Галатӕгтӕм 3:1—29

3  О, ӕнӕмбаргӕ галатӕгтӕ, Йесо Чырыстийы уын цыма уӕ разы байтыгътой, афтӕ хорз уын куы бамбарын кодтой уыцы хабар+, уӕд уын ныр уӕ зонд чи сзыгъуыммӕ кодта?+  Ӕрмӕстдӕр мӕ уый фӕнды базонын: Хуыцауы сыгъдӕг тых*+, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы+, уыдоны фӕрцы райстат ӕви, цы фехъуыстат+, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы?  Ау, афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ног фӕндагыл Хуыцауы сыгъдӕг тыхы+ разамындмӕ гӕсгӕ куы райдыдтат цӕуын, уӕд ныр уӕ зӕрдӕ зӕххон хъуыддӕгтыл дарут+, цӕмӕй йыл кӕронмӕ фӕхӕццӕ уат?  Уыйбӕрц зындзинӕдтӕ дзӕгъӕлы бавзӕрстат?+ Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ дзӕгъӕлы уой.  Уӕдӕ уӕ сыгъдӕг тыхӕй чи хайджын кӕны+ ӕмӕ уе ’хсӕн стыр диссӕгтӕ* чи аразы+, уый афтӕ цӕмӕн аразы? Закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдон кӕй аразут, уый тыххӕй ӕви, цы фехъуыстат, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый тыххӕй?  Афтӕ Авраам дӕр «баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл»+.  Сымах ӕй бӕгуыдӕр зонут, уырнындзинад кӕмӕ ис+, уыдон Авраамы фырттӕ кӕй сты+.  Ӕмӕ, иннӕ адӕмтӕй чи у, уыдоны Хуыцау сӕ уырнындзинады фӕрцы рӕстгӕнджытыл кӕй банымайдзӕн, уый зонгӕйӕ, Фыстад Авраамӕн бирӕ раздӕр фехъусын кодта хорз хабар, зӕгъгӕ, «дӕ фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр»+.  Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон арфӕгонд цӕуынц+ иузӕрдион Авраамимӕ иумӕ+. 10  Афтӕ чи хъуыды кӕны, зӕгъгӕ, закъон цы хъуыддӕгтӕ домы, уыдон аразын, ӕмӕ йӕ ныфс ууыл чи дары, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕлгъыст сты, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Ӕлгъыст фӕуӕд, Закъоны чиныджы* цы фыст ис, уыдон иууылдӕр чи не ’ххӕст кӕны»+. 11  Стӕй бӕрӕг у, закъоны фӕрцы Хуыцауы раз иу адӕймаг дӕр кӕй нӕ цӕуы рӕстгӕнӕгыл нымад+, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Рӕстгӕнӕг цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы»+. 12  Ӕмӕ закъон та, адӕймагмӕ уырнындзинад уа, уый нӕ домы, ӕрмӕст зӕгъы: «Ацы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы»+. 13  Чырысти та нӕ балхӕдта+ ӕмӕ нӕ афтӕмӕй ссӕрибар кодта+, Закъонмӕ гӕсгӕ ныл цы ӕлгъыст+ уыди, уымӕй – не ’лгъыст йӕхимӕ райста, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: «Хъӕдыл кӕй ӕрцауындзой, уый ӕлгъыст у»+. 14  Уый уымӕн афтӕ уыд, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы хайджын уой иннӕ адӕмтӕ+ дӕр, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр нӕ уырнындзинады+ руаджы райсӕм, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сыгъдӕг тых+. 15  Ӕфсымӕртӕ, цардӕй уын иу цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн: адӕймаг искӕимӕ бадзырд куы сфидар кӕны, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи ницы бафтауы, кӕд ӕй адӕймаг сфидар кӕны, уӕддӕр+. 16  Афтӕ Хуыцау дӕр зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн+ ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн*+. Фыстад афтӕ нӕ зӕгъы: «Ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн», цыма бирӕ сты, фӕлӕ иуы+ кой кӕны, «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн»+, зӕгъгӕ, ӕмӕ уый у Чырысти+. 