Псалом 36:1—12

Амонӕгӕн. Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг Давиды псалом. 36  Фыдгӕнӕгмӕ фыдракӕнд дзуры йӕ зӕрдӕйы+,Уый Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсы+.   Йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл у ӕмӕ йӕхи сайы+,Ӕмӕ йӕ рӕдыд нӕ уыны, цӕмӕй дзы йе сӕфт фена+.   Йӕ дзыхӕй цӕуы фыдбылыз ӕмӕ мӕнг ныхас+,Хорздзинад куыд аразгӕ у, уый нал зоны+.   Йӕ хуыссӕныл хуысгӕйӕ дӕр хъуыды кӕны, цы фыдбылыз ракӕна, ууыл+.Хорз фӕндагыл нӕ лӕууы+.Ӕвзӕрдзинадӕй дард нӕ лидзы+.   О Йегъовӕ, де ’нувыд уарзт у уӕлӕрвты онг+,Дӕ иузӕрдиондзинад хӕццӕ кӕны мигъты онг+.   Дӕ рӕстдзинад у де сконд хӕхты хуызӕн, о Хуыцау+.Дӕ тӕрхӕттӕ сты ӕнӕкӕрон доны гуылфӕнтӕ+.Адӕймаджы дӕр ӕмӕ сырды дӕр ды ирвӕзын кӕныс, о Йегъовӕ+.   О Хуыцау, куыд зынаргъ у де ’нувыд уарзт!+Адӕймаджы фырттӕ бамбӕхсынц дӕ базырты аууоны+.   Дӕ хӕдзары хуыздӕрӕй цы ис, уымӕй сӕ фаг нуазынц+,Ӕфсадыс сӕ дӕ хорздзинӕдты гуылфӕнтӕй+.   Дӕумӕ ис царды суадон+,Дӕ рухсы фӕрцы уынӕм рухс+. 10  Дарддӕр дӕр де ’нувыд уарзтӕй тав, чи дӕ зоны, уыдоны+,Ӕмӕ дӕ рӕстдзинадӕй – рӕстзӕрдӕ чи у, уыцы адӕмы+. 11  Сӕрбӕрзонды къах мыл ма балӕгӕрдӕд+,Ӕмӕ мӕ фыдгӕнджыты къух хауӕггаг ма фӕкӕнӕд+. 12  Фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон афӕлдӕхтысты+,Зӕххыл хуыссынц, сӕ бон сыстын нӕу+.

Фиппаинӕгтӕ