Марчы 6:1—56

6  Уырдыгӕй рараст ӕмӕ ӕрцыд йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр уыдысты йемӕ+.  Сабат куы ралӕууыд, уӕд та бацыд ӕмбырдгӕнӕнмӕ адӕмы ахуыр кӕнынмӕ. Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн сӕ фылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймаг адӕттӕ кӕцӕй зоны?+ Ахӕм зонд уымӕ цӕмӕн хъуамӕ уа ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ* уый цӕмӕн хъуамӕ араза?  Ай мӕнӕ хъӕддӕсны+ нӕу, Марийӕйы фырт?+ Иаков+, Иосиф, Иудӕ ӕмӕ Симоны+ ӕфсымӕр нӕу? Ӕмӕ йӕ хотӕ дӕр мӕнӕ ам немӕ не сты?» Ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдысты+.  Йесо та сын загъта: «Пехуымпарӕн алы ран дӕр вӕййы кад, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы+, йӕ хиуӕтты ’хсӕн ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ»+.  Ӕмӕ уым диссӕгтӕ нӕ сарӕзта, ӕрмӕст дзы цалдӕр рынчын адӕймагыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта.  Ӕнӕуи та дис кодта, куыд ницы сӕ уырны, ууыл. Ӕмӕ ацыд, хӕстӕг хъӕутыл зылди ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта+.  Уый фӕстӕ фӕдзырдта йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ райдыдта адӕммӕ дыгӕйттӕй ӕрвитын+. Ӕмӕ сын радта тых, сӕ бар куыд цӕуа дӕлимонтыл+.  Стӕй сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕдзӕг йеддӕмӕ семӕ фӕндагмӕ мацы райстаиккой – нӕдӕр дзул, нӕдӕр хызын+, нӕдӕр ӕрхуы ӕхца сӕ роны бастӕй+,  нӕдӕр ивӕн хӕдон*, ӕмӕ цӕмӕй сӕ къӕхтыл скодтаиккой дзабыртӕ+. 10  Ӕмӕ сын загъта: «Кӕмфӕнды ма уат, цы хӕдзармӕ бацӕуат+, уым-иу ӕрлӕуут, цалынмӕ уыцы ранӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ+. 11  Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй рацӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут, цӕмӕй йӕ зоной, кӕй рӕдийынц»+. 12  Гъемӕ уыдон дӕр ацыдысты ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодтой, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтаиккой+. 13  Ӕмӕ адӕмӕй фӕсырдтой бирӕ хӕйрӕджыты+, бирӕ рынчынты сойӕ сӕрстой+ ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой+. 14  Уӕдмӕ уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды* хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кой дардыл айхъуыст. Адӕмӕй иутӕ дзырдтой: «Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй сыстад, ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы»+. 15  Иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый Илийа у»+. Чидӕртӕ та афтӕ: «Уый дӕр пехуымпар у – раздӕр цы пехуымпартӕ уыд, ахӕм»+. 16  Ирод уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд уый та загъта: «Йӕ сӕр кӕмӕн акъуырын кодтон, уыцы Иоанн мӕрдтӕй рацыд»+. 17  Хабар та афтӕ уыд, ӕмӕ Ирод Иоанны ӕрцахсын кодта, сбаста йӕ ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй: Ирод дзы йӕхицӕн ус скодта+, 18  Иоанн та-иу ын афтӕ дзырдта, нӕ дын ӕмбӕлы де ’фсымӕры усимӕ цӕрын, зӕгъгӕ+. 