17  Стӕй ма уын ноджыдӕр зӕгъын: Хуыцау раздӕр кӕй сфидар кодта, уыцы бадзырдӕн+, цыппарсӕдӕ ӕртын азы+ фӕстӕ чи фӕзынд, уыцы Закъон йӕ тых нӕ сӕтты ӕмӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн кӕрон нӕ кӕны+. 18  Адӕймагӕн бынтӕ закъонмӕ гӕсгӕ куы баззайой, уӕд афтӕ зӕгъӕн нал ис, ӕмӕ йын зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ баззадысты+. Ӕмӕ Хуыцау та йӕ хӕларзӕрдӕйӕ Авраамӕн цы бынтӕ радта, уыдон ын уымӕн радта, ӕмӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта+. 19  Ӕмӕ уӕд Закъон цӕмӕн хъуыд? Хуыцау ӕй радта*, цӕмӕй, зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыцы байзӕддаг цалынмӕ не ’рцыдаид+, уӕдмӕ адӕмы фыдракӕндтӕ раргом кодтаид+. Лӕвӕрд та ӕрцыд зӕдты+ уылты ӕхсӕны лӕджы къухӕй+. 20  Фӕлӕ ӕрмӕстдӕр иу архайӕг цы бадзырды уа, уым ӕхсӕны лӕг нӕ хъӕуы. Ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд дзы уый йеддӕмӕ архайӕг нӕ уыд+. 21  Ӕмӕ уӕд Закъон, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдоны ныхмӕ у?+ Уымӕн гӕнӕн нӕй! Адӕймагӕн цард чи дӕтты, ахӕм закъон куы ’рцыдаид лӕвӕрд+, уӕд адӕймаг рӕстгӕнӕгыл нымад дӕр закъоны фӕрцы ӕрцыдаид+. 22  Фӕлӕ Фыстад+ се ’ппӕты дӕр бакодта тӕригъӕды ахӕсты+, цӕмӕй, Йесо Чырыстийыл чи ’ууӕнды, уыдон хайджын уой, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй+. 23  Фӕлӕ цалынмӕ уырнындзинад нӕ фӕзынд+, уӕдмӕ закъон хъахъхъӕнӕгау лӕууыд нӕ уӕлхъус+ ӕмӕ не ’ппӕты дӕр бакодта тӕригъӕды ахӕсты, ӕмӕ мах ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, чи хъуамӕ раргом уыдаид, уыцы уырнындзинадмӕ+. 24  Афтӕмӕй нын Закъон сси сывӕллонгӕсы* хуызӕн ӕмӕ нӕ кодта Чырыстимӕ+, цӕмӕй уырнындзинады фӕрцы нымад ӕрцыдаиккам рӕстгӕнджытыл+. 25  Фӕлӕ ныр, уырнындзинад куы фӕзынд+, уӕд‚ сывӕллонгӕсы бар нал стӕм+. 26  Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндут, уый фӕрцы уе ’ппӕт дӕр стут Хуыцауы фырттӕ+. 27  Сымах уе ’ппӕт дӕр аргъуыд райстат, ныр стут Чырыстиимӕ иудзинады+, ӕмӕ уӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скодтат Чырыстийы удыхъӕд+. 28  Ныр нал ис нӕдӕр дзуттаг, нӕдӕр грекъаг+, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар адӕймаг+, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг+, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр стут иу, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады кӕй стут, уый фӕрцы+. 29  Ӕмӕ кӕд Чырыстийы стут, уӕд та ӕцӕгдӕр стут Авраамы байзӕддӕгтӕ+, ӕмӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ стут бындартӕ+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «Хуыцауы сыгъдӕг уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «хъомысджын хъуыддӕгтӕ».
Комк. «тыхтоны».
Комк. «мыггагӕн». Грекъ. дзырд ис иу. ным., фӕлӕ йӕ ахӕссӕн ис къордмӕ дӕр.
Комк. «радта ӕмхасӕнӕн».
Комк. «педагог» кӕнӕ «сывӕллоны чи кӕны, уый». Уый уыд, сывӕллонмӕ-иу чи каст ӕмӕ-иу ӕй чи хъахъхъӕдта, уый.