Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библи Йесо Чырыстийы Хуыцауы фырт цӕмӕн хоны?

Библи Йесо Чырыстийы Хуыцауы фырт цӕмӕн хоны?

Дзуапп Библийӕ

 Библи Йесойы Чырыстийы арӕх фӕхоны «Хуыцауы Фырт» (Иоанны 1:49). Дзырдбаст «Хуыцауы Фырт» уымӕ амоны, ӕмӕ Хуыцау у Сфӕлдисӕг, кӕнӕ царды суадон, ӕмӕ, удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдоны, уыимӕ Йесойы дӕр, уый сфӕлдыста (Псалом 36:9; Раргомад 4:11). Библи афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ, адӕймаг куыд свӕййы фыд, Хуыцау дӕр фыд афтӕ сси.

 Библи зӕдты дӕр хоны «ӕцӕг Хуыцауы фырттӕ» (Иов 1:6). Стӕй дзы фыст ис, фыццаг адӕймаг дӕр, Адам, «Хуыцауы фырт» кӕй уыд (Лукайы 3:38). Фӕлӕ Хуыцауы фырттӕй Библи фыццаг бынаты ӕвӕры Йесойы, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау сфӕлдыста ӕппӕты фыццаг, стӕй ӕрмӕстдӕр уый сфӕлдыста иунӕгӕй.

 Цалынмӕ Йесо зӕххыл нӕ райгуырд, уӕдмӕ уӕлӕрвты цард?

 О. Йесо уыд уӕларвон удгоймаг, цалынмӕ зӕххыл нӕ райгуырд, уӕдмӕ. Уый йӕхӕдӕг загъта, ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн, зӕгъгӕ (Иоанны 6:38; 8:23).

 Хуыцау ӕппӕты фыццаг Йесойы сфӕлдыста. Йесойы тыххӕй Библийы фыст ис:

  •   «Уый у... Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15).

  •   Уый у «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Раргомад 3:14).

 Йесойыл сӕххӕст Библийы пехуымпарад, «раджы замантӕй, рагӕй фӕстӕмӕ чи ис, уый», зӕгъгӕ (Михей 5:2; Матфейы 2:4–6).

 Йесо зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ цы арӕзта?

 Йесо уӕлӕрвты ахста бӕрзонд бынат. Йесо уыцы бынаты кой кодта, Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд: «Мӕ Фыд, скадджын [мӕ] кӕн... ӕмӕ, дуне куы нӕма уыд, уӕд мын цы кад уыди, уыцы кад мын уа» (Иоанны 17:5).

 Йесо йӕ Фыдӕн ӕххуыс кодта ӕппӕт дӕр сфӕлдисынӕн. Уый ӕдзух уыд Хуыцауы фарсмӕ «куыд дӕсны кусӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 8:30). Йесойы тыххӕй Библийы фыст ис: «Уымӕй фӕстӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр сфӕлдыста уый ӕххуысӕй: уӕлӕрвты цы ис, уый дӕр ӕмӕ, зӕххыл цы ис, уый дӕр» (Колоссӕгтӕм 1:16).

 Хуыцау алцыдӕр сфӕлдыста Йесойы ӕххуысӕй – зӕдты дӕр ӕмӕ Дун-Дуне дӕр (Раргомад 5:11). Хуыцау ӕмӕ Йесо куыд куыстой, уый абарӕн ис, архитектор ӕмӕ аразӕг иумӕ куыд фӕкусынц, уыимӕ. Архитектор нынныв кӕны, цы саразын фӕхъӕуы, уый, аразӕг та йӕ саразы.

 Йесо уыд «Дзырд». Библи, Йесо уӕлӕрвты куы цард, уый кой куы фӕкӕны, уӕд ӕй фӕхоны «Дзырд» (Иоанны 1:1). Уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас иннӕ зӕдтӕм йӕ Фырты уылты ӕрвыста ӕмӕ сын разамынд дӕр уый уылты лӕвӕрдта.

 Йесо ма, ӕвӕццӕгӕн, уыд Хуыцауы Минӕвар адӕммӕ. Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕимӕ Едемы цӕхӕрадоны, ӕвӕццӕгӕн, Йесойы уылты ныхас кодта (Райдиан 2:16, 17). Израилӕгты ӕдзӕрӕг быдыры чи кодта ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр кӕмӕ хъуамӕ хъуыстаиккой, уыцы зӕд дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Йесо уыд (Рацыд 23:20–23) a.

a Хуыцау-иу, Библи «Дзырд» кӕй хоны, ӕрмӕст уыцы зӕды уылты нӕ дзырдта. Зӕгъӕм, рагон израилӕгтӕн Закъон йӕ фыццаггуырд Фырты уылты нӕ радта, фӕлӕ ӕндӕр зӕдты уылты (Хъуыддӕгтӕ 7:53; Галатӕгтӕм 3:19; Дзуттӕгтӕм 2:2, 3).