19  Ӕмӕ йӕм Иродиадӕ дӕр йӕ зӕрдӕйы маст хаста+, йӕ амарын дӕр ӕй фӕндыди, фӕлӕ йӕ къухы не ’фтыд+. 20  Уымӕн ӕмӕ Ирод Иоаннӕй тарсти+, зыдта, раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у+, ӕмӕ йӕм не ’внӕлдта. Ӕмӕ-иу йемӕ куы аныхас кодта+, уӕд-иу нал зыдта, куыд ын кӕна, уый; хъусгӕ та-иу ӕм ӕхсызгонӕй кодта. 21  Фӕлӕ иу бон Иродиадӕйӕн фӕзынд фадат+. Иродӕн уыд йӕ гуырӕнбон+, ӕмӕ йе ’лдӕрттӕн, ӕфсады сӕргълӕуджытӕн ӕмӕ Галилейӕйы дзырддзӕугӕ лӕгтӕн ӕрӕвӕрдта фынгтӕ. 22  Уырдӕм сӕм бацыдис Иродиадӕйы чызг ӕмӕ сын кафыд. Йӕ кафт тынг фӕцыд Ироды зӕрдӕмӕ ӕмӕ, йемӕ фынгыл чи бадт+, уыдоны зӕрдӕмӕ дӕр. Ӕмӕ паддзах чызгӕн загъта: «Зӕгъ, цы дӕ хъӕуы – ратдзынӕн дын ӕй». 23  Сомы дӕр ма йын ракодта: «Цыдӕриддӕр мӕ ракурай – ратдзынӕн дын ӕй+, суанг мӕ паддзахады ӕмбис дӕр»+. 24  Чызг ӕддӕмӕ рахызт ӕмӕ йӕ мады афарста: «Цы дзы ракурон?» Уый йын дзуапп радта: «Аргъауӕг Иоанны сӕр»+. 25  Чызг дӕр уайтагъд фӕстӕмӕ фездӕхт ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй мын ныртӕккӕ тӕбӕгъыл Аргъауӕг Иоанны сӕр ӕрбахӕссай». 26  Ӕмӕ уый кӕд паддзахӕн тынг зын уыд, уӕддӕр, йемӕ фынгыл чи бадт, уыдоны раз кӕй расомы кодта, уый тыххӕй йӕ нӕ фӕндыд чызгӕн «нӕ» зӕгъын+. 27  Ӕмӕ уайтагъд хъахъхъӕнӕджы арвыста ахӕм бардзырдимӕ, Иоаннӕн йӕ сӕр ӕрбахӕсс, зӕгъгӕ. Уый ацыд ахӕстонмӕ, йӕ сӕр ын акъуырдта+, 28  ӕрбахаста йӕ тӕбӕгъыл ӕмӕ йӕ чызгмӕ радта. Уый та йӕ радта йӕ мадмӕ+. 29  Уыцы хабар Иоаннӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрбацыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой+. 30  Йесомӕ йӕ апостолтӕ ӕрбамбырд сты ӕмӕ йын радзырдтой, цытӕ сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, уыдӕттӕ иууылдӕр+. 31  Уый сын загъта: «Ацӕуӕм хибар ранмӕ+, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат»+. Афтӕ та сын уымӕн загъта, ӕмӕ сӕ, ӕгӕр-мӕгуыр, къӕбӕр бахӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлд, уымӕн ӕмӕ сӕм дуне адӕм цыд – иутӕ-иу ацыдысты, иннӕтӕ-иу ӕрбацыдысты+. 32  Уӕд уыдон сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты хибар ранмӕ+. 33  Фӕлӕ сӕ уӕддӕр адӕм федтой ӕмӕ йӕ бирӕтӕ базыдтой, кӕй фӕцӕуынц, уый, ӕмӕ алы горӕттӕй рагуылф кодтой ӕмӕ сӕ разӕй уым балӕууыдысты+. 34  Йесо бӕлӕгъӕй куы рахызт ӕмӕ уыйбӕрц адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта+, уымӕн ӕмӕ уыдысты ӕнӕфыййау фыстау+. Гъемӕ сын райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын+. 35  Куы ӕризӕр, уӕд ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Ам цӕрӕг дӕр нӕй, стӕй ныр ӕнафон у+. 36  Адӕмы арвит, цӕмӕй хӕстӕг хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн исты хӕринаг балхӕной»+. 