Лукайы 3:1—38

3  Ромы паддзах Тиберийы хицаудзинады фынддӕсӕм азы,– Понтий Пилат Иудейӕйы бӕстӕйы хицау куы уыд, Ирод*+ – Галилейӕйы хицау, йе ’фсымӕр Филипп – Итурейы ӕмӕ Трахониты хицау, Лисаний та – Авилинейы хицау,  Кайафӕйы+ ӕмӕ хистӕр сауджын Аннӕйы рӕстӕджы,– ӕдзӕрӕг быдыры+ Захарийы фырт Иоанмӕ+ уыди ныхас Хуыцауӕй.  Ӕмӕ Иоанн ацыд, Иорданы алыварс бӕстыл зылд ӕмӕ адӕмӕн хъусын кодта, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ донаргъуыд райсут, цӕмӕй уын хатыргонд ӕрцӕуой, зӕгъгӕ+.  Пехуымпар Исайы чиныджы фыст у: «Байхъусут! Ӕдзӕрӕг быдыры чидӕр хъӕр кӕны: „Йегъовӕйӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнут! Алӕгъз ын кӕнут йӕ цӕуӕнтӕ!+  Алы адаг дӕр сыджытӕй байдзаг уӕд, алы хох ӕмӕ къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕд, зылын фӕндӕгтӕ сраст уӕнт ӕмӕ къуыппытӕ-дзыхъхъытӕ фӕндӕгтӕ алӕгъз уӕнт+.  Ӕмӕ алчидӕр фендзӕн, Хуыцау адӕмы куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый“»+.  Донаргъуыд райсынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Уӕртӕ калмы мыггаг+, чи уӕ сарӕзта уыцы зондыл, ӕмӕ алидзат, цы тӕрхон уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый азарӕй?+  Кӕй ӕрфӕсмон кодтат+, уый хъуыддагӕй равдисут*, ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнут, мах Авраамы цот стӕм, зӕгъгӕ. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн мӕнӕ ацы дуртӕй дӕр йӕ бон у Авраамӕн сывӕллӕттӕ скӕнын.  Фӕрӕт дӕр бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы. Ӕмӕ хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалдзысты ӕмӕ йӕ арты баппардзысты»+. 10  Адӕм ӕй фарстой: «Ӕмӕ нын уӕд цы кӕнгӕ у?»+ 11  Ӕмӕ сын Иоанн дзырдта: «Дыууӕ хӕдоны уӕ кӕмӕн ис, уый дзы иу раттӕд, ӕппындӕр кӕмӕн нӕй, уымӕн, ӕмӕ афтӕ бакӕнӕд, хойраг кӕмӕ ис, уый дӕр»+. 12  Донаргъуыд райсынмӕ йӕм цыдысты хъалонисджытӕ дӕр ӕмӕ йӕ фарстой: «Ахуыргӕнӕг, махӕн та цы кӕнгӕ у?»+ 13  Ӕмӕ сын ӕмбарын кодта: «Хъалон, цас ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр ма исут»+. 14  Цыдысты йӕм ӕфсӕддонтӕ дӕр, ӕмӕ йӕ уыдон дӕр фарстой: «Ӕмӕ махӕн та цы кӕнгӕ у?» Уыдонӕн та дзырдта: «Макӕй хъыгдарут, ӕнаххосӕй аххосджын+ макӕй кӕнут ӕмӕ уӕ мыздӕй разы ут»+. 15  Адӕм иууылдӕр Чырыстийы ӕрцыдмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕ гӕсгӕ Иоанны тыххӕй хъуыдытӕ кодтой, мыййаг, кӕд уый у Чырысти*, зӕгъгӕ+. 16  Иоанн та се ’ппӕтӕн дӕр дзырдта: «Ӕз уын аргъуыд дӕттын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы, мӕнӕй фылдӕр бартӕ кӕмӕ ис, уый,– ӕз уымӕн йӕ дзабырты бӕттӕнтӕ райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн+. Уый уын аргъуыд дӕтдзӕн Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ артӕй+. 