӕгъгӕ, мӕ фӕстӕ цӕуы, мӕ разӕй чи фӕци, уый, уымӕн ӕмӕ уый уыд мӕнӕй раздӕр+. 31  Ӕз ӕй мӕхӕдӕг дӕр нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъуыд дӕттынмӕ дӕр уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй йӕ Израилы адӕм базыдтаиккой»+. 32  Иоанн ма ноджыдӕр загъта: «Ӕз федтон, Хуыцауы сыгъдӕг тых* уӕларвӕй бӕлоны хуызы куыд ӕрцӕйцыд ӕмӕ йыл куыд ӕрӕнцад+. 33  Ӕз дӕр ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъуыд дӕттынмӕ Чи рарвыста+, уый мын загъта: „Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ кӕуыл фенай, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй аргъуыд уый дӕтдзӕн“+. 34  Ӕмӕ ӕз уыцы хабар федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, уый кӕй у Хуыцауы Фырт»+. 35  Уый фӕстӕ бон та Иоанн лӕууыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ 36  ӕмӕ, Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк!»+ 37  Йӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд Йесойы фӕдыл ацыдысты. 38  Йесо разылд ӕмӕ сӕ йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сӕ бафарста: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Равви*, кӕм ӕрлӕууыдтӕ?» 39  Уый сын загъта: «Рацӕут, ӕмӕ йӕ фендзыстут»+. Гъемӕ уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ, кӕм ӕрлӕууыд, уый федтой, ӕмӕ уыцы бон уыдон дӕр йемӕ баззадысты. Уый уыди дӕсӕм сахатыл*. 40  Иоанны ныхӕстӕ чи фехъуыста ӕмӕ Йесойы фӕдыл чи ацыд, уыцы дыууӕйӕ сӕ иу уыди Андрей+, Симон Петры ӕфсымӕр. 41  Ӕмӕ уал фыццаг йе ’фсымӕр Симоны бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессийӕйы»+ (грекъагау «Чырысти»)+. 42  Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст+ ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕ Иоанны+ фырт Симон+. Хондзысты дӕ Кифӕ» (грекъагау «Петр»)+. 43  Иннӕ бон Йесо сфӕнд кодта Галилейӕмӕ ацӕуын. Гъемӕ Филиппы+ бацагуырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фӕдыл рацу»+. 44  Филипп уыди Вифсаидӕйӕ+, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы горӕтӕй. 45  Уӕд Филипп та бацагуырдта Нафанаилы+ ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисей Закъоны+ кӕй тыххӕй фыста ӕмӕ Пехуымпарты+ чингуыты кӕй тыххӕй ис фыст, уый – назаретаг Йесойы, Иосифы+ фырты». 46  Фӕлӕ йын Нафанаил загъта: «Назаретӕй хорзӕй исты рацӕуа?»+ Ӕмӕ йын уӕд Филипп загъта: «Ацу ӕмӕ йӕ дӕхӕдӕг фен». 47  Йесо Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый»+. 48  Нафанаил та йӕ бафарста: «Кӕцӕй мӕ зоныс?» Йесо йын загъта: «Филипп дӕм куы нӕма фӕдзырдта, уӕдмӕ дӕр дӕ федтон, легъуибӕласы бын куы уыдтӕ, уӕд». 49  Ӕмӕ йын уӕд Нафанаил загъта: «Ахуыргӕнӕг, ды дӕ Хуыцауы Фырт+, ды дӕ Израилы Паддзах+». 50  Йесо та йын загъта: «Афтӕ дын кӕй загътон, легъуибӕласы бын дӕ федтон, зӕгъгӕ, уый тыххӕй мыл баууӕндыдтӕ? Ды уымӕй стырдӕр диссӕгтӕ фендзынӕ». 51  Ӕмӕ ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: сымах фендзыстут арвы дуар гомӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕдты+ уырдӕм сцӕйцӕугӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фыртмӕ ӕрцӕйцӕугӕ»+.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Хуыцауы хуызӕн, Хуыцауӕй. Кӕс Уӕлӕмх. 14.
Комк. «ӕвдисӕн лӕууыдаид».
Комк. «йӕ номыл».
Комк. «иунӕггуырд фыртӕн», ома Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый сфӕлдыста йӕхӕдӕг.
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадӕй». Кӕс 17 ст. дӕр.
Комк. «иунӕггуырд хуыцау».
Кӕс Мф 2:4, фип.
Кӕнӕ «доны фӕтъыссын; доны бын акӕнын».
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Нысан кӕны «ахуыргӕнӕг».
Хурыскастӕй нымайгӕйӕ, ома боны 4 сахатмӕ ’ввахс.