37  Йесо сын загъта: «Сымах сын бахӕрын кӕнут исты». Уыдон та йын афтӕ бакодтой: «Уӕд хъуамӕ ацӕуӕм ӕмӕ дыууӕсӕдӕ динарӕй* дзултӕ балхӕнӕм, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарӕм. Ӕмӕ уый махӕн нӕ бон кӕцӕй у?»+ 38  Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис? Фенут-ма йӕ». Уыдон сӕ федтой ӕмӕ загътой: «Фондз дзулы, стӕй ма дзы ис дыууӕ кӕсаджы дӕр»+. 39  Уый фӕстӕ Йесо адӕмӕн загъта, цӕмӕй цъӕх кӕрдӕгыл+ къордгӕйттӕй+ ӕрбадтаиккой. 40  Ӕмӕ ӕрбадтысты сӕдӕгӕйттӕй ӕмӕ фӕндзайгӕйттӕй+. 41  Уӕд райста уыцы фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скаст, Хуыцауӕн раарфӕ кодта+, стӕй дзултӕ ӕрсаста+ ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, адӕмыл сӕ айуарут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы дӕр се ’ппӕтыл дӕр адих кодта. 42  Гъемӕ иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты+. 43  Цы къӕбӕртӕ ма дзы баззад, уыдон куы ӕрӕмбырд кодтой, уӕд уыдысты дыууадӕс чыргъӕды сӕ тӕккӕ дзагӕй. Уӕдӕ ма кӕсӕгтӕй дӕр баззад. 44  Афтӕмӕй та, чи хордта, уыдон уыдысты фондз мин лӕджы+. 45  Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, зӕгъгӕ, фӕтагъд кӕнут, бӕлӕгъы сбадут ӕмӕ мӕ разӕй денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕйы ’рдӕм, ацӕут, ӕз та уал адӕмы арвитон+. 46  Ӕмӕ адӕмӕн хӕрзбон куы загъта, уӕд ссыди хохмӕ ӕмӕ уым куывта+. 47  Изӕрдалынгтӕм бӕлӕгъ бахӕццӕ денджызы астӕумӕ. Йесо та уыд иунӕгӕй былыл+. 48  Ӕмӕ, дымгӕйы ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ бӕлӕгъ зынтӕй кӕй тӕрынц+, уый куы федта, уӕд сӕм боныцъӕхтыл* денджызыл къахӕй бацыд. Фӕлӕ йӕхи афтӕ скодта, цыма сӕ иувӕрсты ацӕуынмӕ хъавы. 49  Уыдон ӕй денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд загътой: «Цыдӕр нӕм ӕрбацӕуы!» – ӕмӕ хъӕр систой+. 50  Се ’ппӕт дӕр ӕй федтой ӕмӕ тынг фӕтарстысты. Фӕлӕ сӕм уый уайтагъд сдзырдта: «Цӕмӕй фӕтарстыстут? Уый ӕз дӕн. Ма тӕрсут»+. 51  Уый фӕстӕ сӕм бӕлӕгъмӕ бахызт, ӕмӕ дымгӕ дӕр банцад. Уӕд уыдон стыр дисы бафтыдысты+, 52  уымӕн ӕмӕ дзулты хабар дӕр нӕма бамбӕрстой – сӕ зонд нырма бирӕ цыдӕртӕ нӕ ахста+. 53  Иннӕ фарсмӕ, Геннисаретмӕ, куы бахӕццӕ сты, уӕд уым хӕстӕг ран ӕрлӕууыдысты+. 54  Фӕлӕ куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызтысты, афтӕ адӕм Йесойы базыдтой, 55  ӕмӕ хабар ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой. Уӕд ӕм адӕм рынчынты сӕ хуыссӕнтыл хӕссын райдыдтой, цы бынатӕй сын дзырдтой, уым ис, зӕгъгӕ, уырдӕм. 56  Ӕмӕ цыфӕнды хъӕу, цыфӕнды горӕтмӕ ма бацыдаид+, уым-иу базары фӕзты ӕрӕвӕрдтой рынчынты, ӕмӕ-иу ын уыдон лӕгъстӕ кодтой, дӕ уӕлӕдарӕсы хаутыл+ дын уӕддӕр андзӕвӕм+, зӕгъгӕ. Гъемӕ-иу сыл чидӕриддӕр андзӕвыд, уый-иу сдзӕбӕх+.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «хъомысджын хъуыддӕгтӕ». Кӕс 5, 14 ст. дӕр.
Комк. «дыууӕ хӕдоны».
Кӕс Лк 3:1, фип.
Кӕс Мф 20:2, фип.
Кӕс Мч 13:35, фип.