17  Йӕ къухы ис дымгӕмӕдарӕн* фыййаг, цӕмӕй йӕ найгӕнӕн мус ныссыгъдӕг кӕна ӕмӕ мӕнӕу йӕ хордоны бафснайа+. Зыгуым+ та басудздзӕн ӕнӕахуысгӕ арты»+. 18  Ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ фӕдзӕхста адӕмӕн ӕмӕ сын хъусын кодта хорз хабар. 19  Галилейӕйы хицау Иродӕн та ӕргом дзырдта йе ’фсымӕры ус Иродиадӕйы тыххӕй, стӕй ма ноджыдӕр цы фыдхъуыддӕгтӕ фӕкодта, уыдӕтты тыххӕй дӕр+. 20  Гъемӕ йӕ Ирод ахӕстоны бакодта, ӕмӕ уымӕй йӕ фыдмитӕм ноджыдӕр бафтыдта+. 21  Адӕм иууылдӕр донаргъуыд куы истой, уӕд донаргъуыд райста Йесо+ дӕр, ӕмӕ, куыд куывта, афтӕ арв+ фегом 22  ӕмӕ йыл Хуыцауы сыгъдӕг тых бӕлоны хуызы ’рцыд, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт»+. 23  Йесо йӕ хъуыддагмӕ куы бавнӕлдта+, уӕд ыл цыди ӕртын+ азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй уыдИосифы+ фырт+,Иосиф та уыд Илийы фырт, 24  Илий – Матфаты фырт,Матфат – Левийы фырт,Леви – Мелхийы фырт,Мелхи – Ианнайы фырт,Ианнай – Иосифы фырт, 25  Иосиф та – Маттафийы фырт,Маттафи – Амосы фырт,Амос – Наумы фырт,Наум – Еслимы фырт,Еслим – Наггейы фырт, 26  Наггей – Маафы фырт,Мааф та – Маттафийы фырт,Маттафи – Семейы фырт,Семей – Иосифы фырт,Иосиф – Иудӕйы фырт, 27  Иудӕ – Иоаннаны фырт,Иоаннан – Рисайы фырт,Риса та – Зоровавелы+ фырт,Зоровавел – Салафиилы+ фырт,Салафиил та – Нирийы фырт, 28  Нири – Мелхийы фырт,Мелхи – Аддийы фырт,Адди – Косамы фырт,Косам – Елмодамы фырт,Елмодам – Иры фырт, 29  Ир – Йесойы фырт,Йесо – Елиезеры фырт,Елиезер – Иоримы фырт,Иорим – Матфаты фырт,Матфат – Левийы фырт, 30  Леви – Симеоны фырт,Симеон – Иудӕйы фырт,Иудӕ – Иосифы фырт,Иосиф – Ионаны фырт,Ионан – Елиакимы фырт, 31  Елиаким та – Мелеайы фырт,Мелеа – Маинаны фырт,Маинан – Маттафӕйы фырт,Маттафӕ та – Нафаны+ фырт,Нафан – Давиды+ фырт, 32  Давид – Йессейы+ фырт,Йессей – Овиды+ фырт,Овид – Воозы+ фырт,Вооз – Салмоны+ фырт,Салмон та – Наассоны+ фырт, 33  Наассон – Аминадавы+ фырт,Аминадав та – Арамы+ фырт,Арам – Есромы+ фырт,Есром – Фаресы+ фырт,Фарес – Иудӕйы+ фырт, 34  Иудӕ – Иаковы+ фырт,Иаков – Исахъы+ фырт,Исахъ – Авраамы+ фырт,Авраам та – Фаррӕйы+ фырт,Фаррӕ – Нахоры+ фырт, 35  Нахор – Серухы+ фырт,Серух – Рагавы+ фырт,Рагав – Фалекы+ фырт,Фалек – Еверы+ фырт,Евер – Салӕйы+ фырт, 36  Салӕ – Каинаны фырт,Каинан – Арфаксады+ фырт,Арфаксад – Симы+ фырт,Сим – Нойы+ фырт,Ной – Ламехы+ фырт, 37  Ламех та – Мафусалы+ фырт,Мафусал – Енохы+ фырт,Енох – Иареды+ фырт,Иаред та – Малелеилы+ фырт,Малелеил – Каинаны+ фырт, 38  Каинан – Еносы+ фырт,Енос – Сифы+ фырт,Сиф – Адамы+ фырт,Адам – Хуыцауы фырт.

Фиппаинӕгтӕ

Ома Ирод Антипӕ, Номдзыд Ироды фырт.
Комк. «ӕрхӕссут фӕсмоны аккаг дыргътӕ».
Кӕс Мф 2:4, фип.
Хор-иу дымгӕмӕ кӕмӕй сдардтой, ахӕм фыййаг.